-
Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
17 СӔРГОНД
Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
Египеты зӕххыл Иаковы бинонты хонын райдыдтой израилӕгтӕ. Иаков ӕмӕ Иосиф куы амардысты, уӕд Египеты фараон сси ӕндӕр адӕймаг. Уыцы фараон тарсти, израилӕгтӕ куы сбирӕ уой ӕмӕ египетӕгтӕй тыхджындӕр куы суой, уымӕй. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй цагъартӕ скодта. Израилӕгтӕн самандуртӕ аразын кодтой ӕмӕ сын быдырты уӕззау куыст кӕнын кодтой. Ӕмӕ сын кӕд египетӕгтӕ сӕ куыст фӕзындӕр кодтой, уӕддӕр израилӕгтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой. Фараон уый тыххӕй тынг мӕсты кодта, ӕмӕ загъта, цӕмӕй израилӕгтӕн сӕ ноггуырд лӕппуты амардтаиккой. Ахъуыды-ма кӕн, израилӕгтӕ куыд тынг тарстаиккой!
Уыцы рӕстӕг иу израилаг сылгоймагӕн, Иохаведӕйӕн, райгуырд лӕппу. Цӕмӕй йын ӕй ма амардтаиккой, уый тыххӕй йӕ чыргъӕды нывӕрдта ӕмӕ йӕ Нилы цӕугӕдоны был бӕрзонд кӕрдӕджыты ’хсӕн бамбӕхста. Иохаведӕйӕн ма уыди чызг, Мариам, ӕмӕ уый гыццыл фалдӕр лӕууыд ӕмӕ уырдыгӕй йе ’фсымӕрмӕ касти.
Фараоны чызг рацыд цӕугӕдонмӕ йӕхи найынмӕ ӕмӕ дзы уыцы чыргъӕд ауыдта. Йӕ мидӕг ын сывӕллоны кӕугӕ куы федта, уӕд ын фӕтӕригъӕд кодта. Мариам ӕй бафарста: «Ацӕуон ӕмӕ дын исты сылгоймаджы ссарон, цӕмӕй дын ацы сывӕллоны схӕсса?» Фараоны чызг сразы, ӕмӕ уӕд Мариам йӕ мады ӕрбакодта. Фараоны чызг ын загъта: «Райс сывӕллоны ӕмӕ мын ӕй схӕсс, ӕмӕ дын ӕз та фиддзынӕн».
Сывӕллон куы фестырдӕр, уӕд ӕй Иохаведӕ фараоны чызгмӕ ӕрбакодта. Фараоны чызг ӕй схуыдта Моисей ӕмӕ йӕ йӕхи сывӕллоны хуызӕн хъомыл кодта. Моисей фараоны фырт кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ йын алцыдӕр уыд. Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйы никуы рох кодта. Уый зыдта, ӕцӕгӕй египетаг нӕ, фӕлӕ израилаг кӕй у. Ӕмӕ йӕ бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын.
Моисейыл 40 азы куы цыд, уӕд сфӕнд кодта йӕ адӕмӕн баххуыс кӕнын. Иухатт федта, иу египетаг лӕг израилаг цагъары куыд нӕмы, уый. Ӕмӕ уӕд уыцы египетаджы афтӕ тынг ныццавта, ӕмӕ лӕг амард. Моисей йын йӕ мард змисы бамбӕхста. Фараон уый куы базыдта, уӕд загъта, цӕмӕй Моисейы амардтаиккой. Фӕлӕ Моисей Мадиамы зӕхмӕ алыгъд. Уым ын Йегъовӕ ӕххуыс кодта.
«[Моисейы] йӕ уырнындзинады фӕрцы нӕ бафӕндыд фараоны чызджы фырты ном хӕссын, ӕмӕ... равзӕрста Хуыцауы адӕмимӕ ӕфхӕрд ӕййафын» (Дзуттӕгтӕм 11:24, 25)
-
-
Судзгӕ къутӕрБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
18 СӔРГОНД
Судзгӕ къутӕр
Мадиамы Моисей фӕцард 40 азы. Уым ус ракуырдта ӕмӕ сын сывӕллӕттӕ райгуырд. Иу бон Синайы хохмӕ хӕстӕг йӕ фыстӕ куы хызта, уӕд ыл ӕрцыд иу диссаг. Моисей федта иу судзгӕ къутӕр. Уыцы къутӕр сыгъди ӕмӕ сыгъди, ӕмӕ йын басудзӕн нӕ уыд! Моисей йӕм хӕстӕгдӕр бацыд, ай цы у, зӕгъгӕ, ӕмӕ йӕм уӕд къутӕрӕй кӕйдӕр хъӕлӕс райхъуыст: «Моисей! Хӕстӕгдӕр мауал бацу. Дӕ дзабыртӕ ралас, уымӕн ӕмӕ ды лӕууыс сыгъдӕг бынаты». Йемӕ зӕды уылты дзырдта Йегъовӕ.
Моисей фӕтарст ӕмӕ йӕ цӕсгом бамбӕрзта. Йегъовӕ йын загъта: «Ӕз федтон, израилӕгтӕ Египеты куыд хъизӕмар кӕнынц, уый. Ӕз сӕ египетӕгтӕй фервӕзын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ хорз зӕхмӕ бакӕндзынӕн. Мӕ адӕмы мын Египетӕй ды ракӕндзынӕ». Моисей, ӕвӕццӕгӕн, тынг бадис кодта.
Уый Хуыцауы бафарста: «Ӕмӕ мӕ адӕм куы бафӕрсой, чи мӕ рарвыста, уымӕй, уӕд-иу сын цы зӕгъон?» Хуыцау ын загъта: «Зӕгъ-иу сын, кӕй дӕ рарвыста Йегъовӕ – Авраамы Хуыцау, Исахъы Хуыцау ӕмӕ Иаковы Хуыцау». Моисей та йӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ мӕм адӕм куы нӕ байхъусой, уӕд та?» Уӕд ын Йегъовӕ равдыста, кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн, уый. Хуыцау ын загъта, цӕмӕй йӕ лӕдзӕг зӕхмӕ аппӕрстаид. Ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад! Ӕмӕ Моисей калмы йӕ къӕдзилӕй куы рацахста, уӕд калм фӕстӕмӕ лӕдзӕг фестад. Йегъовӕ загъта: «Ацы диссаг сын куы равдисай, уӕд сӕ бауырндзӕн, ӕз дӕ кӕй рарвыстон».
Моисей загъта: «Ӕз дзурынмӕ дӕсны нӕ дӕн». Фӕлӕ йын Йегъовӕ загъта: «Ӕз дын амондзынӕн, цы дзурын дӕ хъӕуы, уый, стӕй ма дын де ’фсымӕр Аароны дӕр демӕ арвитдзынӕн». Ныр Моисей зыдта, Йегъовӕ йын кӕй ӕххуыс кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ усимӕ ӕмӕ йӕ дыууӕ фыртимӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхт.
«Тӕрхонмӕ [уӕ] куы раттой, уӕд-иу, цы зӕгъат ӕмӕ куыд зӕгъат, ууыл ма тыхсут – уыцы сахат, цы зӕгъат, уый зондзыстут» (Матфейы 10:19)
-
-
Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхыБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
19 СӔРГОНД
Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы
Израилӕгтӕ египетӕгтӕн уыдысты цагъартӕ ӕмӕ сын уыдон уӕззау куыст кӕнын кодтой. Йегъовӕ Моисейы ӕмӕ Аароны фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын ауадз, цӕмӕй мын ӕдзӕрӕг быдыры бакувой». Фӕлӕ сын сӕрбӕрзонд фараон загъта: «Йегъовӕ цы дзуры, уый мӕм нымады дӕр нӕу. Ӕз израилӕгты нӕ ауадздзынӕн». Уый фӕстӕ фараон израилӕгтӕн сӕ куыст фӕфылдӕр кодта. Гъемӕ Йегъовӕ сфӕнд кодта фараоны бафхӕрын. Зоныс, куыд? Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Фараон мын мӕ ныхасмӕ нӕ хъусы. Райсомӕй уыдзӕн Нилы цӕугӕдоны был. Бацу-иу ӕм ӕмӕ-иу ын зӕгъ, мӕ адӕмы мын кӕй нӕ уадзы, уый тыххӕй Нилы цӕугӕдон туг кӕй фестдзӕн». Моисей Йегъовӕмӕ байхъуыста ӕмӕ фараонмӕ ацыд. Фараон федта, Аарон йӕ лӕдзӕгӕй Нилы цӕугӕдон куыд ӕрцавта ӕмӕ дон туг куыд фестад, уый. Дон ӕвзӕр тӕф скодта ӕмӕ дзы цы кӕсӕгтӕ уыд, уыдон амардысты. Уыцы донӕй нуазӕн дӕр нал уыд. Фӕлӕ фараон уӕддӕр нӕ басаст ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.
Авд боны фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейы ногӕй фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд Египеты зӕхх хӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн». Фӕлӕ та фараон израилӕгты нӕ ауагъта. Уӕд Аарон йӕ лӕдзӕг цӕугӕдӕттӕм адардта, ӕмӕ дзы бирӕ хӕфсытӕ рацыд. Хӕфсытӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм нал баззад – сӕ хӕдзӕртты, сӕ хуыссӕнты ӕмӕ ма суанг, хӕргӕ кӕмӕй кодтой, уыцы къусты дӕр! Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн балӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй хӕфсыты фесафа, ӕмӕ уӕд израилӕгты ауадздзынӕн». Уӕд Йегъовӕ уыцы бӕллӕх баурӕдта. Египетӕгтӕ тынг бирӕ мард хӕфсытӕ ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ бӕстӕ сӕ хӕдмӕлы тӕфӕй байдзаг. Фӕлӕ та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.
Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Аарон йӕ лӕдзӕгӕй зӕхх ӕрцӕвӕд, ӕмӕ рыг фестдзӕн къогъотӕ». Аарон зӕхх ӕрцавта, ӕмӕ бӕстӕ ӕвиппайды къогъотӕй байдзаг. Фараонӕн йӕ адӕмӕй чидӕртӕ загътой: «Ацы бӕллӕх Хуыцауӕй у». Фӕлӕ фараон израилӕгты уӕддӕр нӕ ауагъта.
«Раргом [сын] кӕндзынӕн мӕ къух ӕмӕ мӕ хъомыс. Ӕмӕ йӕ базондзысты, мӕ ном кӕй у Йегъовӕ» (Йереми 16:21)
-
-
Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхыБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
20 СӔРГОНД
Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы
Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ ацыдысты ӕмӕ йын Хуыцауы номӕй загътой: «Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд ацы зӕхх дзынгаты бын фӕкӕндзынӕн». Египетӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, сӕ хӕдзӕрттӕ дзынгатӕй, ома стыр хӕцгӕ бындзытӕй, байдзаг сты. Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дзынгатӕй ницыуал зынди. Фӕлӕ Гесемы зӕххыл, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым, иу дзынга дӕр нӕ уыд. Уый уыд цыппӕрӕм бӕллӕх. Уыцы бӕллӕх ӕмӕ ма уый фӕстӕ Хуыцау Египетыл цы бӕллӕхтӕ ӕруагъта, уыдон ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр египетӕгтыл. Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй ацы дзынгаты фесафа. Ӕмӕ уӕ уӕд ауадздзынӕн». Фӕлӕ Йегъовӕ дзынгаты куы фесӕфта, уӕд та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта. Цымӕ фараон искуы басӕтдзӕн?
Йегъовӕ загъта: «Фараон мын мӕ адӕмы куы нӕ ауадза, уӕд египетӕгты фосыл низ бафтаудзынӕн, ӕмӕ амӕлдзысты». Иннӕ бон сӕ фос мӕлын райдыдта, израилӕгты фосыл та ӕппындӕр ницы ’рцыд. Фӕлӕ уӕддӕр фараонмӕ ницы бахъардта, ӕмӕ та сӕ нӕ ауагъта.
Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй та фараонмӕ ацыдаид ӕмӕ йын йӕ разы фӕнык хӕрдмӕ скалдтаид. Фӕнык рыг фестад, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕ рыджы бын фӕци. Уыцы рыгӕй египетӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ сӕ фосыл дӕр фӕзынд сынчъытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр фараон израилӕгты нӕ ауагъта.
Ӕмӕ та Йегъовӕ Моисейы фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын уӕддӕр нӕ уадзыс?! Райсом уӕ зӕххыл их ныккӕлдзӕн». Дыккаг бон Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ арв нӕрын ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта, стӕй их рауарыд. Ахӕм их Египеты никуыма рауарыд. Быдырты цыдӕриддӕр зад, уыдон ныххоста ӕмӕ бӕлӕстӕ ныссаста. Фӕлӕ Гесемы та их нӕ уарыд. Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй арв мауал нӕра ӕмӕ их банцайа! Ӕмӕ уӕд сӕрибар стут». Фӕлӕ их ӕмӕ къӕвда куы банцадысты, уӕд та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта.
Уый фӕстӕ Моисей загъта: «Ихы фӕстӕ ма быдырты цы баззад, уый мӕтыхтӕ бахӕрдзысты». Ӕмӕ уӕд тынг бирӕ мӕтыхтӕ ӕрбатахт, ӕмӕ ма быдырты ӕмӕ бӕлӕстыл цы баззад, уый бахордтой. Фараон та ногӕй загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй нӕ мӕтыхтӕй фервӕзын кӕна». Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ мӕтыхтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд дӕр фараон нӕ басаст.
Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух арвмӕ сдар». Ӕвиппайды бӕстӕ баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ боны. Египетӕгтӕ кӕрӕдзи дӕр нал уыдтой. Фӕлӕ, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та уыди рухс.
Фараон Моисейӕн загъта: «Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст уӕ фос ам ныууадзут». Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Нӕ фос дӕр хъуамӕ немӕ акӕнӕм, цӕмӕй сӕ нӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм». Фараон тынг смӕсты ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Фесӕф мӕ разӕй! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд дӕ амардзынӕн!»
«Ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Малахи 3:18)
-
-
Дӕсӕм бӕллӕхБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
21 СӔРГОНД
Дӕсӕм бӕллӕх
Моисей фараонӕн загъта, кӕй йӕм нал ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ цалынмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йын загъта: «Ӕмбисӕхсӕв Египеты алы хӕдзары дӕр фыццаг лӕппу амӕлдзӕн. Фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай ӕмӕ цагъары фыццаг лӕппуйӕ фӕу».
Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иу цыдӕр сарӕзтаиккой. Загъта сын: «Аргӕвдут, иу аз кӕуыл цӕуы, ахӕм нӕл уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк ӕмӕ сын сӕ тугӕй уӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кӕнут. Йӕхи та йын зынгыл сфыцут ӕмӕ йӕ дзулимӕ бахӕрут. Дзулыл та хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа. Скӕнут-иу уӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ уӕ дзабыртӕ ӕмӕ-иу цӕттӕ ут цӕуынмӕ. Ахсӕв уӕ ӕз ссӕрибар кӕндзынӕн». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, израилӕгтӕ куыд цин кодтаиккой!
Ӕмбисӕхсӕв Йегъовӕйы зӕд ӕрзылд Египеты алы хӕдзарыл дӕр. Ӕмӕ, йӕ дуары тарвӕзтӕ, ома, дуары алыварс цы фӕйнӕджытӕ вӕййы, уыдон, тугӕй пырхгонд кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы хӕдзӕрттӕй алкӕцыйы дӕр фыццаг лӕппуйы амардта. Фӕлӕ, йӕ дуары тарвӕзтӕ тугӕй пырхгонд кӕмӕн уыдысты, уыцы хӕдзӕрттӕн та сӕ рӕзты ацыд. Алы египетаг бинонтӕн дӕр, мӕгуыр бинонтӕн дӕр ӕмӕ хъӕздыг бинонтӕн дӕр, сӕ фыццаг лӕппу амард. Фӕлӕ израилӕгты сывӕллӕттӕй та иу дӕр нӕ амард.
Суанг ма фараоны лӕппу дӕр амард. Гъемӕ фараон дӕр нал бафӕрӕзта ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут! Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнут! Акӕнут уӕ фос ӕмӕ цӕугӕ ут ардыгӕй!»
Израилӕгтӕ Египетӕй араст сты ӕмӕ алы мыггаг дӕр цыди хицӕнӕй. Цалхыдзаг мӕй сын сӕ фӕндаг рухс кодта. Израилаг нӕлгоймӕгтӕ уыдысты 600 000, стӕй семӕ уыд тынг бирӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Иннӕ адӕмтӕй дӕр семӕ бирӕтӕ рацыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Кӕдӕй-уӕдӕй израилӕгтӕ ссӕрибар сты!
Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй уыцы хабар алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой. Афтӕмӕй израилӕгты нӕ ферох уыдаид, Йегъовӕ сӕ куыд фервӕзын кодта, уый. Уыцы хабар хуынди Куадзӕн. Дзырд «Куадзӕн» нысан кӕны «истӕй рӕзты ацӕуын».
«Ӕз дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дыл равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр» (Ромӕгтӕм 9:17)
-
-
Сырх денджызы раз ӕрцыд диссагБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
22 СӔРГОНД
Сырх денджызы раз ӕрцыд диссаг
Израилӕгтӕ Египетӕй кӕй ацыдысты, уый фараон куы фехъуыста, уӕд фӕфӕсмон кодта, кӕй сӕ ауагъта, ууыл. Фараон йе ’фсӕддонтӕн загъта: «Бӕхуӕрдӕттӕ иууылдӕр ӕрцӕттӕ кӕнут! Хъуамӕ сӕ баййафӕм ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ракӕнӕм!» Ӕмӕ фараон ӕмӕ йӕ адӕм израилӕгты фӕстейӕ асырдтой.
Йегъовӕ израилӕгтӕн фӕндаг амыдта: боныгон – мигъы фӕрцы, ӕхсӕвыгон та – арты фӕрцы. Сырх денджызы цурмӕ сӕ куы ’рбакодта, уӕд сын загъта, цӕмӕй уал уым сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтаиккой.
Стӕй израилӕгтӕ федтой, фараон ӕмӕ сӕ йе ’фсад фӕстейӕ кӕй ӕрбасурынц. Цы фӕуыдаиккой, уый нал зыдтой, уымӕн ӕмӕ сӕ разӕй уыд Сырх денджыз, сӕ фӕстӕ та – египетаг ӕфсад. Израилӕгтӕ Моисейӕн загътой: «Мах амӕлдзыстӕм! Фӕлтау нӕ Египеты куы ныууагътаис». Фӕлӕ сын Моисей загъта: «Ма тӕрсут. Фидар лӕуут ӕмӕ кӕсут, Йегъовӕ нӕ абон куыд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ». Моисей Йегъовӕйыл фидарӕй ӕууӕндыд.
Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй сӕ цатыртӕ систаиккой. Фӕндаг сын цы мигъы фӕрцы амыдта, уый та израилӕгты ӕмӕ египетӕгты ’хсӕн слӕууын кодта. Египетӕгты фарс уыд талынг, израилӕгты фарс та уыд рухс.
Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй йӕ къух денджызмӕ адардтаид. Стӕй Йегъовӕ тыхджын дымгӕ рауагъта, ӕмӕ дымгӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв фӕдымдта. Денджыз дыууӕ дихы фӕци, ӕмӕ дзы фӕзынди фӕндаг. Израилӕгтӕ, цалдӕр милуан адӕймаджы, сур зӕххыл денджызы фаллаг фарсмӕ ацыдысты, сӕ фӕйнӕфарс та дон къултау лӕууыд.
Фараон ӕмӕ йе ’фсад израилӕгты фӕстейӕ асырдтой. Фӕлӕ денджызы астӕумӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд сӕ Йегъовӕ кӕрӕдзи мидӕг схӕццӕ кодта ӕмӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ бӕхуӕрдӕтты цӕлхытӕ хауын райдыдтой. Ӕфсӕддонтӕ хъӕр кодтой: «Лидзӕм ардыгӕй! Йегъовӕ сӕ сӕрыл тох кӕны!»
Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух денджызмӕ адар». Ӕвиппайды денджызы дӕттӕ Египеты ӕфсадыл ныккалдысты. Фараон ӕмӕ йӕ адӕм амардысты. Иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзт.
Денджызы иннӕ фарс та израилӕгтӕ цин кодтой ӕмӕ Хуыцауы зарӕгӕй кадджын кодтой: «Зарут Йегъовӕйӕн, уымӕн ӕмӕ йӕхи скадджын кодта. Бӕхы ӕмӕ барӕджы денджызы ныппӕрста». Сылгоймӕгтӕ кафыдысты ӕмӕ далафӕндыртӕй цагътой. Иууылдӕр цин кодтой, уымӕн ӕмӕ кӕдӕй-уӕдӕй ссӕрибар сты!
«Нӕ бон у ныфсджынӕй зӕгъын: „Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн. Цы мын бакӕндзӕн адӕймаг?“» (Дзуттӕгтӕм 13:6)
-
-
Йегъовӕйӕн дзырд радтойБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
23 СӔРГОНД
Йегъовӕйӕн дзырд радтой
Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй рацыд дыууӕ мӕйы бӕрц, ӕмӕ ныр бахӕццӕ сты Синайы хохмӕ ӕмӕ уым сӕ цатыртӕ ӕрӕвӕрдтой. Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй хохмӕ ссыдаид. Ӕмӕ Моисей уырдӕм куы ссыд, уӕд ын Хуыцау загъта: «Ӕз израилӕгты фервӕзын кодтон. Ӕмӕ мӕм ныр куы хъусой ӕмӕ мын мӕ закъӕттӕ куы ’ххӕст кӕной, уӕд мын суыдзысты, уӕлдай зынаргъ мын чи у, уыцы адӕм». Моисей хохӕй куы ’рцыд, уӕд израилӕгтӕн радзырдта, Йегъовӕ йын цыдӕриддӕр загъта, уый. Ӕмӕ уӕд уыдон загътой: «Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзыстӕм».
Стӕй та Моисей ногӕй хохмӕ ссыд. Уым ын Йегъовӕ загъта: «Ӕртӕ боны фӕстӕ ӕз уемӕ дзурдзынӕн. Адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй сӕ Синайы хохмӕ иу дӕр ма ссӕуа». Моисей хохӕй ӕрцыд ӕмӕ адӕмӕн загъта, зӕгъгӕ, цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ тагъд Йегъовӕ уемӕ дзурдзӕн.
Ӕртӕ боны фӕстӕ израилӕгтӕ федтой арвӕрттывд ӕмӕ сау мигъ хохы сӕрмӕ. Стӕй та фехъуыстой арвнӕрд ӕмӕ сыкъайы уасын. Уый фӕстӕ Йегъовӕ хохмӕ арты мидӕг ӕрцыд. Израилӕгтӕ иууылдӕр, фыртӕссӕй цы акодтаиккой, уый нал зыдтой. Зӕхх тынг ӕнкъуысыд ӕмӕ хох фӕздӕгӕй нал зынди. Сыкъайы уасын та тынгӕй-тынгдӕр хъуысти. Ӕмӕ стӕй Хуыцау загъта: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕмӕ хъуамӕ ӕндӕр хуыцӕуттӕн ма куват».
Моисей фӕстӕмӕ хохмӕ ссыд, ӕмӕ йын Йегъовӕ радта закъӕттӕ. Уыцы закъӕтты фӕрцы израилӕгтӕ зыдтаиккой, Хуыцауӕн куыд хъуамӕ лӕггад кӕной ӕмӕ сӕхи куыд хъуамӕ дарой, уый. Моисей уыцы закъӕттӕ ныффыста ӕмӕ сӕ стӕй адӕмӕн хъӕрӕй бакаст. Израилӕгтӕ дзырд радтой: «Йегъовӕ нын цыдӕриддӕр загъта, уый кӕндзыстӕм». Хуыцауӕн дзырд бӕргӕ радтой. Фӕлӕ йӕ цымӕ сӕххӕст кодтой?
«Дӕ Хуыцау Йегъовӕйы уарз ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй ӕмӕ ӕппӕт зондӕй» (Матфейы 22:37)
-
-
Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтойБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
24 СӔРГОНД
Сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой
Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Хохмӕ мӕм ссу. Ӕз мӕ закъӕттӕ къӕйдуртыл ныффысдзынӕн ӕмӕ дын сӕ ратдзынӕн». Моисей хохмӕ ссыд ӕмӕ цыппор боны ӕмӕ цыппор ӕхсӕвы уым фӕци. Йегъовӕ йын къӕйдуртыл, ома тъӕпӕн дуртыл, Дӕс фӕдзӕхсты ныффыста ӕмӕ йын сӕ радта.
Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд израилӕгтӕ афтӕ хъуыды кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Моисей ныууагъта. Уыдон Ааронӕн загътой: «Сараз нын хуыцау, цӕмӕй нӕ разӕй цӕуа!» Аарон сын загъта: «Уӕ сызгъӕринтӕ мӕм ӕрбахӕссут». Аарон сызгъӕрин батайын кодта ӕмӕ дзы род сарӕзта. Ӕмӕ уӕд адӕм загътой: «Ацы род у нӕ Хуыцау. Уый нӕ ракодта Египетӕй!» Израилӕгтӕ уыцы родӕн кувын райдыдтой ӕмӕ йын йӕ номыл бӕрӕгбон скодтой. Цымӕ афтӕ кӕй бакодтой, уым ӕвзӕрӕй исты уыд? О, уымӕн ӕмӕ уый размӕ дзырд радтой, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕндзысты. Фӕлӕ сӕ ныхас нӕ сӕххӕст кодтой.
Йегъовӕ федта, израилӕгтӕ цытӕ кусынц, уый ӕмӕ Моисейӕн загъта: «Ацу уыцы адӕммӕ, уымӕн ӕмӕ мӕм уыдон нал хъусынц ӕмӕ мӕнгхуыцауӕн кувынц». Моисей райста, Хуыцау ын кӕй радта, уыцы дыууӕ къӕйдуры ӕмӕ хохӕй уайтагъд ӕрцыд.
Цатыртӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, уырдӕм хӕстӕг куы уыд, уӕд адӕмы зарын фехъуыста. Стӕй федта, адӕм роды алыварс куыд кафынц ӕмӕ йын куыд кувынц, уый. Моисей афтӕ тынг смӕсты ӕмӕ, йӕ къухы цы къӕйдуртӕ уыд, уыдон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ ныппырх сты. Цы род сарӕзтой, уый та арты басыгъта. Моисей Аароны бафарста: «Цы дын бакодтой ацы адӕм, ахӕм ӕвзӕр хъуыддагыл сӕ куыд бафтыдтай?» Аарон загъта: «Ма мӕсты кӕн. Дӕхӕдӕг дӕр ацы адӕмы хорз зоныс. Фӕндыд сӕ, цӕмӕй сын хуыцау сарӕзтаин. Ӕз дӕр сын сӕ сызгъӕринтӕ арты баппӕрстон, ӕмӕ дзы мӕнӕ ацы род рауад!» Аарон афтӕ кӕй бакодта, уымӕй тынг фӕрӕдыд. Моисей фӕстӕмӕ хохмӕ ссыд ӕмӕ Йегъовӕйӕн ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй израилӕгтӕн ныххатыр кодтаид.
Йегъовӕ ныххатыр кодта, йӕ коммӕ кӕсын кӕй фӕндыд, уыдонӕн. Уыныс ӕй, куыд ахсджиаг уыд, цӕмӕй израилӕгтӕ Моисеймӕ хъуыстаиккой?
«Хуыцауӕн дзырд куы раттай, уӕд йӕ сӕххӕст кӕныныл абон-райсом ма кӕн, уымӕн ӕмӕ ӕнӕзонд никӕй зӕрдӕмӕ цӕуы. Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн» (Екклесиаст 5:4)
-
-
Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатырБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
25 СӔРГОНД
Йегъовӕйӕн кӕм куывтой, уыцы цатыр
Моисей Синайы хохыл куы уыд, уӕд ын Йегъовӕ загъта, цӕмӕй сарӕзтаид, израилӕгтӕ йын кӕм куывтаиккой, ахӕм цатыр. Израилӕгты-иу ӕндӕр ранмӕ ацӕуын куы хъуыдаид, уӕд-иу ӕй сӕ бон уыдаид семӕ ахӕссын.
Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адӕмӕн зӕгъ, цӕмӕй, сӕ бон цӕмӕйдӕриддӕр у, уымӕй баххуыс кӕной цатыр саразынӕн». Израилӕгтӕ ӕрбахастой сызгъӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, зынаргъ дуртӕ, стӕй алыхуызон аивгӕнӕнтӕ. Ӕрбахастой ма къуымбил, кӕттаг, фосы цӕрмттӕ ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Израилӕгтӕ уыйбӕрц цыдӕртӕ ӕрбахастой, ӕмӕ сын Моисей загъта: «Фаг нӕм ис. Мацыуал хӕссут».
Нӕлгоймӕгтӕй ӕмӕ сылгоймӕгтӕй алыхуызон куыстытӕм чи арӕхст, уыдон иууылдӕр ӕххуыс кодтой цатыр аразынӕн. Йегъовӕ сын зонд лӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ куыст хорз кодтаиккой. Чидӕртӕ сӕ ӕлвисгӕ кодтой, чидӕртӕ – уафгӕ, чидӕртӕ та хъуымацыл ӕндахӕй нывтӕ кодтой. Иннӕтӕ та зынаргъ дуртӕ ӕвӕрдтой, сызгъӕринӕй цыдӕртӕ арӕзтой кӕнӕ хъӕдӕрмӕгыл алыхуызон нывтӕ къахтой.
Израилӕгтӕ цатыр сарӕзтой, Йегъовӕ сын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Цатырӕн скодтой, дыууӕ хайыл ӕй чи дих кодта, ахӕм рӕсугъд ӕмбӕрзӕн. Цатырӕн йӕ иу хай хуынди «Сыгъдӕг бынат», иннӕ хай та – «Ӕппӕты сыгъдӕг бынат». Ӕппӕты сыгъдӕг бынаты уыди бадзырды чырын. Конд уыди акъаци бӕласӕй ӕмӕ сызгъӕринӕй. Сыгъдӕг бынаты та уыд сызгъӕрин цырагъдарӕн, стъол ӕмӕ, хӕрздӕф буд кӕм сыгътой, ахӕм нывондхӕссӕн. Кӕрты уыд ӕрхуы аг ӕмӕ стыр нывондхӕссӕн. Бадзырды чырын израилӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, Йегъовӕйӕн цы дзырд радтой, уый, зӕгъгӕ нын Йегъовӕ цыдӕриддӕр зӕгъа, уый кӕндзыстӕм. Бадзырд цы у, уый зоныс? Зӕгъӕм, дыууӕ адӕймаджы цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл кӕрӕдзийӕн дзырд куы раттынц, уӕд уый фӕхонынц бадзырд.
Йегъовӕ Аароны ӕмӕ йӕ фыртты равзӕрста, цӕмӕй цатыры сауджынтӕй лӕггад кодтаиккой. Уыдон хъуамӕ цатырмӕ зылдаиккой ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастаиккой. Ӕрмӕстдӕр Ааронӕн, хистӕр сауджынӕн, уыд уый бар, цӕмӕй-иу Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ бацыдаид. Уырдӕм-иу бацыд афӕдз иу хатт ӕмӕ-иу нывонд ӕрхаста йӕхи тӕригъӕдты тыххӕй ӕмӕ йӕ бинонты тӕригъӕдты тыххӕй, стӕй ӕнӕхъӕн Израилы тӕригъӕдты тыххӕй дӕр.
Израилӕгтӕ цатыр арӕзт фесты, Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй иу аз куы рацыд, уӕд. Ӕмӕ сын ныр уыд, Йегъовӕйӕн кӕм куывтаиккой, ахӕм бынат.
Йегъовӕ цатыры сӕрмӕ мигъ фӕзынын кодта ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, цатырӕй райгонд кӕй у. Цалынмӕ-иу уыцы мигъ цатыры сӕрмӕ лӕууыд, уӕдмӕ-иу израилӕгтӕ ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ нӕ ацыдысты. Фӕлӕ-иу мигъ хӕрдмӕ куы ссыд, уӕд-иу израилӕгтӕ зыдтой, цӕуын сӕ кӕй хъӕуы, уый. Цатыр-иу систой ӕмӕ-иу мигъы фӕстӕ ацыдысты.
«Ӕмӕ мӕм паддзахбадӕнӕй райхъуыст тыхджын хъӕлӕс: „Акӕс-ма! Хуыцауы цатыр ис адӕмы ’хсӕн, ӕмӕ Хуыцау цӕрдзӕн семӕ, ӕмӕ уыдон уыдзысты йӕ адӕм. Ӕмӕ Хуыцау йӕхӕдӕг уыдзӕн семӕ“» (Раргомад 21:3)
-
-
Дыууадӕс сгарӕджыБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
26 СӔРГОНД
Дыууадӕс сгарӕджы
Израилӕгтӕ Синайы хохӕй араст сты, Кадес чи хуынд, уыцы бынатмӕ. Сӕ фӕндаг акодтой Фараны ӕдзӕрӕг быдырыл. Кадесмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Арвит 12 лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕджы, цӕмӕй Ханааны зӕхх, зӕрдӕ уын кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхх, феной». Иннӕ адӕмты зӕхх уынынмӕ-иу кӕй арвыстой ӕмӕ-иу сусӕгӕй чи архайдта, уыдоны хуыдтой сгарджытӕ. Моисей 12 лӕджы равзӕрста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут Ханаанмӕ ӕмӕ фенут, хорз зӕхх у ӕви ӕвзӕр. Фенут, йӕ адӕм тыхджын сты ӕви лӕмӕгъ, стӕй цатырты цӕрынц ӕви горӕтты». Гъемӕ уыцы 12 сгарӕджы араст сты Ханааны зӕхмӕ. Се ’хсӕн уыдысты Йесо Навин ӕмӕ Халев.
40 боны фӕстӕ сгарджытӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ семӕ ӕрбахастой легъуитӕ, гранаттӕ ӕмӕ сӕнӕфсир. Сгарджытӕ радзырдтой: «Хорз зӕхх у. Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон тыхджын сты, сӕ горӕтты къултӕ та – бӕрзонд». Фӕлӕ Халев загъта: «Цомут, бацахсӕм уыцы зӕхх! Мах сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм!» Халев афтӕ цӕмӕн загъта, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ Йесо Навины дӕр уырныдта, Хуыцау сын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ иннӕ дӕс сгарӕджы та загътой: «Нӕ! Уыцы адӕм уӕйгуыты йас сты! Мах сӕ разы цъырцъырӕгты хуызӕн стӕм».
Израилӕгтӕн сӕ ныфс асаст. Хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕтӕ дзырдтой: «Нӕхицӕн разамонӕгӕй ӕндӕр искӕй равзарӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм! Уыцы зӕххыл сӕ къухӕй цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм?!» Йесо Навин ӕмӕ сын Халев загътой: «Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъусут ӕмӕ уыцы адӕмӕй ма тӕрсут. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн». Фӕлӕ сӕм израилӕгтӕ нӕ байхъуыстой. Суанг ма сӕ амарынмӕ дӕр хъавыдысты!
Йегъовӕ куыд бакодта? Уый Моисейӕн загъта: «Ацы адӕмы тыххӕй цас диссӕгтӕ сарӕзтон! Уыдон та мӕм уӕддӕр нӕ хъусынц. Уыдон ам, ӕдзӕрӕг быдыры, 40 азы фӕцӕрдзысты ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ам акӕндзысты. Зӕрдӕ уын кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕххыл та цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр сӕ сывӕллӕттӕ, стӕй Йесо Навин ӕмӕ Халев».
«Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» (Матфейы 8:26)
-
-
Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдыстыБиблийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
-
-
27 СӔРГОНД
Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты
Израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы уыдысты, уӕд иухатт Корей, Дафан, Авирон ӕмӕ ма 250 адӕймаджы Моисейы ныхмӕ рацыдысты. Уыдон ын загътой: «Кӕдмӕ ма уыдзӕн афтӕ! Ды цӕмӕн хъуамӕ уай нӕ разамонӕг, Аарон та – хистӕр сауджын? Йегъовӕ ӕрмӕст демӕ ӕмӕ Ааронимӕ нӕй, фӕлӕ не ’ппӕтимӕ дӕр». Уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Йегъовӕ уый афтӕ банымадта, цыма йын йӕхи ныхмӕ рацыдысты!
Моисей Корейӕн ӕмӕ, йӕ фарс чи рахӕцыд, уыдонӕн загъта: «Райсом Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбацӕут. Уӕ зынгхӕссӕнты буд ныккӕнут ӕмӕ сӕ уемӕ ӕрбахӕссут. Йегъовӕ равдисдзӕн, кӕй равзӕрста, уый».
Дыккаг бон Корей ӕмӕ йемӕ 250 адӕймаджы Йегъовӕйы цатыры раз Моисеимӕ фембӕлдысты. Уым сӕ буд ссыгътой, цыма сауджынтӕ уыдысты, уыйау. Йегъовӕ Моисейӕн ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Иуварс ацӕут Корей ӕмӕ йӕ адӕмӕй».
Корейӕ уӕлдай Дафаны, Авироны ӕмӕ сӕ бинонты Йегъовӕйы цатырмӕ ӕрбацӕуын нӕ бафӕндыд. Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй Корей, Дафан ӕмӕ Авироны цатыртӕй иуварс ацыдаиккой. Ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр уайтагъд иуварс ацыдысты. Дафан, Авирон ӕмӕ сӕ бинонтӕ та лӕууыдысты сӕ цатырты раз. Ӕвиппайды зӕхх сӕ къӕхты бын байгом, ӕмӕ зӕххы бын фесты! Стӕй уӕларвӕй арт рацыд ӕмӕ Корейы ӕмӕ, йемӕ цы 250 адӕймаджы уыд, уыдоны аныхъуырдта.
Уый фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Алы мыггаджы хистӕрӕй дӕр райс лӕдзӕг ӕмӕ дзы алкӕцыйыл дӕр ныффысс мыггаджы хистӕры ном. Левийы мыггаджы лӕдзӕгыл ныффысс Аароны ном. Мӕ цатырмӕ сӕ бахӕсс, ӕмӕ, кӕй равзарон, уымӕн йӕ лӕдзӕг дидинӕг рафтаудзӕн».
Дыккаг бон Моисей лӕдзджытӕ цатырӕй рахаста ӕмӕ сӕ мыггӕгты хистӕртӕн равдыста. Аароны лӕдзӕгыл фӕзынд дидинджытӕ ӕмӕ цӕттӕ миндалтӕ. Афтӕмӕй Йегъовӕ равдыста, хистӕр сауджынӕй Аароны кӕй равзӕрста.
«Разамынд уын чи дӕтты, уыдонмӕ... хъусут ӕмӕ сӕ коммӕ кӕсут» (Дзуттӕгтӕм 13:17)
-