Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Сӕнӕфсирдоны кусджытӕ сӕнӕфсирдоны хицауӕн йӕ фырты марынц

      106 СӔР

      Дыууӕ фӕсномыг ныхасы сӕнӕфсирдӕтты тыххӕй

      МАТФЕЙЫ 21:28–46 МАРЧЫ 12:1–12 ЛУКАЙЫ 20:9–19

      • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ДЫУУӔ ФЫРТЫ ТЫХХӔЙ

      • ФӔСНОМЫГ НЫХАС СӔНӔФСИРДОНЫ КУСДЖЫТЫ ТЫХХӔЙ

      Гыццыл раздӕр сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ адӕмы хистӕр лӕгтӕ Йесойы кувӕндоны фарстой, ахӕм хъуыддӕгтӕ аразыны бар дӕм кӕцӕй ис, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын цы дзуапп радта, уӕд ныхмӕ ницыуал зӕгъын бафӕрӕзтой. Уый фӕстӕ, ӕцӕгӕй цавӕр адӕймӕгтӕ сты, уый равдисынӕн Йесо радзырдта ахӕм фӕсномыг ныхас:

      «Иу лӕгӕн уыди дыууӕ фырты. Уыцы лӕг йӕ фырттӕй иумӕ бацыд ӕмӕ йын загъта: „Хъӕбул, ацу ӕмӕ абон сӕнӕфсирдоны бакус“. Уый йын загъта: „Нӕ ацӕудзынӕн“, фӕлӕ уый фӕстӕ йӕ зӕрдӕ йӕхиуыл ӕрхудт, ӕмӕ ацыди. Бацыд иннӕ фыртмӕ дӕр, ӕмӕ уымӕн дӕр афтӕ загъта. Уый та йын загъта: „Цӕуын, мӕ фыд“, фӕлӕ нӕ ацыд. Уӕдӕ дыууӕ фыртӕй йӕ фыды фӕндон чи сӕххӕст кодта?» (Матфейы 21:28–31, «Ног дунейы тӕлмац», 2013, англ.). Дзуапп бӕлвырд у – фыццаг фырт сӕххӕст кодта йӕ фыды фӕндон, кӕд ӕй райдианы нӕ фӕндыд, уӕддӕр.

      Уымӕ гӕсгӕ Йесо, йӕ ныхмӕ чи цыд, уыдонӕн загъта: «Ӕцӕг уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахадмӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ уӕ разӕй бацӕудзысты». Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ раздӕр Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой. Фӕлӕ фӕстӕдӕр уыдон дӕр, фыццаг фыртау, ӕрфӕсмон кодтой ӕмӕ йын лӕггад кӕнын райдыдтой. Дины разамонджытӕ та, дыккаг фыртау, дзургӕ кодтой, мах Хуыцауӕн лӕггад кӕнӕм, зӕгъгӕ, фӕлӕ йын ӕцӕгӕй та нӕ лӕггад кодтой. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «[Аргъауӕг] Иоанн ӕрцыд ӕмӕ уын рӕстдзинады фӕндаг амыдта, фӕлӕ йыл сымах нӕ баууӕндыдыстут. Хъалонисджытӕ ӕмӕ хӕтаг сылгоймӕгтӕ та йыл баууӕндыдысты. Ӕмӕ кӕд сымах уый федтат, уӕддӕр уӕ зӕрдӕ уӕхиуыл не ’рхудт ӕмӕ йыл нӕ баууӕндыдыстут» (Матфейы 21:31, 32).

      Уый фӕстӕ ма Йесо радзырдта иу фӕсномыг ныхас. Уымӕй та равдыста, дины разамонджытӕн сӕ бӕллӕх ӕрмӕст уый мидӕг кӕй нӕ уыд, ӕмӕ Хуыцауӕн нӕ лӕггад кодтой – уыдон ма уыдысты фыдзӕрдӕ дӕр. Йесо радзырдта: «Иу лӕг скодта сӕнӕфсирдон, йӕ алыварс ын сӕхгӕдта, скъахта дзы сӕндуцӕн дзыхъхъ ӕмӕ дзы сарӕзта мӕсыг дӕр. Уый фӕстӕ сӕнӕфсирдон радта ӕххуырст кусджытӕм, йӕхӕдӕг та ацыди ӕндӕр бӕстӕм. Сӕнӕфсир тоныны афон куы ралӕууыд, уӕд сӕнӕфсирдоны кусджытӕм йӕ цагъары арвыста сӕнӕфсирӕй хай райсынмӕ. Фӕлӕ уыдон цагъары ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидкъухӕй рарвыстой. Уӕд та сӕм арвыста ӕндӕр цагъары. Уымӕн та йӕ сӕр фӕхостой ӕмӕ дзы фӕхынджылӕг кодтой. Арвыста ма сӕм ноджыдӕр иу цагъары, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Уый фӕстӕ дӕр ма сӕм бирӕ цагъарты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ фӕкодтой, кӕй маргӕ акодтой» (Марчы 12:1–5).

      Цымӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон уыцы фӕсномыг ныхас бамбӕрстой? Чи зоны, сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Исайы ныхӕстӕ: «Ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы сӕнӕфсирдон у Израилы хӕдзар, Иудӕйы адӕм сты, кӕй уарзта, уыцы сӕнӕфсирбӕлӕстӕ. Уый ӕнхъӕлмӕ каст, рӕстӕй кӕй тӕрхон кӕндзысты, фӕлӕ федта, закъон кӕй халынц» (Исай 5:7). Йесойы фӕсномыг ныхасы дӕр сӕнӕфсирдоны хицау у Йегъовӕ, сӕнӕфсирдон та – Израилы адӕм. Йегъовӕ сын йӕ Закъон кӕй радта, уый фӕрцы сӕ хъахъхъӕдта – зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын сӕ алыварс сӕхгӕдта. Уымӕй уӕлдай сӕм йӕ пехуымпарты ӕрвыста, цӕмӕй сӕ ахуыр кодтаиккой ӕмӕ сын царды хорз дыргъ хӕссынӕн ӕххуыс кодтаиккой.

      Фӕлӕ-иу сӕнӕфсирдоны кусджытӕ, хицау-иу сӕм кӕй арвыста, уыцы «цагъартӕн» алы фыдмитӕ фӕкодтой ӕмӕ-иу сӕ амардтой. Йесо бамбарын кодта: «[Сӕнӕфсирдоны хицауӕн] ма баззад ӕрмӕстдӕр йӕ уарзон фырт. Ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ. Фӕлӕ кусджытӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Ай бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ сӕнӕфсирдон мах бауыдзӕн!“ Гъемӕ йӕ ӕрцахстой [ӕмӕ йӕ] амардтой» (Марчы 12:6–8).

      Уый фӕстӕ сӕ Йесо бафарста: «Куыд уӕм кӕсы, сӕнӕфсирдоны хицау куыд бакӕндзӕн?» (Марчы 12:9). Дины разамонджытӕ йын дзуапп радтой: «Фыдгӕнджытӕ сты, ӕмӕ сӕ фыдмард акӕндзӕн. Сӕнӕфсирдон та ратдзӕн, йӕ сӕнӕфсир ын афоныл чи дӕтта, ахӕм кусджытӕм» (Матфейы 21:41).

      Уӕдӕ, сӕхи дӕр нӕ фӕндыд, афтӕмӕй сӕхицӕн стӕрхон кодтой, уымӕн ӕмӕ уыдон дӕр уыдысты Йегъовӕйы сӕнӕфсирдоны «кусджытӕй», ома Израилы адӕмы дины разамонджытӕй. Уыцы кусджытӕм Йегъовӕ цавӕр дыргъмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? Зӕгъӕм, цӕмӕй йын йӕ Фыртыл, ома Мессийӕйыл, ӕууӕндыдаиккой. Йесо дины разамонджытӕм комкоммӕ бакаст ӕмӕ сын загъта: «Фыстад афтӕ зӕгъы: „Аразджытӕ цы дур аппӕрстой, уый сси фисыны сӕйраг дур. Уыцы хъуыддаг сарӕзта Йегъовӕ, ӕмӕ нӕм диссаг кӕсы“. Никуы бакастыстут уыцы ныхӕстӕ?» (Марчы 12:10, 11). Ӕмӕ уый фӕстӕ йӕ хъуыды бӕлвырддӕр бамбарын кодта: «Гъе уымӕн уын зӕгъын: Хуыцауы паддзахад сымахӕй байсдзысты ӕмӕ йӕ ратдзысты, уыцы паддзахады аккаг хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыцы адӕмӕн» (Матфейы 21:43).

      Сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ бамбӕрстой, «уыцы фӕсномыг ныхасы сӕ кой кӕй кодта» (Лукайы 20:19). Ӕмӕ сӕ ныр ноджы тынгдӕр фӕндыд Йесойы, сӕнӕфсирдоны хицауӕн йӕ «бындары», амарын. Фӕлӕ йӕ адӕм иууылдӕр пехуымпарыл кӕй нымадтой, уымӕ гӕсгӕ сӕ тарстысты, ӕмӕ йӕм сӕ къух уыцы сахат нӕ систой.

      • Йесойы фӕсномыг ныхасы дыууӕ фырты кӕй ӕвдисынц?

      • Дыккаг фӕсномыг ныхасы чи сты: «сӕнӕфсирдоны хицау», «сӕнӕфсирдон», «кусджытӕ», «цагъартӕ» ӕмӕ «бындар»?

      • Сӕнӕфсирдоны «кусджытӕм» цы ’нхъӕлмӕ каст?

  • Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, уыдоны Паддзах чындзӕхсӕвы фынгӕй ӕддӕмӕ раппӕрста

      107 СӔР

      Паддзах фӕдзырдта, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыдонмӕ

      МАТФЕЙЫ 22:1–14

      • ФӔСНОМЫГ НЫХАС ЧЫНДЗӔХСӔВЫ ТЫХХӔЙ

      Йесойӕн зӕххыл йӕ лӕггад йӕ кӕронмӕ куыд хӕстӕгдӕр кодта, афтӕ дарддӕр фӕсномыг ныхӕсты фӕрцы чиныджыдӕсныты ӕмӕ сауджынты хистӕрты ӕцӕг цӕсгом ӕргом кодта. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амарынвӕнд скодтой (Лукайы 20:19). Йесо уымӕй нӕ фӕтарст, фӕлӕ ма сын ноджыдӕр иу фӕсномыг ныхас радзырдта:

      «Уӕларвон паддзахад абарӕн ис, йӕ лӕппуйӕн чындзӕхсӕв чи кодта, ахӕм паддзахимӕ. Паддзах йӕ цагъарты арвыста, цӕмӕй, чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи уыд, уыцы адӕммӕ фӕдзырдтаиккой, фӕлӕ уыдоны нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын» (Матфейы 22:2, 3). Йесо йӕ фӕсномыг ныхасы «уӕларвон паддзахады» кой кӕй скодта, уымӕ гӕсгӕ «паддзах» Йегъовӕ Хуыцауы йеддӕмӕ чи хъуамӕ уа. Фӕлӕ чи у паддзахы фырт, стӕй чындзӕхсӕвмӕ хуынд адӕм та чи сты? Уый дӕр зын бамбарӕн нӕу. Паддзахы фырт у Йегъовӕйы Фырт – фӕсномыг ныхас чи дзырдта, уый. Хуынд адӕм та сты, йӕ Фыртимӕ уӕларвон Паддзахады чи хъуамӕ уа, уыдон.

      Чи сты, фыццаг кӕй фӕхуыдтой, уыдон? Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй кӕмӕн хъусын кодтой? Дзуттӕгтӕн (Матфейы 10:6, 7; 15:24). Н. э. размӕ 1513 азы дзуттӕгтӕ сразы сты Моисейы закъонимӕ баст бадзырд ӕххӕст кӕныныл, ӕмӕ афтӕмӕй фыццаг уыдонӕн лӕвӕрд ӕрцыд уый фадат, цӕмӕй «сауджынты паддзахад» суыдаиккой (Рацыд 19:5–8). Фӕлӕ сӕ «чындзӕхсӕвмӕ» кӕд фӕхуыдтой? Уый уыди н. э. 29 азы, Йесо уӕларвон Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнын куы райдыдта, уӕд.

      Цымӕ израилӕгтӕн сӕ фылдӕр уымӕ цы цӕстӕй ракастысты? Йесо куыд загъта, афтӕмӕй сӕ «нӕ бафӕндыд ӕрбацӕуын». Дины разамонджытӕн ӕмӕ адӕмӕн сӕ фылдӕр нӕ баууӕндыдысты, Йесо Мессийӕ ӕмӕ Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах кӕй у, ууыл.

      Фӕлӕ дарддӕр Йесо бамбарын кодта, дзуттӕгтӕн ма ноджыдӕр иу фадат лӕвӕрд кӕй ӕрцӕудзӕн. Уый загъта: «Уӕд та [паддзах] арвыста ӕндӕр цагъарты, зӕгъгӕ, хуынд адӕмӕн зӕгъут: „Фынгтӕ ӕвӕрд сты, аргӕвстон галтӕ ӕмӕ хаст фос. Ӕппӕт дӕр цӕттӕ у. Рацӕут чындзӕхсӕвмӕ“. Фӕлӕ сын уыдон сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ сӕ чи йӕ хуыммӕ ацыд, чи та – базары хъуыддӕгты фӕдыл. Иннӕтӕ та йын йӕ цагъарты ӕрцахстой, фӕнадтой сӕ ӕмӕ сӕ амардтой» (Матфейы 22:4–6). Ӕмӕ хабар ӕцӕгдӕр афтӕ рауад, чырыстон ӕмбырд куы фӕзынд, уӕд. Уыцы рӕстӕджы ма дзуттӕгтӕн уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуыны фадат уыди, фӕлӕ сӕ фылдӕры уӕддӕр нӕ бафӕндыд. Уый нӕ, фӕлӕ ма «паддзахы цагъартӕн» сӕ фӕдыл дӕр зылдысты (Хъуыддӕгтӕ 4:13–18; 7:54, 58).

      Уый тыххӕй дзуттаг адӕммӕ цы ’нхъӕлмӕ каст? Йесо загъта: «Паддзах смӕсты, уыцы лӕгмартӕм йе ’фсӕдтӕ арвыста, ӕмӕ сӕ ныццагътой, сӕ горӕт та сын басыгътой» (Матфейы 22:7). Уый дзуттӕгтӕ сӕхиуыл бавзӕрстой н. э. 70 азы. Уыцы аз сын ромӕгтӕ «сӕ горӕт», ома Иерусалим, ныппырх кодтой.

      Дзуттӕгты ӕрбацӕуын кӕй нӕ бафӕндыд, уый цымӕ ууыл дзурӕг у, ӕмӕ ӕндӕр никӕйуал фӕхуыдтой? Фӕсномыг ныхасмӕ гӕсгӕ уый афтӕ нӕ уыд. Йесо дарддӕр радзырдта: «Уый фӕстӕ [паддзах] йӕ цагъартӕн загъта: „Чындзӕхсӕвы фынгтӕ цӕттӕ сты, фӕлӕ хуынд адӕм аккаг нӕ разындысты. Уӕдӕ ацӕут, горӕтӕй цы фӕндӕгтӕ цӕуы, уырдӕм, ӕмӕ дзы кӕуылдӕриддӕр сӕмбӕлат,– фӕхонут сӕ чындзӕхсӕвмӕ“. Цагъартӕ дӕр фӕндӕгтӕм рацыдысты ӕмӕ кӕуыл сӕмбӕлдысты, уыдоны се ’ппӕты дӕр, ӕвзӕрты дӕр ӕмӕ хӕрзты дӕр, ӕрӕмбырд кодтой. Ӕмӕ, чындзӕхсӕв кӕм кодтой, уыцы уаты фынгтӕ адӕмӕй байдзаг сты» (Матфейы 22:8–10).

      Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, фӕстӕдӕр апостол Петр ӕххуыс кӕнын райдыдта ӕндӕр адӕмыхӕттытӕн, цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ суыдаиккой. Уыцы адӕмтӕ дзуттӕгтӕ нӕ уыдысты, стӕй – дзуттаг дин чи райста, ахӕмтӕ дӕр. Н. э. 36 азы Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты ромаг ӕфсӕддон хицау Корнилий ӕмӕ йӕ бинонтӕ, ӕмӕ сын фадат фӕзынд, цӕмӕй, Йесо кӕй кой кодта, уыцы уӕларвон Паддзахадмӕ бацыдаиккой (Хъуыддӕгтӕ 10:1, 34–48).

      Фӕлӕ, чындзӕхсӕвмӕ чи ’рбацыд, уыдон се ’ппӕт «паддзахы» хорзӕх не ссардтой. Йесо загъта: «Паддзах йӕ уазджыты фенынмӕ куы бацыд, уӕд дзы йӕ цӕст ӕрхӕцыд, чындзӕхсӕвы дарӕс кӕуыл нӕ уыд, ахӕм адӕймагыл. Ӕмӕ йӕ бафарста: „Хорз лӕг, чындзӕхсӕвы дарӕс дыл куы нӕй, уӕд ардӕм куыд ӕрбацыдтӕ?“ Лӕгӕн йӕ дзыхӕй сыбыртт дӕр не схауд. Ӕмӕ уӕд паддзах йӕ лӕггадгӕнджытӕн загъта: „Йӕ къухтӕ ӕмӕ йын йӕ къӕхтӕ сбӕттут ӕмӕ йӕ ӕддӕмӕ, талынгмӕ аппарут. Уырдыгӕй цӕудзӕн йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ хъӕрзын“. О, хуынд адӕм бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл» (Матфейы 22:11–14).

      Йесомӕ чи хъуыста, уыцы дины разамонджытӕ, фӕсномыг ныхас цы нысан кӕны кӕнӕ кӕмӕ хауы, уый, чи зоны, нӕ бамбӕрстой. Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕ сӕ зӕрдӕмӕ кӕй нӕ фӕцыдысты, уый бӕлвырд уыд. Ныры хуызӕн ӕм никуы смӕсты сты ӕмӕ сӕхицӕн загътой, ахӕм ӕгады бынаты сӕ чи ӕвӕры, уымӕй цыфӕндыйӕ дӕр кӕй хъуамӕ фервӕзой.

      • Йесойы фӕсномыг ныхасы чи у «паддзах», чи у «йӕ фырт» ӕмӕ чи сты, чындзӕхсӕвмӕ фыццаг кӕй фӕхуыдтой, уыдон?

      • Дзуттӕгты кӕд фӕхуыдтой? Уыдоны фӕстӕ та чи ӕрцыд хуынд?

      • Хуынд адӕм бирӕ кӕй уыдысты, ӕвзӕрстытӕ та – гыццыл, уый цӕуыл дзурӕг у?

  • Ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны фыдвӕндтӕ фехӕлдта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесойӕн йӕ къухы, хъалон цы ӕхцайӕ фыстой, уый ӕмӕ дзуапп дӕтты, ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавы, уыцы фарисейты фарстайӕн

      108 СӔР

      Ныхасӕй ӕрцахсынмӕ йӕ чи хъавыд, уыдоны фыдвӕндтӕ фехӕлдта

      МАТФЕЙЫ 22:15–40 МАРЧЫ 12:13–34 ЛУКАЙЫ 20:20–40

      • ПАДДЗАХЫ ЦЫ У, УЫЙ ДӔТТУТ ПАДДЗАХӔН

      • ЧИ РАЙГАС УА, УЫДОН УСТЫТӔ КУРДЗЫСТЫ ӔМӔ ЧЫНДЗЫ ЦӔУДЗЫСТЫ?

      • ӔППӔТЫ СӔЙРАГДӔР ФӔДЗӔХСТЫТӔ

      Дины разамонджытӕ Йесомӕ мӕстӕй сыгъдысты. Гыццыл раздӕр цы фӕсномыг ныхӕстӕ радзырдта, уыдоны фӕрцы сын сӕ зӕрдӕты фыддзинад хурмӕ рахаста. Ӕмӕ ныр фарисейтӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы ныхасӕй ӕрцахсыныл. Хъуамӕ йын ахӕм исты зӕгъын кодтаиккой, цӕмӕй афтӕ рауадаид, ӕмӕ Ромы ӕвӕрд хицауы ныхмӕ цӕуы. Гъемӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕй кӕмӕндӕрты бафыстой ӕмӕ сӕ Йесомӕ барвыстой (Лукайы 6:7).

      Уыдон ӕй бафарстой: «Ахуыргӕнӕг, мах ӕй зонӕм, ды алцыдӕр раст дзурыс ӕмӕ раст ахуыр кӕныс ӕмӕ хъулон никӕй кӕныс. Ды Хуыцауы фӕндаг раст амоныс. Зӕгъ-ма нын, паддзахӕн нын хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» (Лукайы 20:21, 22). Фӕлӕ Йесо, зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕй кӕй асайай, ахӕм нӕ уыд. Цӕстмӕ митӕ кӕй кӕнынц ӕмӕ йыл хинӕй рацӕуынмӕ кӕй хъавынц, уый ӕмбӕрста. Уӕдӕ сын афтӕ куы загътаид, хъалон фидын нӕ хъӕуы, зӕгъгӕ, уӕд ӕй фӕаххосджын кодтаиккой, Ромы паддзахады ныхмӕ, дам, цӕуы. Афтӕ куы загътаид, зӕгъгӕ, хъӕуы хъалон фидын, уӕд та йӕ адӕм раст нӕ бамбӕрстаиккой ӕмӕ йӕ ныхмӕ фӕуыдаиккой, уымӕн ӕмӕ, Ромы дӕлбар кӕй уыдысты, уымӕн ӕнӕуи дӕр тыххӕй-фыдӕй быхстой. Ӕмӕ сын уӕдӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ радтаид?

      Йесо загъта: «Цы мӕ къахут, цӕстмӕхъустӕ? Равдисут-ма мӕм, хъалон цы ӕхцайӕ фидут, уый». Ӕмӕ йӕм ӕрбахастой динар. Уӕд сӕ бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ кӕй ном ис ацы ӕхцайыл?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Паддзахы». Ӕмӕ сын уӕд радта диссаджы уынаффӕ: «Уӕдӕ, паддзахы цы у, уый паддзахӕн дӕттут, Хуыцауы цы у, уый та – Хуыцауӕн» (Матфейы 22:18–21).

      Фарисейты ӕрвыст лӕгты Йесойы ныхӕстӕ дисы бафтыдтой. Ахӕм куырыхон дзуаппы фӕстӕ ма йын цы загътаиккой, уый нӕ зыдтой, ӕмӕ йӕ ныууагътой. Фӕлӕ уыцы бон нӕма фӕци. Стӕй йӕ ныхасӕй ӕрцахсынмӕ чи хъавыд, уыдон дӕр сӕ гӕрзтӕ ӕрӕвӕрынвӕнд нӕ кодтой. Фарисейты фыдвӕндӕй куы ницы рауад, уӕд Йесомӕ бацыдысты ӕндӕр дины къорды разамонджытӕ – саддукейтӕ.

      Саддукейты нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый. Гъемӕ Йесойы бафарстой, цалдӕр ӕфсымӕры ус чи уыд ӕмӕ стӕй чи амард, ахӕм сылгоймаджы тыххӕй: «Ахуыргӕнӕг, Моисей загъта: „Лӕг ӕнӕзӕнӕгӕй куы амӕла, уӕд ын йе ’фсымӕр хъуамӕ ракура йӕ усы ӕмӕ йӕ мард ӕфсымӕрӕн зӕнӕг рауадза“. Не ’хсӕн цардис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ус ракуырдта ӕмӕ амарди, ӕмӕ йын зӕнӕг кӕй нӕ рацыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бинойнаг йе ’фсымӕры ус баци. Афтӕ рауад йӕ хабар дыккагӕн дӕр ӕмӕ ӕртыккагӕн дӕр, стӕй иннӕтӕн дӕр суанг ӕвдӕмы онг. Се ’ппӕты фӕстӕ амарди сылгоймаг дӕр. Ӕмӕ ныр, мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд авд ӕфсымӕрӕй кӕцыйы ус уыдзӕн, се ’ппӕты бинойнаг дӕр куы уыди?» (Матфейы 22:24–28).

      Саддукейтӕ Моисейы фыст чингуытыл ӕууӕндыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо сӕ хъус ӕрдардта, уыцы чингуыты цы фыст уыд, уымӕ: «Фыстад дӕр ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы тых ис, уый дӕр кӕй нӕ зонут, уый тыххӕй нӕ рӕдийут, ӕви? Мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд нӕдӕр устытӕ курдзысты, нӕдӕр чындзы цӕудзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты хуызӕн. Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы, сындзы къутӕры кой кӕм кӕны, уым нӕ кастыстут, Хуыцау ын афтӕ кӕй загъта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау“? Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, фӕлӕ удӕгӕсты. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут» (Марчы 12:24–27; Рацыд 3:1–6). Ахӕм дзуапп фехъусгӕйӕ адӕм дисӕй мардысты.

      Фарисейтӕн дӕр ӕмӕ саддукейтӕн дӕр сӕ бон нӕ баци Йесойы ныхасӕй ӕрцахсын. Ӕмӕ кӕд уыцы дины разамонджытӕ кӕрӕдзийӕ се сӕфт уыдтой, уӕд сын ныр та иу хӕдон дӕр уӕрӕх сси. Гъемӕ Йесомӕ иумӕ бацыдысты, цӕмӕй йӕ ракъахтаиккой. Чиныджыдӕснытӕй йӕ иу бафарста: «Ахуыргӕнӕг, Закъоны фӕдзӕхстытӕй ӕппӕты сӕйрагдӕр кӕцы у?» (Матфейы 22:36).

      Йесо йын дзуапп радта: «Фыццаг фӕдзӕхст у ахӕм: „Байхъус, Израил! Нӕ Хуыцау Йегъовӕйы йеддӕмӕ ӕндӕр Йегъовӕ нӕй, ӕмӕ дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“. Дыккаг фӕдзӕхст та у ахӕм: „Иннӕты уарз, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхст нӕй» (Марчы 12:29–31).

      Уый фехъусгӕйӕ йын чиныджыдӕсны загъта: «Ахуыргӕнӕг, раст загътай – „Хуыцау иу у, ӕмӕ уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй“. Ӕмӕ йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзай, стӕй, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ уарзай иннӕты дӕр – уый бирӕ ахсджиагдӕр у судзинаг нывӕндтӕй се ’ппӕтӕй дӕр ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй дӕр». Ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп кӕй радта, уымӕ гӕсгӕ йын Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахадӕй дард нӕ дӕ» (Марчы 12:32–34).

      Ӕртӕ боны дӕргъы (9, 10 ӕмӕ 11 нисаны) Йесо кувӕндоны адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ йӕм чидӕртӕ, зӕгъӕм, уыцы чиныджыдӕсны, ӕхсызгонӕй хъуыстой. Фӕлӕ дины разамонджытӕй уый зӕгъӕн нӕ уыди. Уыдонӕй ныр «йӕ бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста».

      • Фарисейтӕ Йесойы ракъахынмӕ куыд хъавыдысты? Исты сын дзы рауад?

      • Йесойы саддукейтӕ ныхасӕй ӕрцахсынмӕ куы хъавыдысты, уӕд сын сӕ фыдвӕнд куыд фехӕлдта?

      • Чиныджыдӕсныйӕн дзуапп дӕтгӕйӕ Йесо куыд равдыста, сӕйрагдӕр цы у, уый?

  • Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
    • Йесо йе знӕгты цӕстмӕ митӕ хурмӕ калы

      109 СӔР

      Дины разамонджытӕн бауайдзӕф кодта

      МАТФЕЙЫ 22:41–23:24 МАРЧЫ 12:35–40 ЛУКАЙЫ 20:41–47

      • ЧЫРЫСТИ КӔЙ ФЫРТ У?

      • ЙЕСО ЙЕ ЗНӔГТЫ ЦӔСТМӔ МИТӔ ХУРМӔ КАЛЫ

      Дины разамонджытӕн сӕ бон нӕ сси Йесойы адӕмы цӕсты бафтауын кӕнӕ йӕ ныхасӕй ӕрцахсын, ӕмӕ йӕ ромӕгты къухтӕм раттын (Лукайы 20:20). Ӕмӕ сын ныр, 11 нисаны, кувӕндоны Йесо фат сӕхирдӕм фӕзылдта ӕмӕ бӕлвырд бамбарын кодта, чи у, уый. Йӕхӕдӕг сӕ бафарста: «Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй фырт у?» (Матфейы 22:42). Чырысти, ома Мессийӕ, Давиды байзӕддаг кӕй хъуамӕ уыдаид, уый алчидӕр зыдта. Ӕмӕ йын ӕндӕр цы хъуамӕ загътаиккой! (Матфейы 9:27; 12:23; Иоанны 7:42).

      Ӕмӕ сӕ уӕд Йесо бафарста: «Ӕмӕ йӕ уӕд Давид Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разӕнгардӕй йӕ Хицау куыд хоны? Афтӕ куы дзуры, зӕгъгӕ, „Йегъовӕ мӕ Хицауӕн загъта: „Бад мӕ рахиз фарс, цалынмӕ дын де знӕгты дӕ къӕхты бын не ’рӕвӕрон, уӕдмӕ“. Уӕдӕ йӕ кӕд Давид йӕ Хицау хоны, уӕд йӕ фырт куыд у?» (Матфейы 22:43–45).

      Фарисейтӕ хъусӕй лӕууыдысты, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, ӕмӕ сӕ Ромы ӕфсондзы бынӕй Давиды байзӕддаг, хуымӕтӕг зӕххон адӕймаг, фервӕзын кӕндзӕн. Фӕлӕ сын Йесо сӕ хъус ӕрдардта Давиды ныхӕстӕм – Псаломы 110:1, 2 стихты цы фыст ис, уымӕ. Ӕмӕ сын афтӕмӕй бамбарын кодта, Мессийӕ ӕнӕуи зӕххон хицау кӕй нӕ уыдзӕн. Мессийӕ у Давидӕн йӕ Хицау, ӕмӕ уал нырма хъуамӕ Хуыцауы рахиз фарс бадтаид ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уый фӕстӕ райстаид бартӕ йӕ къухмӕ. Ахӕм дзуаппы фӕстӕ ма Йесойӕн йе знӕгтӕ цы хъуамӕ загътаиккой!

      Йесо фарисейтимӕ куыд ныхас кодта, уымӕ хъуыстой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр чидӕртӕ дӕр. Ӕмӕ ныр йе ’ргом уыдонмӕ аздӕхта ӕмӕ сӕ бафӕдзӕхста, чиныджыдӕснытӕй ӕмӕ фарисейтӕй уӕхи хизут, зӕгъгӕ. Уыдон «ӕрбадтысты Моисейы бынаты», цӕмӕй адӕмӕн Хуыцауы Закъон амыдтаиккой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Цыдӕриддӕр [уын] дзурынц, уый кӕнут, сӕ хъуыддӕгтӕ та сын ма фӕзмут, уымӕн ӕмӕ, цы дзурынц, уый сӕхӕдӕг нӕ аразынц» (Матфейы 23:2, 3).

      Уый фӕстӕ сын Йесо сӕ цӕстмӕ митӕй кӕцыдӕрты кой скодта: «Сӕ ныхтыл ӕмӕ сӕ цӕнгтыл Закъоны ныхӕстимӕ цы къоппытӕ дарынц, уыдон фестырдӕр кӕнынц». Дзуттӕгтӕй иуӕй-иутӕ сӕ ныхтыл кӕнӕ сӕ цӕнгтыл дардтой гыццыл къоппытӕ. Сӕ мидӕг-иу уыди скъуыддзӕгтӕ Закъонӕй. Фӕлӕ фарисейтӕ уыцы къоппытӕ фестырдӕр кодтой, цӕмӕй сӕхи равдыстаиккой, мах Закъоныл тынг ӕнувыд стӕм, зӕгъгӕ. Йесо ма ноджыдӕр загъта, «сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ та даргъдӕр фӕкӕнынц», зӕгъгӕ. Израилӕгтӕ-иу сӕ уӕлӕдарӕсы фӕдджитыл хъуамӕ скодтаиккой хаутӕ. Фӕлӕ-иу фарисейтӕ уыцы хаутӕ иннӕтӕй даргъдӕр фӕкодтой (Нымӕцтӕ 15:38–40). Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕзтой «адӕмы цӕстмӕ» (Матфейы 23:5).

      Кадмондаджы низӕй Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр хызт нӕ уыдысты, ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ ахӕм уынаффӕ радта: «Сымах ахуыргӕнӕг мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу ахуыргӕнӕг ис, сымах та уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут. Стӕй зӕххыл уӕ фыд дӕр макӕй хонут, уымӕн ӕмӕ уын иу Фыд ис – уӕларвон Фыд. Разамонджытӕ дӕр уӕ мачи хонӕд, уымӕн ӕмӕ уын иу Разамонӕг ис – Чырысти». Уӕдӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕхимӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дардтаиккой? Йесо сын загъта: «Уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг. Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матфейы 23:8–12).

      Уый фӕстӕ Йесо цӕстмӕхъус чиныджыдӕснытӕн ӕмӕ фарисейтӕн загъта ахӕм карз ныхӕстӕ: «Додой уӕ къона, чиныджыдӕснытӕ ӕмӕ фарисейтӕ! Цӕстмӕхъустӕ! Сымах адӕмӕн уӕларвон паддзахады дуар ӕхгӕнут – уӕхӕдӕг дӕр нӕ хизут мидӕмӕ, ӕмӕ, кӕй фӕнды, уыдоны дӕр нӕ уадзут» (Матфейы 23:13).

      Йесо фарисейтӕн карзӕй бауайдзӕф кодта, Йегъовӕйы цӕсты сӕйрагдӕр цы у, уый кӕй ницӕмӕ дардтой, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, уыдон дзырдтой: «Исчи кувӕндонӕй куы расомы кӕна, уӕд ницы кӕны, фӕлӕ кувӕндоны сызгъӕринӕй чи расомы кӕна, уымӕн йӕ сомы ӕнӕсӕххӕстгӕнгӕ нӕй». Ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, куырмытӕй уӕлдай кӕй нӕ уыдысты. Кувӕндонӕй сын йӕ сызгъӕрин сӕйрагдӕр уыди. Адӕм дзы Йегъовӕйӕн кӕй куывтой ӕмӕ йӕм ӕнгомдӕр кӕй кодтой, уый сӕм нымады дӕр нӕ уыд. Стӕй «ницӕмӕ дардтой» Хуыцауы «Закъоны сӕйрагдӕр хъуыддӕгтӕ», ома «рӕстдзинад, фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ иузӕрдиондзинад» (Матфейы 23:16, 23; Лукайы 11:42).

      Йесо уыцы фарисейтӕн загъта: «Куырм разамонджытӕ! Уӕ сӕн фӕрсудзгӕ кӕнут, цӕмӕй дзы къогъо ма уа, теуайы та ныхъуыргӕ акӕнут!» (Матфейы 23:24). Сӕ сӕны къогъо куы фӕуа, уый тӕссӕй-иу ӕй фӕрсудзгӕ кодтой, уымӕн ӕмӕ Закъонмӕ гӕсгӕ къогъо чъизи цӕрӕгойыл нымад уыди. Фӕлӕ Закъоны стырдӕр фӕдзӕхстытӕ та ницӕмӕ дардтой – раст-иу цыма теуайы аныхъуырдтой. Афтӕмӕй та теуа дӕр Закъонмӕ гӕсгӕ чъизи цӕрӕгой уыд, ӕмӕ ма уымӕй дӕр – къогъойӕ бирӕ стырдӕр! (Левит 11:4, 21–24).

      • Йесо фарисейты Давиды ныхӕсты тыххӕй куы бафарста, уӕд ын сӕ бон дзуапп раттын цӕуылнӕ баци?

      • Фарисейтӕ-иу, сӕ ныхтыл цы къоппытӕ дардтой, уыдон цӕмӕн фестырдӕр кодтой ӕмӕ-иу сӕ уӕлӕдарӕсы хаутӕ цӕмӕн фӕдаргъдӕр кодтой?

      • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта?

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын