Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 18 СӔР

      «Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»

      Павел адӕмимӕ ныхас кодта, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл ӕмӕ йӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ ивта

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 17:16–34

      1–3. а) Павел Афинты куы уыд, уӕд цӕмӕн смӕсты? б) Павелы цӕвиттонмӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд цы базондзыстӕм?

      ПАВЕЛ йӕхимидӕг мӕстӕй фыцы. Ныртӕккӕ ис грекъаг горӕт Афинты, кӕддӕр зындгонд философтӕ Сократ, Платон ӕмӕ Аристотел адӕмы кӕм ахуыр кодтой, уым. Горӕты цӕрджытӕ сты тынг кувӕг адӕм. Павел кӕдӕмфӕнды ма акӕса, алы ран дӕр – кувӕндӕтты, горӕты фӕзты ӕмӕ уынгты – уыны дуне мӕнгхуыцӕуттӕ, уымӕн ӕмӕ афинӕгтӕ тынг бирӕ хуыцӕуттӕн кувынц. Павел зоны, уыцы хъуыддагмӕ ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый (Рац. 20:4, 5). Ӕмӕ иузӕрдион апостол дӕр Йегъовӕйау йе сӕфт уыны мӕнгхуыцӕуттӕй!

      2 Павел базары фӕзмӕ куы фӕцӕйхызт, уӕд та бынтондӕр арвы цӕфау фӕци. Сӕйраг бахизӕнмӕ хӕстӕг, галиуырдыгӕй, рӕгъ-рӕгъ лӕууынц хуыцау Гермесы гуымирытӕ, се ’ппӕтӕн дӕр уӕлдай бӕрӕг дарынц се ’фсӕрмыйаг уӕнгтӕ. Базары фӕз йедзаг у хӕрзгыццыл кувӕндӕттӕй. Цымӕ зынгзӕрдӕ апостол куыд хъусын кӕндзӕн, уыйбӕрц хуыцӕуттӕн чи кувы, уыцы адӕмӕн? Йӕ маст бауромдзӕн ӕмӕ, цӕуыл сразы уой, ахӕм истӕуыл йӕ бон семӕ аныхас кӕнын бауыдзӕн? Искӕмӕн сӕ баххуыс кӕндзӕн ӕцӕг Хуыцауы агурынӕн ӕмӕ йӕ ссарынӕн?

      3 Павел Афинты цӕрӕг зондджын адӕмимӕ куыд арӕхстджын, куыд уӕздан ӕмӕ куыд ӕмбаргӕ ныхас кодта, уый тыххӕй фыст ис Хъуыддӕгты 17:22–31. Йӕ цӕвиттонмӕ йын куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм, адӕмимӕ, цӕуыл сразы уыдзысты, ууыл ныхас кӕнӕн куыд ис, стӕй сӕ куыд ис баразӕнгард кӕнӕн хъуыды кӕнынмӕ.

      Адӕмы ахуыр кодта «базары фӕзы» (Хъуыд. 17:16–21)

      4, 5. Павел Афинты куы уыд, уӕд кӕм хъусын кодта ӕмӕ цавӕр адӕмыл сӕмбӕлд?

      4 Павел Афинты уыд йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг, н. э. 50 азмӕ ’ввахсa. Цалынмӕ Силӕ ӕмӕ Тимофей Верийӕ цыдысты, уӕдмӕ Павел, куыд ахуыр уыд, афтӕ, «ӕмбырдгӕнӕнты дзуттӕгтимӕ... ныхас кодта». Стӕй ма-иу ацыд, Афинты ӕндӕр адӕмтӕй чи цард, уыдоныл кӕм сӕмбӕлдаид, уыцы ранмӕ дӕр – «базары фӕзмӕ» (Хъуыд. 17:17). Базары фӕз уыд Акрополӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ ахста 5 гектары бӕрц. Уым ӕрмӕст ӕлхӕнгӕ ӕмӕ уӕй нӕ кодтой, фӕлӕ ма-иу дзы горӕты адӕм ӕнӕуи дӕр ӕрӕмбырд сты. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй уыцы бынат уыд «экономикӕ, политикӕ ӕмӕ культурӕйы артдзӕст». Афинӕгтӕ уарзтой уым ӕмбырд кӕнын ӕмӕ исты зондджын ныхӕстӕ кӕнын.

      АФИНТӔ – РАГОН ДУНЕЙЫ КУЛЬТУРӔЙЫ СӔЙРАГ ГОРӔТ

      Афинты истори фыссын райдыдтой н. э. размӕ ӕвдӕм ӕнусы. Фӕлӕ уӕдмӕ дӕр бирӕ рӕстӕджы дӕргъы афинаг Акропол уыди ӕнӕбасӕтгӕ фидар. Афинтӕ систы Аттикӕйы сӕйраг горӕт ӕмӕ йӕ дӕлбар уыд 2 500 квадратон километры бӕрц зӕххытӕ. Уыцы зӕххыты алыварс та уыд хӕхтӕ ӕмӕ денджыз. Горӕты ном, ӕвӕццӕгӕн, баст у йӕ бардуаг ус-хуыцау Афинӕйы номимӕ.

      Н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы афинаг закъонӕвӕрӕг Солон фӕивта горӕты ӕхсӕнадон, политикон ӕмӕ экономикон уавӕр, стӕй закъӕттӕ дӕр. Уый фӕхуыздӕр кодта мӕгуырты цард ӕмӕ бындур ӕрӕвӕрдта демократийӕн. Фӕлӕ уыцы демократи уыди сӕрибар адӕмӕн, афтӕмӕй та горӕты цӕрджытӕн сӕ фылдӕр уыдысты цагъартӕ.

      Н. э. размӕ фӕндзӕм ӕнусы грекъӕгтӕ персайнӕгтыл цалдӕр хатты куы фӕуӕлахиз сты, уӕд уый фӕстӕ горӕт Афинтӕ сси, афтӕ стыр чи нӕма уыд, ахӕм дунеон паддзахады сӕйраг горӕт. Уыцы паддзахад денджызы фӕрцы базарады куыст кодта Итали ӕмӕ Сицилийӕ райдайгӕйӕ Кипры онг (ныгуылӕны) ӕмӕ Сирийы онг (скӕсӕны). Афинтӕ сӕ тӕккӕ тыхы куы уыдысты, уӕд уыцы горӕт уыди рагон дунейы культурӕйы артдзӕст. Горӕтӕн аивады, драматургийы, философийы, дзырдарӕхстдзинады ӕмӕ наукӕйы цы бантыст, уымӕн ӕмбал нӕ уыд. Уыди дзы бирӕ ӕхсӕнадон агъуыстытӕ ӕмӕ кувӕндӕттӕ. Горӕтмӕ дардӕй куы бакастаис, уӕд йӕ сӕрмӕ зынди Акропол – тынг бӕрзонд къуыбыр. Уыцы къуыбырыл лӕууыд Парфенон ӕмӕ Афинӕйы гуымиры – йӕ бӕрзӕнд уыди 12 метры ӕмӕ конд уыд сызгъӕринӕй ӕмӕ пылыстӕгӕй.

      Горӕт Афинтӕ фыццаг басастой спартайнӕгтӕ, уый фӕстӕ – македойнӕгтӕ. Фӕстагмӕ та йӕ басастой ромӕгтӕ ӕмӕ горӕтӕн йӕ хъӕздыгдзинӕдтӕй ницыуал ныууагътой. Фӕлӕ Афинтӕ раздӕр ахӕм зындгонд горӕт кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ апостол Павелы рӕстӕджы дӕр тынг хицӕн кодта иннӕ горӕттӕй. Ацы горӕт Ромы дӕлбар бӕстӕтӕй иумӕ дӕр никуы хаудта ӕмӕ йын уыди бар, цӕмӕй йӕ цӕрджытӕн закъӕттӕ йӕхӕдӕг ӕвӕрдтаид. Стӕй Ромы паддзахадӕн хъалон дӕр нӕ фыста. Ӕмӕ кӕд Афинтӕн раздӕрау стыр кад нал уыди, уӕддӕр ацы горӕты уыд бирӕ университеттӕ, ӕмӕ хъӕздгуытӕ сӕ лӕппуты ахуыр кӕнынмӕ уырдӕм ӕрвыстой.

      5 Базары фӕзы Павел сӕмбӕлд зындзырд адӕмыл. Чи йӕм хъуыста, уыдоны ’хсӕн уыди философтӕ – Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ стоиктӕ. Уыцы дыууӕ къорды кӕрӕдзиимӕ ӕдзух кодтой быцӕуb. Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ цард йӕхи ’гъдауӕй фӕзынд. Цардмӕ цы цӕстӕй кастысты, уый цыбыртӕй ис афтӕ зӕгъӕн: «Хуыцауӕй тӕрсын нӕ хъӕуы; мӕлӕт рыст не ’взарын кӕны; хорздзинад ис ссарӕн; фыддзинадӕн ис бафӕразӕн». Стоиктӕ та дзырдтой, зӕгъгӕ, сӕйрагдӕр у, цӕмӕй адӕймаг алы хъуыддаджы дӕр йӕ зондӕй архайа ӕмӕ хъуыды кӕнын зона, стӕй, дам, Хуыцау удӕгас чидӕр нӕу, фӕлӕ у цыдӕр тых. Епикуры фӕдылдзӕуджыты дӕр ӕмӕ стоикты дӕр нӕ уырныдта, Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ цы дзырдтой, уый, зӕгъгӕ, мӕрдтӕ райгас уыдзысты. Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй, ацы дыууӕ къорды цы амыдтой, уымӕн ӕппындӕр иумӕйагӕй ницы уыд, Павел цы хъусын кодта, уыимӕ, ома Чырыстийы диссаджы ахуырӕдтимӕ.

      6, 7. Зондджын грекъӕгтӕй иуӕй-иутӕ Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн, абон махмӕ дӕр ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсынц?

      6 Цымӕ уыцы зондджын грекъӕгтӕ Павелы ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? Чидӕртӕ йӕ схуыдтой «дзӕгъӕлдзых». Ацы дзырдӕй цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый ма нысан кӕны «мыггӕгтӕ уидзӕг» дӕр. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 17:18 стихмӕ, nwtsty-E.) Иу ахуыргонд куыд зӕгъы, афтӕмӕй ацы грекъаг дзырдӕй «фыццаг хуыдтой, хоры нӕмгуытӕ чи уыгъта, ахӕм гыццыл цъиуы, фӕстӕдӕр та афтӕ хонын райдыдтой, базары фӕзы хӕринаджы муртӕ кӕнӕ ма-иу дзы адӕм ноджыдӕр цы аппӕрстой, уыдӕттӕ чи ӕмбырд кодта, уыдоны. Цасдӕры фӕстӕ та афтӕ фӕсномыгӕй хуыдтой, зонындзинӕдты муртӕ чи ӕмбырд кодта, уӕлдайдӕр та сӕ, куыд ӕмбӕлы, афтӕ кӕрӕдзийыл сбӕттын йӕ бон кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм адӕймаджы». Уӕдӕ уыцы зондджынты афтӕ зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Павел ницы ӕмбары ӕмӕ ӕрмӕстдӕр кӕйдӕр ныхӕстӕ кӕны. Фӕлӕ куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Павел ӕппындӕр нӕ мӕт кодта, афтӕ йӕ кӕй хуыдтой, ууыл.

      7 Абон дӕр ницы фӕивта. Мах, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, Библийы цы фыст ис, уый кӕй дзурӕм, уый тыххӕй нӕ алы фидиссаг нӕмттӕй фӕхонынц. Зӕгъӕм, иуӕй-иу ахуыргӕнджытӕ дзурынц, зӕгъгӕ, цард йӕхи ’гъдауӕй фӕзынд, ӕмӕ кӕд дӕхи зондджын адӕймагыл нымайыс, уӕд ды дӕр хъуамӕ афтӕ хъуыды кӕнай. Ӕмӕ ууыл чи не ’ууӕнды, уыдоны фӕхонынц ӕнӕфендтӕ. Уымӕ гӕсгӕ, Библийы цы фыст ис, уый тыххӕй куы фӕдзурӕм ӕмӕ, дуне чидӕр кӕй скодта, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ куы фӕхӕссӕм, уӕд нӕ ахӕм зондджын адӕм иннӕты цӕсты бафтауынц, зӕгъгӕ, адон «мыггӕгтӕ уидзынӕй» дарддӕр ницы аразынц. Фӕлӕ мах ууыл ӕппындӕр нӕ мӕт кӕнӕм. Мах фидарӕй дзурӕм, цӕуыл ӕууӕндӕм, уый тыххӕй – зӕххыл цард скодта зондджын Сфӕлдисӕг, Йегъовӕ Хуыцау (Рарг. 4:11).

      8. а) Павелмӕ чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ йӕ ныхӕстӕм цы цӕстӕй ракастысты? б) Павелы Ареопагмӕ кӕй акодтой, уый цӕуыл дзурӕг уыд? (Кӕс фиппаинаг.)

      8 Павелмӕ базары фӕзы чи хъуыста, уыдонӕй чидӕртӕ та йӕ ныхӕстӕм ӕндӕр цӕстӕй ракастысты. «Куыд ӕм кӕсӕм, афтӕмӕй цыдӕр ӕцӕгӕлон хуыцӕутты кой кӕны»,– загътой уыдон (Хъуыд. 17:18). Цымӕ Павел афинӕгтӕн ӕцӕгдӕр ног хуыцӕутты кой кодта? Дзырд гыццыл хъуыддагыл нӕ цыди. Цалдӕр ӕнусы размӕ, Сократы цы хъуыддӕгты фӕаххосджын кодтой ӕмӕ йын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастой, уыдонӕй иу растдӕр ахӕм уыд. Уӕдӕ диссаг нӕу, афинӕгтӕ Павелы Ареопагмӕ кӕй акодтой ӕмӕ дзы кӕй ӕрдомдтой, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, ӕнахуыр сӕм чи фӕкаст, уыцы ныхӕстӕc. Цымӕ Павел, Фыстадимӕ зонгӕ чи нӕ уыд, уыцы адӕмимӕ хорз хабары сӕрыл куыд дзурдзӕн?

      ЕПИКУРЫ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔ ӔМӔ СТОИКТӔ

      Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ цы философийыл хӕст уыдысты, уый хицӕн кодта, стоиктӕ цы философийыл хӕст уыдысты, уымӕй. Сӕ иуты дӕр ӕмӕ иннӕты дӕр нӕ уырныдта, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый.

      Епикуры фӕдылдзӕуджыты уырныдта, хуыцӕуттӕ кӕй ис. Фӕлӕ, дам, уыцы хуыцӕутты адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕй, ӕмӕ, дам, сӕ бон адӕймагӕн нӕдӕр исты хорз ракӕнын у, нӕдӕр бафхӕрын, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хуыцӕуттӕм кувын кӕнӕ сын нывӕндтӕ хӕссын у дзӕгъӕлы. Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ куыд дзырдтой, афтӕмӕй адӕймагӕн царды уымӕй хуыздӕр ницы ис, ӕмӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн куы цӕра. Хӕрзӕгъдаудзинад ахсджиагыл нӕ нымадтой. Кӕд афтӕ дзырдтой, хъӕуы, дам, алцӕмӕй дӕр бӕрц зонын, хиуыл хӕцын, уӕддӕр уымӕ ӕрмӕст уый тыххӕй разӕнгард кодтой, ӕмӕ, дам, адӕймаг бӕрц куы нӕ зона, уӕд ӕй уый хорзмӕ не ’ркӕндзӕн. Зонындзинӕдтӕ та сӕ уый тыххӕй хъуыди, цӕмӕй хуыцӕуттӕй, стӕй мӕлӕтӕй ма тарстаиккой ӕмӕ мӕнгуырнындзинӕдты ахӕсты ма уыдаиккой.

      Стоиктӕ та афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, дам, ӕппӕт дӕр у, цыдӕр тых чи у, ахӕм хуыцауы хай ӕмӕ, дам, адӕймагӕн йӕ уд дӕр уымӕй равзӕрди. Стоиктӕй иутӕ дзырдтой, ӕппынфӕстаг, дам, Дун-дуне куы сӕфа, уӕд уд дӕр фесӕфдзӕн. Иннӕтӕ та дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, фӕстагмӕ адӕймагӕн йӕ уд ногӕй бауыдзӕн уыцы хуыцауы хай. Стоикты ахуырӕдтыл хӕст чи уыд, уыцы философты хъуыдымӕ гӕсгӕ адӕймаг амондджын уӕд уыдзӕн, ӕмӕ йын ӕрдз куыд амоны, афтӕ куы цӕра.

      «Афинӕгтӕ, ӕз уынын...» (Хъуыд. 17:22, 23)

      9–11. а) Павел куыд архайдта, цӕмӕй адӕмимӕ ныхас кодтаид, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл? б) Нӕ бон куыд у Павелы уацамынды фӕзмын?

      9 Куыд базыдтам, афтӕмӕй Павел тынг смӕсты, адӕм цас мӕнгхуыцӕуттӕн кувынц, уый куы федта, уӕд. Фӕлӕ уӕддӕр йӕхиуыл фӕхӕцыд ӕмӕ сын уайдзӕфтӕ кӕнынмӕ нӕ фӕци, раст нӕ кувут, зӕгъгӕ. Павел архайдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид ӕмӕ йӕ ныхас райдыдта, уыдон цӕуыл сразы уыдаикккой, уымӕй. Уӕзданӕй сын загъта: «Афинӕгтӕ, ӕз уынын, сымах хуыцӕуттӕй иннӕтӕй тынгдӕр кӕй тӕрсут» (Хъуыд. 17:22). Ӕндӕр ныхӕстӕй сын Павел загъта: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй тынг кувӕг адӕм стут». Афтӕмӕй сӕ раппӕлыд, сӕ диныл ӕнувыд кӕй уыдысты, уый тыххӕй. Павел ӕмбӕрста, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй бакуырм кодтой, уыдонӕй чидӕртӕ рӕстдзинад сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсдзысты. Рох дзы нӕ уыд, кӕддӕр йӕхӕдӕг дӕр ахӕм уавӕры кӕй уыди – «цы арӕзта, уый не ’мбӕрста ӕмӕ йӕм уырнындзинад нӕ уыд» (1 Тим. 1:13).

      10 Дарддӕр Павел загъта, афинӕгты ӕцӕгдӕр кувӕг адӕмыл уый тыххӕй кӕй нымайы, ӕмӕ сӕ горӕты федта «Ӕнӕзонгӕ Хуыцауы» номыл нывондхӕссӕн. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй «грекъӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр адӕмтӕм ахӕм ӕгъдау уыди, ӕмӕ-иу „ӕнӕзонгӕ хуыцӕутты“ номыл нывондхӕссӕнтӕ скодтой, зӕгъгӕ, мыййаг, кӕд цавӕрдӕр хуыцауы ном не ссардтам, уӕд нӕм ма фӕхӕрам уа». Уыцы нывондхӕссӕн ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ афинӕгты уырныдта, кӕй ис, уыдон кӕй нӕ зонынц, ахӕм хуыцау. Павел уыцы нывондхӕссӕны кой скодта, цӕмӕй хорз хабармӕ рахызтаид. Загъта сын: «Сымах ӕнӕзонгӕйӕ кӕмӕн кувут, ӕз уын уыцы Хуыцауы тыххӕй дзурын» (Хъуыд. 17:23). Павел семӕ афтӕ ныхас кодта, ӕмӕ сын сӕ зӕрдӕ дӕр нӕ фӕриссын кодта, стӕй сӕ бон йӕ ныхасыл дыууӕ зӕгъын дӕр нӕ уыд. Уый ног кӕнӕ ӕцӕгӕлон хуыцӕутты кой нӕ кодта, кӕд дзы иуӕй-иутӕ афтӕ дзырдтой, уӕддӕр. Павел сын ӕмбарын кодта, кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцау ӕцӕг Хуыцау кӕй у.

      11 Нӕ бон куыд у Павелы уацамынды фӕзмын? Лӕмбынӕг куы уӕм, уӕд бамбардзыстӕм, адӕймаг исты диныл хӕст у ӕви нӕ, зӕгъӕм, йӕ хъуырыл исты ауыгъд куы уа кӕнӕ йӕм хӕдзары йе та кӕрты исты ахӕм дзауматӕ куы уа, уӕд. Ӕмӕ йын уӕд нӕ бон уыдзӕн зӕгъын: «Куыд кӕсын, афтӕмӕй Хуыцауӕн кувӕг адӕймаг дӕ. Ӕмӕ мӕ растдӕр ахӕм адӕймагимӕ фӕндыд аныхас кӕнын». Уӕздан куы уӕм ӕмӕ, адӕймаг цы диныл хӕст у, уымӕ нӕ хъус куы дарӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн, цӕуыл сразы уа, ахӕм истӕуыл йемӕ аныхас кӕнын. Дӕ зӕрдыл дар: нӕ нысан уый нӕу, ӕмӕ адӕймаг цӕуыл ӕууӕнды, уымӕ гӕсгӕ йын рагацау тӕрхон рахӕссӕм. Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй дӕр бирӕтӕ раздӕр мӕнг ахуырӕдтыл ӕууӕндыдысты ӕмӕ сӕм уыцы ахуырӕдтӕ раст кастысты.

      Хистӕр кълӕсты ахуырдзау урочы ахуыргӕнӕгимӕ ӕмӕ йе ’мкъласӕгтимӕ ныхас кӕны.

      Адӕмимӕ ныхас кӕн, цӕуыл сразы уыдзысты, ууыл

      Хуыцау «махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:24–28)

      12. Павел йӕ ныхас уавӕрмӕ гӕсгӕ куыд фӕивта?

      12 Павел йӕ ныхас райдыдта, адӕм цӕуыл сразы уыдаиккой, уымӕй. Фӕлӕ цымӕ йӕ бон суыдзӕн семӕ дарддӕр афтӕ ныхас кӕнын? Йӕ ныхасмӕхъусджытӕ грекъаг философи хорз зыдтой, Фыстадимӕ та зонгӕ нӕ уыдысты. Павел уый ӕмбӕрста ӕмӕ йӕ ныхас уавӕрмӕ гӕсгӕ фӕивта. Уый бӕрӕг у цалдӕр хъуыддагӕй. Фыццаг: Библийы цы фыст ис, уый сын комкоммӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ сын ӕй йӕхи ныхӕстӕй ӕмбарын кодта. Дыккаг: цалдӕр хатты спайда кодта номивӕгӕй, «мах», зӕгъгӕ, цӕмӕй бамбӕрстаиккой, йӕхӕдӕг дӕр уыдонӕй кӕй у. Ӕртыккаг: грекъаг фысджытӕй сын кӕйдӕрты ныхӕстӕ ӕрхаста ӕмӕ сын афтӕмӕй равдыста, цы хабӕртты кой сын кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕхи чингуыты дӕр фыст кӕй сты. Уӕдӕ ныр ӕркӕсӕм Павелы диссаджы раныхасмӕ. Афинӕгтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцауы тыххӕй сын цавӕр ахсджиаг хабӕрттӕ бамбарын кодта?

      13. Дун-дуне куыд фӕзынд, уый Павел куыд бамбарын кодта ӕмӕ йӕ ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?

      13 Хуыцау сфӕлдыста Дун-дуне. Павел загъта: «Дуне ӕмӕ, дунейы цыдӕриддӕр ис, уый чи сфӕлдыста, уыцы Хуыцау, арв ӕмӕ зӕххы Бардарӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты нӕ цӕры»d (Хъуыд. 17:24). Дун-дуне йӕхи ’гъдауӕй нӕ фӕзынд, фӕлӕ ӕппӕт дӕр ӕцӕг Хуыцау сфӕлдыста (Пс. 146:6). Грекъӕгты хуыцау Афинӕ ӕмӕ иннӕ хуыцӕуттӕ дӕр цардысты кувӕндӕтты, ӕмӕ сӕ кад дӕр кувӕндӕттыл ӕмӕ нывондхӕссӕнтыл баст уыди. Фӕлӕ Дунедарӕг Стыр Хуыцау, арв ӕмӕ зӕхх Скӕнӕг, адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты никуы бацӕудзӕн (1 Пад. 8:27). Уӕдӕ Павелы цы зӕгъын фӕндыд, уый бӕрӕг уыд: адӕймаджы къухӕй конд кувӕндӕтты цы къухӕйконд хуыцӕуттӕ ис, уыдонӕй иуы дӕр нӕй ӕцӕг Хуыцауимӕ абарӕн (Ис. 40:18–26).

      14. Хуыцауы адӕмӕй кӕй ницы хъӕуы, уый Павел куыд равдыста?

      14 Хуыцауы адӕмӕй ницы хъӕуы. Мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм-иу сӕ хуыцӕуттыл скодтой рӕсугъд дзаумӕттӕ, зынаргъ лӕвӕрттӕ-иу сын бахастой, стӕй-иу сын сӕ разы ӕрӕвӕрдтой хӕринаг ӕмӕ нозт, цыма сӕ уыдӕттӕ ӕцӕгдӕр хъуыдысты, уыйау! Фӕлӕ, чи зоны, Павелмӕ чи хъуыста, уыцы грекъаг философтӕй чидӕртӕ ӕмбӕрстой, хуыцауы адӕмӕй кӕй ницы хъӕуы. Ӕмӕ уӕд куыннӕ сразы уыдаиккой Павелы ныхӕстимӕ, зӕгъгӕ, Хуыцауы, «цыма исты хъуаг ӕййафы, уыйау... адӕймаджы къухты лӕггад нӕ хъӕуы». Ӕцӕгдӕр, адӕймаг Сфӕлдисӕгӕн цы ратта, зӕххыл ахӕмӕй цы ис?! Хуыцау адӕмӕн йӕхӕдӕг дӕтты, цы сӕ хъӕуы, уый – «цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр», уыимӕ хур, къӕвда ӕмӕ хъӕздыг зӕхх дӕр (Хъуыд. 17:25; Райд. 2:7). Уӕдӕ Хуыцауы адӕмӕй ницы хъӕуы, уымӕн ӕмӕ сын ӕппӕт дӕр йӕхӕдӕг дӕтты.

      15. Афинӕгтӕ сӕхи иннӕ адӕмтӕй хуыздӕрыл кӕй нымадтой, уый фӕдыл Павел семӕ куыд ныхас кодта ӕмӕ уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      15 Адӕймаджы Хуыцау сфӕлдыста. Афинӕгтӕ афтӕ хъуыды кодтой, ӕмӕ, грекъаг чи нӕ уыд, уыцы адӕмтӕй хуыздӕр сты. Фӕлӕ адӕймаг йӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл нымайа, уый Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу (Дык. з. 10:17). Павел семӕ уыцы хъуыддагыл ныхас кодта уӕзданӕй ӕмӕ арӕхстджынӕй. Афтӕ сын кӕй загъта, зӕгъгӕ, Хуыцау «иу адӕймагӕй рауагъта ӕппӕт адӕмты», уымӕй сӕ хъуыдытыл куыннӕ бафтыдтаид (Хъуыд. 17:26). Павел кодта, Райдианы чиныджы цы фыст ис, уый кой, ома ӕппӕт адӕм дӕр рацыдысты иу адӕймагӕй, Адамӕй (Райд. 1:26–28). Уӕдӕ адӕм иууылдӕр иу адӕймагӕй кӕй рацыдысты, уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ иу адӕмыхатт иннӕ адӕмыхаттӕй хуыздӕр у. Павелы ныхасмӕхъусджытӕ ӕнӕмӕнгдӕр бамбӕрстаиккой, цы зӕгъын ӕй фӕндыд, уый. Павелы цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм? Мах фӕнды, цӕмӕй адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕнӕм ӕмӕ ӕмбаргӕ уӕм. Фӕлӕ, Библийы цы хабӕрттӕ ис фыст, уыдонӕй сӕ ницы сусӕг кӕндзыстӕм, афтӕмӕй хуыздӕр байхъусдзысты, зӕгъгӕ.

      16. Хуыцау адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста?

      16 Хуыцауы фӕндон у, цӕмӕй йӕм адӕм ӕввахс кӕной. Павелы ныхасмӕхъусджыты ’хсӕн цы философтӕ уыд, уыдон бирӕ радзур-бадзур кодтой, адӕймаг цӕмӕн цӕры, ууыл, фӕлӕ уыцы фарстайӕн сӕ бон нӕ уыд рӕстмӕ дзуапп ссарын. Павел та бӕлвырд бамбарын кодта, Хуыцау адӕмы цӕй тыххӕй сфӕлдыста, уый – цӕмӕй йӕ «агурой, агурой йӕ зӕрдиагӕй, ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой, уӕвгӕ та уый махӕй алкӕмӕй дӕр дард нӕу» (Хъуыд. 17:27). Афинӕгтӕ кӕй нӕ зыдтой, уыцы Хуыцау ахӕм нӕу, ӕмӕ йӕ базонӕн ма уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ йӕ чи агуры ӕмӕ йӕ базонын кӕй фӕнды, уыдонӕй дард нӕу (Пс. 145:18). Дӕ хъус-ма ӕрдар, Павел кӕй загъта, «мах», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕмӕй кӕй равдыста, йӕхӕдӕг дӕр, Хуыцауы зӕрдиагӕй чи хъуамӕ «агуырдтаид», уыдонӕй кӕй уыд.

      17, 18. Адӕм цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый ӕмӕ Павел йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдӕмӕ фӕндаг куыд агуырдта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      17 Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцау сӕм куыд ӕввахс у, уый. Павел загъта: «Мах уый фӕрцы цӕрӕм, змӕлӕм ӕмӕ стӕм». Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ам Павел ӕрхаста критаг поэт Епимениды ныхӕстӕ. Уый цард н. э. размӕ ӕхсӕзӕм ӕнусы ӕмӕ «афинӕгтӕ сӕ дины хъуыддӕгтӕй иу дӕр ӕнӕ уымӕй нӕ кодтой». Хуыцау адӕммӕ куыд ӕввахс у, уый ма ноджыдӕр цӕмӕн хъуамӕ ӕмбарой, уый тыххӕй Павел загъта: «Уӕ фысджытӕй дӕр чидӕртӕ... загътой, „мах не ’ппӕт дӕр йӕ цот стӕм“, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 17:28). Адӕм хъуамӕ ӕмбарой, Хуыцауимӕ ӕнгом баст кӕй сты, уымӕн ӕмӕ уый сфӕлдыста, ӕппӕт адӕм дӕр кӕмӕй рацыдысты, уыцы фыццаг адӕймаджы. Цӕмӕй Павел йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид, уый тыххӕй сын ӕрхаста, сӕ цӕсты стыр кад кӕмӕн уыд, уыцы грекъаг уацмысты фыст ныхӕстӕe. Мах дӕр Павелау хатт цавӕрдӕр ныхӕстӕ ӕрхӕссӕм историйы чингуытӕй, энциклопедитӕй кӕнӕ, адӕм хорз кӕй зонынц, ӕндӕр ахӕм чингуытӕй. Зӕгъӕм, искӕимӕ цавӕрдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ бӕрӕгбӕтты тыххӕй куы ныхас кӕнӕм, уӕд сын нӕ бон у, мӕнг динтӕй кӕй равзӕрдысты, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссын, стыр аргъ кӕмӕн кӕнынц, ахӕм чингуытӕй. Уый фӕрцы, чи зоны, ӕнцондӕрӕй сразы уой, нӕ ныхӕстӕ раст кӕй сты, ууыл.

      18 Куыд федтам, афтӕмӕй Павел йӕ ныхас уавӕртӕм гӕсгӕ фӕивта ӕмӕ афинӕгтӕн арӕхстджынӕй бамбарын кодта Хуыцауы тыххӕй ахсджиаг хабӕрттӕ. Цымӕ сын ӕппӕт адӕттӕ цӕмӕн радзырдта? Уый сын загъта фӕстӕдӕр.

      «Ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной» (Хъуыд. 17:29–31)

      19, 20. а) Павел уӕзданӕй куыд бамбарын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕн кувын ӕнӕзонд ми кӕй у? б) Павелмӕ чи хъуыста, уыдоны цы саразын хъуыди?

      19 Ныр Павелӕн йӕ бон уыд йӕ ныхасмӕхъусджыты бӕлвырд къахдзӕфтӕ саразынмӕ баразӕнгард кӕнын. Грекъаг чингуытӕй сын цы ныхӕстӕ ӕрхаста, уыдонмӕ сын ногӕй сӕ хъус ӕрдардта ӕмӕ загъта: «Гъемӕ кӕд мах Хуыцауы цот стӕм, уӕд хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ Хуыцау, сызгъӕрин, ӕвзист кӕнӕ дурӕй цы скӕнынц, адӕймаг йӕ арӕхстдзинад ӕмӕ йе ’рхъуыдыйы фӕрцы цы саразы, уый хуызӕн у» (Хъуыд. 17:29). Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, иугӕр адӕм Хуыцауы сконд сты, уӕд уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ Хуыцау адӕймаджы къухӕй конд гуымиры уа? Павел сын уӕзданӕй бамбарын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕн кувын ӕнӕзонд ми кӕй у (Пс. 115:4–8; Ис. 44:9–20). Фӕлӕ сын афтӕ кӕй загъта, зӕгъгӕ, «мах... хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм», уый фӕрцы йӕ ныхӕстӕй карды цӕфау нӕ фесты.

      20 Павел бӕлвырд бамбарын кодта, цыдӕр сӕ кӕй хъӕуы аразын: «Хуыцау нал кӕсы, адӕм ӕй куы нӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм [ома афтӕ куы хъуыды кодтой, ӕмӕ къухӕйконд гуымирытӕн кувгӕйӕ ис Хуыцауы хорзӕх ссарӕн], ӕмӕ ныр ӕппӕт адӕмӕн дӕр дзуры, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной» (Хъуыд. 17:30). Чи зоны, Павелы ныхасмӕхъусджытӕй чидӕртӕ дис кодтой, фӕсмон кӕнын та нӕ цӕуыл хъӕуы, зӕгъгӕ. Фӕлӕ сын Павел йӕ диссаджы раныхасы бӕлвырд бамбарын кодта, царды рухс Хуыцауы фӕрцы кӕй федтой ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕ разы дзуапп кӕй дӕттынц. Уыдоны хъуыди Хуыцауы агурын, цавӕр Хуыцау у, уый базонын ӕмӕ сӕ цард ӕнӕхъӕнӕй дӕр уыцы зонындзинӕдтӕм гӕсгӕ саразын. Ӕндӕр ныхасӕй, афинӕгты хъуыди, мӕнгхуыцӕуттӕн кувын тӕригъӕд кӕй у, уый бамбарын ӕмӕ ӕрфӕсмон кӕнын.

      21, 22. Павел кӕронбӕттӕны цавӕр ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ махӕн цӕуыл дзурӕг сты?

      21 Кӕронбӕттӕны Павел загъта, стыр тых кӕм уыд, ахӕм ныхӕстӕ: «[Хуыцау] снысан кодта, йе ’взӕрст лӕджы къухӕй дунейӕн раст тӕрхон кӕд кӕндзӕн, уыцы бон. Ӕмӕ афтӕ кӕй уыдзӕн, уый се ’ппӕтӕн дӕр сбӕлвырд кодта, мӕрдтӕй йӕ кӕй райгас кодта, уымӕй» (Хъуыд. 17:31). Тӕрхоны бон ӕрцӕуинаг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕстиатӕй хъуыди ӕцӕг Хуыцауы агурын ӕмӕ йӕ ссарын! Павел нӕ загъта, Хуыцау Тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй снысан кодта, уымӕн йӕ ном. Фӕлӕ уыцы Тӕрхонгӕнӕджы тыххӕй радзырдта диссаджы хабӕрттӕ: уый уыди адӕймаг, стӕй амард ӕмӕ йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта!

      22 Павел кӕронбӕттӕны цы ныхӕстӕ загъта, уыдон махӕн дӕр сты ахсджиаг. Мах зонӕм, Хуыцау Тӕрхонгӕнӕгӕй кӕй снысан кодта, уымӕн йӕ ном. Уый у, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Йесо Чырысти (Иоан. 5:22). Стӕй зонӕм, Тӕрхоны бон мин азы кӕй ахӕсдзӕн ӕмӕ ныр тынг хӕстӕг кӕй у, уый дӕр (Рарг. 20:4, 6). Мах Тӕрхоны бонӕй нӕ тӕрсӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ зонӕм: рӕстгӕнӕгыл нымад чи ’рцӕуа, уыдон схайджын уыдзысты, ӕнхъӕл дӕр кӕмӕй не сты, ахӕм диссаджы арфӕдзинӕдтӕй. Цы рӕсугъд фидӕнмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, уый ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн. Хуыцау уый сбӕлвырд кодта, ӕппӕты стырдӕр диссаг кӕй сарӕзта, Йесо Чырыстийы кӕй райгас кодта, уымӕй!

      «Чидӕртӕ... систы уырнджытӕ» (Хъуыд. 17:32–34)

      23. Адӕм Павелы ныхӕстӕм цавӕр цӕстӕй ракастысты?

      23 Адӕм Павелы ныхӕстӕм алыхуызон цӕстӕй ракастысты. Мӕрдтӕ райгас уыдзысты, уый куы фехъуыстой, уӕд ыл «иутӕ худын райдыдтой», иннӕтӕ та йӕм кӕд байхъуыстой, уӕддӕр сӕ аразын ницы фӕндыд ӕмӕ йын загътой: «Уый тыххӕй ма дӕм ӕндӕр хатт байхъусдзыстӕм» (Хъуыд. 17:32). Фӕлӕ йын йӕ ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ чи айста, ахӕмтӕ дӕр дзы уыди. Мах кӕсӕм: «Чидӕртӕ [йӕм дзы] ӕрбаиу ӕмӕ систы уырнджытӕ. Се ’хсӕн уыди Ареопаджы тӕрхонгӕнӕг Диониси, стӕй иу сылгоймаг, Дамар, зӕгъгӕ, ӕмӕ ма ӕндӕртӕ дӕр» (Хъуыд. 17:34). Абон мах дӕр куы фӕхъусын кӕнӕм, уӕд нӕм адӕм алыхуызон цӕстӕй ракӕсынц. Иутӕ ныл худгӕ фӕкӕнынц, иннӕтӕ та нӕм ӕфсӕрмӕй байхъусынц. Фӕлӕ нын куыд ӕхсызгон вӕййы, чидӕртӕ хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айсынц ӕмӕ уырнджытӕ кӕй свӕййынц, уый!

      24. Павел Ареопаджы адӕмимӕ куыд ныхас кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      24 Павел адӕмимӕ куыд ныхас кодта, ууыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд мах дӕр сахуыр уыдзыстӕм адӕмимӕ ныхас кӕнгӕйӕ хъуыдытӕ кӕрӕдзийыл раст бӕттын, дыууӕ зӕгъӕн кӕуыл нӕй, ахӕм бӕлвырдгӕнӕнтӕ хӕссын ӕмӕ нӕ ныхас сӕ уавӕртӕм гӕсгӕ ивын дӕр. Стӕй нӕ зӕрдыл дардзыстӕм, мӕнг ахуырӕдтӕ кӕй бакуырм кодтой, уыдонимӕ фӕразонӕй ӕмӕ уӕзданӕй кӕй хъӕуы ныхас кӕнын. Нӕхицӕн ма дзы зондӕн уый райстам, ӕмӕ, Библийы цы хабӕрттӕ фыст ис, уыдонӕй хъуамӕ мацы сусӕг кӕнӕм, мыййаг нӕм адӕм куы нӕ байхъусой, зӕгъгӕ. Апостол Павелы куы фӕзмӕм, уӕд уацамынды адӕмы ахуыр кӕнынмӕ хуыздӕр арӕхсдзыстӕм. Ӕмӕ цӕстдарджытӕ та хуыздӕр арӕхсдзысты ӕмбырды хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ахуыр кӕнынмӕ. Афтӕмӕй не ’ппӕт дӕр хорз цӕттӕ уыдзыстӕм адӕмӕн баххуыс кӕнынмӕ, «цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой» (Хъуыд. 17:27).

      a Кӕс рамкӕ «Афинтӕ – рагон дунейы культурӕйы сӕйраг горӕт».

      b Кӕс рамкӕ «Епикуры фӕдылдзӕуджытӕ ӕмӕ стоиктӕ».

      c Ареопаг уыд Акрополӕй цӕгат-ныгуылӕнырдӕм ӕмӕ-иу уым ӕрӕмбырд сӕйраг тӕрхондон. Дзырд «Ареопаг», ӕвӕццӕгӕн, амоны тӕрхондонмӕ дӕр ӕмӕ комкоммӕ къуыбырмӕ дӕр. Уымӕ гӕсгӕ ахуыргӕндтӕй иутӕ афтӕ дзурынц, зӕгъгӕ, дам, Павелы акодтой уыцы къуыбырмӕ кӕнӕ уырдӕм хӕстӕг. Иннӕтӕ та зӕгъынц, зӕгъгӕ, чи зоны, тӕрхондон ӕндӕр кӕмдӕр ӕрӕмбырд, зӕгъӕм, базары фӕзӕн йӕхимидӕг, ӕмӕ йӕ уырдӕм акодтой.

      d «Дуне»-йӕ цы грекъаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый у ко́смос ӕмӕ Библийы арӕхдӕр фӕамоны адӕммӕ. Фӕлӕ грекъӕгтӕ ацы дзырдӕй пайда кодтой дун-дунейы кой кӕнгӕйӕ, ӕмӕ дзы Павел дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хъуыды бавӕрдта, цӕмӕй грекъӕгтимӕ дарддӕр дӕр ныхас кодтаид, цӕуыл сразы уыдаиккой, ууыл.

      e Ацы ныхӕстӕ Павел ӕрхаста, стоикты ахуырӕдтыл хӕст чи уыд, уыцы грекъаг поэт Арат астрономийы тыххӕй цы поэмӕ ныффыста, уырдыгӕй, «Ӕрдзы фӕзындтӕ», зӕгъгӕ (Phaenomena). Ахӕм ныхӕстӕ ма ис ӕндӕр грекъаг чингуыты дӕр, зӕгъӕм, стоикты ахуырӕдтыл хӕст фыссӕг Клеанфы уацмысы «Гимн Зевсӕн» (Hymn to Zeus).

  • «Дзур, ӕнцад ма лӕуу»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 19 СӔР

      «Дзур, ӕнцад ма лӕуу»

      Павел йӕхи фаг кусгӕ дӕр кодта, фӕлӕ йын уӕддӕр ӕппӕты сӕйрагдӕр уыди йӕ лӕггад

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 18:1–22

      1–3. Апостол Павел Коринфмӕ цӕмӕн ӕрцыд ӕмӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлд?

      ФӔУД КӔНЫ н. э. 50 аз. Апостол Павел ис Коринфы. Коринф у хъӕздыг горӕт ӕмӕ дзы базары хабӕрттӕ хорз цӕуынц. Уым ӕрцарди бирӕ грекъӕгтӕ, ромӕгтӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕa. Фӕлӕ Павел ардӕм истытӕ уӕй кӕнынмӕ кӕнӕ ӕлхӕнынмӕ не ’рцыд, стӕй йӕ нысан куыст ссарын дӕр нӕу. Ардӕм ӕрцыд бирӕ ахсджиагдӕр хъуыддаджы фӕдыл – хъуамӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕна. Фӕлӕ йӕ хъӕуы ссарын, кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат, стӕй йӕ искӕй тыхсын кӕнын дӕр нӕ фӕнды. Нӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй исчи афтӕ ахъуыды кӕна, ӕмӕ иннӕтӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ӕз лӕггад кӕндзынӕн, уыдон та мӕ дарӕнт, зӕгъгӕ. Уӕдӕ куыд бакӕндзӕн?

      2 Павел зоны цатыртӕ хуыйын. Уый ӕнцон куыст нӕу, фӕлӕ уӕддӕр Павел цӕттӕ у йӕхи къухтӕй фыдӕбон кӕнынмӕ, цӕмӕй йӕ бон уа йӕхи дарын. Цымӕ уыцы стыр горӕты, адӕм иууылдӕр сӕхи мӕт кӕм кӕнынц, уым, куыст ссардзӕн? Кӕм ӕрлӕууа, ахӕм бынат ын искуы разындзӕн? Кӕд Павел ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлд, уӕддӕр дзы рох нӕу йӕ сӕйраг куыст, йӕ лӕггад.

      3 Павел Коринфы иуцасдӕр фӕци, ӕмӕ ацы горӕты йӕ лӕггад бирӕ тыллӕг ӕрхаста. Павел Коринфы куыд лӕггад кодта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй мах дӕр нӕ участокты Хуыцауы Паддзахады тыххӕй бӕстон хъусын кӕнӕм?

      КОРИНФ – ДЫУУӔ ДЕНДЖЫЗЫ ПАДДЗАХ

      Рагон Коринф лӕууыд, Грецийы сӕйраг хай ӕмӕ хуссарырдыгӕй ӕрдӕгсакъадах Пелопоннес кӕрӕдзиимӕ чи иу кодта, уыцы нарӕг зӕххы гӕбазыл. Уыцы зӕххы гӕбаз ӕппӕты нарӕгдӕр кӕм уыд, уыцы ран йӕ уӕрх 6 километры дӕр нӕ уыди. Уымӕ гӕсгӕ Коринфӕн уыди дыууӕ наулӕууӕны. Коринфы донбакӕлӕны был уыди Лехей, уырдыгӕй денджызыл фӕндаг цыди ныгуылӕнырдӕм: Италимӕ, Сицилимӕ ӕмӕ Испанимӕ. Сароникы донбакӕлӕны был та уыди Кенхрей, ӕмӕ-иу уым та лӕууыдысты, уырдыгӕй Эгейы денджызырдӕм, Къаннӕг Азимӕ, Сиримӕ ӕмӕ Египетмӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ цы наутӕ цыдысты, уыдон.

      Пелопоннесы хуссар былгӕрӕтты-иу тыхджын дымгӕтӕ кӕй дымдта ӕмӕ-иу дзы наутӕн тӕссаг кӕй уыди, уый тыххӕй-иу денджыздзаутӕ сӕ наутӕ баурӕдтой Коринфы наулӕууӕнтӕй сӕ иуы. Сӕ ласинӕгтӕ-иу уым равдӕлон кодтой ӕмӕ-иу сӕ сурзӕххыл иннӕ наулӕууӕнмӕ аласын кодтой, уым та-иу сӕ фӕстӕмӕ наумӕ бавгӕдтой. Рогдӕр наутӕ-иу нарӕг зӕххы гӕбазыл иу денджызӕй иннӕ денджызмӕ бӕндӕнтӕй дӕр ахӕр-хӕр кодтой. Уый тыххӕй дзы уыди дурӕй конд къуырф фӕндаг. Горӕт ахӕм ран кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бар цыди, скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны ’хсӕн денджызы фӕрцы цы базарад цыд, ууыл, стӕй цӕгат ӕмӕ хуссары ’хсӕн та сурзӕххыл цы базарадон хъуыддӕгтӕ цыдысты, уыдоныл дӕр. Базарад дзы цӕджджинагау кӕй фыхти, уый фӕрцы Коринф сси хъӕздыг горӕт. Фӕлӕ ма уый уымӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ дзы адӕм уыдысты хӕлд, арӕх наулӕууӕнты куыд вӕййы, афтӕ.

      Апостол Павелы рӕстӕджы Коринф уыди Ромы дӕлбар бӕстӕ Ахайы сӕйраг горӕт ӕмӕ хицауад разамынд уырдыгӕй лӕвӕрдта. Горӕты цӕрджытӕ алыхуызон динтыл хӕст кӕй уыдысты, уый уымӕй бӕрӕг у, ӕмӕ дзы уыди, императорӕн кӕм табу кодтой, ахӕм кувӕндон, стӕй алыхуызон кувӕндӕттӕ ӕнӕнымӕц грекъаг ӕмӕ египетаг хуыцӕутты номыл ӕмӕ ма дзуттаг ӕмбырдгӕнӕн дӕр (Хъуыд. 18:4).

      Коринфмӕ хӕстӕг уыд горӕт Истмӕ, ӕмӕ-иу дзы дыууӕ азӕй дыууӕ азмӕ цыди спортивон ерыстӕ. Уыцы ерыстӕ Олимпаг хъӕзтыты фӕстӕ ахстой дыккаг бынат. Н. э. 51 азы дзы ерыстӕ куы уыд, уӕд апостол Павел уыди Коринфы. Уымӕ гӕсгӕ иу библион дзырдуаты фыст ис, зӕгъгӕ, Павел «спортивон ерыстӕ цӕвиттонӕн фыццаг хатт, Коринфмӕ цы фыстӕг ныффыста, уым кӕй ӕрхаста, уый дзӕгъӕлы нӕ уыди» (1 Кор. 9:24–27).

      «Цатыртӕ... хуыдтой» (Хъуыд. 18:1–4)

      4, 5. а) Павел Коринфы кӕм ӕрлӕууыд ӕмӕ йӕхи цӕмӕй дардта? б) Павел цатыртӕ хуыйын куыд сахуыр?

      4 Павел Коринфмӕ куы ’рцыд, уымӕй цасдӕры фӕстӕ фембӕлд уазӕгуарзон бинонтыл – дзуттаг лӕг Акилӕйыл ӕмӕ йӕ ус Прискиллӕйыл, хуыдтой ма йӕ Прискӕ дӕр. Уыцы лӕг ӕмӕ ус Коринфы ӕрцардысты, Ромы паддзах Клавдий ахӕм бардзырд куы радта, зӕгъгӕ, «дзуттӕгтӕ иууылдӕр Ромӕй ацӕуӕнт», уый фӕстӕ (Хъуыд. 18:1, 2). Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ Павелӕн ӕрмӕст цӕрӕнбынат нӕ радтой, фӕлӕ ма цӕмӕй семӕ куыстаид, уый фадат дӕр. Мах кӕсӕм: «Иу куыст кӕй кодтой – цатыртӕ кӕй хуыдтой, уымӕ гӕсгӕ [Павел] уыдонмӕ ӕрлӕууыд ӕмӕ семӕ куыста» (Хъуыд. 18:3). Цалынмӕ Павел Коринфы лӕггад кодта, уӕдмӕ йын уыцы бинонтӕ уыдысты рӕдау фысымтӕ. Павел Акилӕтӕм куы цард, уыцы рӕстӕджы ныффыста, фӕстӕдӕр Библимӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы фыстӕджытӕй цалдӕрb.

      5 Уый гӕнӕн куыд уыди, ӕмӕ Павел, «Гамалиилмӕ» чи ахуыр кодта, уый, цатыртӕ хуыдта? (Хъуыд. 22:3). Куыд зыны, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы дзуттӕгтӕ ӕгадыл нӕ нымадтой сӕ сывӕллӕтты ахӕм куыстытыл ахуыр кӕнын, кӕд ма-иу уӕлдӕр ахуыр дӕр хъуамӕ райстаиккой, уӕддӕр. Павел уыди Тарсӕй, киликиаг горӕтӕй. Киликийы бӕстӕ уыди тынг зындгонд, уымӕн ӕмӕ дзы кодтой, цатыртӕ кӕмӕй хуыдтой, уыцы хъуымац, киликиум, зӕгъгӕ. Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, Павел цатыртӕ хуыйын гыццылӕй сахуыр. Цатыртӕ хуыйджытӕн-иу сӕ куыст цы уыд? Чи зоны, цатыртӕ кӕмӕй хуыдтой, уыцы хъуымац дӕр сӕхӕдӕг уӕфтой, кӕнӕ та-иу сӕ, чи зоны, уыцы дӕрзӕг хъуымац хъуыди ӕрмӕстдӕр ныллыгтӕ кӕнын ӕмӕ йӕ бахуыйын. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уый ӕнцон куыст нӕ уыди.

      6, 7. а) Павел цатыртӕ хуыйыны куыстмӕ цы цӕстӕй каст ӕмӕ цӕмӕй бӕрӕг у, Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр сӕ куыстмӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кастысты? б) Абон чырыстӕттӕ куыд бафӕзмынц Павелы, Акилӕйы ӕмӕ Прискиллӕйы?

      6 Павелӕн цатыртӕ хуыйын йӕ сӕйраг куыст нӕ уыд. Уыцы куыст ӕрмӕстдӕр уый тыххӕй кодта, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ йӕ бон уыдаид хорз хабар «лӕвар» хъусын кӕнын (2 Кор. 11:7). Цымӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ та цы цӕстӕй кастысты сӕ куыстмӕ? Чырыстӕттӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ уыдон дӕр уыцы куыстмӕ Павелы цӕстӕй кастысты. Н. э. 52 азы Павел Коринфӕй куы ацыд, уӕд Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр сӕ куыст ныууагътой ӕмӕ йемӕ Ефесмӕ ацыдысты. Ӕмӕ уыцы горӕты цӕрӕг чырыстӕттӕ ӕмбырд кодтой сӕ хӕдзары (1 Кор. 16:19). Фӕстӕдӕр Роммӕ аздӕхтысты ӕмӕ та стӕй ногӕй Ефесмӕ ӕрцыдысты. Уыцы зынгзӕрдӕ бинонтӕ Хуыцауы Паддзахады хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрдтой ӕмӕ иннӕтӕн сӕ уды хардзӕй лӕггад кодтой. Ӕмӕ сӕ уый тыххӕй тынг бузныг уыдысты, «иннӕ адӕмты ӕмбырдты» цы чырыстӕттӕ уыд, уыдон иууылдӕр (Ром. 16:3–5; 2 Тим. 4:19).

      7 Абон дӕр чырыстӕттӕ бафӕзмынц Павелы, Акилӕйы ӕмӕ Прискиллӕйы. Нӕ рӕстӕджы дӕр зынгзӕрдӕ хъусынгӕнджытӕ фыдӕбон кӕнынц, цӕмӕй «стыр хӕрдзтӕй макӕй батыхсын кӕной» (1 Фес. 2:9). Ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонӕй бирӕтӕ кусынц бон цалдӕр сахаты, кӕнӕ та афӕдз цалдӕр мӕйы бакусынц, цӕмӕй сӕм къӕбӕры фаг уа ӕмӕ дарддӕр кӕной сӕ сӕйраг куыст – хъусын кӕныны хъуыддаг. Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйау абон дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕтӕ рӕдау фысымтӕ разынынц районон цӕстдарджытӕн. Библи нӕ разӕнгард кӕны, «алкӕддӕр ут уазӕгуарзон», зӕгъгӕ, ӕмӕ афтӕ чи кӕны, уыдон ӕй сӕхицӕй зонынц, уый фӕрцы адӕймаг куыд тынг бафидар вӕййы ӕмӕ йӕ ныфсыл ныфс куыд бафты (Ром. 12:13).

      ХУЫЦАУЫ КОМЫТӔФӔЙ ФЫСТ ФЫСТӔДЖЫТӔ УЫДЫСТЫ НЫФСЫ ХОС

      Н. э. 50–52 азты апостол Павел афӕдз ӕмӕ ’рдӕг Коринфы куы уыд, уӕд ныффыста ӕппынкъаддӕр дыууӕ фыстӕджы – Фыццаг фыстӕг ӕмӕ Дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм, дыууӕ дӕр хаст ӕрцыдысты Чырыстон Грекъаг Фыстытӕм. Галатӕгтӕм фыстӕг дӕр ныффыста кӕнӕ уыцы рӕстӕг, кӕнӕ та уымӕй гыццыл фӕстӕдӕр.

      Фыццаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм у, Павел Хуыцауы комытӕфӕй цы фыстӕджытӕ ныффыста, уыдонӕй фыццаг. Павел Фессалоникӕйы уыд н. э. 50 азмӕ ’ввахс, йӕ дыккаг уацамындон балцы рӕстӕг. Ӕмбырд дзы куы фӕзынд, уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ ӕфсымӕртӕ ӕфхӕрд ӕййафын райдыдтой, ӕмӕ уый тыххӕй Павел ӕмӕ Силӕйы горӕтӕй ацӕуын бахъуыди (Хъуыд. 17:1–10, 13). Павел, ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдыл кӕй мӕт кодта, уымӕ гӕсгӕ дыууӕ хатты фӕнд кодта фессалоникӕгты бабӕрӕг кӕнын, фӕлӕ та-иу ӕй «Сайтан бакъуылымпы кодта». Уымӕ гӕсгӕ Павел арвыста Тимофейы, цӕмӕй ӕфсымӕрты ныфс бауагътаид ӕмӕ сӕ бафидар кодтаид. Ӕвӕццӕгӕн, н. э. 50 азы кӕрон Тимофей Павелмӕ фӕстӕмӕ ӕрбаиу Коринфы ӕмӕ йын Фессалоникӕйы ӕмбырдӕй хорз хабӕрттӕ ӕрхаста. Уый фӕстӕ сӕм Павел ацы фыстӕг ныффыста (1 Фес. 2:17–3:7).

      Дыккаг фыстӕг фессалоникӕгтӕм, ӕвӕццӕгӕн, фыст ӕрцыд н. э. 51 азы, фыццаг фыстӕджы хӕдфӕстӕ. Дыууӕ фыстӕджы дӕр Павелимӕ иумӕ ӕмбырдӕн салӕмттӕ ӕрвыстой Тимофей ӕмӕ Силуан дӕр (Хъуыддӕгты чиныджы хуыйны Силӕ). Фӕлӕ, Павел Коринфы куы уыд, уый фӕстӕ та ӕртӕйӕ дӕр фӕстӕмӕ баиу сты ӕви нӕ, уый тыххӕй никуы ницы ис фыст (Хъуыд. 18:5, 18; 1 Фес. 1:1; 2 Фес. 1:1). Цӕмӕн ныффыста Павел дыккаг фыстӕг? Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ӕмбырды тыххӕй фылдӕр цыдӕртӕ базыдта. Дзургӕ та йын сӕ ракодтаид, йӕ фыццаг фыстӕг ын чи фӕхӕццӕ кодта, уый. Уымӕ гӕсгӕ Павелы бафӕндыд ӕфсымӕртӕй сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ фидардзинады тыххӕй раппӕлын. Фӕлӕ ма йӕ уымӕй уӕлдай фӕндыд, иуӕй-иутӕ сӕ цы рӕдыд хъуыдыйыл хӕст уыдысты, уый сраст кӕнын дӕр – уыдон хъуыды кодтой, зӕгъгӕ, дам, Чырысти мӕнӕ-мӕнӕ ӕрцӕудзӕн (2 Фес. 1:3–12; 2:1, 2).

      Галатӕгтӕм фыстӕгӕй куыд зыны, афтӕмӕй, Павел цалынмӕ ацы фыстӕг нӕ ныффыста, уӕдмӕ сӕм, ӕвӕццӕгӕн, уыдис ӕппынкъаддӕр дыууӕ хатты. Н. э. 47–48 азты Павел ӕмӕ Варнавӕ уыдысты Писидийы Антиохийы, Иконийы, Листрӕйы ӕмӕ Дервийы. Ацы горӕттӕ иууылдӕр уыдысты Ромы дӕлбар бӕстӕ Галатийы. Н. э. 49 азы Павел уырдӕм фӕстӕмӕ ӕрыздӕхт Силӕимӕ (Хъуыд. 13:1–14:23; 16:1–6). Павел ацы фыстӕг уый тыххӕй ныффыста, ӕмӕ уым куы уыд, уӕд йӕ хӕдфӕстӕ уырдӕм ӕрцыдысты, дзуттаг дины ӕгъдӕуттыл фидар чи хӕцыд, уыдон ӕмӕ сӕ ахуыр кодтой, зӕгъгӕ, дам, чырыстӕтты дӕр хъӕуы сунӕт кӕнын ӕмӕ Моисейы закъон ӕххӕст кӕнын. Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел галатӕгтӕм ныффыста, куыддӕр уыцы мӕнг ахуырады тыххӕй фехъуыста, афтӕ. Ацы фыстӕг сӕм, чи зоны, ныффыста Коринфӕй. Фӕлӕ ма афтӕ дӕр ис зӕгъӕн, ӕмӕ йӕ, чи зоны, ныффыста кӕнӕ Ефесӕй, фӕстӕмӕ Сирийы Антиохимӕ цӕугӕйӕ цыбыр рӕстӕгмӕ уым куы ’рлӕууыд, уӕд, кӕнӕ та Антиохийӕ (Хъуыд. 18:18–23).

      «Коринфӕгтӕй... бирӕтӕ баууӕндыдысты» (Хъуыд. 18:5–8)

      8, 9. Павел зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд цы сарӕзта ӕмӕ уый фӕстӕ кӕм хъусын кодта?

      8 Павелы куыст сӕйраджыдӕр уый тыххӕй кӕй хъуыди, цӕмӕй йӕ бон лӕггад кӕнын уыдаид, уый рабӕрӕг, Силӕ ӕмӕ Тимофей Македонийӕ рӕдау лӕвӕрттимӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд (2 Кор. 11:9). Павел фӕстиат нал кодта – «йе ’ппӕт хъарутӕ дӕр сарӕзта Хуыцауы ныхас хъусын кӕнынмӕ» (Хъуыд. 18:5). Фӕлӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ карзӕй цӕуын райдыдтой. Ӕмӕ уӕд Павел йӕ дарӕс ӕрцагъта ӕмӕ сын загъта: «Уӕ туг уӕхиуыл ис, ӕз сыгъдӕг дӕн. Ныр цӕуын ӕндӕр адӕмтӕм». Афтӕмӕй сын равдыста, ныр сӕхӕдӕг кӕй дӕтдзысты дзуапп, Чырыстийы тыххӕй хорз хабармӕ – сӕ цард кӕуыл баст у, уыцы хабармӕ – кӕй нӕ хъусынц, уый тыххӕй (Хъуыд. 18:6; Йез. 3:18, 19).

      9 Уӕдӕ ныр Павел кӕм хъусын кӕндзӕн? Павелӕн йӕ хӕдзары дуӕрттӕ уӕрӕх байгом кодта Титий Иуст. Уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд, дзуттаг дин чи райста, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ йӕ хӕдзар уыди ӕмбырдгӕнӕны тӕккӕ фарсмӕ. Гъемӕ Павел ӕмбырдгӕнӕнӕй Иусты хӕдзармӕ рацыд (Хъуыд. 18:7). Павел цалынмӕ Коринфы уыд, уӕдмӕ цӕргӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ кодта, Иусты хӕдзар та йын уыди, кӕм хъусын кодта, ахӕм бынат.

      10. Цӕмӕй бӕрӕг у, Павел йӕхицӕн афтӕ кӕй нӕ загъта, ӕрмӕстдӕр иннӕ адӕмтӕн хъусын кӕндзынӕн, зӕгъгӕ?

      10 Цымӕ Павел афтӕ кӕй загъта, ныр ӕз цӕуын ӕндӕр адӕмтӕм, зӕгъгӕ, уый ууыл дзурӕг уыди, ӕмӕ дзуттӕгтыл ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдоныл йӕ къух бынтондӕр систа? Стӕй сӕ хорз хабармӕ чи хъуыста, суанг уыдоны дӕр ныууагъта? Нӕ, уый афтӕ нӕу. Зӕгъӕм, «ӕмбырдгӕнӕны хистӕр Крисп ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ иууылдӕр Хицауыл баууӕндыдысты». Ӕвӕццӕгӕн ма Криспмӕ ӕрбаиу, ӕмбырдгӕнӕнмӕ чи цыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ, уымӕн ӕмӕ Библийы кӕсӕм: «Коринфӕгтӕй хорз хабар чи фехъуыста, уыдонӕй бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ донаргъуыд райстой» (Хъуыд. 18:8). Афтӕмӕй Коринфы фӕзынд ног чырыстон ӕмбырд, ӕмӕ ӕмбырд та кодтой Титий Иусты хӕдзары. Кӕд Лука Хъуыддӕгты чиныг дӕр, куыд ахуыр уыд, афтӕ ныффыста, ома хабӕрттӕ фӕд-фӕдыл куыд цыдысты, афтӕ, уӕд уыцы дзуттӕгтӕ ӕмӕ, дзуттаг дин чи райста, уыдон чырыстӕттӕ систы, Павел йӕ дарӕс куы ’рцагъта, уый фӕстӕ. Уӕдӕ ацы хабар дӕр хорз ӕвдисы, апостол алы хатт дӕр уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, уый.

      11. Абон Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ чырыстон диныл хӕст адӕмӕн куыд хъусын кӕнынц ӕмӕ афтӕмӕй Павелы куыд фӕзмынц?

      11 Абон дӕр бирӕ бӕстӕты чырыстон дины аргъуантӕ арф уидӕгтӕ ауагътой ӕмӕ сӕм цы адӕм цӕуы, уыдоныл фидар хӕцынц. Дунейы иуӕй-иу рӕтты чырыстон дины миссионертӕ сӕ динмӕ бирӕты раздӕхтой. Ӕмӕ, йӕхи чырыстон чи хоны, уыдонӕй бирӕтӕ фыццаг ӕнусы Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтау сӕхи сбастой адӕмы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттимӕ. Фӕлӕ Павелау мах дӕр, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ, ахӕм адӕмӕн зӕрдиагӕй хъусын кӕнӕм ӕмӕ сын ӕххуыс кӕнӕм, цӕмӕй, Библийӕ цы зонынц, уый хуыздӕр бамбарой. Ахӕм адӕм нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц кӕнӕ сӕ дины разамонджытӕ нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтты. Бирӕтӕ «Хуыцауыл тынг ӕнувыд сты, фӕлӕ, чи у, уый бӕлвырдӕй нӕ зонынц» ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, се ’хсӕн ис, ссарын кӕй хъӕуы, бирӕ ахӕм сӕрныллӕг адӕм (Ром. 10:2).

      «Ацы горӕты [мын] бирӕ адӕм ис» (Хъуыд. 18:9–17)

      12. Йесо цӕстылуайӕны Павелы ныфс куыд бауагъта?

      12 Чи зоны, Павелмӕ ахӕм дызӕрдыг хъуыдытӕ фӕзындаид, зӕгъгӕ ма Коринфы дарддӕр хъусын кӕнон ӕви нӕ. Фӕлӕ уыцы хъуыдытӕн сӕ фӕд дӕр нал аззад, Хицау Йесо йӕм цӕстылуайӕны куы фӕзынд, уыцы ӕхсӕв. Йесо йын загъта: «Тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур, ӕнцад ма лӕуу. Ӕз демӕ дӕн, ӕмӕ дӕм ничи бавналдзӕн, ничи дын ницы фыдбылыз ракӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ мын ацы горӕты бирӕ адӕм ис» (Хъуыд. 18:9, 10). Уыцы цӕстылуайӕн дзы цас ныфс бауагътаид! Хицау ын йӕхӕдӕг загъта, фыдбылызӕй йӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн, стӕй уыцы горӕты бирӕ аккаг адӕм кӕй ис. Павел уыцы цӕстылуайӕн куы федта, уӕд куыд бакодта? Мах кӕсӕм: «Уым баззад афӕдз ӕмӕ ’рдӕг ӕмӕ Хуыцауы ныхас амыдта» (Хъуыд. 18:11).

      13. Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд цымӕ цӕуыл хъуыды кодтаид, фӕлӕ йӕ уый ныфс цӕмӕн уыди, ӕмӕ йӕ хабар афтӕ нӕ рауайдзӕн?

      13 Павел Коринфы афӕдзы бӕрц куы фӕци, уӕд та йын Хицау равдыста, кӕй йын ӕххуыс кӕны, уый. Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй «дзуттӕгтӕ ӕмхуызонӕй рацыдысты Павелы ныхмӕ ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынатмӕ бакодтой» (Хъуыд. 18:12). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, тӕрхоны бынат уыд бӕрзонд лӕууӕнбынат ӕмӕ конд уыди, рӕсугъд нывӕфтыдтӕ кӕуыл уыд, ахӕм ӕрвхуыз ӕмӕ урс мраморӕй. Тӕрхоны бынат, ӕвӕццӕгӕн, уыди Коринфы базары фӕзӕн йӕ астӕумӕ ’ввахс. Йӕ размӕ та уыди стыр бынат ӕмӕ-иу дзы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд. Археологтӕ цытӕ ссардтой, уыдонмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны бынатӕй ӕмбырдгӕнӕнмӕ, ӕмӕ уӕд Иусты хӕдзармӕ дӕр, цалдӕр къахдзӕфы йеддӕмӕ нӕ уыди. Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы фӕцӕйкодтой, уӕд, чи зоны, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд Стефаны (фыццаг чырыстон хъизӕмаргӕнӕг кӕй фӕхонынц, уыцы ахуыргӕнинаджы) дуртӕй куыд фӕхостой, уыцы хабар. Уӕд Павел, кӕнӕ Савл, растыл нымадта, «Стефаны кӕй амардтой», уый (Хъуыд. 8:1). Цымӕ ныр йӕхимӕ дӕр ахӕм мӕлӕт ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Нӕ, уымӕн ӕмӕ йын Йесо зӕрдӕ бавӕрдта, «ничи дын ницы фыдбылыз ракӕндзӕн», зӕгъгӕ (Хъуыд. 18:10).

      Галлион Павелы хъуыддаг сӕхгӕдта ӕмӕ, Павелы чи аххосджын кодта, уыдон фырмӕстӕй сӕрра сты. Ромаг ӕфсӕддонтӕ архайынц, цӕмӕй сӕ ӕрсабыр кӕной.

      «Ӕмӕ сӕ тӕрхоны бынатӕй атардта» (Хъуыддӕгтӕ 18:16)

      14, 15. а) Дзуттӕгтӕ Павелы цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодтой ӕмӕ Галлион уыцы хъуыддаг цӕмӕн сӕхгӕдта? б) Сосфеныл цавӕр хабар ӕрцыд ӕмӕ уый фӕстӕ цы баци?

      14 Павелы тӕрхоны бынатмӕ куы ’рбакодтой, уӕд цы ’рцыди? Тӕрхонгӕнӕг дзы уыд Ахайы хицау Галлион, ромаг философ Сенекӕйӕн йӕ хистӕр ӕфсымӕр. Дзуттӕгтӕ Павелы ӕмхъӕлӕсӕй аххосджын кодтой: «Ацы лӕг адӕмӕн дзуры, цӕмӕй Хуыцауӕн ӕндӕрхуызон кувой, ӕмӕ афтӕмӕй закъон халы» (Хъуыд. 18:13). Уый зӕгъын сӕ фӕндыди, ӕмӕ, дам, Павел адӕмы йӕ динмӕ здахы, закъонмӕ гӕсгӕ йын уый бар нӕй, афтӕмӕй. Фӕлӕ Галлион бамбӕрста, «ӕвзӕр хъуыддаг» кӕнӕ «стыр фыдракӕнд» цы уыдаид схонӕн, ахӕмӕй Павел кӕй ницы сарӕзта (Хъуыд. 18:14). Дзуттӕгтӕ кӕрӕдзиимӕ цӕуыл быцӕу кодтой, уыцы хъуыддӕгты та йӕ йӕхи тъыссын нӕ фӕндыди. Ӕмӕ Павел йӕхи сӕрыл иу ныхас дӕр нӕма загъта, афтӕ Галлион хъуыддаг сӕхгӕдта! Павелы чи аххосджын кодта, уыдон фырмӕстӕй сӕрра сты ӕмӕ сӕ маст Сосфеныл ныккалдтой. Ӕвӕццӕгӕн, Криспы бӕсты ӕмбырдгӕнӕны хистӕр уый сси. Гъемӕ йӕм дзуттӕгтӕ фӕлӕбурдтой «ӕмӕ йӕ тӕрхоны бынаты раз нӕмын байдыдтой» (Хъуыд. 18:17).

      15 Цымӕ Галлион адӕмы цӕуылнӕ баурӕдта, йӕ разы Сосфеныл куы балӕууыдысты, уӕд? Чи зоны, афтӕ хъуыды кодта, ӕмӕ адӕмы Павелы ныхмӕ Сосфен скодта, ӕмӕ йын уымӕ гӕсгӕ аккаг фесты. Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр уыцы хабары, ӕвӕццӕгӕн, хорзӕй дӕр цыдӕр уыди. Павел цалдӕр азы фӕстӕ Коринфы ӕмбырдмӕ йӕ фыццаг фыстӕг куы фыста, уӕд иу ӕфсымӕры кой скодта, Сосфен, зӕгъгӕ (1 Кор. 1:1, 2). Цымӕ, Коринфы кӕй фӕнадтой, уыцы Сосфены кой кодта? Кӕд афтӕ уыд, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыцы хабары фӕстӕ Сосфен сси чырыстон.

      16. Йесо Павелӕн цы ныхӕстӕ загъта, уыдон нӕ куыд фидар кӕнынц?

      16 Хъуыды-ма кӕныс, Хицау Йесо Павелӕн ацы ныхӕстӕ, «тӕрсгӕ ма кӕн, фӕлӕ дзур, ӕнцад ма лӕуу. Ӕз демӕ дӕн», зӕгъгӕ, кӕд загъта? Дзуттӕгтӕ йӕм куы нӕ байхъуыстой, уый фӕстӕ (Хъуыд. 18:9, 10). Ацы ныхӕстӕ мах дӕр хъӕуы нӕ зӕрдыл дарын, уӕлдайдӕр та, адӕм хорз хабармӕ куы нӕ фӕхъусынц, уӕд. Рох нӕ макуы уӕд, Йегъовӕ зӕрдӕтӕм кӕй кӕсы ӕмӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы йӕхимӕ кӕй кӕны (1 Сам. 16:7; Иоан. 6:44). Ӕмӕ нын уый нӕ ныфсыл ныфс куыннӕ ӕфтауы, цӕмӕй дарддӕр дӕр хъусын кӕнӕм! Алы аз дӕр донаргъуыд райсы 300 000 адӕймаджы бӕрц, рӕстӕмбис нымадӕй – алы бон дӕр 800 адӕймаджы бӕрц. Чырысти нын бафӕдзӕхста, зӕгъгӕ «мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ». Ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн зӕрдӕ ӕвӕры: «Цалынмӕ ацы цардӕвӕрды кӕрон не ’рцӕуа, уӕдмӕ ӕз алы бон дӕр уыдзынӕн уемӕ» (Матф. 28:19, 20).

      «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда» (Хъуыд. 18:18–22)

      17, 18. Павел Ефесмӕ куы цыди, уӕд цымӕ цӕуыл хъуыды кодтаид?

      17 Галлион Павелы ӕфхӕрджытӕм цы цӕстӕй ракаст, уый фӕрцы, Коринфы ӕрӕджы чи фӕзынд, уыцы ӕмбырдӕн сабыр рӕстӕг скодта ӕви нӕ, уый бӕрӕг нӕу. Фӕлӕ бӕлвырдӕй зонӕм, Павел ма Коринфы цӕрӕг ӕфсымӕртимӕ «бирӕ рӕстӕг» кӕй баззад ӕмӕ сын уый фӕстӕ хӕрзбон кӕй загъта. Н. э. 52 азы уалдзӕджы йӕ зӕрды уыд Кенхрейы наулӕууӕнӕй Сиримӕ ацӕуын. Кенхрей уыди Коринфӕй скӕсӕнырдӕм 11 километры дарддӕр. Фӕлӕ цалынмӕ Кенхрейӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ «йӕ сӕр цыбыр алвыдта – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта»c (Хъуыд. 18:18). Уый фӕстӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы йемӕ акодта ӕмӕ Эгейы денджызыл ацыд Къаннӕг Азимӕ, Ефесмӕ.

      18 Павел Кенхрейӕ Ефесмӕ науыл куы цыди, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, хъуыды кодта, Коринфы куы уыди, уыцы рӕстӕгыл. Цас ӕхсызгон мысинӕгтӕ йын уыдаид ӕмӕ йӕ зӕрдӕ куыд цин кодтаид! Афӕдз ӕмӕ дзы ӕрдӕг фӕци, ӕмӕ йӕ лӕггад стыр тыллӕг ӕрхаста. Коринфы фӕзынд фыццаг ӕмбырд. Чырыстӕттӕ дзы систы Иуст, Крисп ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ, стӕй ма ноджыдӕр бирӕ чидӕртӕ, ӕмӕ ӕмбырд кодтой Иусты хӕдзары. Уыцы ног ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ Павелы зӕрдӕйӕн тынг зынаргъ уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын уый баххуыс кодта чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн. Фӕстӕдӕр сӕм фыста, зӕгъгӕ, сымах стут, мӕ зӕрдӕйыл фыст чи у, ахӕм фыстӕджытӕ. Мах дӕр Хуыцауы фӕндагыл слӕууынӕн кӕмӕн баххуыс кӕнӕм, уыдон нӕ зӕрдӕйӕн свӕййынц тынг адджын. Куыд ӕхсызгон нын вӕййы, уыцы удӕгас «ӕппӕлӕн фыстӕджытӕм» куы фӕкӕсӕм, уӕд! (2 Кор. 3:1–3).

      19, 20. Павел Ефесмӕ куы ’рцыд, уӕд цы куыста ӕмӕ Хуыцауы хъуыддаджы нысӕнттӕм тырнын куыд хъӕуы, уымӕн нын цавӕр цӕвиттон ныууагъта?

      19 Павел куыддӕр Ефесмӕ ӕрхӕццӕ, афтӕ та йӕ сӕйраг куыстмӕ бавнӕлдта. Уый «ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ дзуттӕгтимӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ ныхас кодта» (Хъуыд. 18:19). Павел ацы хатт Ефесы бирӕ нӕ фӕци. Кӕд ын ӕфсымӕртӕ лӕгъстӕ кодтой, фылдӕр нӕм баззай, зӕгъгӕ, уӕддӕр сын «не сразы». Хӕрзбон сын куы загъта, уӕд сын ныфс бавӕрдта: «Кӕд Йегъовӕйы фӕнда, уӕд та уӕм ӕрцӕудзынӕн» (Хъуыд. 18:20, 21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Павел ӕмбӕрста, Ефесы нырма бирӕ куыст кӕй ис. Ӕмӕ йӕ зӕрды уыд уыцы горӕтмӕ фӕстӕмӕ ӕрцӕуын, фӕлӕ уыцы хъуыддаг Йегъовӕйы бар бакодта. Уый махӕн дӕр хорз цӕвиттон нӕу? Мах дӕр хъӕуы Хуыцауы хъуыддаджы нӕ разы нысӕнттӕ ӕвӕрын ӕмӕ сӕм тырнын. Фӕлӕ хъуамӕ алкӕддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, Хуыцау нын цы разамынд ратдзӕн, уымӕ ӕмӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ архайӕм (Иак. 4:15).

      20 Павел Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕйы Ефесы ныууагъта, йӕхӕдӕг та науыл Кесаримӕ ацыд. Уырдыгӕй та, ӕвӕццӕгӕн, «ссыд Иерусалиммӕ» ӕмӕ уым ӕмбырдӕн «салам радта». (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 18:22 стихмӕ, nwtsty-E.) Уый фӕстӕ Павел ӕрыздӕхт, арӕх-иу кӕм ӕрлӕууыд, уырдӕм – Сирийы Антиохимӕ, ӕмӕ уыйадыл йӕ дыккаг уацамындон балц фӕци. Ӕвӕдза, цас цыдӕртӕ йын бантыст ацы балцы рӕстӕджы! Фӕлӕ йӕм йӕ фӕстаг уацамындон балцы та цы ’нхъӕлмӕ каст?

      ПАВЕЛ ХУЫЦАУӔН ДЗЫРД РАДТА

      Хъуыддӕгты 18:18 фыст ис, зӕгъгӕ, Павел Кенхрейы «йӕ сӕр цыбыр алвыдта – уымӕй равдыста, Хуыцауӕн дзырд кӕй радта». Цавӕр дзырд радта Павел?

      Дзырд раттын у, адӕймаг барвӕндонӕй Хуыцауӕн куы фӕзӕгъы, цыдӕр кӕй сараздзӕн, нывонд ын кӕй ӕрхӕсдзӕн йе та йын цавӕрдӕр хуызы кӕй лӕггад кӕндзӕн. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел йӕ сӕр уый тыххӕй алвыдта, цӕмӕй, куыд назорей, афтӕ йӕ дзырд сӕххӕст кодтаид. Фӕлӕ Фыстадмӕ гӕсгӕ, назорей Йегъовӕйы раз йӕ лӕггад кӕй фӕци, уый равдисынӕн-иу хъуамӕ йӕ сӕр адастаид «ӕмбырды цатыры бахизӕны раз». Ӕмӕ куыд зыны, афтӕмӕй-иу уыцы хъуыддаг бакӕнӕн уыди ӕрмӕстдӕр Иерусалимы, Кенхрейы нӕ, фӕлӕ (Ным. 6:5, 18).

      Хъуыддӕгты чиныджы ницы ис фыст, Павел дзырд кӕд радта, уый тыххӕй. Чи зоны, уый бакодта, чырыстон куы нӕма сси, уӕд. Стӕй дзы нӕй загъд, Павел Йегъовӕйӕ исты куырдта ӕви нӕ, уый дӕр. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй Павел, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сӕр алвыдта, цӕмӕй «равдыстаид, Хуыцау ӕй кӕй хъахъхъӕны, уый тыххӕй дзы бузныг кӕй у, уымӕн ӕмӕ [Павел] Коринфы йӕ лӕггад кӕронмӕ уый фӕрцы ахӕццӕ кодта».

      a Кӕс рамкӕ «Коринф – дыууӕ денджызы паддзах».

      b Кӕс рамкӕ «Хуыцауы комытӕфӕй фыст фыстӕджытӕ уыдысты ныфсы хос».

      c Кӕс рамкӕ «Павел Хуыцауӕн дзырд радта».

  • «Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 20 СӔР

      «Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд знӕгтӕ архайдтой, уӕддӕр

      Цӕмӕй хорз хабар хъуыстгонд цыдаид, уый тыххӕй Аполлос ӕмӕ Павел цы арӕзтой

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 18:23–19:41

      1, 2. а) Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Ефесы цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты? б) Ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?

      ЕФЕСЫ уынгтӕ хъӕр-хъӕлӕбайӕ байдзаг сты. Адӕм иууылдӕр кӕдӕмдӕр лидзынц. Горӕты змӕстытӕ райдыдтой! Знӕт адӕм, апостол Павелимӕ цы дыууӕ ӕфсымӕры ис, уыдоны ӕрцахстой ӕмӕ сӕ сӕ фӕдыл фӕласынц. Уӕйгӕнджытӕй йедзаг цы фӕтӕн уынг вӕййы, уым цъиуызмӕлӕг дӕр нал ис. Иууылдӕр гуылф кӕнынц, 25 000 адӕймаджы кӕм цӕуы, уыцы амфитеатрмӕ. Адӕмӕн сӕ фылдӕр зонгӕ дӕр нӕ кӕнынц, цы ’рцыди, уый, фӕлӕ сӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ цӕмӕйдӕр тӕссаг у сӕ кувӕндонӕн ӕмӕ, стыр кад кӕмӕн кӕнынц, уыцы ус-хуыцау Артемидӕйӕн дӕр. Ӕмӕ сӕ хъӕрӕй нал ӕнцайынц: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» (Хъуыд. 19:34).

      2 Ногӕй та йӕ уынӕм, Сайтан хъусын кӕныны хъуыддаг бауромынӕн кӕй пайда кӕны, адӕм иумӕ куы ӕрӕмбырд вӕййынц ӕмӕ куы сызнӕт вӕййынц, уымӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Сайтан ӕрмӕст уымӕй нӕ пайда кӕны. Ацы сӕры ма аныхас кӕндзыстӕм, фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕн сӕ лӕггадӕн ӕмӕ сӕ иудзинадӕн ноджыдӕр цавӕр цӕлхдуртӕ ӕвӕрдта, ууыл. Фӕлӕ сӕйраджыдӕр та фендзыстӕм, йӕ фыдвӕндтӕй кӕй ницы рауад – Йегъовӕйы ныхасӕн ахӕм тых уыди, ӕмӕ «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:20). Уыцы чырыстӕттӕ Хӕйрӕгыл цӕй фӕрцы уӕлахиз кодтой? Абон ыл мах цӕй фӕрцы уӕлахиз кӕнӕм, уый фӕрцы. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах уӕлахиз нӕу, фӕлӕ Йегъовӕйы уӕлахиз. Ӕмӕ кӕд афтӕ у, уӕддӕр фыццаг ӕнусы чырыстӕттау мах дӕр хъуамӕ, нӕхицӕй цы кӕнгӕ у, уый аразӕм. Цӕмӕй нӕ лӕггад кӕронмӕ сӕххӕст кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы бӕлвырд миниуджытӕ, ӕмӕ уыцы миниуджытыл нӕ бон кусын у Йегъовӕйы сыгъдӕг тыхы фӕрцы. Уӕдӕ уал ӕркӕсӕм Аполлосы цӕвиттонмӕ.

      Уый «хорз зыдта Фыстад» (Хъуыд. 18:24–28)

      3, 4. Аполлос цы нӕ зыдта ӕмӕ уый фенгӕйӕ Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ цы сарӕзтой?

      3 Павел йе ’ртыккаг уацамындон балцы рӕстӕг Ефесмӕ фӕндагыл куы уыди, уӕд уыцы горӕтмӕ ӕрцыд иу дзуттаг, Аполлос, зӕгъгӕ. Уый уыд Египеты зындгонд горӕт Александрийӕ. Аполлосмӕ уыд диссаджы курдиӕттӕ. Дзурынмӕ тынг хорз арӕхст, стӕй «хорз зыдта Фыстад» дӕр. Уымӕй уӕлдай ма «Хуыцауы сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ удӕй арт уагъта». Йӕ зӕрдӕйы зынг афтӕ сыгъди, ӕмӕ ӕмбырдгӕнӕны дзуттӕгты раз ныфсджынӕй дзырдта (Хъуыд. 18:24, 25).

      4 Аполлос куы дзырдта, уӕд ӕм хъуыстой Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ дӕр. Аполлос адӕмы «ахуыр кодта Йесойы тыххӕй. Ӕмӕ, цы дзырдта, уый уыди раст». Уыцы чырыстон бинонтӕн уый ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ гыццыл фӕстӕдӕр бамбӕрстой, Аполлос иу ахсджиаг хъуыддаг кӕй нӕ зоны. Уый зыдта «ӕрмӕстдӕр, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыды тыххӕй». Акилӕ ӕмӕ Прискиллӕ кӕд хуымӕтӕг цатырхуыйджытӕ уыдысты, уӕддӕр афтӕ нӕ ахъуыды кодтой, ацы дзырдарӕхст ӕмӕ ахуыргонд адӕймагӕн мах цы хъуамӕ бацамонӕм, зӕгъгӕ. Уыдон ӕй «семӕ ракодтой ӕмӕ йын Хуыцауы фӕндаг бӕлвырддӕр бамбарын кодтой» (Хъуыд. 18:25, 26). Цымӕ сӕм уыцы дзырдарӕхст, ахуыргонд лӕг цы цӕстӕй ракаст? Куыд зыны, афтӕмӕй Аполлос равдыста сӕрныллӕгдзинад – алы чырыстоны дӕр цы ахсджиаг миниуджытыл хъӕуы кусын, уыдонӕй иу.

      5, 6. Аполлос Хуыцауӕн ӕнтыстджындӕрӕй лӕггад кӕнын цӕй фӕрцы райдыдта ӕмӕ йӕ цӕвиттонӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      5 Аполлос Акилӕмӕ ӕмӕ Прискиллӕмӕ кӕй байхъуыста, уый фӕрцы йӕ бон сси Йегъовӕйӕн ноджы ӕнтыстджындӕрӕй лӕггад кӕнын. Уый ацыд Ахаймӕ ӕмӕ уым чырыстӕттӕн «тынг баххуыс кодта». Уымӕй уӕлдай ма арӕхстджынӕй ныхас кодта, уым цӕрӕг дзуттӕгтӕй афтӕ чи дзырдта, Йесо Мессийӕ нӕу, зӕгъгӕ, уыдонимӕ. Лука фыссы: «Фидарӕй дзырдта ӕмӕ, дзуттӕгты ахуырӕдтӕ раст кӕй нӕ уыдысты, уый адӕмы раз бӕлвырд кодта – Фыстадӕй ӕвдыста, Йесо ӕцӕгдӕр Чырысти кӕй у, уый» (Хъуыд. 18:27, 28). Цӕй стыр ӕххуыс уыди Аполлос ӕмбырдтӕн! Зӕгъӕн ис, ӕмӕ «Йегъовӕйы ныхас» йӕ лӕггады фӕрцы дӕр уӕлахиз кодта. Аполлосы цӕвиттонӕй мах та цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      6 Чырыстӕтты ӕнӕмӕнгӕй хъӕуы сӕрныллӕгдзинадыл кусын. Хуыцау нӕ алкӕй дӕр цӕмӕйдӕр схайджын кодта. Зӕгъӕм, алкӕмӕ дӕр нӕ ис цавӕрдӕр курдиӕттӕ, царды цӕуылдӕр сахуыр стӕм кӕнӕ цыдӕртӕ базыдтам. Фӕлӕ уыдӕттӕй тынгдӕр та хъуамӕ бӕрӕг дарӕм сӕрныллӕгдзинадӕй. Кӕннод нӕм цы курдиӕттӕ ис, уыдон нӕ бабын кӕндзысты. Сӕрныллӕг куы нӕ уӕм, уӕд нӕ зӕрдӕйы уидаг ауадздзӕн, маргджын кӕрдӕгӕй уӕлдай чи нӕу, уыцы миниуӕг – сӕрбӕрзондзинад (1 Кор. 4:7; Иак. 4:6). Ӕцӕг сӕрныллӕг куы уӕм, уӕд та алкӕддӕр архайдзыстӕм, цӕмӕй иннӕты нӕхицӕй уӕлдӕр ӕвӕрӕм (Фил. 2:3). Исчи нын нӕ рӕдыдмӕ куы бацамона, уӕд мӕсты нӕ кӕндзыстӕм ӕмӕ нын зонд куы амоной, уӕд афтӕ нӕ хъуыды кӕндзыстӕм, ӕз уынаффӕхъуаг нӕ дӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ бафиппайӕм, ӕмӕ цавӕрдӕр хъуыддаджы нӕ хъуыды хицӕн кӕны, Хуыцауы сыгъдӕг тых абон цы разамынд дӕтты, уымӕй, уӕд нӕ сӕрбӕрзонддзинад нӕ бакуырм кӕндзӕн ӕмӕ афтӕ нӕ дзурдзыстӕм, мӕ хъуыды растдӕр у, зӕгъгӕ. Уӕдӕ цалынмӕ сӕрныллӕг уӕм, уӕдмӕ Йегъовӕйы къухы ӕмӕ йӕ Фырты къухы уыдзыстӕм хъӕугӕ мигӕнӕнтӕ (Лук. 1:51, 52).

      7. Павел ӕмӕ нын Аполлос сӕ сӕрныллӕгдзинадӕй фӕзминаг куыд сты?

      7 Сӕрныллӕгдзинад ма нӕ хъахъхъӕны кӕрӕдзиимӕ быцӕу кӕнынӕй дӕр, ӕз фылдӕр аразын, зӕгъгӕ. Ахъуыды-ма кӕн, Сайтаны куыд тынг фӕндыдаид фыццаг ӕнусы чырыстӕтты къордтыл ныддихтӕ кӕнын! Аполлос ӕмӕ апостол Павел сӕ дыууӕ дӕр уыдысты зынгзӕрдӕ лӕггадгӕнджытӕ. Ӕмӕ Хӕйрӕджы цинӕн кӕрон дӕр нӕ уыдаид, фырхӕлӕгӕй кӕрӕдзийы ныхмӕ куы суыдаиккой ӕмӕ сӕ ӕмбырдты стырдӕр кад кӕмӕн уыдзӕн, ууыл тох кӕнын куы райдыдтаиккой, уӕд. Афтӕ бакӕнын та сын зын нӕ уыдаид. Коринфы чырыстӕттӕй чидӕртӕ райдыдтой дзурын, «ӕз Павелы фӕдылдзӕуӕг дӕн», чидӕртӕ та – «ӕз Аполлосы», зӕгъгӕ. Цымӕ Павел ӕмӕ Аполлос хоты ӕмӕ ӕфсымӕрты ахӕм зондыл сӕхӕдӕг арӕзтой? Ницы хуызы! Павел уыди сӕрныллӕг ӕмӕ ӕргом дзырдта, Аполлос хъусын кӕныны хъуыддаджы бирӕ кӕй арӕзта, уый ӕмӕ йын йӕ бӕрны бирӕ кадджын хӕстӕ кодта. Аполлос та ӕнӕзивӕгӕй арӕзта, Павел ын цы дзырдта, уый (1 Кор. 1:10–12; 3:6, 9; Тит. 3:12, 13). Ӕвӕдза, цӕй хорз цӕвиттон нын равдыстой, иумӕ сӕрныллӕгӕй куыд лӕггад кӕнӕм, уымӕн!

      Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста» (Хъуыд. 18:23; 19:1–10)

      8. Павел Ефесмӕ кӕуылты ӕрыздӕхт ӕмӕ ахӕм фӕндаг цӕмӕн равзӕрста?

      8 Павел загъта, Ефесмӕ кӕй ӕрыздӕхдзӕн, ӕмӕ йӕ ныхасӕн хицау разындa (Хъуыд. 18:20, 21). Фӕлӕ-ма дӕ хъус ӕрдар, куыд ӕрыздӕхт, уымӕ. Фӕстаг хатт ӕй федтам Сирийы Антиохийы. Цӕмӕй уырдыгӕй Ефесмӕ бахӕццӕ уыдаид, уый тыххӕй йӕ хъуыди хӕстӕгдӕр горӕт Селевкимӕ бацӕуын, уым науыл сбадын ӕмӕ денджызыл комкоммӕ Ефесмӕ ацӕуын. Фӕлӕ Павел ацыд, «денджызӕй дард чи уыди, уыцы фӕндагыл». Куыд банымадтой, афтӕмӕй фӕцыд 1 600 километры бӕрц! Уый бӕрӕг у Хъуыддӕгты чиныджы 18:23 ӕмӕ 19:1 стихӕй. Цымӕ ахӕм зын фӕндаг цӕмӕн равзӕрста? Йӕ нысан уыд «ахуыргӕнинӕгты се ’ппӕты дӕр фидар кӕнын» (Хъуыд. 18:23). Фыццаг дыууӕ уацамындон балцы куыд уыди, афтӕ ацы хатт дӕр бирӕ фыдӕбӕттӕ бавзӕрста, фӕлӕ уӕддӕр ууыл ӕппындӕр нӕ фӕсмон кодта. Абон районон цӕстдарджытӕ ӕмӕ сӕ устытӕ дӕр сӕ лӕггадмӕ раст ахӕм цӕстӕй кӕсынц. Уӕдӕ сӕ сӕ уарзондзинад ӕмӕ сӕ удуӕлдай лӕггады тыххӕй бузныг куыннӕ хъуамӕ уӕм!

      ЕФЕС – АЗИЙЫ СӔЙРАГ ГОРӔТ

      Ефес уыди Къаннӕг Азийы ныгуылӕнырдыгӕй ӕппӕты стырдӕр горӕт. Апостол Павелы рӕстӕджы дзы цӕрджытӕ уыдаид 250 000 фылдӕр. Уый уыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Азийы сӕйраг горӕт ӕмӕ йын уыди кадджын ном, Азийы фыццаг ӕмӕ ӕппӕты стырдӕр горӕт, зӕгъгӕ.

      Ефес тынг хъӕздыг горӕт сси базарад ӕмӕ динты фӕрцы. Горӕт лӕууыд, наутӕ кӕуыл цыдысты, ахӕм цӕугӕдонмӕ хӕстӕг – цӕугӕдон денджызмӕ кӕм калд, уыцы ран, ӕмӕ базарадон фӕндӕгтӕ иууылдӕр цыдысты Ефесы наулӕууӕны уылты. Ефесы уыд Артемидӕйы зындгонд кувӕндон, фӕлӕ ма дзы уымӕй уӕлдай уыди алыхуызон кувӕндӕттӕ ӕнӕнымӕц грекъаг-ромаг, египетаг ӕмӕ анатолиаг хуыцӕуттӕн.

      Артемидӕйы кувӕндон нымад уыд рагон дунейы авд диссагӕй сӕ иуыл. Йӕ дӕргъ уыд 105 метры бӕрц, йӕ уӕрх та – 50 метры бӕрц. Уыди дзы 100 мрамор цӕджындзы бӕрц: алкӕцыйӕн дӕр йӕ фӕтӕн – 2 метры бӕрц, йӕ бӕрзӕнд – 17 метры бӕрц. Уыцы заман Зӕххастӕу денджызы алыварс бӕстӕты чи цард, уыдонӕн ацы кувӕндон уыди табуйаг. Адӕм-иу ардӕм дуне ӕхца ӕрхастой ӕмӕ-иу сӕ Артемидӕйы бар бакодтой. Уымӕ гӕсгӕ уыцы кувӕндон Азийӕн стыр банкӕй уӕлдай нӕ уыд.

      Ефесы ма уыди ӕндӕр зындгонд бынӕттӕ дӕр: спортивон ерыстӕ кӕм цыди ӕмӕ ма, ӕвӕццӕгӕн, гладиатортӕ дӕр кӕм хӕцыдысты, ахӕм стадион, театр, горӕты фӕзтӕ ӕмӕ базары фӕзтӕ, стӕй тыргътӕ алыхуызон дуканитимӕ.

      Грекъаг географ Страбон куыд фыссы, афтӕмӕй Ефесы наулӕууӕн ӕлыджы бын фӕци. Уымӕ гӕсгӕ цасдӕры фӕстӕ ацы горӕт наулӕууӕнӕн нал бӕззыд ӕмӕ дзы сабыргай цӕрӕг дӕр нал баззад. Йӕ бынаты ног горӕт нал сырӕзт, ӕмӕ, Ефесӕй цы бирӕ хӕлддзӕгтӕ баззад, уыдон фенынмӕ чи ’рцӕуы, уыцы адӕм, зӕгъӕн ис, ӕмӕ бахауынц рагон дунемӕ.

      9. Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгты донаргъуыд райсын ногӕй цӕмӕн хъуыди ӕмӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй ракастысты, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      9 Павел Ефесмӕ куы ’рхӕццӕ, уӕд дзы ссардта Аргъауӕг Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕй 12 адӕймаджы. Уыдон райстой, Иоанн кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы донаргъуыд, фӕлӕ ныр уыцы донаргъуыд йӕ тыхы нал уыд. Стӕй, куыд зыны, афтӕмӕй, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы у, уый тыххӕй дӕр бирӕ ницы зыдтой кӕнӕ та бынтондӕр ницы зыдтой. Гъемӕ сын Павел дӕр бамбарын кодта, Йесойы номӕй донаргъуыд райсын цӕмӕн хъӕуы, уый, ӕмӕ Аполлосау уыдон дӕр сӕрныллӕг разындысты ӕмӕ цӕттӕ уыдысты ахуыр кӕнынмӕ. Йесойы номыл донаргъуыд куы райстой, уӕд схайджын сты сыгъдӕг тыхӕй ӕмӕ диссаджы курдиӕттӕй. Уӕдӕ Йегъовӕйы организацийӕ фӕстейӕ куы нӕ зайӕм, уӕд хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй (Хъуыд. 19:1–7).

      10. Павел ӕмбырдгӕнӕнӕй скъоламӕ цӕмӕн рацыд ӕмӕ уыцы хабар махӕн цӕуыл дзурӕг у?

      10 Йегъовӕйы организаци размӕ кӕй цыди, уый ма цасдӕры фӕстӕ рабӕрӕг ӕндӕр хабарӕй дӕр. Павел ӕртӕ мӕйы дӕргъы ӕмбырдгӕнӕны ныфсджынӕй хъусын кодта. Ӕмӕ кӕд Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста», уӕддӕр ӕм чи хъуыста, уыдонӕй иуӕй-иутӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой ӕмӕ йӕ ныхмӕ цӕуын райдыдтой. Чырыстон «Фӕндаг кӕй фаудтой», уымӕ гӕсгӕ Павел дӕр йӕ рӕстӕг уыдоныл нал хардз кодта, фӕлӕ хъусын кӕнын райдыдта «Тиранны скъолайы» (Хъуыд. 19:8, 9). Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуын кӕй фӕндыд, уыдоны хъуыди ӕмбырдгӕнӕнӕй уыцы скъоламӕ рацӕуын. Абон дӕр уацамынды немӕ исчи куы быцӕу кӕна кӕнӕ нӕм куы нӕ хъуса, уӕд нӕ бон у, Павел куыд бакодта, афтӕ бакӕнын – уыцы адӕймаджы ныууадзын. Зӕххыл нырма бирӕ ис, цы диссаджы ныфсы тыххӕй хъусын кӕнӕм, уый базонын кӕй фӕнды, ахӕм фысау сабыр адӕм.

      11, 12. а) Павел йӕхиуыл кӕй нӕ ауӕрста ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ кӕй архайдта, уымӕй нын фӕзминаг куыд у? б) Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хъусын кӕнгӕйӕ Павелау куыд архайынц?

      11 Павел, ӕвӕццӕгӕн, уыцы скъолайы алы бон дӕр хъусын кодта райсомы 11 сахатӕй суанг фӕссихор 4 сахатмӕ. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 19:9 стихмӕ, nwtsty-E.) Уыцы афон-иу уыд ӕппӕты сабырдӕр, фӕлӕ ӕппӕты тӕвддӕр рӕстӕг. Бирӕтӕ-иу сӕ куыст фӕуагътой, цӕмӕй-иу сихор бахордтаиккой ӕмӕ-иу сӕ фӕллад суагътаиккой. Ахъуыды-ма кӕн: кӕд Павел дыууӕ азы дӕргъы афтӕ хъусын кодта, уӕд ӕдӕппӕтӕй хъусын кодтаид 3 000 сахатӕй фылдӕр, ома мӕй 125 сахатыb. Уӕдӕ Йегъовӕйы ныхас уый фӕрцы дӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта. Павел йӕхиуыл нӕ ауӕрста ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ архайдта. Хъусын кӕнынӕн-иу равзӕрста, адӕм-иу сӕрибардӕр кӕд уыдысты, уыцы рӕстӕг. Уый фӕрцы йын цы бантыст? «Азийы адӕм се ’ппӕт дӕр, дзуттӕгтӕ дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕ дӕр, фехъуыстой Хуыцауы ныхас» (Хъуыд. 19:10). Павел уыцы адӕмӕн хорз хабар ӕцӕгдӕр бӕстон фехъусын кодта!

      Дыууӕ хойы телефонӕй хъусын кӕнынц.

      Адӕмӕн хъусын кӕнӕм, кӕмфӕнды ма уой, уӕддӕр

      12 Абон дӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ сӕхиуыл нӕ ауӕрдынц ӕмӕ уавӕртӕм гӕсгӕ фӕархайынц. Адӕмимӕ фӕныхас кӕнӕм кӕмфӕнды дӕр ӕмӕ кӕдфӕнды дӕр. Фӕхъусын сын кӕнӕм уынгты, базарты ӕмӕ, машинӕтӕ кӕм фӕлӕууынц, ахӕм бынӕтты. Адӕмимӕ ма фӕныхас кӕнӕм телефонӕй кӕнӕ сӕм фыстӕджытӕ дӕр ныффыссӕм. Стӕй хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр фӕхъусын кӕнӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр хӕдзары куы вӕййынц, уыцы рӕстӕг.

      «Парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», кӕд дӕлимонтӕ ныхмӕ цыдысты, уӕддӕр (Хъуыд. 19:11–22)

      13, 14. а) Йегъовӕ Павелӕн цавӕр тых радта? б) Скевӕйы фырттӕ цӕмӕй рӕдыдысты ӕмӕ абон дӕр чырыстон динтыл хӕст адӕм цӕмӕй рӕдийынц?

      13 Лука куыд фыссы, афтӕмӕй Павелӕн Йегъовӕ ахӕм тых лӕвӕрдта, цӕмӕй «ӕнахуыр стыр диссӕгтӕ» арӕзтаид, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ лӕггад стыр тыллӕг ӕрхаста. Суанг-иу ын йӕ къухмӕрзӕнтӕ ӕмӕ йӕ раздарӕнтӕ дӕр рынчын адӕммӕ куы бахастой, уӕд-иу сдзӕбӕх сты, стӕй-иу дӕлимонтӕ дӕр адӕмӕй рацыдыстыc (Хъуыд. 19:11, 12). Хӕйрӕджытӕ-иу састы бынаты кӕй баззадысты, уый адӕмы дисы ӕфтыдта, фӕлӕ, хабар цӕй мидӕг уыд, уый алчи раст не ’мбӕрста.

      14 «Алы рӕтты чи рацу-бацу кодта ӕмӕ хӕйрӕджыты чи сырдта, уыцы дзуттӕгтӕй» дӕр чидӕртӕ архайдтой, Павел цы диссӕгтӕ арӕзта, ахӕм диссӕгтӕ аразыныл. Иуӕй-иутӕ сӕ фӕлвӕрдтой Йесойы ӕмӕ Павелы номӕй хӕйрӕджыты сурын. Лука фыссы, зӕгъгӕ, сауджынты хӕдзарвӕндагӕй чи уыд, уыцы Скевӕйы авд фырты дӕр дӕлимоны расурынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ сын дӕлимон загъта: «Йесойы зонын, стӕй Павелы дӕр, фӕлӕ сымах та чи стут?» Уый фӕстӕ, дӕлимон кӕй мидӕг уыд, уыцы адӕймаг хъӕддаг сырдау уыцы фӕлитойтыл йӕхи ныццавта, ӕмӕ уыдон дӕр бӕгънӕгӕй ӕмӕ цӕфтӕй лидзынмӕ фесты (Хъуыд. 19:13–16). Ацы хабарӕй дӕр ирдӕй зыны, «Йегъовӕйы ныхас» куыд уӕлахиз кодта, уый. Алчидӕр федта, Хуыцау Павелӕн стыр тых кӕй лӕвӕрдта, мӕнг диныл хӕст чи уыд, уыдонӕн та сӕ бон кӕй ницы уыди. Абон дӕр милуангай адӕм афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, Чырыстийы ном ссарай кӕнӕ дӕхи чырыстон хонай, уый дӕр фаг у. Фӕлӕ Йесо загъта, йӕ Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, ӕрмӕстдӕр уыдонӕн кӕй ис фидӕнӕй ӕцӕг ныфс (Матф. 7:21–23).

      15. Хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтыл ӕмӕ дзауматыл дзырд куы цӕуа, уӕд нӕ бон куыд у ефесӕгты бафӕзмын?

      15 Скевӕйы фырттӕ кӕй фӕхудинаг сты, уый адӕм куы базыдтой, уӕд се ’ппӕты дӕр Хуыцауы тас бацыд. Ӕмӕ бирӕтӕ уырнджытӕ систы ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ ныууагътой. Ефес йедзаг уыд ахӕм хъуыддӕгтӕй. Адӕм иууылдӕр кодтой хинтӕ, уыди сӕм дӕсныты дзауматӕ ӕмӕ дӕсныты чингуытӕ дӕр. Фӕлӕ ныр ефесӕгтӕй бирӕтӕ сфӕнд кодтой сӕ чингуытӕ ӕрӕмбырд кӕнын ӕмӕ сӕ се ’ппӕты раз басудзын, кӕд сӕ аргъ абоны ӕхцатӕй дӕсгай мин доллӕртӕ уыди, уӕддӕрd. Лука фыссы: «Гъе ахӕм тых уыди Йегъовӕйы ныхасӕн: тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта» (Хъуыд. 19:17–20). Уӕдӕ та ацы хабар дӕр куыд хорз равдыста, рӕстдзинад бирӕ уӕлдӕр кӕй у мӕнгдзинадӕй ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй! Уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм махӕн дӕр фӕзминаг сты. Абон дӕр дуне йедзаг у хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй. Нӕ хӕдзары ахӕм дзауматӕй исты куы ссарӕм, уӕд сӕ мах дӕр хъуамӕ ефесӕгтау уайтагъд фесафӕм. Цӕй уӕдӕ нӕхи хизӕм ахӕм ӕлгъаг хъуыддӕгтӕй, цыфӕнды зын нын ма уа, уӕддӕр.

      «Адӕм тынг сызмӕстой» (Хъуыд. 19:23–41)

      Димитрийӕн йӕ къухы Артемидӕйы гыццыл ӕвзист кувӕндон, афтӕмӕй мӕстыйӕ ныхас кӕны Ефесы ӕвзисты куыстгӕнджытимӕ. Нывы фӕстейӕ Павел хъусын кӕны, базары фӕзы чи ӕрӕмбырд, уыцы адӕмӕн.

      «Хорз адӕм, сымах ӕй зонут, мах ацы куысты фӕрцы кӕй схъӕздыг стӕм» (Хъуыддӕгтӕ 19:25)

      16, 17. а) Радзур, Димитрий Ефесы змӕнтын куыд райдыдта, уый тыххӕй. б) Ефесӕгтӕ сӕ дины сӕрыл тохгӕнгӕйӕ куыд сызнӕт сты?

      16 Ныр та аныхас кӕнӕм, Хӕйрӕг ма ноджыдӕр цавӕр мадзалӕй спайда кодта, ууыл. Лука фыссы, зӕгъгӕ, «ацы Фӕндаджы тыххӕй адӕм тынг сызмӕстой». Ацы ныхӕстӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Лука уыцы хабар ӕгӕр ныддиссаг кодтаe (Хъуыд. 19:23). Уыцы рӕстӕг ӕвзисты куыстгӕнӕг, Димитрий, зӕгъгӕ, адӕмы змӕнтын райдыдта. Ӕвзисты куыст кӕимӕ кодта, уыдонӕн уал фыццаг сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, къухӕйконд хуыцӕуттӕ кӕй уӕй кӕнынц, уымӕй кӕй схъӕздыг сты. Стӕй сын сӕ хъусты бацагъта, зӕгъгӕ, Павел цытӕ дзуры, уый тыххӕй нӕ куыст нал цӕудзӕн ӕмӕ нӕм уыйбӕрц ӕхца нал хаудзӕн, уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕ къухӕйконд хуыцӕуттӕн нӕ кувынц. Димитрий хорз зыдта, уыцы адӕм буц кӕй уыдысты, Ефесы кӕй цардысты, уымӕй, стӕй сӕ адӕмыхатт иннӕ адӕмыхӕттытӕй хуыздӕрыл кӕй нымадтой, ӕмӕ уымӕй спайда кодта. Бафӕдзӕхста сӕ, зӕгъгӕ, дарддӕр афтӕ куы ахӕсса, уӕд тӕссаг у, уӕ хуыцау Артемидӕ ӕмӕ, ӕгас дунейы дӕр йӕ кад кӕмӕн нӕры, уыцы кувӕндон куы «фесӕфа», уымӕй (Хъуыд. 19:24–27).

      17 Димитрийы ныхӕстӕ сӕ куыст бакодтой. Ӕвзисты куыстгӕнджытӕ хъӕр кӕнын райдыдтой: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» Ӕмӕ, ацы сӕры райдианы куыд кастыстӕм, афтӕ горӕт иууылдӕр хъӕр-хъӕлӕба сси ӕмӕ знӕт адӕмӕн бауромӕн нал уыдf. Павел уыди удуӕлдай лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ йӕ уымӕ гӕсгӕ фӕндыд амфитеатрмӕ ацӕуын ӕмӕ адӕмимӕ аныхас кӕнын. Фӕлӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ ауагътой, дӕхи фыдбылызы ма ӕппар, зӕгъгӕ. Уӕд адӕмы разы ӕрлӕууыд иу лӕг, Алыксандр, зӕгъгӕ, ӕмӕ афӕлвӕрдта семӕ аныхас кӕнын. Алыксандр дзуттаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕндыд, цӕмӕй сын бамбарын кодтаид, дзуттӕгтӕн уыцы чырыстӕттимӕ иумӕйагӕй кӕй ницы ис, уый. Фӕлӕ адӕмы йӕ ныхӕстӕ ницӕмӕн хъуыдысты. Дзуттаг кӕй у, уый куы бамбӕрстой, уӕд ахӕм хъӕр систой, ӕмӕ йӕ хъусгӕ дӕр ничиуал кодта. Уыдон дыууӕ сахаты бӕрц хъӕр кодтой: «Табу Ефесы Артемидӕйӕн!» Абон дӕр ницы фӕивта. Дины сӕрыл чи фӕтох кӕны, уыдон адӕмы бынтондӕр сӕрра кӕнынц (Хъуыд. 19:28–34).

      18, 19. а) Горӕты сӕргълӕууӕг куыд ӕрсабыр кодта, чи сызмӕста, уыцы адӕмы? б) Ацы дунейы бартӕ кӕй къухы ис, уыдон Йегъовӕйы адӕмы сӕрыл куыд рахӕцынц ӕмӕ уыцы хъуыддаджы махӕй та цы кӕнгӕ у?

      18 Фӕстагмӕ горӕты сӕргълӕууӕг адӕмы ӕрсабыр кодта. Уыцы ӕмбаргӕ хицау адӕмӕн бамбарын кодта, чырыстӕттӕ сӕ кувӕндонӕн дӕр ӕмӕ сӕ ус-хуыцауӕн дӕр тӕссаг кӕй ницӕмӕй сты ӕмӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Артемидӕйы кувӕндонӕн кӕй ницы зиан ракодтой, стӕй ахӕм хъуыддӕгтӕ афтӕ кӕй нӕ скъуыддзаг кӕнынц. Ӕмӕ уыцы змӕсты тыххӕй Ромы куы базоной, уӕд сӕ хабар хорз кӕй нӕ уыдзӕн, уый сын сӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кодта, уӕд сӕм йӕ ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ноджы тынгдӕр бахъардтой. Гъемӕ йӕ ныхас куы загъта, уӕд адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста. Уыцы лӕджы зондджын ныхӕстӕ сӕ нысаныл сӕмбӕлдысты – адӕмӕн сӕ маст куыд тагъд ссыгъд, хуысгӕ дӕр афтӕ тагъд акодта (Хъуыд. 19:35–41).

      19 Ахӕм уӕззаузонд хицау Чырыстийы ахуыргӕнинӕгты сӕрыл фыццаг хатт уӕд нӕ рахӕцыд, стӕй ахӕм хабар фӕстаг хатт дӕр нӕ уыди. Апостол Иоанн цӕстылуайӕны федта, фӕстаг бонты зӕхх кӕй аныхъуырдта гуылфгӕнгӕ дон. Зӕхх ӕвдисы, ацы дунейы бартӕ кӕй къухы ис ӕмӕ уӕззау зондыл хӕст чи у, уыдоны, дон та – Хӕйрӕг Чырыстийы фӕдылдзӕуджыты кӕй ӕфхӕры, уый (Рарг. 12:15, 16). Ӕмӕ уыцы цӕстылуайӕн абон ӕцӕгдӕр ӕххӕст кӕны. Арӕх ӕнӕхӕрам тӕрхонгӕнджытӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты бартӕ бахъахъхъӕнынц, цӕмӕй сӕ бон уа иумӕ сӕрибарӕй ӕмбырд кӕнын ӕмӕ хорз хабар иннӕтӕн хъусын кӕнын. Фӕлӕ уыцы хъуыддаджы нӕхицӕй дӕр бирӕ кӕнгӕ у. Куыд зыны, афтӕмӕй, Павел иннӕтимӕ уӕздан кӕй уыд, уый фӕрцы йӕм хицӕуттӕй чидӕртӕ хорз зӕрдӕ дардтой ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕ фыдбылызӕй бахъахъхъӕдтаиккой (Хъуыд. 19:31). Уӕдӕ, кӕуыл фембӕлӕм, уыдонимӕ уӕзданӕй куы ныхас кӕнӕм ӕмӕ сын куы аргъ кӕнӕм, уӕд нӕм уыдон дӕр хорз зӕрдӕ дардзысты. Мах ӕй нӕ зонӕм, нӕ хорз ӕгъдау нын кӕд ӕмӕ кӕм феххуыс уыдзӕн.

      20. а) Йегъовӕйы ныхас фыццаг ӕнусы дӕр ӕмӕ абон дӕр куыд уӕлахиз кӕны, уый тыххӕй цы зӕгъдзынӕ? б) Йегъовӕйы ныхас нӕ рӕстӕджы кӕй уӕлахиз кӕны, уымӕ гӕсгӕ дӕм цы фӕнд ис?

      20 Куыд федтам, афтӕмӕй фыццаг ӕнусы Йегъовӕйы ныхас «тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта ӕмӕ уӕлахиз кодта», ӕмӕ нын уый у стыр ныфсы хос. Ӕмӕ абон дӕр Йегъовӕйы фӕрцы йӕ адӕм куыд уӕлахиз кӕнынц, уый уынгӕйӕ нӕ ныфсыл ныфс ӕфты. Нӕ дӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы хъуыддаджы дӕ фыдӕбоны хай дӕр уа, цыфӕнды гыццыл куы уа, уӕддӕр? Кӕд о, уӕд, цы цӕвиттонтӕм ӕркастыстӕм, уыдонӕй ахуыр кӕн. Дарддӕр дӕр у сӕрныллӕг, Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цу, дӕхиуыл ма ауӕрд ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕй дӕхи хиз. Стӕй адӕмимӕ уӕзданӕй ныхас кӕн ӕмӕ сын аргъ кӕн, цӕмӕй сын цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ хорз цӕстӕй ракӕсой.

      a Кӕс рамкӕ «Ефес – Азийы сӕйраг горӕт».

      b Павел ма Ефесы ныффыста 1 Коринфӕгтӕм дӕр.

      c Чи зоны, къухмӕрзӕнтӕ Павелы хъуыдысты, цӕмӕй-иу сӕ йӕ ныхыл абастаид ӕмӕ йӕ хид йӕ цӕстытыл ма калдаид. Раздарӕнты кой дзы кӕй цӕуы, уый та, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу сӕрибар рӕстӕг, чи зоны, райсомӕй раджы, цатыртӕ хуыдта (Хъуыд. 20:34, 35).

      d Лука куыд фыссы, афтӕмӕй сӕ аргъ уыди 50 000 ӕвзист ӕхцайы. Кӕд динарты кой кодта, уӕд уыйбӕрц ӕхца бакусынӕн уӕды рӕстӕджы адӕймаджы кусын бахъуыдаид 50 000 боны, ома 137 азы бӕрц, уымӕй дӕр, къуыри авд боны куы куыстаид, уӕд.

      e Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, Павел коринфӕгтӕм куы фыста, «удӕгасӕй баззайын ӕнхъӕл дӕр нал уыдыстӕм», зӕгъгӕ, уӕд кодта ацы хабары кой (2 Кор. 1:8). Фӕлӕ, чи зоны, Павел ноджы тӕссагдӕр уавӕры кой дӕр кодта. Афтӕ куы ныффыста, зӕгъгӕ, «Ефесы хъӕддаг сырдтимӕ... тох кодтон», уӕд, чи зоны, аренӕмӕ йӕ знӕт сырдтимӕ хӕцынмӕ кӕй ракодтой кӕнӕ та адӕм йӕ ныхмӕ кӕй цыдысты, уый кой кодта (1 Кор. 15:32). Йӕ ныхӕстӕ йын бамбарӕн ис афтӕ дӕр, ӕмӕ афтӕ дӕр.

      f Ӕрмгуыстгӕнджытӕ-иу куы баиу сты, уӕд-иу сӕ ныхмӕ фӕлӕууын никӕй бон уыди. Зӕгъӕм, иу ӕнус фӕстӕдӕр Ефесы афтӕ сызмӕстой дзулгӕнджытӕ дӕр.

  • «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 21 СӔР

      «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн»

      Павел куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цавӕр уынаффӕ радта

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 20:1–38

      1–3. а) Радзур, Евтих куыд амард, уый тыххӕй. б) Павел цы сарӕзта ӕмӕ нын уыцы хабар Павелы тыххӕй цӕуыл дзурӕг у?

      ПАВЕЛ ис Троадӕйы иу хӕдзары уӕллаг уаты. Уыцы уаты адӕмӕй къух бакӕнӕн дӕр нӕй. Павел ӕфсымӕртимӕ ныхас кӕнынӕй нал ӕфсӕды, уымӕн ӕмӕ ныр семӕ фӕстаг изӕр ис. У ӕмбисӕхсӕв. Уаты судзы бирӕ цырӕгътӕ ӕмӕ дзы уый тыххӕй у ӕнуд, сулӕфӕнтӕ дзы нӕй. Иу рудзынгыл бады ӕрыгон лӕппу, Евтих, зӕгъгӕ. Ӕмӕ Павел куыд ныхас кӕны, афтӕ Евтих афынӕй ӕмӕ ӕртыккаг уӕладзыгӕй рахауд.

      2 Лука дохтыр кӕй у, уымӕ гӕсгӕ, ӕвӕццӕгӕн, ӕддӕмӕ фыццаг уый разгъордта, цӕмӕй йӕ федтаид, куыд у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ ма йӕ цы бамбарын хъуыди – Евтих «амард» (Хъуыд. 20:9). Фӕлӕ дарддӕр ӕрцыд диссаг. Павел лӕппуйыл ныддӕлгоммӕ ис ӕмӕ адӕмӕн загъта: «Ӕрсабыр ут, ӕгас у». Павел Евтихы цардмӕ раздӕхта! (Хъуыд. 20:10).

      3 Ацы хабар хорз ӕвдисы, Хуыцауы сыгъдӕг тых куыд хъомысджын у, уый. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Евтих Павелы аххосӕй нӕ амард. Фӕлӕ йӕ уӕддӕр нӕ фӕндыди, цӕмӕй Евтихы мӕлӕты тыххӕй уыцы фембӕлд хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн фенад уыдаид кӕнӕ уыцы хабар искӕмӕн къуылымпыйы хос суыдаид. Павел Евтихы кӕй райгас кодта, уый ӕмбырдӕн ӕрхаста стыр циндзинад ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтыдта, цӕмӕй дарддӕр хъусын кодтаиккой. Бӕрӕг у, Павел иннӕты цардӕн тынг кӕй аргъ кодта. Ацы хабар нын нӕ зӕрдыл лӕууын кӕны йӕ ныхӕстӕ: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн» (Хъуыд. 20:26). Цӕй уӕдӕ ӕркӕсӕм, ацы хъуыддаджы нын Павел фӕзминаг куыд у, уымӕ.

      «Араст Македонимӕ» (Хъуыд. 20:1, 2)

      4. Павел цавӕр бӕллӕхы бахауд?

      4 Айразмӕйы сӕрӕй куыд базыдтам, афтӕмӕй Павел стыр бӕллӕхы бахауд. Ефесы кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй ӕнӕхъӕн горӕт базмӕлыди. Ӕвзисты куыстгӕнджытӕ адӕмы сызмӕстой, уымӕн ӕмӕ ӕхца куыстой, адӕм Артемидӕйӕн кӕй куывтой, уый фӕрцы. «Адӕм куы ’рсабыр сты,– кӕсӕм Хъуыддӕгты 20:1,– уӕд Павел ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сӕ бафидар кодта, стӕй сын хӕрзбон загъта ӕмӕ араст Македонимӕ».

      5, 6. а) Павел Македонийы цас фӕци ӕмӕ уымы ӕфсымӕртӕн цӕмӕй баххуыс кодта? б) Павел йе ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй касти?

      5 Македонимӕ фӕндагыл Павел ӕрлӕууыд наулӕууӕн горӕт Троадӕйы ӕмӕ дзы иуцасдӕр фӕци. Уымӕй размӕ Титы Коринфмӕ арвыста, ӕмӕ йӕ ныр ныфс уыди, уым кӕй фембӕлдзысты (2 Кор. 2:12, 13). Фӕлӕ Тит кӕй не ’рцӕудзӕн, уый куы бамбӕрста, уӕд Македонимӕ ацыд. Уым ӕрдӕг афӕдзы бӕрц фӕци ӕмӕ «ахуыргӕнинӕгты бирӕ хорз ныхӕстӕй фидар кодта»a (Хъуыд. 20:2). Ӕппынфӕстаг ӕм Тит Македонийы ӕрбаиу ӕмӕ йын ӕхсызгон хабар ӕрбахаста. Радзырдта йын, коринфӕгтӕ йын йӕ фыццаг фыстӕг сӕ зӕрдӕмӕ кӕй айстой, уый тыххӕй (2 Кор. 7:5–7). Ӕмӕ уӕд Павел сфӕнд кодта ноджыдӕр ма сӕм иу фыстӕг ныффыссын. Абон нӕ Библиты уый у 2 Коринфӕгтӕм.

      6 Павел Ефесы ӕмӕ Македонийы ӕфсымӕрты куыд бабӕрӕг кодта, уый тыххӕй фысгӕйӕ Лука пайда кӕны ахӕм дзырдтӕй, «бафидар кодта» ӕмӕ «фидар кодта», зӕгъгӕ. Куыд хорз ӕвдисынц ацы ныхӕстӕ, Павел йе ’мчырыстӕттӕм цы цӕстӕй касти, уый! Павел фарисейты хуызӕн нӕ уыди. Уыдон хуымӕтӕг адӕмыл былысчъилтӕ кодтой. Павел та йе ’фсымӕрты нымадта йе ’мкусджытыл (Иоан. 7:47–49; 1 Кор. 3:9). Ӕмӕ сӕм ахӕм цӕстӕй каст, карз уайдзӕф бакӕнын-иу сын куы хъуыди, уӕд дӕр (2 Кор. 2:4).

      7. Чырыстон цӕстдарджытӕн сӕ бон куыд у Павелы фӕзмын?

      7 Абон ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ районон цӕстдарджытӕ дӕр фӕзмынц Павелы. Искӕмӕн бауайдзӕф кӕнын куы фӕхъӕуы, уӕд дӕр сӕ нысан уый вӕййы, цӕмӕй адӕймагӕн баххуыс кӕной ӕмӕ йӕ бафидар кӕной. Цӕстдарджытӕ ууыл нӕ фӕархайынц, цӕмӕй адӕймаджы бафхӕрой, фӕлӕ йӕ цӕмӕй бамбарой ӕмӕ йын йӕ ныфсыл ныфс бафтауой. Бирӕ азты дӕргъы районон цӕстдарӕгӕй чи лӕггад кодта, иу ахӕм ӕфсымӕр уый тыххӕй афтӕ загъта: «Ӕфсымӕртӕн ӕмӕ хотӕн сӕ фылдӕры фӕнды, раст цы у, уый аразын, фӕлӕ царды зындзинӕдты тыххӕй сӕхимӕ ныхъхъусынц, цӕмӕйдӕр фӕтӕрсынц ӕмӕ, куыд кӕной, уый дӕр нал фӕзонынц». Цӕстдарджытӕ ахӕм ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕн свӕййынц ныфсы хос (Дзут. 12:12, 13).

      ПАВЕЛЫ ФЫСТӔДЖЫТӔ МАКЕДОНИЙӔ

      Павел йӕ Дыккаг фыстӕджы коринфӕгтӕм фыссы, Македонимӕ куы ’рцыд, уӕд йӕ коринфаг ӕфсымӕртыл кӕй мӕт кодта. Фӕлӕ йын Тит Коринфӕй хорз хабӕрттӕ куы ’рхаста, уӕд йӕ зӕрдӕ ӕрсабыр. Ӕмӕ уӕд, н. э. 55 азмӕ ’ввахс, ныффыста 2 Коринфӕгтӕм, ӕмӕ уым ской кодта, нырма Македонийы кӕй ис (2 Кор. 7:5–7; 9:2–4). Уыцы рӕстӕг Павелӕн йӕ сагъӕстӕй иу уыди, Иудейӕйы сыгъдӕджытӕн ӕххуыс кӕй ӕмбырд кодтой, уыцы хъуыддаг кӕронмӕ ахӕццӕ кӕнын (2 Кор. 8:18–21). Стӕй ма йын ӕнцой нӕ лӕвӕрдта, Коринфы «мӕнг апостолтӕ» кӕй уыди ӕмӕ «иннӕты сайыны куыст [кӕй] кодтой», уый дӕр (2 Кор. 11:5, 13, 14).

      Чи зоны, ӕмӕ Павел йӕ Фыстӕг Титмӕ ныффыста Македонийӕ. Н. э. 61–64 азты ’хсӕн, Ромы фыццаг хатт ахст куы уыд ӕмӕ йӕ стӕй куы рауагътой, уӕд ӕрцыд сакъадах Критмӕ. Ӕмӕ Титы уым ныууагъта, цӕмӕй, раст чи нӕ уыд, уыцы хъуыддӕгтӕ сраст кодтаид ӕмӕ ӕмбырдты хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕвӕрдтаид (Тит. 1:5). Уый фӕстӕ йӕм ныффыста, Никополмӕ мӕм ӕрцу, зӕгъгӕ. Уыцы заман афтӕ хуындысты Зӕххастӕу денджызы алыварс бӕстӕты цалдӕр горӕты. Фӕлӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, ӕмӕ Павел кодта, цӕгат-ныгуылӕн Грецийы чи уыд, уыцы Никополы кой. Титмӕ куы фыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, лӕггад кодта Никополмӕ хӕстӕг кӕмдӕр (Тит. 3:12).

      Павел йӕ Фыццаг фыстӕг Тимофеймӕ дӕр ныффыста н. э. 61–64 азты, Ромы йӕ ахӕстонӕй фыццаг хатт куы ссӕрибар кодтой ӕмӕ йӕ дыккаг хатт куы нӕма ӕрцахстой, уыцы рӕстӕг. Павел йӕ фыстӕджы райдианы фыссы, Тимофейӕн кӕй загъта, цӕмӕй Ефесы баззадаид, йӕхӕдӕг та Македонимӕ кӕй ацыд (1 Тим. 1:3). Куыд зыны, афтӕмӕй Тимофеймӕ фыстӕг уырдыгӕй ныффыста. Йӕ фыстӕджы Тимофеимӕ ныхас кӕны, фыд йӕ хъӕбулимӕ куыд ныхас кӕна, афтӕ: дӕтты йын уынаффӕтӕ, фидар ӕй кӕны ӕмӕ йын ӕмбырдты бӕлвырд хъуыддӕгты фӕдыл разамынд дӕтты.

      «Йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд... скодтой» (Хъуыд. 20:3, 4)

      8, 9. а) Павелы пълӕнттӕ цӕмӕн фӕивтой ӕмӕ Сиримӕ цӕуылнӕуал ацыд? б) Дзуттӕгтӕн Павелмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕмӕн цыди?

      8 Македонийӕ Павел ацыд Коринфмӕb. Уым фӕци ӕртӕ мӕйы, ӕмӕ ныр йӕ зӕрды уыд Кенхреймӕ ацӕуын, уырдыгӕй та науыл – Сиримӕ. Афтӕмӕй Сирийӕ йӕ бон уыдаид Иерусалиммӕ ацӕуын ӕмӕ, хъуаг чи ӕййӕфта, уыцы ӕфсымӕртӕм ӕххуыс фӕхӕццӕ кӕнынc (Хъуыд. 24:17; Ром. 15:25, 26). Фӕлӕ цыдӕр ӕнӕнхъӕлӕджы хабӕртты тыххӕй Павелӕн йӕ пълӕнттӕ фӕивтой. Хъуыддӕгты 20:3 кӕсӕм: «Дзуттӕгтӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд... скодтой».

      9 Дзуттӕгтӕн Павелмӕ сӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс кӕй цыди, уым диссагӕй ницы ис. Уыдон Павелы нымадтой, раст дин чи ныууагъта, ахӕм адӕймагыл. Уымӕй размӕ Коринфы куы хъусын кодта, уӕд чырыстон дин райста Крисп – уыцы горӕты ӕмбырдгӕнӕны хицау (Хъуыд. 18:7, 8; 1 Кор. 1:14). Ӕндӕр хатт та Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтӕ Павелы ӕрбакодтой Ахайы хицау Галлионы размӕ ӕмӕ йӕ аххосджын кодтой. Фӕлӕ сын Галлион сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ ’рдардта, уымӕн ӕмӕ цы дзырдтой, уый йӕм раст нӕ фӕкаст. Ӕмӕ уӕд Павелы знӕгтӕ бынтондӕр сӕрра сты (Хъуыд. 18:12–17). Коринфы цӕрӕг дзуттӕгтӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, зыдтой, кӕнӕ та йӕ ӕмбӕрстой, Павел тагъд уырдӕм хӕстӕг горӕт Кенхреймӕ кӕй хъуамӕ ацыдаид ӕмӕ уым науыл кӕй хъуамӕ сбадтаид. Ӕмӕ йӕ ныхмӕ сусӕгвӕнд скодтой – хъуамӕ йӕ уым ӕрцахстаиккой. Ахӕм уавӕры Павел куыд бакодта?

      10. Павел Кенхрейы уылты кӕй нал ацыд, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕхицӕн фӕтарсти? Бамбарын ӕй кӕн.

      10 Цӕмӕй Павел йӕхи дӕр фыдбылызӕй бахызтаид ӕмӕ йын йӕ бар цы ӕхцатӕ бакодтой, уыдон дӕр бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтаид, уый тыххӕй аскъуыддзаг кодта, Кенхреймӕ кӕй нал ацӕудзӕн, фӕлӕ фӕстӕмӕ Македонийыл кӕй аздӕхдзӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фӕндӕгтыл дӕр-иу бирӕ цӕмӕйдӕрты уыди тӕссаг. Рагон фӕндӕгтӕ-иу йедзаг уыдысты абырджытӕй. Суанг-иу уазӕгдзӕрӕнты дӕр ӕдас нӕ уыд. Фӕлӕ Кенхрейы дзуттӕгты къухмӕ бахауыны бӕсты Павел равзӕрста йӕ фӕндаг сурзӕххыл акӕнын. Хуыцауӕн бузныг, ӕмӕ иунӕгӕй нӕ ацыд. Йемӕ уыдысты Аристарх, Гай, Секунд, Сосипатр, Тимофей, Тихик ӕмӕ Трофим (Хъуыд. 20:3, 4).

      11. Абон чырыстӕттӕ, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, сӕхи фыдбылызӕй куыд бахизынц ӕмӕ нын уыцы хъуыддаджы Йесо фӕзминаг куыд у?

      11 Абон дӕр чырыстӕттӕ хъусын кӕнынмӕ куы вӕййынц, уӕд Павелау фӕархайынц, цӕмӕй сӕхи, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фыдбылызӕй бахизой. Зӕгъӕм, иуӕй-иу рӕтты хъусын кӕнынмӕ фӕцӕуынц къордтӕй, кӕнӕ та ӕппынкъаддӕр дыууӕйӕ, иунӕгӕй нӕ, фӕлӕ. Нӕ фӕдыл куы фӕзилынц, уӕд та куыд бакӕнӕм? Мах ӕй ӕмбарӕм, чырыстӕттӕй иу дӕр уымӕй хызт кӕй нӕу (Иоан. 15:20; 2 Тим. 3:12). Фӕлӕ нӕхи барӕй тӕссаг уавӕры не ’ппарӕм. Ахъуыды-ма кӕнӕм Йесойы цӕвиттоныл. Иухатт Иерусалимы йӕ ныхмӕлӕуджытӕ дуртӕ фелвӕстой ӕмӕ йыл сӕ цӕвынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ «Йесо фӕаууон ӕмӕ кувӕндонӕй рацыд» (Иоан. 8:59). Фӕстӕдӕр та йӕ дзуттӕгтӕ марынвӕнд куы скодтой, уӕд се ’хсӕн «ӕргом нал цыди, фӕлӕ ацыд ӕдзӕрӕг быдырмӕ хӕстӕг» (Иоан. 11:54). Йесо архайдта, цӕмӕй-иу йӕхи, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фыдбылызӕй бахызтаид, кӕд-иу уый, Хуыцау ӕй зӕхмӕ цӕй тыххӕй рарвыста, уый ныхмӕ нӕ уыд, уӕд. Ӕмӕ абон чырыстӕттӕ дӕр афтӕ кӕнынц (Матф. 10:16).

      ПАВЕЛ ӔХХУЫС ФӔХӔЦЦӔ КОДТА

      Н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны фӕстӕ Иерусалимы чырыстӕттӕ бирӕ азты дӕргъы зындзинӕдтӕ ӕвзӕрстой: ӕххормаг рӕстӕг сын скодта, ӕфхӕрдтой сӕ, сӕ исбон сын фӕхастой. Ӕмӕ уыдӕтты тыххӕй бирӕтӕ хъуаг ӕййӕфтой (Хъуыд. 11:27–12:1; Дзут. 10:32–34). Уымӕ гӕсгӕ, н. э. 49 азмӕ ’ввахс, Иерусалимы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн куы загътой, цӕмӕй фылдӕр ӕндӕр адӕмтӕн хъусын кодтаид, уӕд ма йын бафӕдзӕхстой, зӕгъгӕ, «ӕфсымӕртӕй мӕгуыр чи у, уыдоны ма рох кӕнут». Ӕмӕ Павел дӕр уыцы ныхӕстӕ йӕ зӕрдыл дардта. Ӕфсымӕртӕн баххуыс кӕнынӕн ӕмбырдты ӕхца куы ӕмбырд кодтой, уӕд уыцы хъуыддагӕн дзуапп лӕвӕрдта (Гал. 2:10).

      Н. э. 55 азы Павел коринфӕгтӕн загъта: «Галатийы ӕмбырдтӕн куыд бафӕдзӕхстон, сымах дӕр афтӕ кӕнут. Алчидӕр-иу уӕ къуырийӕн йӕ фыццаг бон, цы йӕм ис, уымӕй хицӕнӕй сӕвӕрӕд, йӕ къух цас амоны, уыйбӕрц, цӕмӕй уӕм куы ’рцӕуон, уӕд уын сӕ ма хъӕуа ӕмбырд кӕнын. Куы уӕм ӕрцӕуон, уӕд, фыстӕджыты кӕй тыххӕй ныффыссат, ӕууӕнкджын сты, зӕгъгӕ, уыдоны арвитдзынӕн, цӕмӕй уын уӕ рӕдау лӕвар Иерусалиммӕ фӕхӕццӕ кӕной» (1 Кор. 16:1–3). Уымӕй бирӕ нӕ рацыд, афтӕ, Павел коринфӕгтӕм ныффыста йӕ дыккаг фыстӕг ӕмӕ сӕ сразӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ лӕвар ӕрцӕттӕ кодтаиккой. Ӕмӕ ма сын загъта, македойнӕгтӕ дӕр се ’ххуысы хай кӕй бахастой (2 Кор. 8:1–9:15).

      Н. э. 56 азы алы ӕмбырдтӕй ӕфсымӕртӕ Павелимӕ фембӕлдысты, цӕмӕй цы ӕрӕмбырд, уыдон бынатмӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой. Фараст нӕлгоймагӕй иумӕ кӕй ацыдысты, уый фӕрцы сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕдасдӕр уыди. Стӕй ма Павелӕн йемӕ ӕфсымӕртӕ кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ ничи фӕаххосджын кодтаид, ӕхцатӕ раст нӕ байуӕрста, зӕгъгӕ (2 Кор. 8:20). Павел Иерусалиммӕ сӕйраджыдӕр уый тыххӕй цыд, цӕмӕй уыцы лӕвӕрттӕ фӕхӕццӕ кодтаид (Ром. 15:25, 26). Фӕстӕдӕр Павел бӕстӕйы хицау Феликсӕн загъта: «Иерусалиммӕ ӕз бирӕ азты фӕстӕ ӕрцыдтӕн, цӕмӕй мӕ адӕмӕн ӕхцайӕ баххуыс кодтаин ӕмӕ Хуыцауӕн нывӕндтӕ ӕрхастаин» (Хъуыд. 24:17).

      «Тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:5–12)

      12, 13. а) Евтих кӕй райгас, уыцы хабар ӕмбырдыл куыд фӕзынд? б) Адӕймагӕн йӕ хиуӕттӕй исчи куы амӕлы, уӕд ӕй цавӕр ныфс бафидар кӕны?

      12 Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Македонийыл иумӕ ахызтысты ӕмӕ стӕй цыбыр рӕстӕгмӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты. Стӕй та, ӕвӕццӕгӕн, Троадӕйы фӕстӕмӕ баиу стыd. Мах кӕсӕм: «Троадӕмӕ [сӕм] фондз бонмӕ ныххӕццӕ стӕм»e (Хъуыд. 20:6). Ӕмӕ ам ӕрцыд, ацы сӕры райдианы цы хабары кой кодтам, уый – Павел Евтихы райгас кодта. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, ӕфсымӕртӕ се ’мбал Евтихы ногӕй удӕгасӕй куы федтой, уӕд куыд кодтаиккой! Куыд кӕсӕм, афтӕмӕй се ’ппӕт дӕр «тынг фӕцин кодтой» (Хъуыд. 20:12).

      13 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, абон Хуыцау ахӕм диссӕгтӕ нӕ аразы. Фӕлӕ кӕд нӕ хиуӕттӕй исчи амӕлы, уӕддӕр «фӕцин кӕнӕм», уымӕн ӕмӕ нын Библи фидар ныфс ӕвӕры, мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты (Иоан. 5:28, 29). Ахъуыды-ма кӕн: Евтих ӕнӕххӕст адӕймаг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ уӕддӕр ӕппынфӕстаг амарди (Ром. 6:23). Хуыцауы сконд ног дунейы чи райгас уа, уыдонӕн та сӕ бон уыдзӕн ӕнустӕм цӕрын! Ноджы диссагдӕр та уый у, ӕмӕ Чырыстиимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи хъуамӕ уа, уыдон куы райгас вӕййынц, уӕд сын Хуыцау ратты ӕнӕмӕлгӕ цард (1 Кор. 15:51–53). Уӕдӕ ӕцӕг чырыстӕттӕ се ’ппӕт дӕр – сыгъдӕг тыхӕй сӕрст чи у, уыдон дӕр ӕмӕ «ӕндӕр фыстӕ» дӕр – «тынг цин кӕнынц», цы диссаджы ныфс сын ис, ууыл (Иоан. 10:16).

      «Адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» (Хъуыд. 20:13–24)

      14. Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ Милеты куы фембӕлд, уӕд сын цы загъта?

      14 Троадӕйӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ацыдысты Ассмӕ, уырдыгӕй та – Митиленӕмӕ, стӕй – Хиосмӕ, Самосмӕ ӕмӕ Милетмӕ. Павелӕн йӕ зӕрды уыд цыфӕндыйӕ дӕр Фӕндзайӕм бонмӕ Иерусалиммӕ бафтын. Фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ, Ефесы уылты чи нӕ цыд, ахӕм науыл дӕр уый тыххӕй сбадт, ӕмӕ Иерусалиммӕ Фӕндзайӕм бонмӕ тагъд кодта. Фӕлӕ йӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ аныхас кӕнын кӕй фӕндыди, уымӕ гӕсгӕ сӕм арвыста, Милетмӕ мӕм ӕрцӕут, зӕгъгӕ (Хъуыд. 20:13–17). Ӕмӕ йӕм куы ’рцыдысты, уӕд сын Павел загъта: «Сымах ӕй зонут, Азимӕ цы бон ӕрцыдтӕн, уӕдӕй фӕстӕмӕ уе ’хсӕн куыд цардтӕн, уый. Хуыцауӕн цагъарау лӕггад кодтон тынг сӕрныллӕгӕй ӕмӕ цӕссыгкалгӕйӕ, стӕй-иу дзуттӕгты фыдвӕндты тыххӕй фыдӕвзарӕнты бахаудтӕн. Ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – пайда уын цы уыди, уый уын дзырдтон ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр. Дзуттӕгтӕн дӕр ӕмӕ грекъӕгтӕн дӕр бӕстон ӕмбарын кодтон, кӕй хъуамӕ ӕрфӕсмон кӕной, Хуыцаумӕ кӕй хъуамӕ раздӕхой ӕмӕ нӕ Хицау Йесойыл кӕй хъуамӕ баууӕндой» (Хъуыд. 20:18–21).

      15. Хӕдзарӕй-хӕдзармӕ кӕй хъусын кӕнӕм, уый цавӕр пайда хӕссы?

      15 Абон дӕр адӕмӕн хорз хабар хъусын кӕнынӕн алыхуызон фадӕттӕ ис. Павелау мах дӕр фӕхъусын кӕнӕм, адӕм кӕм вӕййы, ахӕм бынӕтты: базарты, автобустӕ кӕм фӕлӕууынц, ахӕм рӕтты ӕмӕ, адӕм ӕмызмӕлд кӕм фӕкӕнынц, ахӕм уынгты. Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ хорз хабар сӕйраджыдӕр хъусын кӕнынц хӕдзарӕй-хӕдзармӕ. Цӕмӕн? Иу уый, ӕмӕ афтӕмӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр ис ӕмхуызон фадат, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй ӕдзухдӕр хъусой, ӕмӕ уый та дзурӕг у, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, ууыл. Уый руаджы ма нӕ бон вӕййы, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕй чи цӕуыл тыхсы, уый фенын ӕмӕ сын баххуыс кӕнын. Уымӕй уӕлдай ма уый стыр пайда у, хӕдзарӕй-хӕдзармӕ чи хъусын кӕны, уыдонӕн сӕхицӕн дӕр. Уый фӕрцы фидарӕй-фидардӕр кӕнынц ӕмӕ сӕ уырнындзинад тыхджындӕр кӕны. О, абон ӕцӕг чырыстӕтты иууылдӕр зонынц, «адӕмы раз дӕр ӕмӕ хӕдзарӕй-хӕдзармӕ дӕр» зынгзӕрдӕйӕ кӕй хъусын кӕнынц, уымӕй.

      16, 17. Павел кӕй ницӕмӕй тарст, уый куыд равдыста ӕмӕ йӕ абон чырыстӕттӕ куыд фӕзмынц?

      16 Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бамбарын кодта, Иерусалиммӕ куы ӕрыздӕха, уӕд ӕм уым цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый кӕй нӕ зоны. «Фӕлӕ мӕм мӕ цард нымады дӕр нӕу,– загъта сын Павел,– ӕрмӕстдӕр мӕ фӕнды мӕ фӕндагыл кӕронмӕ азгъорын ӕмӕ мын Хицау Йесо цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын – Хуыцауы стыр хорзӕхы тыххӕй хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын» (Хъуыд. 20:24). Павел ницӕмӕй тарст. Кӕд йе ’нӕниздзинад бынтон хорз нӕ уыди ӕмӕ кӕд йӕ ныхмӕ карзӕй цыдысты, уӕддӕр уый бар никӕмӕн ӕмӕ ницӕмӕн радта, цӕмӕй йӕ Хуыцауы хъуыддаг сӕххӕст кӕнынӕй бакъуылымпы кодтаид.

      17 Абон дӕр чырыстӕттӕ алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлынц. Кӕмдӕрты нын хицауад нӕ хъуыддаг сӕхгӕны ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн сӕ фӕдыл фӕзилынц. Бирӕтӕ та тох кӕнынц, бонӕй-бонмӕ сын сӕ хъарутӕ чи исы, ахӕм низтимӕ – буары низтимӕ ӕмӕ нервыты низтимӕ дӕр. Нӕ кӕстӕрты та алы бон дӕр хъӕуы скъолайы сӕхи се ’мгӕртты зондахастӕй хизын. Фӕлӕ Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ цыфӕнды уавӕрты дӕр Павелау фидар лӕууынц. Уыдоны тынг фӕнды «хорз хабар адӕмӕн бӕстон хъусын кӕнын».

      «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр» (Хъуыд. 20:25–38)

      18. Павел адӕмы тугӕй сыгъдӕг цӕй фӕрцы уыди ӕмӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон куыд уыди уыцы хъуыддаджы Павелы бафӕзмын?

      18 Уый фӕстӕ Павел Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн, йӕхи цӕвиттон ӕрхӕсгӕйӕ, комкоммӕ уынаффӕ радта. Фыццаг уал сын загъта, зӕгъгӕ мӕ, ӕвӕццӕгӕн, фӕстаг хатт уынут. Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз хъусӕй нӕ лӕууыдтӕн – хъусын уын кодтон, Хуыцауы фӕндмӕ цыдӕриддӕр хауы, уый». Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон куыд уыди Павелы бафӕзмын, цӕмӕй уыдон дӕр иннӕты тугӕй сыгъдӕг уыдаиккой? Павел сын ӕй бамбарын кодта: «Лӕмбынӕг кӕсут уӕхимӕ дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн дзугмӕ дӕр. Уыцы дзугӕн уӕ Хуыцауы сыгъдӕг тых сӕвӕрдта фыййӕуттӕй, цӕмӕй хизат Хуыцауы дзуг, йӕ Фырты тугӕй кӕй балхӕдта, уыцы дзуг» (Хъуыд. 20:26–28). Бафӕдзӕхста сӕ, зӕгъгӕ, дзуджы ’хсӕнмӕ бахъуыздзӕн «тугдзых бирӕгътӕ» ӕмӕ «рӕстдзинад... зыгъуыммӕ кӕндзысты, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной». Ахӕм уавӕры хистӕр нӕлгоймӕгтӕн цы кӕнгӕ уыд? Павел сын ныффӕдзӕхста: «Къӕрцхъус ут ӕмӕ ма рох кӕнут, ӕртӕ азы дӕргъы уӕ ӕз алкӕй дӕр ӕхсӕвӕй-бонӕй мӕ цӕссыг калгӕйӕ ӕдзух раст зондыл кӕй арӕзтон» (Хъуыд. 20:29–31).

      19. Раст дин чи ныууагъта, уыдон фыццаг ӕнусы кӕрон куыд сбирӕ сты ӕмӕ уый фӕстӕдӕр ӕнусты цӕмӕ ’ркодта?

      19 Уыцы «тугдзых бирӕгътӕ» фӕзындысты фыццаг ӕнусы кӕрон. Н. э. 98 азмӕ ’ввахс апостол Иоанн ныффыста: «Ныр дӕр Чырыстийӕн бирӕ ныхмӕлӕуджытӕ фӕзынд... Уыдон уыдысты не ’хсӕн, фӕлӕ махӕй ацыдысты, уымӕн ӕмӕ махӕй нӕ уыдысты. Махӕй куы уыдаиккой, уӕд немӕ баззадаиккой» (1 Иоан. 2:18, 19). Бирӕтӕ раст дин кӕй ныууагътой, уый уымӕ ӕркодта, ӕмӕ ӕртыккаг ӕнусы чырыстон дины фӕзынд сауджынтӕ ӕмӕ уыдон сӕхи иннӕтӕй уӕлдӕр ӕвӕрын райдыдтой. Цыппӕрӕм ӕнусы та Ромы паддзах Константин уыцы мӕнг «чырыстон дин» скодта паддзахадон дин. Дины разамонджытӕ цыдӕр ӕгъдӕуттӕ ӕрбайстой, мӕнг хуыцӕуттӕн чи куывта, уыдонӕй ӕмӕ сӕ «чырыстон ӕгъдӕуттӕ» схуыдтой ӕмӕ афтӕмӕй «рӕстдзинад зыгъуыммӕ кодтой». Ӕмӕ абоны онг дӕр чырыстон динтӕ йедзаг сты уыцы мӕнг ахуырӕдтӕй ӕмӕ ӕгъдӕуттӕй.

      20, 21. Павел ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ кӕй лӕггад кодта, уый цӕмӕй бӕрӕг у ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн дӕр сӕ бон куыд у афтӕ кӕнын?

      20 Павел тынг хицӕн кодта, фӕстӕдӕр дзуджы хардзӕй чи цард, уыдонӕй. Павел йӕхи къухтӕй фыдӕбон кодта, цӕмӕй йӕхи дардтаид ӕмӕ ӕмбырдӕн уаргъ ма уыдаид. Афтӕ нӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕз ӕфсымӕртӕн лӕггад кӕнын ӕмӕ мӕ уыдон та хъуамӕ цух мацӕмӕй уадзой. Ӕмӕ Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгты дӕр сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ лӕггад кодтаиккой. Загъта сын: «Лӕмӕгътӕн... хъуамӕ ӕххуыс кӕнат. Ӕмӕ хъуамӕ уӕ зӕрдыл дарат Хицау Йесойы ныхӕстӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕхӕдӕг загъта: „Райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у“» (Хъуыд. 20:35).

      21 Павелау абон дӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ӕфсымӕртӕн удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынц. «Хуыцауы дзуг хизын» кӕмӕн бахӕс кӕнынц, уыдон чырыстон аргъуанты сауджынтау сӕ дзуджы фысты царм не стигъынц. Уыдон уый тыххӕй нӕ лӕггад кӕнынц, цӕмӕй сӕхицӕн исты пайда райсой. Сӕрбӕрзонд ӕмӕ кадмондаг чи у, уыдонӕн чырыстон ӕмбырды бынат нӕй, уымӕн ӕмӕ, «йӕхицӕн кад [чи] агуры», уыдон, абон уа, райсом уа,– рӕстдзинады фӕндагӕй ахаудзысты (Ӕмб. 25:27). Йӕхиуыл чи фервӕссы, ахӕм адӕймаг йӕхи цы фегад кӕны, ӕндӕр дзы ницы рамбулы (Ӕмб. 11:2).

      Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ наумӕ фӕхизынц. Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелӕн хъӕбыстӕ кӕнынц ӕмӕ кӕуынц.

      «Иууылдӕр тынг ныккуыдтой» (Хъуыддӕгтӕ 20:37)

      22. Ефесы ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павелы цӕмӕн уарзтой?

      22 Павел ӕфсымӕрты тынг кӕй уарзта, уымӕ гӕсгӕ йӕ сӕхӕдӕг дӕр уарзтой. Кӕрӕдзийӕн сын хӕрзбон зӕгъыны афон куы ’рцыд, уӕд «иууылдӕр тынг ныккуыдтой ӕмӕ Павелӕн хъӕбыстӕ ӕмӕ пъатӕ кодтой» (Хъуыд. 20:37, 38). Абон дӕр Павелау Хуыцауы дзуджы тыххӕй йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ исбон чи не ’вгъау кӕны ӕмӕ йӕхицӕн чи ницы агуры, уыдонӕн чырыстӕттӕ тынг аргъ кӕнынц ӕмӕ сӕ уарзынц. Уӕдӕ ныр, Павелы диссаджы цӕвиттонмӕ куы ’ркастыстӕм, уӕд цы хъуыды кӕныс йӕ ныхӕсты тыххӕй, «ӕз ӕппӕт адӕмы тугӕй дӕр сыгъдӕг... дӕн», зӕгъгӕ? Разы нӕ дӕ, йӕхицӕй кӕй не ’ппӕлыд, фӕлӕ, ӕцӕгдӕр цы уыди, уый кӕй загъта? (Хъуыд. 20:26).

      a Кӕс рамкӕ «Павелы фыстӕджытӕ Македонийӕ».

      b Ӕвӕццӕгӕн, Павел Коринфы ацы хатт куы уыд, уӕд ныффыста йӕ Фыстӕг ромӕгтӕм.

      c Кӕс рамкӕ «Павел ӕххуыс фӕхӕццӕ кодта».

      d Хъуыддӕгты 20:5, 6 Лука йӕхи кой дӕр кӕй кӕны, уый, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ Павел цасдӕр рӕстӕг Филиппты ныууагъта ӕмӕ та ныр фӕстӕмӕ уым баиу сты (Хъуыд. 16:10–17, 40).

      e Филипптӕй Троадӕмӕ цыдысты фондз боны. Афтӕ бирӕ, ӕвӕццӕгӕн, уымӕн бахъуыдысты, ӕмӕ сын дымгӕтӕ сӕ къух нӕ арӕзтой. Уымӕй размӕ сын ахӕм балцыл дыууӕ боны йеддӕмӕ нӕ ацыд (Хъуыд. 16:11).

  • «Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ уӕд»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
    • 22 СӔР

      «Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ уӕд»

      Павел ацыд Иерусалиммӕ, цӕмӕй Хуыцауы фӕндон сӕххӕст кодтаид

      Арӕзт у Хъуыддӕгты 21:1–17

      1–4. Павел Иерусалиммӕ цӕмӕн цӕуы ӕмӕ йӕм уым цы ’нхъӕлмӕ кӕсы?

      МИССИОНЕРТӔ Милетӕй цӕуынвӕнд кӕнынц. Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдӕтӕ суынгӕг сты. Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ Павел ӕмӕ Лукайӕн тынг адджын систы, ӕмӕ сын ныр уыцы ’фсымӕртӕй сӕхи атонын зын куыннӕ у. Дыууӕ миссионеры наумӕ схызтысты ӕмӕ уым лӕууынц. Ис сӕм хӕссинӕгтӕ дӕр, фӕндагыл сӕ цыдӕриддӕр бахъӕудзӕн, уыдӕттӕ. Семӕ ма хӕссынц, Иудейӕйы хъуаг чи ӕййафы, уыцы чырыстӕттӕн цы ӕххуыс ӕрӕмбырд кодтой, уый дӕр. Тынг сӕ фӕнды, цӕмӕй уыцы ’ххуыс бынатмӕ фӕхӕццӕ кӕной.

      2 Рог дымгӕ науы пӕлӕзтыл схӕцыд, нау йӕ бынатӕй фезмӕлыд ӕмӕ, адӕмы хъӕлӕба кӕм хъуысы, уыцы наулӕууӕнӕй адард. Дыууӕ миссионеры ӕмӕ ма семӕ цы авд ӕмбалы ис, уыдон ӕдзынӕг кӕсынц, былыл лӕугӕ чи баззад, уыцы ӕфсымӕрты ӕнкъард цӕсгӕмттӕм (Хъуыд. 20:4, 14, 15). Ӕмӕ цалынмӕ бӕлццӕттӕм се ’мбӕлттӕ зынынц, уӕдмӕ сӕм сӕ къухтӕ тилынц, хӕрзбон, зӕгъгӕ.

      3 Павел Ефесы хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ иумӕ лӕггад кодта ӕртӕ азы бӕрц. Фӕлӕ ныр цӕуы Иерусалиммӕ, Хуыцауы сыгъдӕг тых ын куыд загъта, афтӕ. Цы йӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй цыдӕртӕ зоны. Уый размӕ уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕн загъта: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [мӕ] кӕны Иерусалиммӕ, фӕлӕ мӕм уым цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый нӕ зонын. Зонын ӕрмӕстдӕр уый, ӕмӕ мын алы горӕты дӕр Хуыцауы сыгъдӕг тых фӕзӕгъы, ахӕстон ӕмӕ мӕм зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы» (Хъуыд. 20:22, 23). Кӕд Павелӕн Иерусалиммӕ цӕуын тӕссаг у, уӕддӕр ӕмбары, уырдӕм ӕй «Хуыцауы сыгъдӕг тых» кӕй кӕны, ӕмӕ йӕхицӕн хӕсыл дӕр нымайы ӕмӕ йӕ фӕндгӕ дӕр кӕны, сыгъдӕг тых ын кӕдӕм амоны, уырдӕм ацӕуын. Кӕд Павелӕн йӕ цард зынаргъ у, уӕддӕр ын ӕппӕты сӕйрагдӕр у Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын.

      4 Дӕуӕн дӕр дӕ царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уый у? Нӕхи Йегъовӕйӕн куы снывонд кӕнӕм, уӕд ын дзырд раттӕм, дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыдзӕн, зӕгъгӕ. Апостол Павел нын уыцы хъуыддаджы цы цӕвиттон ныууагъта, уымӕ куы ’ркӕсӕм, уӕд дзы нӕхицӕн стыр пайда райсдзыстӕм.

      «Сакъадах Кипрмӕ» нӕ бацыдысты (Хъуыд. 21:1–3)

      5. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ Тирмӕ кӕуылты ӕрцыдысты?

      5 Павел йе ’мбӕлттимӕ цы науыл сбадт, ууыл «комкоммӕ» Космӕ араст сты. Дымгӕ уыцырдӕм кӕй дымдта, уымӕ гӕсгӕ сӕ йӕ разӕй хаста, ӕмӕ нау зилгӕ дӕр никӕцырдӕм фӕкодта, афтӕмӕй бынатмӕ уыцы бон бахӕццӕ (Хъуыд. 21:1, «Ног Фӕдзӕхст ӕмӕ Псалтир», 1994 аз). Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ран науӕнгуыр ныппӕрстой ӕмӕ ӕхсӕв уым арвыстой. Иннӕ бон та ацыдысты Родосмӕ, стӕй та – Патарӕмӕ. Ӕмӕ Патарӕйы, Къаннӕг Азийы хуссар былгӕрон чи ис, уыцы горӕты, ӕфсымӕртӕ сбадтысты стыр уӕзласӕн науыл, ӕмӕ сӕ комкоммӕ финикиаг горӕт Тирмӕ фӕхӕццӕ кодта. Фӕндагыл «сакъадах Кипрмӕ» нӕ бацыдысты, фӕлӕ йӕ «галиуырдыгӕй фӕуагътой» (Хъуыд. 21:3). Цымӕ Лука, Хъуыддӕгты чиныг чи ныффыста, уый, Кипры кой цӕмӕн скодта?

      6. а) Павел Кипры сакъадах куы федта, уӕд ын уый йӕ ныфсыл ныфс цӕмӕн бафтыдтаид? б) Йегъовӕ дын куыд арфӕ кодта ӕмӕ дын куыд ӕххуыс кодта, уый-иу дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнай, уӕд дын уый цавӕр пайда ӕрхӕсдзӕн?

      6 Чи зоны, Павел йе ’мбӕлттӕн сакъадахмӕ ацамыдта ӕмӕ сын радзырдта, уым ыл цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уый тыххӕй. Иу-фараст азы размӕ Варнавӕ ӕмӕ Иоанн Маркимӕ йӕ фыццаг уацамындон балцы куы уыд, уӕд уым сӕмбӕлд иу кӕлӕнгӕнӕгыл, Елимӕйыл, ӕмӕ сӕ уый хъусын кӕнын хъыгдардта (Хъуыд. 13:4–12). Павел сакъадахмӕ кӕсгӕйӕ, уыцы хабӕрттӕ куы ’рхъуыды кодта, уӕд йӕ ныфсыл ныфс куыннӕ бафтыдаид, цӕмӕй, разӕй йӕм цы фӕлварӕнтӕ ӕнхъӕлмӕ каст, уыдоны фидар фӕлӕууыдаид. Йегъовӕ махӕн дӕр куыд арфӕ кодта ӕмӕ нын зындзинӕдты фидар фӕлӕууынӕн куыд ӕххуыс кодта, уый-иу нӕ зӕрдыл куы ’рлӕууын кӕнӕм, уӕд нӕ ныфсыл ныфс ӕфтдзӕн. Ӕмӕ махӕн дӕр нӕ бон уыдзӕн Давидау зӕгъын: «Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн, фӕлӕ йӕ Йегъовӕ се ’ппӕтӕй дӕр фервӕзын кӕны» (Пс. 34:19).

      «Ссардтам ахуыргӕнинӕгты» (Хъуыд. 21:4–9)

      7. Бӕлццӕттӕ Тирмӕ куы ’рхӕццӕ сты, уӕд цы сарӕзтой?

      7 Павел ӕй ӕмбӕрста, чырыстӕтты ӕнӕмӕнг кӕй хъӕуы кӕрӕдзиимӕ ӕмбӕлын ӕмӕ йӕ тынг фӕндыд, цӕмӕй, уырнындзинады фӕрцы кӕимӕ баиу, уыдоны ’хсӕн уыдаид. Лука фыссы, зӕгъгӕ, Тирмӕ куы ’рцыдыстӕм, уӕд дзы «ссардтам ахуыргӕнинӕгты» (Хъуыд. 21:4). Бӕлццӕттӕ зыдтой, Тиры се ’мчырыстӕттӕ кӕй цард, уый. Гъемӕ сӕ бацагуырдтой ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, лӕугӕ дӕр уыдонмӕ ӕркодтой. Рӕстдзинад кӕй базыдтам, уый фӕрцы хайджын стӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй. Зӕгъӕм, кӕдӕмфӕнды ма ацӕуӕм, уӕддӕр ссардзыстӕм, уырнындзинады фӕрцы иу кӕимӕ стӕм, ахӕм адӕмы, ӕмӕ нӕ уыдон ӕхсызгонӕй суазӕг кӕндзысты. Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдонӕн ӕмбӕлттӕ ис ӕгас дунейы дӕр.

      8. Хъуыддӕгты 21:4 ныхӕстӕ куыд ӕмбарын хъӕуы?

      8 Бӕлццӕттӕ Тиры фесты авд боны. Лука уыцы хабары кой кӕнгӕйӕ цы ныффыста, уый, чи зоны, исчи фыццаг раст ма бамбара. Уый ныффыста: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [Тиры цӕрӕг ӕфсымӕртӕн] цы раргом кодта, уымӕ гӕсгӕ Павелӕн дзырдтой, Иерусалиммӕ ма ацу, зӕгъгӕ» (Хъуыд. 21:4). Цымӕ Йегъовӕ Павелы тыххӕй йӕ фӕнд аивта? Ныр ӕй нал фӕнды, цӕмӕй Иерусалиммӕ ацӕуа? Уый афтӕ нӕу. Сыгъдӕг тых афтӕ нӕ загъта, зӕгъгӕ, Павелы Иерусалиммӕ цӕуын нӕ хъӕуы, фӕлӕ ӕфсымӕртӕн раргом кодта, уым ын хъизӕмӕрттӕ кӕй бавзарын кӕндзысты. Уӕдӕ куыд зыны, афтӕмӕй Тиры цӕрӕг ӕфсымӕртӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы раст хатдзӕгмӕ ӕрцыдысты: Павелмӕ Иерусалимы ӕнхъӕлмӕ кӕсы зындзинӕдтӕ. Ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ кӕй рысти, уый тыххӕй йын лӕгъстӕ кодтой, уырдӕм ма ацу, зӕгъгӕ. Ай-гъай дӕр сӕ фӕндыд Павелы фыдбылызӕй бахизын. Фӕлӕ уӕддӕр Павел йӕхицӕн фидарӕй загъта, Йегъовӕйы фӕндон кӕй хъуамӕ сӕххӕст кӕна, ӕмӕ Иерусалиммӕ йӕ фӕндаг адарддӕр кодта (Хъуыд. 21:12).

      9, 10. а) Павел, ӕфсымӕртӕ йыл куыд мӕт кӕнынц, уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зӕрдыл цавӕр хабар ӕрлӕууыдаид? б) Абон ацы дунейы адӕм цавӕр зондыл хӕст сты ӕмӕ Йесо та цӕуыл ахуыр кодта?

      9 Павелыл йе ’фсымӕртӕ куыд мӕт кӕнынц, уый куы фехъуыста, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, йӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, кӕддӕр Йесо дӕр ахӕм уавӕры кӕй уыди. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн афтӕ куы загъта, Иерусалиммӕ цӕуын ӕмӕ уым бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзардзынӕн, стӕй мӕ амардзысты, зӕгъгӕ, уӕд ӕй уыдон дӕр нӕ уагътой. Петрӕн Йесойыл йӕ зӕрдӕ кӕй рысти, уымӕ гӕсгӕ йын афтӕ бакодта: «Дӕхицӕн фӕтӕригъӕд кӕн, Хицау. Ахӕм ми дыл макуы ӕрцӕуӕд». Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Ацу мӕ разӕй, Сайтан! Ды мын мӕ разы цӕлхдур ӕвӕрыс, уымӕн ӕмӕ дӕ хъуыдытӕ Хуыцауы хъуыдытӕ не сты, фӕлӕ адӕймаджы» (Матф. 16:21–23). Йесо цӕттӕ уыд, Хуыцау ӕй цы хъуыддаг саразынмӕ рарвыста, уый кӕронмӕ сӕххӕст кӕнынмӕ. Ӕмӕ Павел дӕр цӕттӕ уыд удуӕлдайӕ лӕггад кӕнынмӕ. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Тиры цӕрӕг ӕфсымӕртӕ дӕр апостол Петрау сӕ хорз зӕрдӕйӕ архайдтой, фӕлӕ не ’мбӕрстой, уый Хуыцауы фӕндон кӕй уыд.

      Уацамынды ӕфсымӕр йӕ сахатмӕ ӕркӕс-ӕркӕс кӕны. Бӕрӕг у, хъусын кӕнын ӕй кӕй нал фӕнды. Йемӕ чи ис, уыцы ӕфсымӕр ӕм кӕсы.

      Цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ удуӕлдайӕ лӕггад кӕнӕм

      10 Абон дӕр бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ, дам, адӕймаг хъуамӕ йӕхицӕн тӕригъӕд кӕнын зона ӕмӕ йӕ уды дзӕбӕхӕн цӕра. Адӕм сӕ фылдӕр равзарынц, ӕнцондӕр сын кӕм уыдзӕн ӕмӕ сӕ бирӕ цыдӕртӕ кӕм нӕ домдзысты, ахӕм дин. Фӕлӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты бынтон ӕндӕр зондыл арӕзта. Иухатт сын афтӕ загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи тыххӕй мауал цӕрӕд, йӕ хъизӕмӕртты хъӕд райсӕд ӕмӕ ӕппынӕдзух мӕ фӕдыл цӕуӕд» (Матф. 16:24). Чырыстийы фӕдыл чи цӕуы, уый цӕуы раст ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр фӕндагыл, фӕлӕ йыл ӕнцон цӕуӕн нӕу.

      11. Тиры цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелы сӕ уарзтӕй куыд барӕвдыдтой ӕмӕ дзы ныфс куыд бауагътой?

      11 Бирӕ нӕ рацыд, афтӕ та Павел, Лука ӕмӕ ма семӕ чи уыди, уыдоны хъуыди сӕ фӕндаг адарддӕр кӕнын. Тирӕй куы цыдысты, уый тыххӕй кӕсгӕйӕ адӕймагӕн йӕхи зӕрдӕ дӕр суынгӕг вӕййы. Тиры цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелы сӕ уарзтӕй барӕвдыдтой ӕмӕ дзы стыр ныфс бауагътой. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй – се ’ппӕт дӕр Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты суанг денджызы былмӕ ахизын кодтой. Уым сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты, Хуыцаумӕ иумӕ скуывтой ӕмӕ стӕй кӕрӕдзийӕн хӕрзбон загътой. Уый фӕстӕ Павел, Лука ӕмӕ се ’мбӕлццӕттӕ ӕндӕр науыл сбадтысты ӕмӕ Птолемаидӕмӕ ацыдысты. Уым дӕр та ӕфсымӕртимӕ фембӕлдысты ӕмӕ сӕм иу бон баззадысты (Хъуыд. 21:5–7).

      12, 13. а) Филипп куыд лӕггад кодта, уый тыххӕй цы зӕгъӕн ис? б) Абон чырыстон бинонты хистӕртӕн сӕ бон куыд у Филиппы бафӕзмын?

      12 Лука куыд фыссы, афтӕмӕй, уый фӕстӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ ацыдысты Кесаримӕa. Уырдӕм куы ’рхӕццӕ сты, уӕд бацыдысты «хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппмӕ» (Хъуыд. 21:8). Филиппы фенын сын ӕхсызгон куыннӕ уыдаид. Иу-ссӕдз азы размӕ йын Иерусалимы апостолтӕ бахӕс кодтой, цӕмӕй «ноггуырд» чырыстон ӕмбырды хӕринаг уарыны хъуыддагмӕ фӕкастаид. Филипп зынгзӕрдӕйӕ хъусын кодта бирӕ азты дӕргъы. Ӕрхъуыды-ма кӕн, ахуыргӕнинӕгты фӕдыл зилын куы райдыдтой ӕмӕ алы рӕттӕм куы фӕлыгъдысты, уӕд Филипп Самаримӕ кӕй ацыд ӕмӕ уым кӕй райдыдта хъусын кӕнын. Фӕстӕдӕр та хъусын кодта ефиопаг хицауӕн ӕмӕ йын донаргъуыд дӕр радта (Хъуыд. 6:2–6; 8:4–13, 26–38). Уӕдӕ нын Филипп фӕзминаг куыннӕ у, куыд иузӕрдионӕй лӕггад кодта, уымӕй!

      13 Филиппӕн йӕ зӕрдӕйы зынг уал азы дӕргъы не ’рмынӕг. Лука йӕ хоны «хорз хабар хъусынгӕнӕг», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, Кесарийы куы ’рцард, уый фӕстӕ дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы зӕрдиагӕй кӕй архайдта. Базыдтам ма, йӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕй кодтой, уый дӕр. Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уыдон дӕр сӕ фыды къахвӕдтыл ацыдыстыb (Хъуыд. 21:9). Уӕдӕ фидарӕй зӕгъӕн ис, Филипп йӕ уд кӕй хъардта, цӕмӕй йӕ бинонты уырнындзинад фидар кодтаид. Абон дӕр чырыстон бинонты хистӕртӕ раппӕлинаг сты, Филиппы кӕй фӕзмынц, уымӕй. Сӕ бинонтӕн хъусын кӕныны хъуыддаджы разамынд дӕттынц ӕмӕ сын сӕхӕдӕг дӕр сты фӕзминаг, ӕмӕ афтӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй уыдон дӕр хъусын кӕнын бауарзой.

      14. Павел-иу йе ’мчырыстӕтты кӕй бабӕрӕг кодта, уый-иу цы пайда фӕци ӕмӕ абон махӕн дӕр цавӕр фадӕттӕ вӕййы?

      14 Павел кӕмфӕнды ма ’рлӕууыдаид, алы ран дӕр-иу бацагуырдта йе ’мчырыстӕтты ӕмӕ-иу цасдӕр семӕ фӕци. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕфсымӕртӕ-иу Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты суазӕг кодтой, ӕмӕ-иу уый фӕрцы «кӕрӕдзийы уырнындзинадӕй бафидар сты» (Ром. 1:11, 12). Ахӕм фадӕттӕ арӕх вӕййы абон дӕр. Цыфӕнды мӕгуыр ма цӕрай, уӕддӕр-иу районон цӕстдарӕджы ӕмӕ йӕ бинойнаджы куы суазӕг кӕнай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр стыр пайда фӕуыдзӕн (Ром. 12:13).

      КЕСАРИ – РОМЫ ДӔЛБАР БӔСТӔ ИУДЕЙӔЙЫ СӔЙРАГ ГОРӔТ

      Хъуыддӕгты чиныджы цы рӕстӕджы кой цӕуы, уыцы рӕстӕг Кесари уыд Ромы дӕлбар бӕстӕ Иудейӕйы сӕйраг горӕт. Уым бадтысты бӕстӕйы хицау ӕмӕ ӕфсады хистӕртӕ. Горӕт сарӕзта Номдзыд Ирод ӕмӕ йӕ схуыдта Ромы цезӕр Августы номӕй. Уыцы заман, мӕнгхуыцӕуттӕн кӕм куывтой, уыцы грекъаг горӕтты цытӕ уыд, уыдӕттӕ уыд Кесарийы дӕр: хуыцауыл кӕй нымадтой, уыцы императоры номыл кувӕндон, театр, ипподром ӕмӕ амфитеатр. Фылдӕр дзы цард дзуттӕгтӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр адӕмтӕ.

      Кесари уыди фидаргонд наулӕууӕн горӕт. Ирод цы ног наулӕууӕн сарӕзта, уый хуынд Себастос (афтӕ у грекъагау «Август»). Былыл дзы арӕзт уыди, уылӕнтӕ чи урӕдта, ахӕм стыр къулгонд, ӕнӕ уымӕй дзы наутӕн ӕрлӕууӕн нӕ уыдаид. Иродӕн йӕ фӕнд уыд, цӕмӕй ацы наулӕууӕн суыдаид Александрийы наулӕууӕны хуызӕн ӕмӕ Зӕххастӕу денджызы скӕсӕнварс бӕстӕтӕн уыдаид базарады артдзӕст. Ӕмӕ кӕд Кесари Александрийы хуызӕн никуы сси, уӕддӕр бирӕ бӕстӕты уыд зындгонд, базарадон фӕндӕгтӕ ууылты кӕй цыдысты, уымӕ гӕсгӕ.

      Кесарийы хорз хабар хъусын кодта Филипп, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ сывӕллӕтты дӕр уым схъомыл кодта (Хъуыд. 8:40; 21:8, 9). Уыцы горӕты цард Ромы ӕфсӕддон къорды сӕдӕйыхицау Корнилий ӕмӕ чырыстон дӕр уым сси (Хъуыд. 10:1).

      Апостол Павел цалдӕр хатты уыд Кесарийы. Чырыстон куы сси, уӕд ӕй йе знӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты. Ӕмӕ уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ фӕтагъд кодтой ӕмӕ сӕ ног ӕфсымӕры Иерусалимӕй Кесаримӕ акодтой,– цӕуын та хъуыд 90 километры бӕрц,– цӕмӕй йӕ уырдыгӕй науыл арвыстаиккой Тарсмӕ. Павел йӕ дыккаг ӕмӕ ӕртыккаг уацамындон балцыты кӕрон Иерусалиммӕ цыд Кесарийы наулӕууӕны уылты (Хъуыд. 9:28–30; 18:21, 22; 21:7, 8). Дыууӕ азы йӕ ахстӕй дардтой Кесарийы Ироды галуаны. Уым Павел ныхас кодта Феликсимӕ, Фестимӕ ӕмӕ Агриппӕимӕ. Ӕмӕ йӕ фӕстагмӕ Роммӕ дӕр науыл уырдыгӕй арвыстой (Хъуыд. 23:33–35; 24:27–25:4; 27:1).

      СЫЛГОЙМӔГТӔН СӔ БОН ИННӔТЫ АХУЫР КӔНЫН У?

      Фыццаг ӕнусы чырыстон ӕмбырды сылгоймӕгтыл цавӕр хӕстӕ уыд? Сӕ бон уыд иннӕты ахуыр кӕнын?

      Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн бафӕдзӕхста Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнын ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕнын (Матф. 28:19, 20; Хъуыд. 1:8). Уыцы хӕслӕвӕрд ӕххӕстгӕнинаг у чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр: нӕлгоймӕгтӕн, сылгоймӕгтӕн, лӕппутӕн ӕмӕ чызджытӕн. Уый бӕрӕг у, Иоилы 2:28, 29 цы пехуымпар-ныхас ис фыст, уымӕй дӕр. Уыцы пехуымпар-ныхас сӕххӕст н. э. 33 азы Фӕндзайӕм боны, ӕмӕ уый бамбарын кодта апостол Петр: «„Фӕстаг бонты,– зӕгъы Хуыцау,– ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл, ӕмӕ уӕ фырттӕ ӕмӕ уӕ чызджытӕ пехуымпариуӕг кӕндзысты... Уыцы бонты мӕ тых ӕруадздзынӕн суанг мӕ цагъар-нӕлгоймӕгтыл ӕмӕ мӕ цагъар-сылгоймӕгтыл дӕр, ӕмӕ уыдон пехуымпариуӕг кӕндзысты“» (Хъуыд. 2:17, 18). Раздӕр куыд загътам, афтӕмӕй хорз хабар хъусынгӕнӕг Филиппӕн уыди цыппар чызджы ӕмӕ сӕ цыппар дӕр пехуымпариуӕг кодтой (Хъуыд. 21:8, 9).

      Фӕлӕ Хуыцауы Ныхас куыд амоны, афтӕмӕй ӕмбырды сӕ бон ахуыр кӕнын у ӕрмӕстдӕр нӕлгоймӕгтӕн – чырыстон цӕстдарджытӕн ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн (1 Тим. 3:1–13; Тит. 1:5–9). Павел афтӕ загъта: «Сылгоймагӕн уый бар нӕ дӕттын, ӕмӕ искӕй ахуыр кӕна кӕнӕ йӕхи нӕлгоймагӕн хицау кӕна, фӕлӕ-иу ӕнцад хъусӕд» (1 Тим. 2:12).

      «Ӕз цӕттӕ дӕн, цӕмӕй мӕ... маргӕ дӕр акӕной» (Хъуыд. 21:10–14)

      15, 16. Агав цавӕр хабар ӕрбахаста ӕмӕ йӕ чи фехъуыста, уыдон куыд фесты?

      15 Павел Филипптӕм куы уыди, уӕд ма сӕм ӕрбацыд ноджыдӕр иу кадджын уазӕг, Агав, зӕгъгӕ. Филиппы хӕдзары чи ӕрӕмбырд, уыдон зыдтой, Агав пехуымпар кӕй у. Уый бирӕ раздӕр загъта, Ромы паддзах Клавдийы заман цы ӕххормаг рӕстӕг скодта, уый тыххӕй (Хъуыд. 11:27, 28). Ӕмӕ ныр, ӕвӕццӕгӕн, хъуыдытӕ кодтой: «Цымӕ Агав цӕмӕн ӕрбацыди? Ныр та цавӕр хабар ӕрбахаста?» Ӕмӕ йӕм се ’ппӕт дӕр лӕмбынӕг куыд кастысты, афтӕ Агав райста Павелы рон – ӕхцатӕ ӕмӕ-иу ӕндӕр дзауматӕ кӕм хастой ӕмӕ-иу адӕймагӕн йӕ астӕуыл баст чи уыд, ахӕм даргъ хъуымацы гӕбаз. Уыцы ронӕй Агав йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ къухтӕ сбаста. Уый фӕстӕ загъта, се ’ппӕты дӕр хъуыдытыл чи бафтыдта, ахӕм ныхӕстӕ: «Афтӕ зӕгъы сыгъдӕг тых: „Ацы рон кӕй у, уыцы лӕджы дзуттӕгтӕ Иерусалимы раст афтӕ сбӕтдзысты ӕмӕ йӕ иннӕ адӕмты къухтӕм ратдзысты“» (Хъуыд. 21:11).

      16 Уӕдӕ пехуымпары ныхӕстӕй дӕр бӕрӕг уыд, Павелӕн Иерусалиммӕ ӕнӕцӕугӕ кӕй нӕ уыди. Уыцы ныхӕстӕ ма ууыл дзурӕг уыдысты, ӕмӕ Павелы дзуттӕгтӕ «иннӕ адӕмты къухтӕм» кӕй ратдзысты, хорз хабар сын кӕй хъусын кодта, уый тыххӕй. Уыцы ныхӕстӕ чи фехъуыста, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тынг зын уыди. Лука фыссы: «Уый куы фехъуыстам, уӕд нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, уым чи уыди, уыдон дӕр Павелӕн лӕгъстӕ кӕнын байдыдтам, зӕгъгӕ, ма ацу Иерусалиммӕ. Фӕлӕ нын Павел загъта: „Уый цы кусут? Цӕуыл кӕут ӕмӕ мын мӕ ныфс цӕмӕн сӕттут? Ӕз цӕттӕ дӕн, цӕмӕй мӕ Чырыстийы номы тыххӕй Иерусалимы бӕтгӕ нӕ, фӕлӕ маргӕ дӕр акӕной“» (Хъуыд. 21:12, 13).

      17, 18. Павел цыфӕндыйӕ дӕр Хуыцауы фӕндон кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, уый куыд равдыста ӕмӕ ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой?

      17 Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: ӕфсымӕртӕ, Лука дӕр семӕ, афтӕмӕй, Павелӕн лӕгъстӕ кӕнынц, ма ацу, зӕгъгӕ. Чидӕртӕ та сӕ кӕугӕ дӕр кӕнынц. Павел ӕй ӕмбары, афтӕ йыл уый тыххӕй кӕй тыхсынц, ӕмӕ йӕ тынг уарзынц. Ӕмӕ сын уый дӕр фӕлмӕнӕй зӕгъы, афтӕмӕй мын «мӕ ныфс... сӕттут», зӕгъгӕ, кӕнӕ мын «мӕ зӕрдӕ марут» (афтӕ йӕ ратӕлмац кодтой грекъаг ӕвзагӕй иуӕй-иутӕ). Павел ӕфсымӕртимӕ Тиры куы фембӕлд, уӕд йӕ фӕнд куыд нӕ фӕивта, афтӕ ныр дӕр, кӕд ын лӕгъстӕ кӕнынц ӕмӕ сӕ цӕссыг калынц, уӕддӕр йӕхицӕн фидарӕй загъта, кӕй ацӕудзӕн. Ӕмӕ сын ӕмбарын кӕны, йӕ фӕндаг адарддӕр кӕнын ӕй цӕмӕн хъӕуы, уый. Куыд хъӕбатыр ӕмӕ куыд фидар разынд Павел! Кӕддӕр Йесо куыд бакодта, афтӕ уый дӕр фидар ныллӕууыд, зӕгъгӕ, хъуамӕ цыфӕндыйӕ дӕр Иерусалиммӕ ацӕуон (Дзут. 12:2). Павел йӕхицӕн мӕлӕт нӕ агуырдта, фӕлӕ, Йесо Чырыстийы фӕдылдзӕуӕг кӕй уыд, уый тыххӕй йӕ амӕлын куы бахъуыдаид, уӕд ӕй йӕхицӕн стыр кадыл банымадтаид.

      18 Ӕфсымӕртӕ куыд бакодтой? Павелы ныхасыл уӕлдай ницыуал загътой. Мах кӕсӕм: «Куы нӕ йӕ басастам, уӕд ын ницыуал дзырдтам ӕмӕ загътам: „Йегъовӕйы куыд фӕнды, афтӕ уӕд“» (Хъуыд. 21:14). Павелы Иерусалиммӕ ацӕуын чи нӕ уагъта, уыдон нӕ ныллӕууыдысты, мах куыд зӕгъӕм, хъуамӕ афтӕ бакӕнай, зӕгъгӕ. Павел сын цы дзырдта, уымӕ байхъуыстой ӕмӕ йемӕ сразы сты. Бамбӕрстой йӕ, кӕд сын тынг зын у, уӕддӕр Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ бакӕнын кӕй хъӕуы. Павел равзӕрста, ӕппынфӕстаг ӕй мӕлӕтмӕ чи ’ркодта, уыцы фӕндаг. Ӕмӕ йын бирӕ ӕнцондӕр уыдаид, чи йӕ уарзта, уыдон ӕй куы нӕ къуылымпы кодтаиккой.

      19. Павелыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      19 Павелыл цы хабар ӕрцыд, уымӕй ахуыр кӕнӕм иу ахсджиаг хъуыддагыл: Хуыцауӕн удуӕлдайӕ чи лӕггад кӕны, уыдоны хъуамӕ макуы къуылымпы кӕнӕм. Уый хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм, дзырд цард ӕмӕ мӕлӕтыл куы цӕуа, ӕрмӕст уӕд нӕ, фӕлӕ бирӕ ӕндӕр уавӕрты дӕр. Зӕгъӕм, бирӕ чырыстон ныййарджытӕн зын вӕййы, сӕ сывӕллӕттӕ хӕдзарӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынмӕ дард рӕттӕм кӕй ацӕуынц, уый. Фӕлӕ уӕддӕр сӕхицӕн фӕзӕгъынц, кӕй сӕ нӕ къуылымпы кӕндзысты. Иу хо, Филлис, зӕгъгӕ, цӕры Англисы. Йӕ иунӕг чызг Африкӕмӕ миссионерӕй лӕггад кӕнынмӕ куы ацыд, уӕд-иу ӕм цы хъуыдытӕ уыд, уый тыххӕй мӕнӕ цы дзуры: «Фыртыхстӕй мӕхицӕн бынат дӕр нал ардтон. Мӕ чызг афтӕ дард кӕй уыдзӕн, уый мын тынг зын уыди. Иуӕй маст кодтон, иннӕмӕй та мӕ сӕр бӕрзӕндты хастон. Уыцы рӕстӕг тынг бирӕ куывтон. Фӕлӕ уыцы фӕндаг йӕхӕдӕг равзӕрста, ӕмӕ йӕ куыд хъуамӕ къуылымпы кодтаин! Мӕхӕдӕг ӕй куы ахуыр кодтон, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады хъуыддӕгтӕ фыццаг бынаты ӕвӕра! Ныр ӕндӕр бӕстӕты лӕггад кӕны 30 азы бӕрц ӕмӕ афтӕ иузӕрдион кӕй у, уый тыххӕй Йегъовӕйӕн алы бон дӕр бузныг фӕдзурын». Цӕй уӕдӕ, йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды, уыцы хотӕн ӕмӕ ӕфсымӕртӕн мах дӕр алкӕддӕр сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауӕм!

      Нывтӕ: Ныййарджытӕ ӕмӕ, миссионертӕй чи лӕггад кӕны, уыцы къай. 1. Ныййарджытӕ телефонӕй хъӕлдзӕгӕй ныхас кӕнынц. 2. Къай ӕндӕр бӕстӕйы лӕггад кӕны ӕмӕ семӕ телефонӕй ныхас кӕны.

      Йӕхиуыл чи нӕ ауӕрды, уыдоны ныфсыл ныфс ӕфтауӕм

      «Ӕфсымӕртӕ [ныл] тынг бацин кодтой» (Хъуыд. 21:15–17)

      20, 21. а) Цӕмӕй бӕрӕг у, Павел йе ’фсымӕртимӕ уыдаид, уый йӕ кӕй фӕндыд? б) Павелы цӕмӕн фӕндыд, уырнындзинады фӕрцы кӕимӕ баиу, уыдоны ’хсӕн уыдаид, уый?

      20 Фӕндагмӕ алцыдӕр цӕттӕ куы уыд, уӕд Павел дарддӕр араст. Йемӕ ацыдысты ӕфсымӕртӕ дӕр, ӕмӕ афтӕмӕй равдыстой, ӕппӕт зӕрдӕйӕ йыл кӕй тыхсынц. Иерусалиммӕ цӕугӕйӕ, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ сӕ балцы райдианӕй кӕронмӕ кӕмфӕнды ма ’рлӕууыдаиккой, алы ран дӕр-иу ӕфсымӕрты ӕмӕ хоты бацагуырдтой. Зӕгъӕм, Тиры ахуыргӕнинӕгты ссардтой, ӕмӕ семӕ авд боны фесты. Птолемаидӕйы дӕр ӕфсымӕртыл ӕмӕ хотыл фӕцин кодтой ӕмӕ семӕ иу бон фесты. Кесарийы та цалдӕр боны баззадысты Филиппы хӕдзары. Уырдыгӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты Иерусалиммӕ ахизын кодтой цалдӕр ахуыргӕнинаджы, ӕмӕ уым бафысым кодтой Мнасонмӕ, фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕй сӕ иумӕ. Лука куыд фыссы, афтӕмӕй сыл Иерусалимы «ӕфсымӕртӕ тынг бацин кодтой» (Хъуыд. 21:17).

      21 Уӕдӕ бӕрӕг у, Павелы тынг кӕй фӕндыд, цӕмӕй, уырнындзинады фӕрцы кӕимӕ баиу, уыдоны ’хсӕн уыдаид. Павелӕн ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ уыдысты стыр ныфсы хос, абон махӕн куыд сты, афтӕ. Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел уый фӕрцы кӕй бафидар ис ӕмӕ цӕттӕ кӕй уыд, мӕстӕй йӕм чи фыхт ӕмӕ йӕ марынмӕ чи хъавыд, уыдоны раз ӕрлӕууынмӕ.

      a Кӕс рамкӕ «Кесари – Ромы дӕлбар бӕстӕ Иудейӕйы сӕйраг горӕт».

      b Кӕс рамкӕ «Сылгоймӕгтӕн сӕ бон иннӕты ахуыр кӕнын у?».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын