Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 11 СӔР

      «Сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй»

      Павел нын фӕзминаг у, йӕ ныхмӕ куы цыдысты ӕмӕ йӕм куы нӕ хъуыстой, уӕд цы арӕзта, уымӕй

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 13:1–52

      1, 2. Варнавӕ ӕмӕ Савл цы балцы цӕуинаг уыдысты, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис ӕмӕ сӕ лӕггады фӕрцы дӕр Хъуыддӕгты 1:8 ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кодтой?

      АЦЫ бон Антиохийы ӕмбырдӕн у диссаджы бон. Ӕмбырды цы пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ ис, уыдонӕй сыгъдӕг тых равзӕрста Варнавӕ ӕмӕ Савлы, цӕмӕй хорз хабар дард рӕттӕм фӕхӕццӕ кӕнойa (Хъуыд. 13:1, 2). Арӕхстджын хъусынгӕнджыты-иу ӕндӕр рӕттӕм уый размӕ дӕр арвыстой. Фӕлӕ-иу уӕд миссионертӕ ацыдысты, Чырыстийы ахуырӕдтӕ кӕм ӕрфидар сты, ахӕм рӕттӕм (Хъуыд. 8:14; 11:22). Ныр та Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕрвитынц, адӕмӕн сӕ фылдӕр хорз хабар кӕм нӕма фехъуыстой, ахӕм бӕстӕтӕм. Семӕ хъуамӕ ацӕуа Иоанн Марк дӕр, цӕмӕй сын ӕххуыс кӕна.

      2 Ацы хабарӕй 14 азы раздӕр Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн загъта: «[Сымах] мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ Варнавӕ ӕмӕ Савлы ӕндӕр бӕстӕтӕм хъусын кӕнынмӕ кӕй ӕрвитынц, уый фӕрцы Йесойы ныхӕстӕ дарддӕр ӕххӕст кӕндзысты!b

      Ӕвзӕрст ӕрцыдысты «иу хъуыддагӕн» (Хъуыд. 13:1–12)

      3. Фыццаг ӕнусы дард балцы цӕуын ӕнцон цӕуылнӕ уыди?

      3 Абон машинӕтӕ ӕмӕ самолеттӕ кӕй ис, уый фӕрцы адӕймаг сахат кӕнӕ дыууӕ сахатмӕ цыфӕнды дард ран дӕр балӕууы. Фӕлӕ н. э. фыццаг ӕнусы афтӕ нӕ уыд. Уӕды заман бӕлццӕттӕ фылдӕр цыдысты фистӕгӕй, стӕй сӕ цӕуын хъуыди дзыхъхъытӕ-къуыппытӕ фӕндӕгтыл. Иу бонмӕ-иу адӕймаг 30 километрӕй фылдӕр нӕ ацыд, ӕмӕ-иу фӕндагыл сау фӕллад бациc. Уӕдӕ кӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлы тынг фӕндыд, цы хъуыддаг сын бахӕс кодтой, уымӕ ӕрӕвналын, уӕддӕр ӕй ӕмбӕрстой, бирӕ фыдӕбон сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ сӕ сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнын кӕй бахъӕудзӕн (Матф. 16:24).

      ФӔНДАГЫЛ

      Раджы заманты балцы цӕуын денджызыл ӕнцондӕр уыди. Сурзӕххыл та-иу бӕлццӕтты бахъуыди фылдӕр рӕстӕг, тынгдӕр-иу бафӕлладысты, стӕй-иу ӕхца дӕр фылдӕр бахардз кодтой. Фӕлӕ сын ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ бирӕ рӕттӕм ӕрмӕстдӕр фистӕгӕй уыд бацӕуӕн.

      Бӕлццон-иу иу бонмӕ цыди 30 километры бӕрц. Фӕндагыл-иу хызт нӕ уыд хурӕй дӕр ӕмӕ къӕвдайӕ дӕр, тӕвдӕй дӕр ӕмӕ уазалӕй дӕр, стӕй-иу абырджытыл дӕр сӕмбӕлд. Апостол Павел йӕхи тыххӕй загъта, зӕгъгӕ, «арӕх уыдтӕн фӕндагыл, тӕссаг мын уыди цӕугӕдӕттыл хизгӕйӕ, тӕссаг мын уыди абырджытӕй» (2 Кор. 11:26).

      Ромы паддзахады алырдӕмты цыди дуртӕй конд фӕндӕгтӕ. Сӕйраг фӕндӕгтыл бӕлццӕттӕн уыди уазӕгдзӕрӕнтӕ. Иу уазӕгдзӕрӕнӕй иннӕмӕ уыди иу боны цыд. Уымӕй уӕлдай ма фӕндӕгтыл иу уазӕгдзӕрӕнӕй иннӕ уазӕгдзӕрӕны ’хсӕн уыди, бӕлццӕттӕн сӕ бон бахӕрын ӕмӕ баназын кӕм уыдаид, ахӕм бынӕттӕ дӕр. Иу рагон фыссӕг ахӕм бынӕтты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ-иу уыдысты чъизи, уымӕл ӕмӕ ӕхсӕнчъытӕй йедзаг, стӕй-иу дзы адӕмӕй къух бакӕнӕн нӕ уыд. Ахӕм бынӕтты-иу ӕрӕмбырд, кӕм цы фидиссаг адӕм уыд, уыдон. Уазӕгдзӕрӕнты хицӕуттӕ-иу арӕх бӕлццӕтты фӕдавтой, стӕй дардтой хӕлд сылгоймӕгты, цӕмӕй ӕхца куыстаиккой.

      Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, чырыстӕттӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ахӕм бынӕттӕй сӕхи дард ластой. Фӕлӕ-иу сын хӕстӕджытӕ кӕнӕ ӕмбӕлттӕ кӕм нӕ уыд, ахӕм бӕстӕтӕм-иу балцы куы ацыдысты, уӕд ма-иу сын ӕндӕр цы гӕнӕн уыдаид.

      4. а) Варнавӕ ӕмӕ Савл ахсджиаг хъуыддагӕн ӕвзӕрст куыд ӕрцыдысты ӕмӕ уымӕ иннӕ чырыстӕттӕ цы цӕстӕй ракастысты? б) Ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн нӕ бон куыд у ӕххуыс кӕнын?

      4 Фӕлӕ цымӕ сыгъдӕг тых уыцы «хъуыддагӕн» Варнавӕ ӕмӕ Савлы цӕмӕн равзӕрста? (Хъуыд. 13:2). Уый тыххӕй Библи ницы зӕгъы. Фӕлӕ уый зонӕм, ӕмӕ уыцы дыууӕ адӕймаджы ӕвзӕрст ӕрцыдысты сыгъдӕг тыхы разамындӕй. Никуы ис фыст, ӕмӕ Антиохийы ӕмбырды пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ уыцы уынаффӕйыл разы нӕ уыдысты. Фӕлӕ, сӕ бон цӕмӕй уыд, уымӕй сын баххуыс кодтой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлӕн куыд ӕхсызгон уыдаид! Се ’фсымӕртӕ сӕм хӕлӕг нӕ кодтой, фӕлӕ уыдоны тыххӕй «ком фӕдардтой, скуывтой ӕмӕ [сыл] сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой. Стӕй сӕ афӕндараст кодтой» (Хъуыд. 13:3). Мах дӕр хъуамӕ ӕххуыс кӕнӕм, ӕмбырды цавӕрдӕр хӕстӕ кӕй бар бакӕнынц, уыдонӕн ӕмӕ, цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыцы нӕлгоймӕгтӕн дӕр. Ахӕм ӕфсымӕртӕм хъуамӕ хӕлӕг ма кӕнӕм, фӕлӕ сын «сӕ фыдӕбоны тыххӕй... стыр аргъ кӕнӕм ӕмӕ сӕ уарзӕм» (1 Фес. 5:13).

      5. Варнавӕ ӕмӕ Савл Кипры сакъадахыл куыд хъусын кодтой?

      5 Варнавӕ ӕмӕ Савл ӕрцыдысты Антиохимӕ хӕстӕг наулӕууӕн горӕт Селевкимӕ. Стӕй уырдыгӕй науыл араст сты Кипры сакъадахмӕ ӕмӕ фӕцыдысты 200 километры бӕрцd. Варнавӕ йӕхӕдӕг дӕр Кипрӕй уыди, ӕмӕ йӕ куыннӕ фӕндыдаид йӕ райгуырӕн бӕстӕйы хорз хабар фехъусын кӕнын. Сакъадахы скӕсӕн фарс горӕт Саламинмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд иу минут дӕр дзӕгъӕлы нӕ сӕфтой – уайтагъд «дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты райдыдтой Хуыцауы ныхас хъусын кӕнын»e (Хъуыд. 13:5). Варнавӕ ӕмӕ Савл Кипрыл иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ ӕрзылдысты ӕмӕ фӕндагыл, ӕвӕццӕгӕн, стыр горӕтты хъусын кодтой. Сӕ фӕндаг кӕуылты акодтой, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ сӕ фистӕгӕй цӕуын бахъуыдаид 160 километры бӕрц!

      ДЗУТТӔГТЫ ӔМБЫРДГӔНӔНТЫ

      Дзырд «ӕмбырдгӕнӕн», кӕнӕ синагогӕ, амыдта дзуттӕгты ӕмбырдмӕ, ӕмӕ фӕстӕдӕр та – кӕм-иу ӕрӕмбырд сты, уыцы бынатмӕ кӕнӕ агъуыстмӕ дӕр.

      Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй ӕмбырдгӕнӕнтӕ фӕзындысты, дзуттӕгтӕ 70 азы Вавилоны уацары куы уыдысты, уӕд, кӕнӕ, куы ссӕрибар сты, уый хӕдфӕстӕ. Ӕмбырдгӕнӕнты куывтой Хуыцауӕн, уым кастысты Хуыцауы Ныхас ӕмӕ йӕ адӕмӕн амыдтой, стӕй сӕ разӕнгард кодтой, цӕмӕй уымӕ гӕсгӕ архайдтаиккой. Н. э. фыццаг ӕнусы Палестинӕйы алы горӕты дӕр уыди йӕхи ӕмбырдгӕнӕн. Стыр горӕтты уыди фӕйнӕ цалдӕр ӕмбырдгӕнӕны, Иерусалимы та – бирӕ.

      Фӕлӕ дзуттӕгтӕ Вавилоны уацарӕй куы ссӕрибар сты, уӕд се ’ппӕт Палестинӕмӕ не ’рыздӕхтысты. Бирӕтӕ сӕ ацыдысты ӕндӕр бӕстӕтӕм ӕхца бакусынмӕ. Н. э. размӕ фӕндзӕм ӕнусмӕ, Персы дунеон паддзахады дӕлбар цы бӕстӕтӕ уыди, уыдонӕй дзуттӕгтӕ цард 127 бӕстӕйы (Есф. 1:1; 3:8). Фӕстӕдӕр та, Зӕххастӕу денджызы алыварс цы горӕттӕ уыд, уым дзуттӕгтӕ бацахстой ӕнӕхъӕн районтӕ. Уыцы дзуттӕгты хуыдтой диаспорӕ, кӕнӕ, алырдӕмты чи фӕлыгъд, уыдон. Ӕмӕ-иу уыцы дзуттӕгтӕ дӕр, кӕм ӕрцардысты, уым ӕмбырдгӕнӕнтӕ сарӕзтой.

      Ӕмбырдгӕнӕнты алы сабаты дӕр кастысты Закъон ӕмӕ йӕ ӕмбарын кодтой. Закъон чи каст, уыцы нӕлгоймаг-иу лӕууыд бӕрзонд ран, йӕ галиуфарс ӕмӕ йӕ рахизфарс, стӕй йӕ акомкоммӕ та уыди бадӕнтӕ. Закъон кӕсын, хъусын кӕнын ӕмӕ иннӕтӕн зонд амонын йӕ бон уыди, дзуттаг диныл фидар хӕст чи уыд, уыцы дзуттаг нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕнфӕнды дӕр.

      6, 7. а) Чи уыд Сергий Павел ӕмӕ йӕ Вар-Йесо хорз хабармӕ хъусын цӕуылнӕ уагъта? б) Савл Вар-Йесойы куыд ныссабыр кодта?

      6 Фыццаг ӕнусы Кипры тынг парахат уыдысты алыхуызон мӕнг ахуырӕдтӕ. Уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг, Варнавӕ ӕмӕ Савл сакъадахы ныгуылӕн фарс горӕт Пафосмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд. Уым фембӕлдысты «иу дзуттаг лӕгыл, Вар-Йесо, зӕгъгӕ. Уый уыд кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнг пехуымпар. Уыцы лӕг уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы адӕмӕй. Сергий Павел уыди зондджын лӕг»f. Фыццаг ӕнусы-иу ахуыргонд ромӕгтӕй бирӕтӕ, суанг Сергий Павелы хуызӕн «зондджын лӕгтӕ» дӕр, исты ахсджиаг хъуыддаг скъуыддзаг кӕнгӕйӕ, уынаффӕ кодтой кӕлӕнгӕнджытимӕ ӕмӕ стъалыдӕснытимӕ. Фӕлӕ уӕддӕр Сергий Павелы Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар тынг бацымыдис кодта ӕмӕ «йӕ зӕрдиагӕй фӕндыди Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын». Уый Вар-Йесойы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыди. Уыцы лӕг цы куыст кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ хуыдтой Елимӕ, ома «кӕлӕнгӕнӕг» (Хъуыд. 13:6–8).

      7 Вар-Йесо хорз хабары ныхмӕ цӕуын райдыдта. Ӕмӕ ӕндӕр куыд хъуамӕ уыдаид! Уый уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы уынаффӕгӕнӕг. Ӕмӕ йӕ кадджын бынатӕн кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕ хицауы цыфӕндыйӕ дӕр бакъуылымпы кодтаид, цӕмӕй «Йесойыл ма баууӕндыдаид» (Хъуыд. 13:8). Фӕлӕ, уыцы уынаффӕгӕнӕг Сергий Павелы зонд куыд зыгъуыммӕ кодта, уымӕ Савл ӕнцад нӕ каст. Цы сарӕзта? Мах кӕсӕм: «Савл, хонынц ӕй Павел дӕр, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын, ӕдзынӕг ӕм [ома Вар-Йесомӕ] ныккаст ӕмӕ йын загъта: „Уӕртӕ хинӕйдзаг ӕмӕ цъаммар! Хӕйрӕджы фырт ӕмӕ, раст цыдӕриддӕр у, уый знаг! Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ ма бирӕ зыгъуыммӕ кӕндзынӕ? Йегъовӕ дӕ ӕрцӕвдзӕн, ӕмӕ бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ иуцасдӕр хуры рухс нал фендзынӕ“. Ӕвиппайды Елимӕйы цӕстытыл мигъ ныббадт, бӕстӕ йыл баталынг ӕмӕ, кӕй къухыл ныххӕцыдаид, уый агурӕг-иу куы иуырдӕм фӕци, куы иннӕрдӕм»g. Уый фӕстӕ цы ’рцыд? «Сакъадахы хицау уый куы федта, уӕд баууӕндыд, уымӕн ӕмӕ, Йегъовӕйы тыххӕй цы базыдта, уыдӕттӕ йӕ дисы бафтыдтой» (Хъуыд. 13:9–12).

      Ӕфсымӕры къухы Библи гомӕй, афтӕмӕй тӕрхонгӕнӕджы раз лӕууы ӕмӕ рӕстдзинады сӕрыл дзуры.

      Нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, уӕд мах дӕр Павелау рӕстдзинады сӕрыл хъӕбатырӕй фӕдзурӕм

      8. Куыд у нӕ бон Павелау ныфсджынӕй хъусын кӕнын?

      8 Павел Вар-Йесойӕ нӕ фӕтарст. Абон мах дӕр хъуамӕ ма тӕрсӕм, хорз хабармӕ чи байхъусы, уыдоны уырнындзинад фӕцудын кӕныныл чи фӕархайы, уыцы адӕмӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ дзыхыныхас алкӕддӕр хъуамӕ уа «фӕлмӕн ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ» (Кол. 4:6). Фӕлӕ, нӕ ныхмӕ кӕй дзурдзысты, ууыл хъуамӕ ӕгӕр ма тыхсӕм ӕмӕ уый тыххӕй, чи нӕм хъусы, уыдоны ма ныууадзӕм. Стӕй хъуамӕ мӕнг дины хъуыддӕгтӕ хурмӕ калынӕй дӕр ма тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ Вар-Йесойау мӕнг дин абон дӕр «Йегъовӕйы раст фӕндӕгтӕ... зыгъуыммӕ кӕны» (Хъуыд. 13:10). Уӕдӕ мах дӕр Павелау рӕстдзинад ныфсджынӕй дзурӕм ӕмӕ, Хуыцауы базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг агурӕм. Чи зоны, Хуыцауы ӕххуысы къух Павел куыд ирдӕй федта, мах ӕй афтӕ ирдӕй ма фенӕм, фӕлӕ уӕддӕр фидарӕй зонӕм иу хъуыддаг: аккаг чи у, уыдоны Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕхимӕ ӕрбакӕндзӕн (Иоан. 6:44).

      Ныхас «адӕмы бафидар кӕнынӕн» (Хъуыд. 13:13–43)

      9. Абон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдонӕн Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕзминаг куыд сты?

      9 Куыд зыны, афтӕмӕй бӕлццӕттӕ Пафосӕй Пергимӕ (ацы горӕт ис Къаннӕг Азийы былгӕрон, денджызыл ӕм цӕуын хъӕуы 250 километры бӕрц) куы ’рцыдысты, уӕд цыдӕр фӕивта. Хъуыддӕгты 13:13 ис ахӕм ныхӕстӕ, «Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ», зӕгъгӕ, ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, ныр Павел разамынд йӕхимӕ кӕй райста. Фӕлӕ Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ йӕм Варнавӕ хӕлӕг кодта. Уыцы дыууӕ адӕймаджы Хуыцауы фӕндон дарддӕр иумӕ ӕххӕст кодтой. Павел ӕмӕ Варнавӕ фӕзминаг сты, абон ӕмбырды разамынд чи дӕтты, уыдонӕн. Чырыстӕттӕ кадджындӕр бынӕттыл нӕ тох кӕнынц, фӕлӕ сӕ зӕрдыл дарынц Йесойы ныхӕстӕ: «Уе ’ппӕт дӕр ӕфсымӕртӕ стут». Йесо ма ноджыдӕр загъта: «Йӕхи чи бӕрзонд кӕны, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи чи ныллӕг кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн» (Матф. 23:8, 12).

      10. Пергийӕ Писидийы Антиохимӕ ӕнцон цӕуӕн цӕуылнӕ уыд?

      10 Пергимӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд Иоанн Марк уым Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныууагъта ӕмӕ фӕстӕмӕ Иерусалиммӕ аздӕхт – цӕмӕн, уый бӕрӕг нӕу. Павел ӕмӕ Варнавӕ та сӕ фӕндаг адарддӕр кодтой ӕмӕ Пергийӕ араст сты Писидийы Антиохимӕ. Уыцы горӕт ис Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы. Уый ӕнцон фӕндаг нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ Писидийы Антиохи ис денджызӕй 1 100 метры уӕлдӕр. Стӕй-иу тӕссаг хӕххон фӕндӕгтыл бӕлццӕтты размӕ арӕх бабадтысты абырджытӕ дӕр. Цыма Павелӕн ӕппӕт уыцы зындзинӕдтӕ фаг нӕ уыдысты, уыйау ма уыцы рӕстӕг йе ’нӕниздзинад дӕр фӕцудыдтаh.

      11, 12. Павел Писидийы Антиохийы ӕмбырдгӕнӕны ныхасы куы рацыд, уӕд адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта?

      11 Писидийы Антиохийы Павел ӕмӕ Варнавӕ сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыдысты. Мах кӕсӕм: «Уым Закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй куы бакастысты, уӕд сӕм ӕмбырдгӕнӕны хистӕртӕ барвыстой ахӕм ныхас: „Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕ адӕмы бафидар кӕнынӕн исты зӕгъын фӕнды, уӕд табуафси“» (Хъуыд. 13:15). Гъемӕ Павел ныхасы рацыд.

      12 Павел йӕ ныхас райдыдта ахӕм ныхӕстӕй: «Байхъусут мӕм, израилӕгтӕ ӕмӕ, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон» (Хъуыд. 13:16). Йӕ ныхасмӕхъусджытӕ уыдысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон. Уыцы адӕм не ’мбӕрстой, Хуыцауы фӕндты Йесойӕн цы бынат ис, уый. Ӕмӕ сын уӕдӕ Павел сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг куыд ссардта? Фыццаг уал сын цыбыртӕй радзырдта Израилы адӕмы истори. Бамбарын сын кодта, Египеты ӕрцӕуӕггӕгтӕ куы уыдысты, уӕд сӕ Хуыцау куыд «сбӕрзонд кодта» ӕмӕ сӕ уырдыгӕй куы ракодта, уый фӕстӕ сын цыппор азы бӕрц ӕдзӕрӕг быдыры куыд «быхста сӕ митӕн». Стӕй ма сын радзырдта, израилӕгтӕ Зӕрдӕвӕрд зӕхх куыд бацахстой ӕмӕ сын Йегъовӕ «уыцы зӕхх хӕлттӕм гӕсгӕ [куыд] байуӕрста», уый тыххӕй (Хъуыд. 13:17–19). Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел йӕ раныхасы цыдӕр хъуыдытӕ ӕрхаста, ӕмбырдгӕнӕны гыццыл раздӕр Фыстадӕй цы скъуыддзӕгтӕ бакастысты, уырдыгӕй. Уый та сабатбоны ӕгъдаумӕ гӕсгӕ ӕнӕмӕнг уыди. Ӕмӕ кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ уыд, уӕд уымӕй дӕр бӕрӕг у, Павел кӕй зыдта, «алыхуызон адӕмӕн дӕр... алцыдӕр» куыд суыдаид, уый (1 Кор. 9:22).

      13. Нӕ бон куыд у нӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарын?

      13 Мах дӕр хъуамӕ архайӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдоны зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл. Зӕгъӕм, адӕймаг цы диныл хӕст у, уый куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн йемӕ, цымыдисаг ӕм чи фӕкӕсдзӕн, ахӕм фарстайыл аныхас кӕнын. Нӕ бон ма у адӕймагӕн йӕ хъус ӕрдарын, Библийӕ бирӕтӕ цы ныхӕстӕ зонынц, уыдонмӕ дӕр. Уымӕй уӕлдай Хуыцауы ныхӕстӕ адӕймаджы зӕрдӕмӕ тынгдӕр бахъардзысты, стих ын йӕхи Библийы куы бакӕсын кӕнӕм, уӕд. Уӕдӕ агур фадӕттӕ, цӕмӕй дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарай.

      14. а) Павел йӕ ныхасмӕхъусджытӕн Йесойы тыххӕй куыд райдыдта дзурын ӕмӕ сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста? б) Адӕм Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты?

      14 Дарддӕр сын Павел сӕ хъус ӕрдардта, Израилы паддзӕхты хӕдзарвӕндаг «ирвӕзынгӕнӕг – Йесомӕ» куыд ӕркодта, уымӕ. Ской ма кодта, Йесойы размӕ адӕмӕн Аргъауӕг Иоанн кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дӕр. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ радзырдта, Йесойы куыд амардтой ӕмӕ мӕрдтӕй куыд райгас, уый тыххӕй (Хъуыд. 13:20–37). «Уӕдӕ йӕ зонут,– загъта Павел,– сымахӕн хъуыстгонд цӕуы, Хуыцау уын Йесойы фӕрцы уӕ тӕригъӕдтӕ кӕй ныххатыр кӕндзӕн, уый. ...Чидӕриддӕр баууӕнда, уый Йесойы фӕрцы нымад ӕрцӕудзӕн ӕнаххосыл». Ӕмӕ стӕй апостол йӕ ныхасмӕхъусджыты бафӕдзӕхста: «Уӕхимӕ кӕсут, цӕмӕй уӕ ма баййафа, Пехуымпарты чиныджы цы фыст ис, уый: „Сымах ницӕмӕ дарут, ӕз цы хъуыддаг аразын, уый. Уӕдӕ йӕ фенут ӕмӕ бадис кӕнут ӕмӕ фесӕфут, уымӕн ӕмӕ уӕ рӕстӕджы ӕз ахӕм хъуыддаг сараздзынӕн, ӕмӕ уын уый тыххӕй исчи лыстӕг хабӕртты онг куы радзурид, уӕддӕр уӕ нӕ бауырнид“». Павелы ныхӕстӕ адӕммӕ афтӕ тынг бахъардтой, ӕмӕ диссаг! Мах кӕсӕм: «Лӕгъстӕ кӕнын [сын] райдыдтой, зӕгъгӕ-иу нын иннӕ сабаты дӕр уыдӕтты тыххӕй радзурут». Стӕй ма, ӕмбырдгӕнӕнӕй куы рацыдысты, уӕд «дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста ӕмӕ Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты» (Хъуыд. 13:38–43).

      «Мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм» (Хъуыд. 13:44–52)

      15. Павел ныхасы куы рацыд, уый фӕстӕ сабаты цы ’рцыд?

      15 Иннӕ сабаты «ӕгас горӕт дӕр» ӕрӕмбырд, цӕмӕй Павелмӕ байхъуыстаиккой. Фӕлӕ уый дзуттӕгтӕй кӕйдӕрты зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ, «Павел цы дзырдта, уый ныхмӕ дзурын райдыдтой, ӕмӕ афтӕмӕй Хуыцауы фаудтой». Фӕлӕ сын Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуыди фехъусын кӕнын. Фӕлӕ йӕ сымах кӕй ницӕмӕ дарут ӕмӕ уӕхи ӕнусон царды аккагыл кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм ӕндӕр адӕмтӕм. Уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕ афтӕ бафӕдзӕхста: „Ӕз дӕ адӕмтӕн радтон рухсӕн, цӕмӕй суанг зӕххы кӕроны онг дӕр фехъусын кӕнай, адӕмы цӕй фӕрцы фервӕзын кӕндзынӕн, уый“» (Хъуыд. 13:44–47; Ис. 49:6).

      Знӕгтӕ Павелы ӕмӕ Варнавӕйы Писидийы Антиохийӕ ратардтой.

      «Павел ӕмӕ Варнавӕйы... фӕдыл зилын райдыдтой... Ахуыргӕнинӕгтӕн та сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыддӕгтӕ 13:50–52)

      16. а) Дзуттӕгтӕ цы цӕстӕй ракастысты, Павел ӕмӕ сын Варнавӕ цы загътой, уымӕ? б) Уыцы дыууӕ миссионерӕн сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд куыд бакодтой?

      16 Павелмӕ ӕндӕр адӕмтӕй чи хъуыста, уыдон цин кодтой ӕмӕ, «ӕнусон царды фӕндагыл цӕуын кӕй фӕндыд, уыдон се ’ппӕт дӕр систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 13:48). Ӕмӕ Йегъовӕйы ныхас тагъд рӕстӕджы ӕгас бӕстӕйыл апарахат. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ та уыцы хабармӕ бынтон ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. Миссионерты ныхӕстӕ сын ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ кӕд Хуыцау йӕ ныхас фыццаг дзуттӕгтӕн загъта, уӕддӕр Мессийӕйыл сӕ къух систой, ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тагъд Хуыцауы фыдӕх баййафдзӕн. Гъемӕ дзуттӕгтӕ горӕты нымад сылгоймӕгты ӕмӕ дзырддзӕугӕ лӕгты сардыдтой, ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы «фӕдыл зилын райдыдтой ӕмӕ сӕ уырдыгӕй фӕсырдтой». Павел ӕмӕ Варнавӕ куыд бакодтой? Уыдон «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой, уыцы адӕм кӕй рӕдийынц, уый равдисыны тыххӕй, ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ». Цымӕ уыйадыл Писидийы Антиохийы чырыстон динӕн кӕрон ӕрцыд? Ницы хуызы! Уым чи баззад, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕн «сӕ циныл цин ӕфтыд ӕмӕ сӕ Хуыцау хайджын кодта йӕ сыгъдӕг тыхӕй» (Хъуыд. 13:50–52).

      17–19. Куыд у нӕ бон Павел ӕмӕ Варнавӕйы бафӕзмын ӕмӕ нын уый нӕ циныл цин куыд ӕфтаудзӕн?

      17 Уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ нын фӕзминаг сты, сӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд куыд бакодтой, уымӕй. Дзырддзӕугӕ адӕм нӕ ныхмӕ куы цӕуой ӕмӕ нӕ хъусын кӕнын куы нӕ уадзой, уӕд дӕр мах дарддӕр хъусын кӕндзыстӕм. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Антиохийы адӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕмӕ «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой». Уый ууыл дзурӕг нӕ уыд, ӕмӕ сӕм мӕсты уыдысты. Афтӕмӕй Павел ӕмӕ Варнавӕ равдыстой, сӕ бон цы уыд, уый кӕй сарӕзтой, ӕмӕ ныр уыцы адӕмы тугӕй сӕрибар кӕй сты. Уыцы миссионертӕ ӕмбӕрстой, адӕм байхъусдзысты ӕви нӕ, ууыл сӕ бар кӕй нӕ цыди. Фӕлӕ сӕ бар цыди, дарддӕр хъусын кӕндзысты ӕви нӕ, ууыл. Ӕмӕ уыдон дӕр Иконимӕ ацыдысты ӕмӕ дарддӕр уым хъусын кодтой.

      18 Цы зӕгъӕн ис, Антиохийы чи баззад, уыцы ахуыргӕнинӕгтӕй та? Кӕмӕн хъусын кодтой, уыдон сӕм фыдзӕрдӕ дардтой ӕмӕ сӕ ныхмӕ цыдысты. Фӕлӕ сӕ циндзинад, адӕм хорз хабармӕ хъуыстой ӕви нӕ, ууыл баст нӕ уыд. Йесо афтӕ загъта: «Амондджын уыдон сты, Хуыцауы ныхас чи хъусы ӕмӕ йӕ чи ӕххӕст кӕны!» (Лук. 11:28). Ӕмӕ Писидийы Антиохийы ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕ тыхтӕ иууылдӕр уымӕ сарӕзтой.

      19 Павел ӕмӕ Варнавӕйау мах дӕр алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм, нӕ хӕс кӕй у хорз хабар хъусын кӕнын. Адӕм нӕм байхъусдзысты ӕви нӕ, уый та уыдонӕн сӕхицӕй кӕнгӕ у. Кӕм хъусын кӕнӕм, уым кӕд адӕм хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ нӕ исынц, уӕд нӕ бон у фыццаг ӕнусы чырыстӕтты бафӕзмын. Библийӕ цы рӕстдзинад базыдтам, уымӕн куы аргъ кӕнӕм ӕмӕ нын сыгъдӕг тых куыд амоны, афтӕ куы кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ цинӕй йедзаг уыдзысты, нӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр (Гал. 5:18, 22).

      ВАРНАВӔ – «РӔВДЫДДЗИНАДЫ ФЫРТ»

      Фыццаг ӕнусы Иерусалимы ӕмбырды уыди, бирӕ хъуыддӕгты разамынд йӕхимӕ чи иста, ахӕм ӕфсымӕр, Иосиф. Иосиф уыд Кипрӕй ӕмӕ уыди левит. Апостолтӕ ма йын радтой ӕндӕр ном дӕр, Варнавӕ, зӕгъгӕ. Ацы ном нысан кӕны «Рӕвдыддзинады фырт» ӕмӕ хорз ӕвдисы, Варнавӕ цавӕр адӕймаг уыди, уый (Хъуыд. 4:36). Варнавӕйӕн-иу йе ’мчырыстӕттӕй исчи истӕмӕй куы фӕтыхст, уӕд-иу уайтагъд йӕ фарсмӕ балӕууыд.

      Варнавӕ ӕхцайы дыууӕ дзӕкъулы мысайнагӕн дӕтты.

      Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны донаргъуыд райстой 3 000 ног ахуыргӕнинаджы. Ӕвӕццӕгӕн сӕ бирӕтӕ Иерусалиммӕ бӕрӕгбонмӕ ӕрцыдысты ӕмӕ горӕты афтӕ бирӕ рӕстӕг баззайын сӕ зӕрды нӕ уыд. Цӕмӕй ӕмбырд уыйбӕрц адӕммӕ фӕкастаид, уый тыххӕй хъуыди истытӕ ӕрӕмбырд кӕнын. Гъемӕ Варнавӕ дӕр йӕ зӕххы хай ауӕй кодта ӕмӕ дзы цы ӕхца райста, уый сыгъдӕгзӕрдӕйӕ апостолтӕм ӕрбахаста мысайнагӕн (Хъуыд. 4:32–37).

      Варнавӕ уыди фӕлтӕрд чырыстон цӕстдарӕг, ӕмӕ йӕ уд хъардта иннӕтӕн баххуыс кӕныныл. Тарсаг Савл чырыстон куы сси, уӕд дӕр дзы иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ тарстысты, раздӕр чырыстӕтты фӕдыл кӕй зылди, уый тыххӕй, фӕлӕ йын Варнавӕ та баххуыс кодта (Хъуыд. 9:26, 27). Варнавӕ ӕмӕ Петр, иннӕ адӕмтӕй чырыстӕттӕ чи сси, уыдонмӕ раст цӕстӕй кӕй нӕ кастысты, уый тыххӕй сын Павел карзӕй куы бауайдзӕф кодта, уӕд Варнавӕ сӕрныллӕгӕй басаст, раст кӕй нӕ уыд, ууыл (Гал. 2:9, 11–14). Ацы хабӕрттӕ хорз ӕвдисынц, Варнавӕйы «Рӕвдыддзинады фырт» дзӕгъӕлы кӕй не схуыдтой.

      a Кӕс рамкӕ «Варнавӕ – „Рӕвдыддзинады фырт“».

      b Уӕдмӕ чырыстон ӕмбырдтӕ уыди суанг Сирийы Антиохийы дӕр – Иерусалимӕй цӕгатырдӕм 550 километры дарддӕр.

      c Кӕс рамкӕ «Фӕндагыл».

      d Фыццаг ӕнусы-иу нау иу бонмӕ цыди 150 километры, кӕд-иу ын дымгӕ ӕххуыс кодта, уӕд. Кӕд нӕ, уӕд та-иу бахъуыди дзӕвгар фылдӕр рӕстӕг.

      e Кӕс рамкӕ «Дзуттӕгты ӕмбырдгӕнӕнты».

      f Кипр уыди Ромы Сенаты дӕлбар. Сакъадахы сӕргъы ӕвӕрд чи уыд, уыцы хицауӕн уыди проконсулы бартӕ.

      g Ардыгӕй фӕстӕмӕ Библийы Савл хуыйны Павел. Иуӕй-иу ахуыргӕндтӕ зӕгъынц, зӕгъгӕ, дам, Савл йӕхи ромаг номӕй хонын райдыдта Сергий Павелы зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй. Фӕлӕ сакъадахӕй куы ацыд, уый фӕстӕ дӕр йӕхи Павел хуыдта, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ скӕнӕн ис ӕндӕр хатдзӕг: Павел «иннӕ адӕмтӕм ӕрвыст апостол» кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сфӕнд кодта, нырӕй фӕстӕмӕ йӕхи ромаг номӕй кӕй хондзӕн. Павел ӕй хуыдтаиккой, уый ма йӕ, чи зоны, уый тыххӕй дӕр фӕндыди, ӕмӕ йӕ дзуттаг ном, Савл, хъуысы, ӕвзӕр хъуыды кӕмӕн ис, ахӕм грекъаг дзырды хуызӕн (Ром. 11:13).

      h Уымӕй цалдӕр азы фӕстӕ Павел ныффыста Галатӕгтӕм фыстӕг. Ӕмӕ дзы ис ахӕм ныхӕстӕ: «Фыццаг хатт уын хорз хабар рынчынӕй... хъусын кодтон» (Гал. 4:13).

  • «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 12 СӔР

      «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзырдтой»

      Павел ӕмӕ Варнавӕ уыдысты сӕрныллӕг ӕмӕ хъӕбатыр, стӕй сӕ къухтӕ никуы ӕруагътой

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 14:1–28

      1, 2. Павел ӕмӕ Варнавӕйыл Листрӕйы цавӕр хабар ӕрцыд?

      ЛИСТРӔЙЫ адӕм уынгтӕм ракалдысты ӕмӕ хъӕлӕба систой. Йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, иу ахӕм адӕймаджы дыууӕ ӕнӕзонгӕ лӕджы сдзӕбӕх кодтой, ӕмӕ фырцинӕй гӕппытӕ кӕны. Адӕм дисӕй мӕлынц. Зевсы дзуарылӕг та, адӕм ӕмхъӕлӕсӕй хуыцӕуттӕ кӕй хонынц, уыцы дыууӕ лӕгӕн дидинджытӕй быд худтӕ ӕрбахаста. Галтӕ футтытӕ кӕнынц ӕмӕ уасынц – дзуарылӕг сӕ хъуамӕ нывондӕн ӕрхӕсса. Павел ӕмӕ Варнавӕ хъӕр кӕнынц, уыцы хъуыддаг ма бакӕнут, зӕгъгӕ. Сӕ уӕлӕдарӕс ӕрыскъуыдтой, адӕмы астӕумӕ балыгъдысты, ныллӕгъстӕ сын кодтой ӕмӕ сӕ тыххӕйты баурӕдтой, цӕмӕй сын ма бакувой.

      2 Уӕдмӕ Писидийы Антиохийӕ ӕмӕ Иконийӕ ӕрбахӕццӕ сты, Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ чи цыд, уыцы дзуттӕгтӕ. Ӕмӕ сӕ мӕнг ныхӕстӕй Листрӕйы адӕмӕн сӕ сӕрызонд схӕццӕ кодтой. Гыццыл раздӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн бакувынмӕ чи хъавыд, уыцы адӕм ныр Павелыл амбырд сты ӕмӕ йыл дуртӕ ӕхсын райдыдтой. Сӕ маст ыл куы акалдтой ӕмӕ сӕ разы куы ’рхауд, уӕд ӕй горӕты кулдуарӕй ӕддӕмӕ рахӕр-хӕр кодтой ӕмӕ йӕ уым мардӕфсон ныууагътой.

      3. Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

      3 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахӕм уӕззау уавӕры цӕмӕн бахаудысты? Цы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд ӕмӕ Листрӕйы адӕм сӕ зондахаст куыд тагъд фӕивтой, уымӕй, абон хорз хабар чи хъусын кӕны, уыдон цӕуыл ахуыр кӕнынц? Ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд у уыцы иузӕрдион лӕггадгӕнджыты бафӕзмын, сӕ къухтӕ кӕй не ’руагътой ӕмӕ «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй [кӕй] дзырдтой», уымӕй? (Хъуыд. 14:3).

      «Бирӕтӕ... систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 14:1–7)

      4, 5. Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконимӕ цӕмӕн ацыдысты ӕмӕ уым цы ’рцыд?

      4 Цалдӕр боны размӕ дзуттӕгтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйыл сардыдтой ромаг горӕт Писидийы Антиохийы цӕрджыты, ӕмӕ сӕ уыдон горӕтӕй ратардтой. Фӕлӕ уӕддӕр сӕ ныфс нӕ асаст. Уыдон «сӕ къӕхты рыг ӕрцагътой», чи сӕм нӕ байхъуыста, уыдон кӕй рӕдийынц, уый равдисыны тыххӕй (Хъуыд. 13:50–52; Матф. 10:14). Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ фарн семӕ ахастой ӕмӕ уыцы адӕмы Хуыцауы бар ныууагътой (Хъуыд. 18:5, 6; 20:26). Уыцы дыууӕ миссионерӕн сӕ циныл цин цы ’фтыд, ӕндӕр къаддӕр нӕ кодта ӕмӕ афтӕмӕй дарддӕр хъусын кодтой. Хуссар-скӕсӕнырдӕм 150 километры бӕрц куы ацыдысты, уӕд бахӕццӕ сты, Тавр ӕмӕ Султаны хӕхты ’хсӕн цы хъӕздыг быдыртӕ уыд, уырдӕм.

      5 Фыццаг уал Павел ӕмӕ Варнавӕ ӕрлӕууыдысты Иконийы. Уыцы горӕт уыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы стырдӕр горӕттӕй сӕ иу ӕмӕ дзы грекъаг культурӕ нырма дӕр уыди йӕ тыхыa. Иконийы цард дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, бирӕ ахӕм адӕм. Ӕмӕ та ацы горӕты дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ се ’гъдаумӕ гӕсгӕ ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыдысты ӕмӕ хъусын кӕнын райдыдтой (Хъуыд. 13:5, 14). Ӕмӕ «афтӕ хорз дзырдтой, ӕмӕ тынг бирӕ дзуттӕгтӕ ӕмӕ грекъӕгтӕ систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 14:1).

      ИКОНИ – ФРИГИАГ ГОРӔТ

      Икони уыд, дон парахатӕй кӕм уыди, ахӕм уӕлвӕз, бӕрзонд ран. Уый уыд тынг ахсджиаг горӕт, уымӕн ӕмӕ-иу базаргӕнджытӕ Сирийӕ Роммӕ, Грецимӕ ӕмӕ Ромы дӕлбар бӕстӕ Азимӕ куы цыдысты, уӕд-иу сӕ фӕндаг ууылты акодтой.

      Иконийы адӕм куывтой тыллӕджы бардуагӕн – фригиаг ус-хуыцау Кибелӕйӕн. Стӕй ма цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕрбайстой грекъӕгтӕй дӕр, грекъаг культурӕ йӕ тыхы куы уыди, уыцы рӕстӕг. Икони Ромы дӕлбар баци н. э. размӕ 65 азы. Ӕмӕ н. э. фыццаг ӕнусы сси, базары ӕмӕ зӕххы куыст хорз кӕм цыд, ахӕм стыр ӕмӕ хъӕздыг горӕт. Кӕд дзы бирӕ дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕ цард, уӕддӕр дзы грекъаг культурӕ арф фӕд ныууагъта. Хъуыддӕгты чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй горӕты цардысты дзуттӕгтӕ ӕмӕ «грекъӕгтӕ» (Хъуыд. 14:1).

      Икони уыд Галатийы, бӕлвырдӕй та – Ликаонийы ӕмӕ Фригийы ’хсӕн. Иуӕй-иу рагон фысджытӕ, зӕгъӕм, Цицерон ӕмӕ Страбон, Икони хуыдтой ликаойнаг горӕт, ӕмӕ йӕ географимӕ гӕсгӕ ӕцӕгдӕр ис ахӕссӕн Ликаонимӕ. Фӕлӕ Хъуыддӕгты чиныджы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Икони нӕ уыд Ликаонийы горӕттӕй, «ликаойнагау» кӕм дзырдтой, уыцы горӕттӕй (Хъуыд. 14:1–6, 11). Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, Хъуыддӕгты чиныджы ӕцӕг хабӕрттӕ фыст нӕй. Фӕлӕ, 1910 азы археологтӕ Иконийы цы фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй рабӕрӕг, уыцы горӕты фригиаг ӕвзагыл кӕй дзырдтой, Павел ӕмӕ Варнавӕ уым куы уыдысты, уымӕй дыууӕ ӕнусы куы рацыд, уӕд дӕр. Уӕдӕ, Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста, уый, Икони ликаойнаг горӕт кӕй не схуыдта, уымӕй нӕ фӕрӕдыд.

      6. Павел ӕмӕ Варнавӕ хорз ахуыргӕнджытӕ цӕй фӕрцы уыдысты ӕмӕ сӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?

      6 Павел ӕмӕ Варнавӕмӕ афтӕ бирӕ адӕм цӕй фӕрцы байхъуыстой? Павел уыди зонды къӕбиц, уымӕн ӕмӕ тынг хорз зыдта Фыстад. Уый арӕхстджынӕй пайда кодта Израилы адӕмы историйӕ, пехуымпарты чингуытӕй ӕмӕ Моисейы закъонӕй, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кодтаид, Йесо зӕрдӕвӕрд Мессийӕ кӕй у, уый (Хъуыд. 13:15–31; 26:22, 23). Варнавӕ та адӕмы йӕ зӕрдӕйы хъармӕй тавта (Хъуыд. 4:36, 37; 9:27; 11:23, 24). Иу дӕр сӕ йӕхи зондыл йӕ ныфс нӕ дардта, фӕлӕ дзырдтой «Йегъовӕйы номӕй». Дӕ бон сӕ куыд у хъусын кӕнгӕйӕ бафӕзмын? Зӕгъӕм, ды дӕр архай Хуыцауы Ныхас хуыздӕр базоныныл. Дӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕ чи бацагайдзӕн, ахӕм стихтӕ-иу равзар. Кӕмӕн хъусын кӕныс, уыдоны дӕ зӕрдӕйы хъармӕй тав. Стӕй-иу дӕхи зондӕй ма дзур, фӕлӕ адӕмӕн се ’ргом алкӕддӕр здах Хуыцауы Ныхасмӕ.

      7. а) Адӕм хорз хабармӕ цы цӕстӕй ракӕсынц? б) Кӕд, хорз хабар дӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстай, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ цы хъӕуы дӕ зӕрдыл дарын?

      7 Павел ӕмӕ Варнавӕ цы дзырдтой, уый Иконийы цӕрджытӕй алкӕй зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд. Лука дарддӕр фыссы: «Чи нӕ баууӕндыд, уыцы дзуттӕгтӕ та иннӕ адӕмты сызмӕстой ӕмӕ сӕ ӕфсымӕрты ныхмӕ скодтой». Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ бамбӕрстой, уӕддӕр сӕ нырма горӕты баззайын кӕй хъӕуы, цӕмӕй дарддӕр хорз хабары сӕрыл дзурой. Гъемӕ «Иконийы бирӕ рӕстӕг фесты ӕмӕ... ныфсджынӕй дзырдтой». Ӕмӕ уӕд «горӕты адӕм дыууӕ дихы фесты: иутӕ уыдысты дзуттӕгты фарс, иннӕтӕ та – апостолты фарс» (Хъуыд. 14:2–4). Абон дӕр афтӕ вӕййы. Хорз хабар кӕйдӕрты кӕрӕдзимӕ ӕнгомдӕр скӕны, чидӕртӕ та уый тыххӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ свӕййынц (Матф. 10:34–36). Кӕд, хорз хабар дӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстай, уый тыххӕй дӕ бинонтӕ дӕ ныхмӕ систы, уӕд дӕ зӕрдыл дар, арӕх нӕ ныхмӕ уый тыххӕй кӕй фӕцӕуынц, ӕмӕ кӕмдӕр цыдӕр фехъусынц кӕнӕ ныл чидӕртӕ ӕргом цъыфкалӕн ныхӕстӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ дӕ уаг ӕмӕ де ’гъдауӕй фӕзминаг куы уай, уӕд, дӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдонӕн, чи зоны, сӕ цӕстытӕ байгом уой ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ дӕр ӕрфӕлмӕн уой (1 Пет. 2:12; 3:1, 2).

      8. Павел ӕмӕ Варнавӕ Иконийӕ цӕмӕн ацыдысты ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      8 Цасдӕры фӕстӕ, Иконийы Павел ӕмӕ Варнавӕйы ныхмӕ чи цыд, уыдон сфӕнд кодтой, цӕмӕй сӕ дуртӕй амарой. Павел ӕмӕ Варнавӕйӕн уый тыххӕй куы фӕхабар кодтой, уӕд сӕхи уырдыгӕй айстой ӕмӕ ӕндӕр ранмӕ ацыдысты хъусын кӕнынмӕ (Хъуыд. 14:5–7). Абон дӕр хорз хабар хъусынгӕнджытӕ ӕмбаргӕйӕ фӕархайынц. Зӕгъӕм, нӕ ныхмӕ куы фӕдзурынц, уӕд дарддӕр ныфсджынӕй фӕхъусын кӕнӕм (Фил. 1:7; 1 Пет. 3:13–15). Фӕлӕ нӕм ӕртхъирӕнтӕ кӕнын куы райдайынц, уӕд нӕхицӕй хъӕбатыртӕ нӕ фӕаразӕм, цӕмӕй нӕхи цард дӕр ӕмӕ не ’мчырыстӕтты цард дӕр ӕнӕхъуаджы фыдбылызы ма баппарӕм (Ӕмб. 22:3).

      «Раздӕхут удӕгас Хуыцаумӕ» (Хъуыд. 14:8–19)

      9, 10. Горӕт Листрӕ кӕм уыд ӕмӕ йӕ цӕрджыты тыххӕй цы зонӕм?

      9 Ныр Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ ных сарӕзтой Листрӕмӕ. Уыцы горӕт уыд Ромы колони ӕмӕ уыди Иконийӕ хуссар-ныгуылӕнырдӕм иу-30 километры дарддӕр. Кӕд Листрӕ ӕмӕ Писидийы Антиохийы цӕрӕг адӕмӕн бирӕ иумӕйаг хъуыддӕгтӕ уыди, уӕддӕр Антиохийӕ уӕлдай Листрӕйы дзуттӕгтӕ бирӕ нӕ царди. Листрӕйы цӕрджытӕ грекъагау дӕр куыннӕ дзырдтаиккой, фӕлӕ уӕддӕр сӕ мадӕлон ӕвзаг уыди ликаойнаг. Ӕвӕццӕгӕн, уыцы горӕты ӕмбырдгӕнӕн нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ хъусын кодтой, бирӕ адӕм-иу кӕм ӕрӕмбырд, ахӕм рӕтты. Иухатт апостол Петр Иерусалимы сдзӕбӕх кодта, йӕ мады гуыбынӕй къуылых чи рахаста, ахӕм адӕймаджы. Ӕмӕ уый фенгӕйӕ бирӕтӕ систы уырнджытӕ (Хъуыд. 3:1–10). Ныр Листрӕйы Павел дӕр сарӕзта ахӕм диссаг (Хъуыд. 14:8–10). Фӕлӕ ацы адӕмыл та уый бынтон ӕндӕрхуызон фӕзынд.

      10 Ацы сӕры райдианы куыд базыдтам, афтӕмӕй къуылых адӕймаг фырцинӕй гӕппытӕ кӕнын куы райдыдта, уӕд Листрӕйы цӕрджытӕ, мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм, сонтӕй хабӕрттӕ раст нӕ бамбӕрстой. Варнавӕйы схуыдтой Зевс, ома хуыцӕутты хистӕр, Павелы та – Гермес, ома Зевсы фырт ӕмӕ, хуыцӕутты номӕй чи дзырдта, уый. (Кӕс рамкӕ «Листрӕйы куывтой Зевсӕн ӕмӕ Гермесӕн».) Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ уыцы хъуыддагмӕ ӕнцад нӕ кастысты, цыфӕндыйӕ дӕр сын хъуамӕ бамбарын кодтаиккой, цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уый мӕнгхуыцӕутты номӕй кӕй нӕ аразынц, фӕлӕ иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы номӕй (Хъуыд. 14:11–14).

      ЛИСТРӔЙЫ КУЫВТОЙ ЗЕВСӔН ӔМӔ ГЕРМЕСӔН

      Листрӕ уыд дӕлвӕзы, сӕйраг фӕндӕгтӕй дӕрддзӕфгомау. Ромы паддзах Август уыцы горӕт скодта Ромы колони ӕмӕ йӕ схуыдта Юлиа Феликс Гемина Лустра. Цы ӕфсӕддон къорд дзы лӕууыд, уый горӕт хъахъхъӕдта хохы цӕрӕг гыццыл адӕмыхӕттытӕй. Горӕтӕн разамынд лӕвӕрдтой, ромаг горӕтты куыддӕриддӕр уыд, афтӕ, ӕмӕ хицӕутты бынӕттӕ дӕр хуыдтой ромаг дзырдтӕй. Фӕлӕ уӕддӕр горӕты цӕрджытӕ фидар хӕцыдысты сӕхи ӕгъдӕуттыл дӕр. Листрӕ фылдӕр уыд ликаойнаг горӕт, ромаг нӕ, фӕлӕ, ӕмӕ, Хъуыддӕгты чиныджы цы листрӕйӕгты кой цӕуы, уыдон дӕр дзырдтой ликаойнагау.

      Рагон горӕт Листрӕмӕ хӕстӕг археологтӕ цы фыстытӕ ссардтой, уым цӕуы «Зевсы дзуарылӕгты» кой. Стӕй ма дзы ссардтой Гермесы гуымиры ӕмӕ Зевсы ӕмӕ Гермесы номыл нывондхӕссӕн.

      Ромаг фыссӕг Овид (цард н. э. размӕ 43 азӕй н. э. 17 азмӕ) цы таурӕгъ ныффыста, уымӕй хуыздӕр бамбарӕн ис, Хъуыддӕгты чиныджы цы хабӕртты кой цӕуы, уыдон. Овид куыд фыссы, афтӕмӕй ромаг Юпитер ӕмӕ Меркурий (грекъӕгтӕм та – Зевс ӕмӕ Гермес) адӕймӕгты хуызы ӕрцыдысты Фригийы хӕхбӕстӕм. Мингай хӕдзӕрттыл фӕзылдысты, кӕд нӕ исчи суазӕг кӕнид, зӕгъгӕ, фӕлӕ сӕ мидӕмӕ ничи бахуыдта. Ӕрмӕстдӕр сӕ иу ацӕргӕ лӕг ӕмӕ ус, Филемон ӕмӕ Бавкидӕ, зӕгъгӕ, бахуыдтой сӕ гыццыл мӕгуыр хӕдзармӕ. Ӕмӕ уӕд Зевс ӕмӕ Гермес уыцы хӕдзар фестын кодтой мрамор ӕмӕ сызгъӕринӕй конд кувӕндон. Уыцы лӕджы сӕвӕрдтой дзуарылӕгӕй, йӕ усы та – йе ’ххуысгӕнӕгӕй. Чи сӕ не суазӕг кодта, уыдоны хӕдзӕрттӕ та ныппырх кодтой. «Кӕд Листрӕйы цӕрджытӕй уыцы таурӕгъ нӕ ферох, уӕд диссаг нӕу, Павел ӕмӕ Варнавӕ къуылых лӕджы куы сдзӕбӕх кодтой, уӕд сын сӕ размӕ нывӕндтӕ кӕй рахастой, уый»,– фыст ис иу чиныджы (The Book of Acts in Its Graeco-Roman Setting).

      Павел ӕмӕ Варнавӕ Листрӕйы цӕрджыты ӕппӕлӕн ныхӕстӕм нӕ хъусынц. Адӕм музыкалон инструменттыл цӕгъдынц, нывӕндтӕ хӕссынмӕ цӕттӕ кӕнынц ӕмӕ дыууӕ нӕлгоймаджы раз сӕ зонгуытыл лӕууынц.

      «Ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзут ӕмӕ раздӕхут удӕгас Хуыцаумӕ – арв [ӕмӕ] зӕхх... чи сфӕлдыста, уымӕ» (Хъуыддӕгтӕ 14:15)

      11–13. а) Павел ӕмӕ Варнавӕ Листрӕйы цӕрджытӕн цы загътой? б) Павел ӕмӕ Варнавӕ цы хъуыды загътой, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      11 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахӕм уавӕры дӕр архайдтой адӕмы зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл. Ацы ран Лука дзуры, мӕнгхуыцӕуттӕн чи кувы, уыдонӕн ӕнтыстджынӕй куыд хъусын кодтой, уый тыххӕй. Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел ӕмӕ Варнавӕ адӕмимӕ куыд ныхас кодтой, уымӕ: «Уый цы кусут? Мах дӕр сымахау адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ ницы стӕм! Мах уын хъусын кӕнӕм хорз хабар, цӕмӕй ацы ӕнӕпайда хъуыддӕгтӕ ныууадзат ӕмӕ раздӕхат удӕгас Хуыцаумӕ – арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уымӕ. Рагзаманты Хуыцау ӕппӕт адӕмтӕн уый бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, сӕхи куыд фӕндыд, афтӕ цардаиккой, фӕлӕ уын уӕддӕр йӕхи ӕргом кодта, йӕ хорздзинӕдтӕй уӕ цух кӕй нӕ уагъта, уымӕй: лӕвӕрдта уын къӕвдатӕ ӕмӕ бӕркадджын азтӕ, лӕвӕрдта уын парахатӕй хӕринаг ӕмӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ цинӕй ӕфсӕста» (Хъуыд. 14:15–17).

      12 Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Фыццаг: Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕхи, чи сӕм хъуыста, уыдонӕй уӕлдӕр не ’вӕрдтой. Сӕхицӕй, цы нӕ уыдысты, уый нӕ арӕзтой. Фӕлӕ сӕрныллӕгӕй загътой, сӕхӕдӕг дӕр уыдонау хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ йеддӕмӕ кӕй ницы сты. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕмӕ Варнавӕ хайджын уыдысты Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ мӕнг ахуырӕдтӕй сӕрибар уыдысты. Стӕй сӕ ныфс уыд, фидӕны Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ кӕй уыдзысты, уымӕй. Фӕлӕ уыдон ӕмбӕрстой, Листрӕйы цӕрджытӕ Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ куы суыдаиккой, уӕд уыдоны дӕр Хуыцау уыцы арфӕдзинӕдтӕй кӕй схайджын кодтаид.

      13 Мах та цы цӕстӕй кӕсӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонмӕ? Не ’мсӕр адӕймӕгтыл сӕ нымайӕм? Мах дӕр, иннӕтӕн Хуыцауы Ныхас амонгӕйӕ, Павел ӕмӕ Варнавӕйау нӕхи хизӕм, цӕмӕй нӕ кадджын кӕной, уымӕй? Ацы хъуыддаджы нын хорз цӕвиттон ныууагъта Чарлз Тейз Рассел. Уый нудӕсӕм ӕнусы кӕрон ӕмӕ ссӕдзӕм ӕнусы райдианы разамынд лӕвӕрдта хъусын кӕныны хъуыддагӕн ӕмӕ уыди диссаджы ахуыргӕнӕг. Рассел ныффыста: «Мах нӕхицӕн кад ӕмӕ цыт нӕ агурӕм, стӕй нӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, цы ныффыссӕм, уыдон адӕм арвмӕ исой. Стӕй уымӕ нӕ бӕллӕм, ӕмӕ нӕм иннӕтӕ, „Дӕ бӕрзонддзинад“ кӕнӕ „Равви“, зӕгъгӕ, дзурой». Ӕфсымӕр Рассел дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйау уыди сӕрныллӕг. Уӕдӕ мах дӕр хорз хабар уый тыххӕй нӕ хъусын кӕнӕм, цӕмӕй нӕхи скадджын кӕнӕм, фӕлӕ цӕмӕй адӕмӕн ӕххуыс кӕнӕм «удӕгас Хуыцаумӕ» раздӕхынӕн.

      14–16. Павел, Варнавӕ ӕмӕ Листрӕйы цӕрджыты хабарӕй ма ноджыдӕр цавӕр дыууӕ хъуыддагыл ахуыр кӕнӕм?

      14 Ацы раныхасӕй ма ахуыр кӕнӕм дыккаг хъуыддагыл дӕр: Павел ӕмӕ Варнавӕ архайдтой уавӕртӕм гӕсгӕ. Иконийы цӕрӕг дзуттӕгтӕй ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдонӕй уӕлдай Листрӕйы цӕрджытӕ Фыстады тыххӕй ӕмӕ, израилӕгтӕ Хуыцауы адӕм кӕй уыдысты, уый тыххӕй зыдтой гыццыл цыдӕртӕ кӕнӕ та бынтондӕр ницы. Фӕлӕ Павел ӕмӕ Варнавӕ зыдтой, зӕхкусӕг адӕмимӕ кӕй ныхас кодтой, уый. Листрӕ уыди хъарм бӕстӕ ӕмӕ дзы зӕхх лӕвӕрдта хорз тыллӕг. Уыцы адӕмӕн сӕ бон бирӕ хъуыддӕгты уыд фенын, Сфӕлдисӕг цы диссаджы миниуджыты хицау у, уый, зӕгъӕм, бӕркадджын азтӕ-иу сын кӕй балӕвар кодта, уымӕй. Ӕмӕ сын миссионертӕ дӕр уый кой ракодтой, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаиккой (Ром. 1:19, 20).

      15 Махӕн дӕр нӕ бон у уавӕртӕм гӕсгӕ архайын? Зӕхкусӕг, чи зоны, уыцы иу мыггаг байтауы цалдӕр хуымы, фӕлӕ уыцы хуымтӕ иухуызон нӕ бакусы. Кӕцыдӕр хуымты зӕхх фӕлмӕн вӕййы, ӕмӕ дзы мыггаг ныппарын йеддӕмӕ ницыуал фӕхъӕуы. Иннӕ хуымты та зӕхмӕ фӕхъӕуы бӕстондӕр базилын. Афтӕ мах дӕр таугӕ кӕнӕм уыцы иу мыггаг – Хуыцауы Ныхасы цы хорз хабар фыст ис, уый. Фӕлӕ кӕд мах дӕр Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕзмӕм, уӕд архайдзыстӕм, кӕмӕн хъусын кӕнӕм, уыдонӕн сӕ уавӕртӕ ӕмӕ, цы диныл хӕст сты, уый базоныныл. Уыдӕттӕ куы зонӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнгӕйӕ, адӕмы зӕрдӕтӕ бацагайын (Лук. 8:11, 15).

      16 Павел, Варнавӕ ӕмӕ Листрӕйы цӕрджыты хабарӕй ма ахуыр кӕнӕм ӕртыккаг хъуыддагыл дӕр: цыфӕнды зӕрдиагӕй ма архайӕм, уӕддӕр, цы мыггаг тауӕм, уый хатт Фыдбылыз аскъӕфы кӕнӕ та дурджын зӕххыл ӕрхауы (Матф. 13:18–21). Ӕмӕ афтӕ куы рауайа, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ зӕрдыл дар, фӕстӕдӕр Павел Ромы чырыстӕттӕн цы загъта, уый: «Алчидӕр Хуыцауы раз дзуапп ратдзӕн йӕхи тыххӕй». Ӕмӕ уый хауы, Хуыцауы Ныхас кӕмӕн фӕдзурӕм, уыдонмӕ дӕр (Ром. 14:12).

      «Хистӕр нӕлгоймӕгты... Йегъовӕйы бар бакодтой» (Хъуыд. 14:20–28)

      17. Павел ӕмӕ Варнавӕ Дервийӕ кӕдӕм ацыдысты ӕмӕ цӕмӕн?

      17 Листрӕйы цӕрджытӕ Павелы горӕты ӕдде мардӕфсон куы ныууагътой, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты. Ӕмӕ Павел йӕхимӕ куы ’рцыд, уӕд фӕстӕмӕ горӕтмӕ бацыд ӕмӕ ӕхсӕв уым арвыста. Дыккаг бон та Варнавӕимӕ араст сты Дервимӕ, цӕуын сӕ бахъуыди 100 километры. Ахъуыды-ма кӕн, Павелӕн куыд зын уыдаид уыцы дард балцы цӕуын. Дуртӕй йӕ куы фӕхостой, уымӕй цалдӕр сахаты йеддӕмӕ нӕма рацыд, ӕмӕ йӕ буар уыцы цӕфтӕй куыннӕ рыстаид. Фӕлӕ уӕддӕр Павел ӕмӕ Варнавӕ сӕ къухтӕ не ’руагътой ӕмӕ Дервимӕ куы ’рцыдысты, уӕд дзы «бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ» бацӕттӕ кодтой. Уый фӕстӕ Сирийы Антиохимӕ, кӕм-иу ӕрлӕууыдысты ӕмӕ сӕм хӕстӕгдӕр чи уыд, уыцы горӕтмӕ, нӕ ацыдысты, фӕлӕ «раздӕхтысты Листрӕ, Икони ӕмӕ [Писидийы] Антиохимӕ». Цымӕ цӕмӕн? «Уым ахуыргӕнинӕгты фидар кодтой, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинады фидар уой» (Хъуыд. 14:20–22). Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагътой уыцы дыууӕ чырыстоны! Сӕхицӕн куыд хуыздӕр уыдаид, ууыл нӕ хъуыды кодтой, фӕлӕ, ӕмбырд куыд бафидар кодтаиккой, ууыл. Абон цӕуӕг цӕстдарджытӕ ӕмӕ миссионертӕ дӕр раст афтӕ лӕггад кӕнынц.

      18. Ӕфсымӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй куыд снысан кӕнынц?

      18 Павел ӕмӕ Варнавӕ ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ ныфсыл ныфс бафтыдтой, цы сын радзырдтой ӕмӕ куыд фидар уыдысты, уымӕй. Фӕлӕ ма уымӕй уӕлдай «алы ӕмбырды дӕр сӕвӕрдтой хистӕр нӕлгоймӕгтӕ». Кӕд Павел ӕмӕ Варнавӕйы уыцы балцы «Хуыцауы сыгъдӕг тых... рарвыста», уӕддӕр, цалынмӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгты «Хуыцау Йегъовӕйы бар бакодтой», уӕдмӕ уал ком фӕдардтой ӕмӕ фӕкуывтой (Хъуыд. 13:1–4; 14:23). Чырыстон ӕмбырд абон дӕр афтӕ архайы. Цалынмӕ ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты комитет ӕфсымӕртӕй искӕй тыххӕй уынаффӕ бахӕссы, йӕ бӕрны йын фылдӕр хӕстӕ бакӕнӕн ис, зӕгъгӕ, уӕдмӕ уал Хуыцаумӕ скувынц ӕмӕ лӕмбынӕг ӕркӕсынц, Библийы цы миниуджыты кой цӕуы, уыдон ӕм сты ӕви нӕ (1 Тим. 3:1–10, 12, 13; Тит. 1:5–9; Иак. 3:17, 18; 1 Пет. 5:2, 3). Ацы хъуыддаджы сӕйраг нӕу, ӕфсымӕр донаргъуыд цал азы размӕ райста, уый. Хуыцауы сыгъдӕг тых йӕ царды кӕй архайы, уый бӕрӕг уыдзӕн йӕ дзыхыныхасӕй, йӕ уаг ӕмӕ йе ’гъдауӕй ӕмӕ йын цы ном ис, уымӕй. Хистӕр нӕлгоймагӕй йӕ бон лӕггад кӕнын уыдзӕн, Фыстадмӕ гӕсгӕ цӕстдарӕгмӕ цы миниуджытӕ хъуамӕ уа, уыдон ӕм куы уой, ӕрмӕстдӕр уӕд (Гал. 5:22, 23). Районон цӕстдарӕгыл ис уыцы хӕс, цӕмӕй ӕфсымӕрты хистӕр нӕлгоймӕгтӕй нысан кӕна. (Абар 1 Тимофеймӕ 5:22.)

      19. Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ цы зонынц ӕмӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы куыд фӕзмынц?

      19 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ зонынц, ӕмбырдыл куыд тыхсынц, уый тыххӕй Хуыцауы раз дзуапп кӕй дӕттынц (Дзут. 13:17). Павел ӕмӕ Варнавӕйау уыдон дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы разӕй цӕуынц. Стӕй се ’мчырыстӕтты ныфсыл ныфс ӕфтауынц. Ӕмӕ, сӕхицӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл нӕ хъуыды кӕнынц, фӕлӕ, ӕмбырдӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл (Фил. 2:3, 4).

      20. Не ’фсымӕртӕ куыд иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц, уый тыххӕй куы фӕкӕсӕм, уӕд нын уый цы пайда ӕрхӕссы?

      20 Павел ӕмӕ Варнавӕ, кӕм-иу ӕрлӕууыдысты, уыцы горӕтмӕ, Сирийы Антиохимӕ, куы ’рбаздӕхтысты, уӕд ӕмбырдӕн радзырдтой, «Хуыцау сӕ къухӕй цы бирӕ хъуыддӕгтӕ сарӕзта ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕн уырнындзинады дуар кӕй байгом кодта, уый тыххӕй» (Хъуыд. 14:27). Не ’фсымӕртӕ куыд иузӕрдионӕй лӕггад кӕнынц ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд арфӕ кӕны, уыдӕтты тыххӕй куы кӕсӕм, уӕд махӕн уый нӕ ныфсыл ныфс ӕфтаудзӕн ӕмӕ дарддӕр дӕр «Йегъовӕйы номӕй ныфсджынӕй дзурдзыстӕм».

      a Кӕс рамкӕ «Икони – фригиаг горӕт».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын