-
Давид ӕмӕ ГолиафБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
40 СӔРГОНД
Давид ӕмӕ Голиаф
Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Ацу Йессейы хӕдзармӕ. Йӕ фырттӕй иу уыдзӕн Израилы ног паддзах». Ӕмӕ Самуил дӕр уырдӕм ацыд. Йессейы хистӕр фырты куы федта, уӕд ахъуыды кодта: «Ӕвӕццӕгӕн, ацы лӕппу у». Фӕлӕ Йегъовӕ Самуилӕн загъта, уый кӕй нӕу. Йегъовӕ йын бамбарын кодта: «Адӕймаг бакастӕй цыхуызӕн у, ӕз уымӕ нӕ кӕсын, фӕлӕ, мидӕгӕй цавӕр у, уымӕ».
Йессей Самуилмӕ ӕрбакодта йӕ иннӕ ӕхсӕз фырты дӕр. Фӕлӕ Самуил загъта: «Йегъовӕ адонӕй иуы дӕр нӕ равзӕрста. Ноджыдӕр ма дын фырттӕ ис?» Йессей загъта: «Ис ма мын иу фырт, Давид. Уый у се ’ппӕты кӕстӕр. Фӕлӕ ам нӕй, фыстӕ хизы». Давид сӕхимӕ куы ’рбацыд, уӕд Йегъовӕ Самуилӕн загъта: «Ацы лӕппуйы равзӕрстон!» Самуил Давиды сӕрыл сой рауагъта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, фидӕны уый кӕй уыдзӕн Израилы паддзах.
Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд филистимӕгтӕ израилӕгты ныхмӕ рацыдысты. Филистимаг ӕфсӕддонтӕй иу уыд уӕйыджы йас, йӕ ном хуынди Голиаф. Уый алы бон дӕр израилӕгтӕй хынджылӕг кодта. Хъӕр-иу кодта: «Рарвитут-ма мӕм, мемӕ чи схӕца, ахӕм искӕй! Кӕд мыл фӕуӕлахиз уа, уӕд мах уӕ цагъартӕ суыдзыстӕм. Фӕлӕ йыл кӕд ӕз фӕуӕлахиз уон, уӕд та сымах суыдзыстут нӕ цагъартӕ».
Давиды ӕфсымӕртӕ уыдысты ӕфсӕддонтӕ. Иухатт сын Давид хӕринаг куы ахаста, уӕд фехъуыста, Голиаф цытӕ дзырдта, уый, ӕмӕ загъта: «Ӕз схӕцдзынӕн йемӕ!» Паддзах Саул ын загъта: «Нырма ӕрыгон куы дӕ». Давид та йын загъта: «Йегъовӕ мын баххуыс кӕндзӕн».
Саул Давидыл йӕ хӕстон дзаумӕттӕ скодта, фӕлӕ йын уый загъта: «Мӕ бон нӕ бауыдзӕн ацы дзаумӕтты хӕцын». Давид йӕ дурӕхсӕн райста ӕмӕ цӕугӕдонмӕ ацыд. Уым фондз лӕгъз дуры ссардта ӕмӕ сӕ йӕ хызыны нывӕрдта. Уый фӕстӕ Голиафы ’рдӕм азгъордта. Голиаф ныхъхъӕр кодта: «Рауай, рауай, уӕртӕ лӕппу! Ӕз дӕ мӕргътӕн ӕмӕ хъӕддаг сырдтӕн бахӕрын кӕнон». Фӕлӕ Давид нӕ фӕтарст. Уый Голиафӕн загъта: «Ды мӕ ныхмӕ хъама ӕмӕ арцимӕ цӕуыс, ӕз та дӕ ныхмӕ цӕуын Йегъовӕйы номимӕ. Ды мах ныхмӕ нӕ рацыдтӕ, фӕлӕ Хуыцауы ныхмӕ. Ныртӕккӕ иууылдӕр фендзысты, Йегъовӕйӕ тыхджындӕр кӕй ничи ис ӕмӕ йӕ разы арц ӕмӕ хъама кӕй ницы сты. Абон уӕ уый нӕ къухмӕ ратдзӕн».
Давид дур йӕ дурӕхсӕнӕй йӕ тых йӕ бонӕй ныззыввытт кодта. Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ дур Голиафы тӕккӕ ныхыл сӕмбӕлд. Голиаф дзыхъмард фӕци. Филистимӕгтӕ уый куы федтой, уӕд фыртӕссӕй лидзынмӕ фесты. Ды дӕр Давидау Йегъовӕйыл дӕ зӕрдӕ дарыс?
«Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕй уый зӕгъӕн нӕй – уымӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Марчы 10:27)
-
-
Давид ӕмӕ СаулБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
41 СӔРГОНД
Давид ӕмӕ Саул
Давид Голиафы куы амардта, уӕд ӕй Саул йе ’фсады хистӕрӕй сӕвӕрдта. Давид бирӕ хӕстыты фӕуӕлахиз, ӕмӕ сси тынг зындгонд. Давид-иу хӕстӕй куы ’рыздӕхт, уӕд-иу сылгоймӕгтӕ йӕ размӕ кафгӕ рацыдысты ӕмӕ-иу зарыдысты: «Саул амардта минтӕ, Давид та – дӕсгай минтӕ!» Саул ӕм хӕлӕг кӕнын райдыдта, ӕмӕ йӕ сфӕнд кодта амарын.
Давид хорз цагъта дыууадӕстӕнон фӕндырыл. Иу бон паддзах Саулӕн куы цагъта, уӕд ыл уый йӕ арц фехста. Фӕлӕ Давид йӕхи фӕиуырдӕм кодта, ӕмӕ арц къулыл сӕмбӕлд. Уый фӕстӕ дӕр ма Саул бирӕ хӕттыты хъавыд Давиды амарынмӕ. Ӕппынфӕстаг Давид ӕдзӕрӕг быдырмӕ алыгъд ӕмӕ уым ӕмбӕхст.
Саул ӕмӕ ма йемӕ 3 000 ӕфсӕддоны Давиды агурӕг ацыдысты. Афтӕ рауад, ӕмӕ Саул бацыд, Давид ӕмӕ йӕ адӕм кӕм ӕмбӕхстысты, уыцы лӕгӕтмӕ. Давидӕн йе ’фсӕддонтӕ сусӕгӕй загътой: «Ай хорз фадат у Саулы амарынӕн». Давид Саулмӕ сусӕгӕй бацыд ӕмӕ йын йӕ уӕлӕдарӕсы кӕрон ралыг кодта. Фӕлӕ Саул уый ӕмбаргӕ дӕр нӕ бакодта. Фӕстӕдӕр Давид фӕфӕсмон кодта, Йегъовӕйы ӕвӕрд паддзахӕн афтӕ кӕй бакодта, ууыл. Давид йе ’фсӕддонты Саулы амарын нӕ бауагъта. Саул лӕгӕтӕй куы рахызт, уӕд Давид дӕр рацыд ӕмӕ йӕм фӕхъӕр кодта, мӕ бон дӕ уыд амарын, фӕлӕ дын ницы кодтон, зӕгъгӕ. Цымӕ уый фӕстӕ Саул Давиды иу ран ныууагъта?
Нӕ, уӕддӕр йӕ фӕдыл зылди. Иу бон ӕхсӕвы Давид ӕмӕ йӕ хойы лӕппу Авессӕ сусӕгӕй бацыдысты, Саул ӕмӕ йе ’фсад кӕм уыдысты, уыцы бынатмӕ. Иууылдӕр фынӕй кодтой, суанг Саулы хъахъхъӕнӕг Авенир дӕр. Авессӕ Давидӕн загъта: «Ахӕм хорз фадат ма нын кӕд уыдзӕн? Амарӕм Саулы!» Давид ын загъта: «Йегъовӕйы бар ӕй уадз. Ӕрмӕстдӕр ын йӕ арц ӕмӕ йӕ дурын райсӕм ӕмӕ ацӕуӕм».
Давид ссыд, уым хӕстӕг цы хох уыд, уырдӕм. Уырдыгӕй хорз зынди, Саул ӕмӕ йе ’фсӕддонтӕ кӕм уыдысты, уыцы бынат. Давид ныхъхъӕр кодта: «Авенир, дӕ паддзахы цӕуылнӕ хъахъхъӕныс? Саулӕн йӕ дурын ӕмӕ йӕ арц кӕм сты?» Саул Давиды хъӕлӕс базыдта ӕмӕ загъта: «Дӕ бон мӕ уыд амарын, фӕлӕ мӕм дӕ къух нӕ систай. Ӕз ӕй зонын, мӕ фӕстӕ Израилы паддзах ды кӕй уыдзынӕ». Ӕмӕ Саул фӕстӕмӕ сӕхимӕ аздӕхт. Фӕлӕ Саулы бинонтӕ се ’ппӕт Давидмӕ ӕвзӕр зӕрдӕ нӕ дардтой.
«Уӕ бон цы у, уый аразут, цӕмӕй алкӕимӕ дӕр хӕларӕй цӕрат. Мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, уӕ маст макӕмӕй исут» (Ромӕгтӕм 12:18, 19)
-
-
Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймагБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
42 СӔРГОНД
Ионафан уыд хъӕбатыр ӕмӕ иузӕрдион адӕймаг
Паддзах Саулы хистӕр фырт Ионафан уыд хъӕбатыр хӕстон. Давид дзы загъта, зӕгъгӕ, у цӕргӕсӕй тагъддӕр ӕмӕ домбайӕ тыхджындӕр. Иухатт Ионафан къуыбырыл ауыдта филистимаг ӕфсӕддонты ӕмӕ йын йӕ хӕцӕнгарз чи хаста, уымӕн загъта: «Кӕд нын уыцы филистимӕгтӕ афтӕ зӕгъой, рацӕут ардӕм, зӕгъгӕ, уӕд нын уый уыдзӕн нысан Йегъовӕйӕ, ӕмӕ уӕд ссӕудзыстӕм ӕмӕ семӕ схӕцдзыстӕм». Филистимӕгтӕ сӕм ныхъхъӕр кодтой: «Рацӕут ардӕм, ӕмӕ схӕцӕм!» Гъемӕ сӕм Ионафан ӕмӕ йӕ хӕцӕнгарзхӕссӕг дӕр ссыдысты ӕмӕ 20 филистимаджы амардтой.
Ионафан Саулы хистӕр фырт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ Саулы фӕстӕ Израилы паддзах уый хъуамӕ суыдаид. Фӕлӕ Ионафан зыдта, Йегъовӕ паддзахӕй Давиды кӕй равзӕрста. Фӕлӕ йӕм уӕддӕр хӕлӕг нӕ кодта. Ионафан ӕмӕ Давид систы хорз ӕмбӕлттӕ, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырд радтой, кӕрӕдзи кӕй хъахъхъӕндзысты. Ионафан Давидӕн радта йӕ уӕлӕдарӕс, йӕ хъама, йе ’рдын ӕмӕ йӕ рон ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, йе ’мбалыл ӕй кӕй нымадта.
Давид Саулӕй ӕдзӕрӕг быдыры куы ’мбӕхст, уӕд ӕм Ионафан ацыд ӕмӕ йын загъта: «У хъӕбатыр ӕмӕ мацӕмӕй тӕрс. Йегъовӕ паддзахӕй дӕу равзӕрста. Ӕмӕ мӕ фыд дӕр уый зоны». Нӕ дӕ фӕндид, цӕмӕй дӕуӕн дӕр Ионафаны хуызӕн хорз ӕмбал уа?
Ионафан йӕ цард иу ӕмӕ дыууӕ хатты тӕссаг уавӕры нӕ баппӕрста, цӕмӕй-иу йе ’мбалы фервӕзын кодтаид. Ионафан зыдта, йӕ фыд Саул Давиды амарынмӕ кӕй хъавы, ӕмӕ йын загъта: «Давид ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта. Куы йӕ амарай, уӕд тӕригъӕд ракӕндзынӕ». Уый тыххӕй Саул Ионафанмӕ тынг мӕсты кодта.
Цалдӕр азы куы рацыд, уӕд Саул ӕмӕ Ионафан иумӕ хӕсты фӕмард сты. Давид Ионафаны фырты, Мемфивосфейы, агурын райдыдта. Куы йӕ ссардта, уӕд ын загъта: «Дӕ фыд уыд мӕ хорз ӕмбал. Ӕмӕ цалынмӕ удӕгас уай, уӕдмӕ дын ӕххуыс кӕндзынӕн. Мӕ хӕдзары цӕрдзынӕ ӕмӕ мемӕ иу фынгыл баддзынӕ». Давид йе ’мбал Ионафаны никуы ферох кодта.
«Ӕз [уӕ] куыд уарзын, сымах дӕр уӕ кӕрӕдзийы афтӕ уарзут. Уымӕй стырдӕр уарзондзинад нӕй, ӕмӕ исчи йӕ хӕлӕртты сӕрвӕлтау йӕ уд куы ратта» (Иоанны 15:12, 13)
-
-
Паддзах Давид тӕригъӕд сарӕзтаБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
43 СӔРГОНД
Паддзах Давид тӕригъӕд сарӕзта
Саул куы амард, уӕд Давид сси паддзах. Уӕд ыл цыди 30 азы. Цалдӕр азы куы рацыд, уӕд иухатт Давид йӕ хӕдзары сӕр рацу-бацу кодта ӕмӕ иу рӕсугъд сылгоймаджы ауыдта. Давид базыдта, йӕ ном Вирсави кӕй хуыйны ӕмӕ кӕй у иу ӕфсӕддон лӕджы ус. Уыцы лӕгӕн йӕ ном хуынди Ури. Давид Вирсавийы йӕ хӕдзармӕ ӕрбакӕнын кодта ӕмӕ йемӕ ӕмуат ӕрцыд, ӕмӕ Вирсави басывӕрджын. Давиды нӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы хабар рахъӕр уыдаид. Ӕмӕ уӕд йе ’фсады хистӕрӕн загъта, цӕмӕй, хӕст тынгдӕр кӕм цыди, уым Урийы сӕвӕрдтаиккой ӕмӕ йӕ знӕгтимӕ иунӕгӕй фӕуагътаиккой. Ури уыцы тохы фӕмард, ӕмӕ уӕд Давид Вирсавийы ракуырдта.
Фӕлӕ Давид цы ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдон Йегъовӕ федта. Цымӕ Йегъовӕ куыд бакодта? Йӕ пехуымпар Нафаны йӕм арвыста. Нафан Давидӕн загъта: «Иу хъӕздыг лӕгмӕ уыд бирӕ фыстӕ, иу мӕгуыр лӕгмӕ та иу гыццыл уӕрыкк йеддӕмӕ ницы уыд. Мӕгуыр лӕг йӕ уӕрыччы бирӕ уарзта. Фӕлӕ йын ӕй хъӕздыг лӕг байста». Уый фехъусгӕйӕ Давид тынг смӕсты ӕмӕ загъта: «Уыцы хъӕздыг лӕджы амарын хъӕуы!» Уӕд ын Нафан загъта: «Ды дӕ уыцы хъӕздыг лӕг!» Давидӕн йӕ зӕрдӕ тынг фӕрыст, ӕмӕ йӕ рӕдыдыл басаст: «Ӕз Йегъовӕйы ныхмӕ тӕригъӕд ракодтон». Давид ахӕм стыр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр стыр маст бавзӕрстой. Кӕд ӕй Йегъовӕ бафхӕрдта, уӕддӕр ӕй удӕгасӕй ныууагъта, уымӕн ӕмӕ сӕрныллӕг разынд ӕмӕ йӕ рӕдыдыл басаст.
Давиды фӕндыд Йегъовӕйӕн кувӕндон саразын, фӕлӕ уыцы хъуыддагӕн Йегъовӕ равзӕрста йӕ фырт Соломоны. Давид райдыдта, кувӕндон саразынӕн цыдӕриддӕр хъуыди, уыдӕттӕ цӕттӕ кӕнын ӕмӕ загъта: «Йегъовӕйы кувӕндон хъуамӕ уа стыр ӕмӕ рӕсугъд. Соломон нырма ӕрыгон у, фӕлӕ йын ӕз, кувӕндонӕн цыдӕриддӕр бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн». Давид кувӕндон саразынӕн радта бирӕ ӕхца. Стӕй ма ссардта алыхуызон дӕсны кусджыты. Ӕрӕмбырд кодта бирӕ сызгъӕрин ӕмӕ ӕвзист, стӕй Тир ӕмӕ Сидонӕй ӕрбаласын кодта кедр бӕлӕстӕ. Давид куы базӕронд, уӕд Соломонӕн радта, кувӕндон цы нывмӕ гӕсгӕ хъуамӕ ӕрцыдаид арӕзт, уый. Давид Соломонӕн загъта: «Йегъовӕ мын ацы ныв дӕуӕн скӕнын кодта. Йегъовӕ дын ӕххуыс кӕндзӕн. Тӕрсгӕ мацӕмӕй кӕн ӕмӕ кувӕндон аразынмӕ бавнал».
«Йӕ тӕригъӕдтӕ чи ӕмбӕхсы, уымӕн ницы бантысдзӕн, чи сӕ раргом кӕны ӕмӕ сӕ чи ныууадзы, уымӕ та уыдзысты фӕлмӕнзӕрдӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 28:13)
-