-
«Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
26 СӔР
«Сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн»
Павел цы науыл цыд, уый ныппырх; уыцы рӕстӕг равдыста стыр уырнындзинад ӕмӕ уарзондзинад
Арӕзт у Хъуыддӕгты 27:1–28:10
1, 2. Павелмӕ цавӕр дард балц ӕнхъӕлмӕ кӕсы ӕмӕ йын ӕнцой цавӕр фарстатӕ нӕ дӕттынц?
ПАВЕЛЫ сӕрӕй нӕ хизынц Иудейӕйы хицау Фесты ныхӕстӕ, «Ромы паддзахмӕ ацӕудзынӕ», зӕгъгӕ. Йӕ фидӕн уыцы ныхӕстыл баст у. Павел ахӕстоны фӕци дыууӕ азы, ӕмӕ ныр Роммӕ уыцы дард балцы кӕй цӕуы, уый фӕрцы йӕ царды исты уӕддӕр фӕивдзӕн (Хъуыд. 25:12). Павел денджызы балцы фыццаг хатт нӕ цӕуы. Ӕмӕ, денджызы рог дыгмӕ куы ’рбадымы, уӕд куыд ӕхсызгон вӕййы, стӕй ӕнӕкӕрон дӕттӕм цӕст кӕсынӕй куыд нӕ фефсӕды, уыдӕттӕ нӕ лӕууынц йӕ зӕрдыл, фӕлӕ бирӕ ӕндӕр хабӕрттӕ. Стӕй йӕ Ромы паддзахы раз ӕрлӕууын кӕй хъӕудзӕн, уымӕ гӕсгӕ йын, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ фарстатӕ ӕнцой нӕ дӕттынц.
2 Павелӕн «денджызы» бирӕ хӕттыты уыди тӕссаг. Ӕртӕ хатты ахӕм уавӕры бахауд, ӕмӕ-иу цы науыл цыд, уый-иу ныппырх. Иу хатт та ӕхсӕв ӕмӕ бон арвыста денджызы астӕу (2 Кор. 11:25, 26). Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ Павел уый размӕ ӕртӕ хатты уацамындон балцы куы уыд, уӕд уыди сӕрибар адӕймаг. Ныр та у ахст, стӕй ацы хатт йӕ балц у тынг дард – Кесарийӕ Роммӕ хъуамӕ ацӕуа 3 000 километры бӕрц. Цымӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ уыдзӕн? Ӕмӕ кӕд бахӕццӕ уа, уӕддӕр ӕй цымӕ уыцы балц мӕлӕтмӕ не ’ркӕндзӕн? Куыд зонӕм, афтӕмӕй Павел ӕрлӕудзӕн, Сайтаны дунейы уӕды рӕстӕджы ӕппӕты хъомысджындӕр хицау чи уыд, уый раз.
3. Павел йӕхицӕн фидарӕй цы загъта ӕмӕ ацы сӕры цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
3 Цымӕ Павелмӕ ахӕм хабӕрттӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ каст, уый тыххӕй йӕ ныфс асаст ӕмӕ йӕхимӕ ныхъхъуыста? Мах цы Павелы зонӕм, уымӕй афтӕ зӕгъӕн зынтӕй ис. Павел ӕмбӕрста, разӕй йӕм зындзинӕдтӕ кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы, фӕлӕ, цавӕр зындзинӕдтӕ уыдзысты, уый нӕ зыдта. Уӕдӕ, йӕ бар цӕуыл нӕ цыд, уыдӕттыл афтӕ цӕмӕн хъуамӕ мӕт кодтаид, ӕмӕ уый тыххӕй йӕ циндзинад бамынӕг уыдаид? (Матф. 6:27, 34). Уый зыдта, Йегъовӕйы фӕндон кӕй уыд, цӕмӕй Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр пайда кодтаид, ӕмӕ суанг хицӕуттӕн дӕр хъусын кодтаид (Хъуыд. 9:15). Ӕмӕ йӕхицӕн фидарӕй загъта, Хуыцау ын цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый кӕй ӕххӕст кӕндзӕн, цыфӕнды ма ’рцӕуа, уӕд дӕр. Махӕн дӕр уый нӕу нӕ фидар фӕнд? Цӕй уӕдӕ уыцы ахсджиаг балцы Павелимӕ ацӕуӕм ӕмӕ аныхас кӕнӕм, фӕзминаг нын цӕмӕй у, ууыл.
«Ныхмӕ чи дымдта, уыцы дымгӕ» (Хъуыд. 27:1–7)
4. Павелы йӕ балцы райдианы цавӕр науыл сбадын кодтой ӕмӕ ма йемӕ ноджыдӕр чи уыд?
4 Павелы ӕмӕ ма ноджыдӕр цалдӕр ахст адӕймаджы ромаг ӕфсӕддон хицауы, Юлийы, бар бакодтой. Уӕдмӕ Кесаримӕ ӕрцыд, базаргӕнджытӕ сӕ уӕйгӕнинӕгтӕ кӕуыл ластой, ахӕм нау, ӕмӕ Юлий, йӕ дӕлбар цы адӕм уыд, уыдоны сфӕнд кодта ууыл сбадын кӕнын. Уыцы нау ӕрцыд Адрамитӕй – Къаннӕг Азийы ныгуылӕн былгӕрон, сакъадах Лесбосы горӕт Митиленӕйы акомкоммӕ чи уыд, уыцы наулӕууӕнӕй. Нау хъуамӕ фыццаг ацыдаид цӕгатырдӕм, стӕй фӕзылдаид ныгуылӕнырдӕм. Кӕмдӕрты-иу хъуамӕ ӕрлӕууыдаид, цӕмӕй-иу ӕй равдӕлон кодтаиккой ӕмӕ-иу дзы ӕндӕр цыдӕртӕ бавгӕдтаиккой. Ахӕм наутӕ адӕм ласынӕн конд нӕ уыдысты, уӕлдайдӕр та – ахст адӕмы ласынӕн. (Кӕс рамкӕ «Денджызы балцытӕ ӕмӕ базарадон фӕндӕгтӕ».) Хуыцауӕн бузныг, ӕмӕ Павел уыцы фыдгӕнджыты ’хсӕн иунӕг чырыстон нӕ уыд. Йемӕ ма ӕппынкъаддӕр уыди дыууӕ ’фсымӕры, Аристарх ӕмӕ Лука. Ӕмӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ацы хабӕрттӕ фысгӕ дӕр Лука ныккодта. Аристарх ӕмӕ Лука фӕндаггаг сӕхӕдӕг бафыстой ӕви сӕ наумӕ, цӕмӕй Павелӕн лӕггад кодтаиккой, уый тыххӕй бауагътой, уый мах нӕ зонӕм (Хъуыд. 27:1, 2).
5. Павел Сидоны кӕимӕ фембӕлд ӕмӕ уыцы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
5 Нау иу бонмӕ цӕгатырдӕм ацыд 110 километры бӕрц ӕмӕ ӕрлӕууыд Сидоны, Сирийы былгӕрон. Куыд зыны, афтӕмӕй Юлий, иннӕ фыдгӕнджытӕм цы цӕстӕй каст, Павелмӕ ахӕм цӕстӕй нӕ касти – ӕвӕццӕгӕн, уымӕн ӕмӕ Павел уыд ромаг, стӕй аххосджын у ӕви нӕ, уый дӕр бӕрӕг нӕма уыд (Хъуыд. 22:27, 28; 26:31, 32). Юлий Павелӕн бар радта, цӕмӕй былмӕ рахызтаид ӕмӕ йе ’мчырыстӕттимӕ фембӕлдаид. Павел бирӕ рӕстӕг ахст кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕ куыд тынг бацин кодтаиккой, ахӕм фадат сын кӕй фӕзынд, цӕмӕй йӕм истӕмӕй фӕкастаиккой! Ахъуыды кӕн: дӕуӕн та дӕ бон куыд у дӕ хоты ӕмӕ де ’фсымӕрты суазӕг кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй, кӕй сӕ уарзыс, уый равдисын, стӕй дӕхи уырнындзинад дӕр бафидар кӕнын? (Хъуыд. 27:3).
6–8. Павел ӕмӕ иннӕтӕ Сидонӕй Книдмӕ куыд бахӕццӕ сты ӕмӕ Павел хъусын кӕнынӕн цавӕр фадатӕй спайда кодта?
6 Сидонӕй нау былгӕрӕтты дарддӕр ацыд цӕгатырдӕм ӕмӕ ахызт Киликийы рӕзты. Уырдӕм хӕстӕг та уыд, Павел кӕм хъомыл кодта, уыцы горӕт Тарс. Ӕндӕр ма искуы ӕрлӕууыдысты ӕви нӕ, уый тыххӕй Лука ницы ныффыста, фӕлӕ ской кодта, фӕстӕдӕр сын, сӕ «ныхмӕ чи дымдта, уыцы дымгӕйӕ» тӕссаг кӕй уыди, уый тыххӕй (Хъуыд. 27:4, 5). Ӕмӕ кӕд ахӕм тӕссаг уавӕры уыдысты, уӕддӕр нӕ бон у нӕ цӕстытыл ауайын кӕнын, Павел хъусын кӕнынӕн алы фадатӕй дӕр куыд пайда кодта, уый. Фидарӕй ис зӕгъӕн, ӕмӕ хъусын кодта иннӕ ахст адӕмӕн ӕмӕ ма науыл ноджыдӕр чи уыд, уыдонӕн дӕр, уыимӕ науы кусджытӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн дӕр, стӕй ма-иу наулӕууӕнты цы адӕмыл сӕмбӕлд, уыдонӕн дӕр. Махӕн дӕр хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд дзы спайда кӕнӕм?
7 Цасдӕры фӕстӕ нау бахӕццӕ Мирӕмӕ, Къаннӕг Азийы хуссар былгӕрон цы наулӕууӕн уыд, уырдӕм. Уым Павелы ӕмӕ иннӕты хъуыди ӕндӕр науыл сбадын, цӕмӕй бынатмӕ, ома Роммӕ, фӕхӕццӕ уыдаиккой (Хъуыд. 27:6). Уӕды рӕстӕджы Роммӕ мӕнӕу Египетӕй ластой, ӕмӕ-иу ӕй цы наутыл ластой, уыдон-иу Мирӕйы ӕрлӕууыдысты. Гъемӕ Юлий иу ахӕм нау ссардта ӕмӕ ӕфсӕддонты ӕмӕ ахст адӕмы ууыл сбадын кодта. Уый, ӕвӕццӕгӕн, фыццаг науӕй уыди бирӕ стырдӕр. Уыцы нау ласта зынаргъ фӕллой – мӕнӕу, стӕй ма йыл уыди 276 адӕймаджы: наутӕрджытӕ, ӕфсӕддонтӕ, ахст адӕм ӕмӕ ма, чи зоны, Роммӕ чи цыд, ӕндӕр ахӕм адӕм дӕр. Ӕндӕр науыл кӕй сбадтысты, уый фӕрцы Павелӕн фадат фӕзынд ноджы фылдӕр адӕмӕн хъусын кӕнынӕн, ӕмӕ та уыцы фадатӕй дӕр куыннӕ спайда кодтаид.
8 Уый фӕстӕ ӕрлӕууыдысты горӕт Книды, Къаннӕг Азийы хуссар-ныгуылӕнырдыгӕй. Науӕн-иу дымгӕ куы ’ххуыс кодта, уӕд-иу Мирӕйӕ Книдмӕ иу бонмӕ дӕр бахӕццӕ. Фӕлӕ Лука Хъуыддӕгты 27:7 райдианы куыд фыссы, афтӕмӕй «бирӕ бонтӕ сабыргай фӕцыдысты ӕмӕ тыххӕй-фыдӕй бахӕццӕ сты Книды онг». Бонӕй-бонмӕ науыл цӕуын кодта зындӕр. (Кӕс рамкӕ «Зӕххастӕу денджызы дымгӕтӕ».) Ахъуыды-ма кӕн, нау уыцы дымгӕимӕ ӕмӕ абухгӕ денджызы уылӕнтимӕ куы тох кодта, уӕд, науыл цы адӕм уыд, уыдон куыд кодтаиккой.
Тыхдымгӕ сӕ «раппар-баппар кодта» (Хъуыд. 27:7–26)
9, 10. Критмӕ хӕстӕг бӕлццӕттӕ цавӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлдысты?
9 Науы капитан куыд фӕнд кодта, уымӕ гӕсгӕ Книдӕй сӕ фӕндаг хъуамӕ акодтаиккой дарддӕр ныгуылӕнырдӕм. Фӕлӕ Лука, хабӕрттӕ йӕхи цӕстӕй чи федта, уый, Хъуыддӕгты 27:7 дарддӕр фыссы, зӕгъгӕ нӕ «дымгӕ размӕ цӕуын нӕ уагъта». Нау былӕй куы адард, уӕд ын, былгӕрӕтты цы гуылфӕн фӕкӕлы, уый нал ӕххуыс кодта. Ӕмӕ йӕ стӕй, цӕгат-ныгуылӕнӕй цы тыхджын дымгӕ рацыд, уый хуссарырдӕм ахаста. Уымӕй размӕ сӕ Кипры сакъадах, сӕ ныхмӕ цы дымгӕ дымдта, уымӕй куыд ӕмбӕхста, афтӕ сӕ ныр та дымгӕйӕ ӕмбӕхста Криты сакъадах. Нау, Криты скӕсӕн былгӕрон цы нарӕг зӕххы гӕбаз ис, Салмон, зӕгъгӕ, уый рӕзты куы ацыд, уӕд сӕ уавӕр гыццыл фӕхуыздӕр. Цӕй фӕрцы? Ныр цыдысты сакъадахы хуссар былгӕрӕтты, ӕмӕ уым ахӕм тыхджын дымгӕ нал уыд. Ахъуыды-ма кӕн, науыл чи цыд, уыдон куыд сулӕфыдаиккой! Фӕлӕ цин кӕнынӕн нырма раджы уыд. Зымӕг хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кодта, ӕмӕ цалынмӕ нау денджызы уыд, уӕдмӕ науы кусджытӕн, цӕуыл мӕт кодтаиккой, уый уыди.
10 Лука алцыдӕр бӕлвырд фыссы: «[Криты] былгӕрӕтты тыххӕйты цӕугӕйӕ бахӕццӕ стӕм, Хорз Наулӕууӕнтӕ кӕй хонынц, уыцы бынатмӕ». Кӕд сӕ уыцы сакъадах дымгӕйӕ ӕмбӕхста, уӕддӕр сын нау тӕрын зын уыди. Фӕлӕ ӕппынфӕстаг ссардтой, науӕнгуыр кӕм ныппӕрстаиккой, ахӕм гыццыл донбакӕлӕн. Куыд зӕгъынц, афтӕмӕй уыцы донбакӕлӕн уыди, сакъадахы былгӕрон цӕгатырдӕм кӕм фӕзилы, растдӕр уым. Цымӕ уыцы ран цас фӕлӕууыдысты? Лука зӕгъы, зӕгъгӕ дзы «бирӕ рӕстӕг» фестӕм. Фӕлӕ уым рӕстӕг цы фесӕфтой, ӕндӕр ницы, уымӕн ӕмӕ-иу сентябрь–октябры мӕйты денджызы цӕуын ноджы тӕссагдӕр уыд (Хъуыд. 27:8, 9).
11. Науыл чи уыд, уыдонӕн Павел цы загъта, фӕлӕ уӕддӕр цы сфӕнд кодтой?
11 Павел Зӕххастӕу денджызы балцы иу ӕмӕ дыууӕ хатты кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, науыл чи уыд, уыдонӕй чидӕртӕ фарстой, хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уымӕй. Ӕмӕ сын Павел загъта, дарддӕр цӕуӕн нӕй, зӕгъгӕ. Куы ацыдаиккой, уӕд сыл «исты бӕллӕх ӕрцыдаид», ӕмӕ, чи зоны, ӕрмӕст науӕн нӕ, фӕлӕ, науыл чи уыд, уыдонӕн дӕр зиан ракодтаид. Фӕлӕ наутӕрӕг ӕмӕ науы хицау ныллӕууыдысты дарддӕр цӕуыныл, зӕгъгӕ нӕ ӕвӕстиатӕй ӕдас бынат ссарын хъӕуы. Ӕмӕ Юлийы дӕр уыцы хъуыдыйыл сразы кодтой. Науыл чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕр дзырдтой, зӕгъгӕ, афӕлварын хъӕуы Финикмӕ, уыцы былгӕрон дарддӕр цы наулӕууӕн горӕт ис, уырдӕм бафтын. Ӕвӕццӕгӕн, уым хуыздӕр ӕмӕ стырдӕр наулӕууӕн уыд, цӕмӕй зымӕг уым арвыстаиккой. Гъемӕ хуссарырдыгӕй фӕлмӕн дымгӕ куы радымдта, уӕд сӕ уый фӕсайдта, ӕмӕ дарддӕр ацыдысты (Хъуыд. 27:10–13).
12. Бӕлццӕттӕ Критӕй куы рацыдысты, уӕд цавӕр тӕссаг уавӕры бахаудысты ӕмӕ науы кусджытӕ нау фервӕзын кӕныныл куыд архайдтой?
12 Гыццыл фӕстӕдӕр сӕмбӕлдысты ноджы стырдӕр зындзинӕдтыл: цӕгат-скӕсӕнырдыгӕй сыл йӕхи ныццавта «тыхджын дымгӕ». Иуцасдӕр сӕ, «Кавдӕ чи хуыйны, уыцы гыццыл сакъадах» дымгӕйӕ ӕмбӕхста. Уыцы сакъадах Хорз Наулӕууӕнтӕй уыди иу-65 километры дарддӕр. Фӕлӕ уӕддӕр тӕссаг уыд, нау хуссарырдӕм Сиртмӕ, Африкӕйы змисджын былгӕрӕттӕм, куы ахастаид, ӕмӕ уым куы ныссагъдаид ӕмӕ куы ныппырх уыдаид, уымӕй. Цӕмӕй сӕхи ахӕм бӕллӕхӕй бахызтаиккой, уый тыххӕй наудзаутӕ, наумӕ фӕстӕрдыгӕй цы бӕлӕгъ баст уыд, уый наумӕ систой. Фӕлӕ сын уый ӕнцон нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ бӕлӕгъ, ӕвӕццӕгӕн, донӕй йедзаг уыди. Уый фӕстӕ бӕндӕнтӕ ӕмӕ рӕхыстӕ уыцы стыр науы бынты аластой ӕмӕ науы фӕрстӕ кӕрӕдзимӕ ӕрбалвӕстой, цӕмӕй фӕйнӕджытӕ кӕрӕдзийыл хӕцыдаиккой. Стӕй стыр, кӕнӕ сӕйраг, наупӕлӕзы бӕндӕнтӕ райхӕлдтой ӕмӕ йӕ ӕруагътой, цӕмӕй нау дымгӕйы ныхмӕ фӕлӕууыдаид ӕмӕ, тыхдымгӕ кӕм уыд, уырдыгӕй раирвӕзтаиккой. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, цы тыхст уавӕры уыдысты! Кӕд уыйбӕрц фӕфыдӕбон кодтой, уӕддӕр сӕ тыхдымгӕ дарддӕр «раппар-баппар кодта». Ӕмӕ ӕртыккаг бон сӕ наугӕрзтӕ денджызмӕ акалдтой, ӕвӕццӕгӕн, цӕмӕй нау ма фӕдӕлдон уыдаид, уый тыххӕй (Хъуыд. 27:14–19).
13. Павелимӕ науыл цы адӕм уыд, уыдон тыхдымгӕйы рӕстӕджы цы уавӕры уыдысты?
13 Науыл чи уыд, уыдонӕн сӕ фылдӕры тас йӕ быны скодта. Фӕлӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фидарӕй зыдтой, кӕй фервӕздзысты. Уымӕй размӕ Хицау Йесо Павелӕн зӕрдӕ бавӕрдта, Ромы кӕй хъусын кӕндзӕн, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр зӕд дӕр загъта, афтӕ кӕй уыдзӕн, уый (Хъуыд. 19:21; 23:11). Фӕлӕ сын уӕддӕр тыхдымгӕ дыууӕ къуырийы дӕргъы ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнцой нӕ лӕвӕрдта. Къӕвда йӕ уарынӕй кӕй не ’нцад, ӕмӕ хур ӕмӕ стъалытӕ бӕзджын мигътӕй кӕй нӕ зындысты, уымӕ гӕсгӕ наутӕрӕгӕн йӕ бон нӕ уыд базонын, нӕдӕр, кӕм сты, уый ӕмӕ нӕдӕр, кӕцырдӕм цӕуынц, уый. Куыд ӕмбӕлы, афтӕ къӕбӕр бахордтаиккой, уый фадат дӕр сын нӕ уыди. Ӕниу сӕ уыцы уазалы ӕмӕ уыцы уарыны цӕй хӕрыны мӕт уыдаид? Фыртӕссӕй цы фӕуыдаиккой, уый дӕр нал зыдтой, кӕмӕндӕрты та уыцы раппар-баппарӕй ӕвзӕр дӕр куыннӕ уыдаид, ӕмӕ ма уӕд хӕринагыл чи хъуыды кодтаид?
14, 15. а) Павел, науыл чи уыд, уыдонимӕ куы ныхас кодта, уӕд сын сӕ зӕрдыл цӕмӕн ӕрлӕууын кодта, райдианы сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый? б) Павел иннӕтӕн ныфсы ныхӕстӕ кӕй загъта, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
14 Уӕд Павел се ’хсӕн слӕууыд ӕмӕ сын сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, райдианы сӕ цӕмӕй фӕдзӕхста, уый. Ӕрмӕст сын ӕй уайдзӕфы хуызы нӕ загъта, ӕз уын нӕ дзырдтон, зӕгъгӕ. Фӕстаг рӕстӕг сыл цы хабӕрттӕ ’рцыд, уыдонӕй рабӕрӕг, йӕ ныхӕстыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уый. Стӕй сын загъта: «Ныр [уын] зӕгъын: уӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ сымахӕй иу адӕймаг дӕр нӕ фесӕфдзӕн. Фесӕфдзӕн ӕрмӕстдӕр нау» (Хъуыд. 27:21, 22). Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ сӕ зӕрдӕтӕм рухсы цъыртт куыннӕ бакалдаид! Ӕмӕ Павелӕн йӕхицӕн дӕр ӕхсызгон куыннӕ уыдаид, науыл цы адӕм уыд, уыдонӕн ныфсы ныхӕстӕ Йегъовӕ уый уылты кӕй фехъусын кодта. Хъуамӕ нӕ рох ма уа, Йегъовӕ алы адӕймагыл дӕр кӕй тыхсы. Алы адӕймаджы цард дӕр ын зынаргъ у. Апостол Петр ныффыста: «Йегъовӕйы... нӕ фӕнды, цӕмӕй исчи фесӕфа, фӕлӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй се ’ппӕтӕн дӕр уа ӕрфӕсмон кӕныны фадат» (2 Пет. 3:9). Уӕдӕ нӕ ӕвӕстиатӕй хъӕуы архайын, цӕмӕй нын Йегъовӕ цы ныфсы хабар раргом кодта, уый, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, фылдӕр адӕмӕн фехъусын кӕнӕм! Дзырд цӕуы, Йегъовӕйӕн зынаргъ чи у, уыцы адӕмы цардыл.
15 Науыл чи уыд, уыдонӕй Павел, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕн радзырдта, Хуыцау «зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта», уый тыххӕй – адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр цы ныфс ис, уый тыххӕй (Хъуыд. 26:6; Кол. 1:5). Фӕлӕ сӕ ныр та Павел ныфс бауагъта, нау куы ныппырх уа, уӕддӕр сӕ цардӕн тӕссаг кӕй нӕу, уымӕй. Загъта сын: «Хуыцауы зӕд ӕхсӕвы мӕ разы ӕрлӕууыд ӕмӕ мын загъта: „Ма тӕрс, Павел. Ды хъуамӕ ӕрлӕууай Ромы паддзахы раз, ӕмӕ, науыл демӕ чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр Хуыцау фервӕзын кӕндзӕн“». Ӕмӕ сын стӕй Павел ахӕм ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ загъта: «Уӕдӕ уӕ ныфс ма асӕттӕд, ӕз ӕууӕндын Хуыцауыл, алцыдӕр уыдзӕн, зӕд мын куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕрмӕст нӕ хъуамӕ цавӕрдӕр сакъадахмӕ рахӕсса» (Хъуыд. 27:23–26).
«Се ’ппӕт дӕр зӕхмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты» (Хъуыд. 27:27–44)
«Павел... се ’ппӕты раз Хуыцауӕн бузныг загъта» (Хъуыддӕгтӕ 27:35)
16, 17. а) Павел Хуыцаумӕ цавӕр уавӕры скуывта ӕмӕ уый иннӕтыл куыд фӕзынд? б) Павелы ныхӕстӕ куыд сӕххӕст сты?
16 Уыцы дыууӕ удхайраг къуырийы дӕргъы тыхдымгӕ нау фӕраппар-баппар кодта ӕмӕ йӕ 870 километры бӕрц иуырдӕм ахаста. Ӕмӕ ныр наудзаутӕ фехъуыстой, уылӕнтӕ сӕхи былыл куыд хойынц, ӕмӕ бамбӕрстой, уавӕр кӕй ивы. Уӕд фӕстӕрдыгӕй науӕнгуыртӕ ӕрӕппӕрстой, цӕмӕй сӕ дымгӕ ма ахастаид, ӕмӕ науӕн йӕ ных сарӕзтой былырдӕм, кӕд ӕй тӕнӕджы батӕриккам, зӕгъгӕ. Уыцы афон наудзаутӕ алидзынмӕ хъавыдысты, фӕлӕ Павел ӕфсӕддон хицауӕн ӕмӕ ӕфсӕддонтӕн загъта: «Ацы адӕм науыл куы нӕ баззайой, уӕд нӕ фервӕздзыстут». Ӕмӕ сӕ ӕфсӕддонтӕ нӕ ауагътой. Ныр нау афтӕ тынг нал раппар-баппар кодта, ӕмӕ Павел се ’ппӕтӕн дӕр ныллӕгъстӕ кодта, цӕмӕй бахӕрой, ӕмӕ та сӕ ногӕй ныфс бауагъта, кӕй фервӕздзысты, уымӕй. Стӕй «се ’ппӕты раз Хуыцауӕн бузныг загъта» (Хъуыд. 27:31, 35). Павел Хуыцауӕн кӕй раарфӕ кодта, уымӕй хорз цӕвиттон равдыста Лукайӕн, Аристархӕн ӕмӕ абоны чырыстӕттӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Ды дӕр иннӕты номӕй куы фӕкувыс, уӕд сӕ дӕ ныхӕстӕй бафидар кӕныс ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс бафтауыс?
17 Павел куы скуывта, уӕд «се ’ппӕты дӕр ныфс бацыд, ӕмӕ уыдон дӕр хӕрын райдыдтой» (Хъуыд. 27:36). Стӕй мӕнӕу донмӕ акалдтой ӕмӕ нау ноджы фӕрогдӕр кодтой, цӕмӕй йӕхиуыл схӕцыдаид ӕмӕ йӕ былмӕ хӕстӕгдӕр батардтаиккой. Куы сбон, уӕд науы кусджытӕ науӕнгуыртӕ акъуырдтой, фӕстӕрдыгӕй цы науыздахӕн фиййӕгтӕ уыд, уыдон суӕгъд кодтой ӕмӕ раззаг гыццыл наупӕлӕз дымгӕмӕ систой, цӕмӕй нау ӕнцондӕр тӕрӕн уыдаид ӕмӕ йӕ исты хуызты тӕнӕг ранмӕ батардтаиккой. Уый фӕстӕ науы бырынкъ ныссагъд, чи зоны, змисы кӕнӕ та цъыфы, ӕмӕ йӕ фӕстӕрдыгӕй тыхджын уылӕнтӕ хостой ӕмӕ йӕ пырх кӕнын райдыдтой. Ӕфсӕддонтӕй чидӕртӕ хъавыдысты ахст адӕмы амарынмӕ, цӕмӕй сӕ иу дӕр ма алыгъдаид, фӕлӕ сӕ Юлий нӕ бауагъта. Се ’ппӕтӕн дӕр загъта, цӕмӕй былмӕ аленк кодтаиккой, чи – йӕхӕдӕг, чи та – фӕйнӕджы гӕбӕзтыл. Павел куыддӕриддӕр загъта, афтӕ ӕрцыд. Науыл цы 276 адӕймаджы уыд, уыдонӕй сӕ иуыл дӕр ницы ’рцыд – «се ’ппӕт дӕр зӕхмӕ дзӕбӕхӕй бахӕццӕ сты». Фӕлӕ сӕ кӕдӕм рахаста? (Хъуыд. 27:44).
«Диссаджы хӕларзӕрдӕ разындысты» (Хъуыд. 28:1–10)
18–20. Мальтӕйы цӕрджытӕ «диссаджы хӕларзӕрдӕ» куыд разындысты ӕмӕ Хуыцау Павелы къухӕй цавӕр диссаг сарӕзта?
18 Чи аирвӕзт, уыдон, куыд рабӕрӕг, афтӕмӕй ныр уыдысты Мальтӕйы сакъадахыл, Сицилийӕ хуссарырдӕм. (Кӕс ацы фарсыл рамкӕ «Уыцы Мальтӕ кӕм уыд?».) Бынӕттон цӕрджытӕ сӕм «диссаджы хӕларзӕрдӕ разындысты» (Хъуыд. 28:2). Ӕнӕзонгӕ адӕм былмӕ сӕрӕй къӕхты бынмӕ хуылыдзӕй ӕмӕ уазалӕй гӕв-гӕв кӕнгӕйӕ кӕй рахызтысты, уый куы федтой, уӕд сын арт скодтой. Ӕмӕ кӕд уазал уыд ӕмӕ къӕвда дӕр уарыд, уӕддӕр бӕлццӕттӕ схъарм сты. Раст уыцы рӕстӕг арты раз ӕрцыд иу диссаг.
19 Павелы бафӕндыд уыцы адӕммӕ истӕмӕй фӕкӕсын. Гъемӕ пыхсытӕ амбырд кодта, ӕмӕ сӕ артыл куыд ӕрӕвӕрдта, афтӕ пыхсытӕй маргджын калм рабырыд ӕмӕ йыл фӕхӕцыд ӕмӕ йӕ цонгыл ацауындзӕг. Мальтӕйы цӕрджытӕ афтӕ ахъуыды кодтой, ӕмӕ Павелы хуыцӕутты фыдӕх баййӕфтаa.
20 Павелыл калм кӕй фӕхӕцыд, уый бынӕттон адӕм куы федтой, уӕд ахъуыды кодтой, зӕгъгӕ, «йӕ буар ныррӕсидзӕн». Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, грекъаг тексты ам цы дзырд ӕмбӕлы, уый у, «дохтыртӕ кӕмӕй пайда кодтой, ахӕм дзырд». Ӕмӕ «дохтыр Лукайӕн» йӕ хъуыдымӕ ахӕм дзырд кӕй ӕрцыд, уый диссаг нӕу (Хъуыд. 28:6; Кол. 4:14). Лука цавӕрфӕнды дзырдӕй ма спайда кодтаид, уӕддӕр сӕйраг уый у, ӕмӕ Павел уыцы маргджын калмы йӕ цонгӕй ӕрцагъта, ӕмӕ йын калм ӕппындӕр ницы зиан ракодта.
21. а) Лука алцыдӕр бӕлвырд кӕй фыста, уый ацы скъуыддзагӕй куыд у бӕрӕг? б) Павел цавӕр диссаг сарӕзта ӕмӕ уый Мальтӕйы цӕрджытыл куыд фӕзынд?
21 Уыцы сакъадахыл цард, бирӕ зӕххытӕ кӕмӕн уыд, ахӕм хъӕздыг лӕг, Публий, зӕгъгӕ. Ӕвӕццӕгӕн ӕй Ромы хицауад сӕвӕрдта Мальтӕйы сӕргъы. Лука Публийы хоны «сакъадахы хицау», ӕмӕ раст ахӕм дзырд ӕмбӕлы, Мальтӕйы цы фыстытӕ ссардтой, уыдонӕй дыууӕйы. Публий Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты суазӕг кодта ӕмӕ сын ӕртӕ боны рӕдау фысым уыди. Уыцы рӕстӕг Публийы фыд уыди рынчын. Ӕмӕ та ацы хатт дӕр Лука бӕлвырд ныффыста, уыцы лӕгӕн йӕ низыхатт цы уыд, уый, «йӕ тӕвд нӕ хауд ӕмӕ хъӕрзыд гуыбыннизӕй», зӕгъгӕ. Уӕд Павел Хуыцаумӕ скуывта, рынчыныл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ йӕ адзӕбӕх кодта. Бынӕттон цӕрджытӕ дисы бафтыдысты, ӕмӕ йӕм ӕндӕр рынчынты дӕр ӕрбакодтой, цӕмӕй уыдоны дӕр сдзӕбӕх кодтаид. Стӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕн лӕвӕрттӕ скодтой ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ цыдӕриддӕр хъуыди, уымӕй сӕ срӕвдз кодтой (Хъуыд. 28:7–10).
22. а) Лука Павелы балцы тыххӕй цы ныффыста, уый фӕдыл иу профессор цы загъта? б) Иннӕ сӕры дзырд цӕуыл цӕудзӕн?
22 Павелы балц кӕронмӕ нӕма ахӕццӕ, фӕлӕ дзы ныронг цы хабӕрттӕм ӕркастыстӕм, уыдон фыст сты раст ӕмӕ бӕлвырд. Иу профессор загъта: «Лука Павелы балцы тыххӕй... цы ныффыста, уый у, Библийы ӕппӕты хъӕздыгдӕр ӕвзагӕй цы хабӕрттӕ ӕрцыд фыст, уыдонӕй сӕ иу. Фыццаг ӕнусы наутыл куыд цыдысты, уый тыххӕй цы лыстӕг хабӕрттӕ ныффыста, уыдон афтӕ раст сты, стӕй-иу Зӕххастӕу денджызы скӕсӕнырдыгӕй боныхъӕд куыд ивта ӕмӕ-иу дзы цы уавӕртӕ уыд, уыдон афтӕ бӕстон бамбарын кодта», ӕмӕ уыцы хабӕрттӕ алы бон куы нӕ фыстаид, уӕд уый йӕ къухы нӕ бафтыдаид. Лука уыцы балцы Павелимӕ кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд алцыдӕр афтӕ бӕстон фыссын. Ӕмӕ кӕд афтӕ уыд, уӕд ын сӕ балцы кӕрон дӕр бирӕ хабӕрттӕ уыдаид ныффыссинаг. Цымӕ ӕппынфӕстаг бӕлццӕттӕ Роммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Павел цы баци? Цӕй ӕмӕ уый дӕр базонӕм.
a Уыцы адӕм ахӕм кӕлмыты тыххӕй кӕй зыдтой, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ уӕды рӕстӕджы Мальтӕйы маргджын кӕлмытӕ уыди. Абон дзы ахӕм кӕлмытӕ нал ис. Ӕвӕццӕгӕн, ӕнусты дӕргъы сӕхи ӕндӕр рӕттӕм айстой. Кӕнӕ та, чи зоны, сакъадахыл адӕм кӕй сбирӕ сты, уый тыххӕй сӕ мыггаг сыскъуыди.
-
-
Павел «бӕстон... хъусын кодта»Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
-
-
27 СӔР
Павел «бӕстон... хъусын кодта»
Павел Ромы уыди ахст, фӕлӕ уӕддӕр хъусын кодта
Арӕзт у Хъуыддӕгты 28:11–31
1. Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ фидарӕй цы зонынц ӕмӕ цӕмӕн?
ЗӔХХАСТӔУ ДЕНДЖЫЗЫ чи ис, уыцы сакъадах Мальтӕйӕ Италимӕ цӕуы, йӕ бырынкъыл нывӕфтыд «Зевсы фырттӕ» кӕмӕн ис, уыцы нау. Уый, ӕвӕццӕгӕн, у стыр хорласӕн нау. У нӕ эрӕйы 59 азмӕ ’ввахс. Ацы науыл цӕуы ахст лӕг, апостол Павел, ӕмӕ йӕ кӕй бар бакодтой, уыцы хъахъхъӕнджытӕ. Павелимӕ ма цӕуынц йе ’мчырыстӕттӕ Лука ӕмӕ Аристарх дӕр (Хъуыд. 27:2). Науы кусджытӕй уӕлдай Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ грекъаг хуыцау Зевсы фырттыл – фаззон ӕфсымӕртӕ Кастор ӕмӕ Поллуксыл – сӕ ныфс нӕ дарынц. (Кӕс уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг Хъуыд. 28:11 стихмӕ, nwtsty-E.) Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынц. Йегъовӕ сын раргом кодта, Павел Ромы кӕй хъусын кӕндзӕн ӕмӕ Ромы паддзахы раз кӕй ӕрлӕудзӕн (Хъуыд. 23:11; 27:24).
2, 3. Павел цы науыл уыд, уый йӕ фӕндаг кӕуылты акодта ӕмӕ Павелӕн суанг йӕ балцы райдианӕй чи ӕххуыс кодта?
2 Нау ӕртӕ боны фӕци Сиракузты, Афинтӕ ӕмӕ Ромӕй фӕстейӕ чи нӕ лӕууыд, уыцы рӕсугъд сицилиаг горӕты. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацыд горӕт Регимӕ, хуссар Италимӕ. Уырдыгӕй та ацыд Италийы наулӕууӕн горӕт Путеолмӕ (абон Неапол кӕм ис, уырдӕм хӕстӕг), ӕмӕ кӕд уырдӕм 320 километры уыди, уӕддӕр хуссайраг дымгӕйы ӕххуысӕй дыккаг бон бахӕццӕ – наутӕ-иу уыцы фӕндагыл цас бахъуыдысты, уымӕй бирӕ тагъддӕр (Хъуыд. 28:12, 13).
3 Павелы балц йӕ кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны, ӕмӕ тагъд ӕрлӕудзӕн Ромы паддзах Нероны раз. Йӕ балцы райдианӕй суанг кӕронмӕ «удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» ис йемӕ (2 Кор. 1:3). Куыд фендзыстӕм, афтӕмӕй Павел Хуыцауы ӕххуысӕй цух никуы уыд ӕмӕ йӕ зӕрдӕйы зынг дӕр никуы ӕрмынӕг.
Павел «Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:14, 15)
4, 5. а) Павелы ӕмӕ йе ’мбӕлтты Путеолы куыд суазӕг кодтой ӕмӕ Павелӕн уыйбӕрц сӕрибардзинад цӕмӕн радтой? б) Чырыстӕттӕ ахӕстӕтты куы вӕййынц, уӕд дӕр сӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдау цавӕр пайда ӕрхӕссы?
4 Путеолы Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ «ссардтой ӕфсымӕрты, ӕмӕ сын уыдон ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй сӕм авд боны баззадаиккой» (Хъуыд. 28:14). Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагътой уыцы чырыстӕттӕ, ахӕм уазӕгуарзон кӕй разындысты, уымӕй! Дзырд дӕр ыл нӕй, Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты кӕй суазӕг кодтой, уый фӕрцы сӕхи уырнындзинад дӕр бафидар. Фӕлӕ цымӕ Павелӕн, ахст лӕгӕн, уыйбӕрц сӕрибардзинад цӕмӕн радтой? Ӕвӕццӕгӕн, уымӕн, ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ уыдтой, фау ӕрхӕссӕн ӕм кӕй ницӕмӕй ис, ӕмӕ йыл ӕууӕндыдысты.
5 Нӕ рӕстӕджы дӕр Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ахӕстӕтты ӕмӕ концлагерты чи уыд, уыдонмӕ дӕр-иу арӕх хорз цӕстӕй кастысты ӕмӕ-иу сын иннӕ ахст адӕмӕй уӕлдай фылдӕр сӕрибардзинад радтой. Зӕгъӕм, Румынийы иу лӕджы ӕрцахстой, давгӕ кӕй кодта, уый тыххӕй ӕмӕ йын 75 азы радтой. Уыцы лӕг ахӕстоны Хуыцауы Ныхас ахуыр кӕнын райдыдта ӕмӕ уый фӕрцы афтӕ тынг фӕивта, цыма ӕндӕр адӕймаг сси. Уый уынгӕйӕ йыл ахӕстоны хицӕуттӕ ӕууӕндын райдыдтой ӕмӕ-иу ӕй горӕтмӕ иунӕгӕй, ӕнӕ хъахъхъӕнджытӕй, арвыстой, цӕмӕй-иу, ахӕстонӕн цы хъуыди, уыдӕттӕ балхӕдтаид! Сӕйраджыдӕр та зӕгъын хъӕуы уый, ӕмӕ нӕ хорз уаг ӕмӕ ӕгъдауӕй кад хӕссӕм Йегъовӕйӕн (1 Пет. 2:12).
6, 7. Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ цавӕр диссаджы уарзондзинад равдыстой?
6 Путеолӕй Павел ӕмӕ йе ’мбӕлттӕ 50 километры бӕрц фистӕгӕй фӕцыдысты, Аппийы фӕндагыл чи уыд, уыцы горӕт Капуйӕйы онг. Уыцы фӕндаг кодта Роммӕ ӕмӕ конд уыди стыр дуртӕй – чи ныхъхъӕбӕр, ахӕм лавӕйы къӕрттытӕй. Уыцы зындгонд фӕндагӕй тынг рӕсугъд зындысты Италийы хъӕутӕ, кӕцыдӕр бынӕттӕй та зынди Зӕххастӕу денджыз дӕр. Фӕндаг цыди, Ромӕй иу-60 километры дарддӕр цы цъыфдзаст ран уыди, ууылты. Уыцы бынат хуыдтой, Понтины цъымаратӕ, зӕгъгӕ, ӕмӕ уым уыди Аппийы базар дӕр. Лука куыд фыссы, афтӕмӕй, Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павел ӕмӕ йе ’мбӕлтты тыххӕй «куы фехъуыстой», уӕд дзы чидӕртӕ сӕ размӕ рацыдысты Аппийы базары онг, иннӕтӕ та сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Ӕртӕ Фысымуаты цур – Ромӕй уырдӕм уыди 50 километры бӕрц. Ӕвӕдза, цӕй диссаджы уарзондзинад равдыстой уыцы ӕфсымӕртӕ! (Хъуыд. 28:15).
7 Аппийы базары уый фадат нӕ уыд, ӕмӕ дзы бӕлццон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ йӕ фӕллад суагътаид. Ромаг фыссӕг Гораций уыцы бынаты тыххӕй фыста, зӕгъгӕ дзы «наудзаутӕй ӕмӕ уазӕгдзӕрӕнты ӕнӕхсӕст хицӕуттӕй къух бакӕнӕн нӕ уыди». Стӕй, дам, дзы дон уыди тынг чъизи, нуазынӕн нӕ бӕззыд. Гораций уым сихор бахӕрын дӕр нӕ бакуымдта! Ӕмӕ дзы кӕд ахӕм ӕвзӕр уавӕртӕ уыди, уӕддӕр Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ Павелмӕ ӕмӕ йе ’мбӕлттӕм уым цингӕнгӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, цӕмӕй сӕ балцы кӕрон семӕ уыдаиккой ӕмӕ сӕ бынатмӕ дзӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтаиккой.
8. Павел ӕфсымӕрты куы федта, уӕд Хуыцауӕн цӕмӕн раарфӕ кодта?
8 Павел йе ’фсымӕрты «куы федта, уӕд Хуыцауӕн раарфӕ кодта ӕмӕ дзы ныфс бацыд» (Хъуыд. 28:15). Ӕвӕццӕгӕн, апостол уыцы ӕфсымӕртӕй кӕимӕдӕрты зонгӕ уыди, ӕмӕ ӕрмӕст сӕ уындӕй дӕр йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ йӕ ныфсыл ныфс бафтыд. Павел уый тыххӕй Хуыцауӕн цӕмӕн раарфӕ кодта? Уымӕн ӕмӕ йӕ зыдта, удуӕлдай уарзт кӕй у, Хуыцауы сыгъдӕг тых цы дыргъ дӕтты, уый (Гал. 5:22). Абон дӕр сыгъдӕг тых чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй иннӕты тыххӕй сӕ уд раттынмӕ дӕр цӕттӕ уой ӕмӕ, зын кӕмӕн у, уыдоны ныфсыл ныфс ӕфтауой (1 Фес. 5:11, 14).
9. Павелы размӕ чи рацыд, уыцы ӕфсымӕрты нӕ бон куыд у бафӕзмын?
9 Зӕгъӕм, сыгъдӕг тых рӕдаузӕрдӕ чырыстӕтты разӕнгард кӕны, цӕмӕй районон цӕстдарджытӕм, миссионертӕм ӕмӕ ма ноджыдӕр ӕххӕстрӕстӕг чи лӕггад кӕны, уыдонмӕ уазӕгуарзондзинад ӕвдисой. Цӕмӕй уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ Йегъовӕйӕн фылдӕр лӕггад кӕной, уый тыххӕй сӕхи бирӕ цӕмӕйдӕрты фӕцух кӕнынц. Уӕдӕ ды дӕр ахъуыды кӕн: «Районон цӕстдарӕг не ’мбырд куы фӕбӕрӕг кӕны, уӕд ын фылдӕр истӕмӕй мӕ бон баххуыс кӕнын у? Зӕгъӕм, йӕхи дӕр ӕмӕ йын усы дӕр мӕ бон у суазӕг кӕнын? Мӕ бон у мӕ хъуыддӕгтӕ афтӕ спълан кӕнын, цӕмӕй семӕ хъусын кӕнынмӕ ацӕуон?» Уый дӕхицӕн дӕр стыр арфӕдзинӕдтӕ ӕрхӕсдзӕн. Ахъуыды-ма кӕн, Ромы цӕрӕг ӕфсымӕртӕ куыд цин кодтаиккой, Павел ӕмӕ сын йе ’мбӕлттӕ, цы диссаджы хабӕрттӕ сыл ӕрцыд, уыдон куы дзырдтой, уӕд (Хъуыд. 15:3, 4).
«Алы ран дӕр дзурынц ацы сектӕйы ныхмӕ» (Хъуыд. 28:16–22)
10. Павел Роммӕ куы ’рцыд, уӕд цавӕр уавӕрты уыди ӕмӕ ӕртӕ боны фӕстӕ цы сарӕзта?
10 Ӕппынфӕстаг бӕлццӕттӕ Роммӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд «Павелӕн радтой хицӕн хӕдзары цӕрыны бар, ӕфсӕддон ӕй хъахъхъӕдта, афтӕмӕй» (Хъуыд. 28:16). Хицӕн хӕдзары-иу ахстӕй кӕй дардтой, уый-иу цӕмӕй ма алыгъдаид, уый тыххӕй-иу ӕй хъахъхъӕнӕгмӕ рӕхыстӕй бабастой. Ӕмӕ кӕд Павелӕн йӕ хабар афтӕ уыд, уӕддӕр хорз хабар хъусын кодта, ӕмӕ йӕ рӕхыстӕ дӕр нӕ хъыгдардтой. Гъемӕ уыцы дард балцы фӕстӕ ӕртӕ боны йеддӕмӕ нӕ баулӕфыд, афтӕ, Ромы чи цард, уыцы дзырддзӕугӕ дзуттӕгтӕм фӕдзырдта, цӕмӕй семӕ базонгӕ уыдаид ӕмӕ сын хорз хабар фехъусын кодтаид.
11, 12. Павел дзуттӕгтимӕ ныхас кӕнгӕйӕ куыд архайдта сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссарыныл?
11 «Ӕфсымӕртӕ,– загъта Павел,– ӕз нӕ адӕмӕн ӕвзӕрӕй ницы ракодтон, нӕ фыдӕлты ӕгъдӕутты сӕрты дӕр нӕ ахызтӕн, фӕлӕ мӕ Иерусалимы ӕрцахстой ӕмӕ мӕ ромӕгты къухтӕм радтой. Уыдон мын мӕ хъуыддаг равзӕрстой ӕмӕ мӕ рауадзынмӕ хъавыдысты, уымӕн ӕмӕ мын мӕлӕты тӕрхон цӕй тыххӕй рахастаиккой, ахӕмӕй ницы сарӕзтон. Фӕлӕ дзуттӕгтӕ мӕ рауадзыны ныхмӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ ӕрдомдтон Ромы паддзахы тӕрхон – ӕндӕр гӕнӕн нал уыди. Ӕмӕ афтӕ мӕ адӕмы истӕмӕй фӕаххосджын кӕныны тыххӕй нӕ бакодтон» (Хъуыд. 28:17–19).
12 Павел уыцы дзуттӕгты «ӕфсымӕртӕ» уый тыххӕй схуыдта, цӕмӕй сын сӕ зӕрдӕтӕм фӕндаг ссардтаид ӕмӕ йыл кӕд истӕй тыххӕй ӕнӕууӕнк кодтой, уӕд ӕм ӕндӕр цӕстӕй ракастаиккой (1 Кор. 9:20). Стӕй сын бамбарын кодта, Ромы уый тыххӕй кӕй нӕй, цӕмӕй бынӕттон дзуттӕгты аххосджын кӕна, фӕлӕ цӕмӕй Ромы паддзахы раз ӕрлӕууа. Фӕлӕ Павел Ромы паддзахы тӕрхон кӕй ӕрдомдта, уый тыххӕй бынӕттон дзуттӕгтӕ ницы зыдтой (Хъуыд. 28:21). Цымӕ афтӕ куыд рауад, ӕмӕ сын Иудейӕйы цӕрӕг дзуттӕгтӕ уый тыххӕй нӕ фӕхабар кодтой? Иу чиныджы фыст ис: «Ӕвӕццӕгӕн, Павел ӕрцыд, зымӕг куы фӕци, уӕд Италимӕ фыццаг цы наутӕ ӕрцыд, уыдонӕй сӕ иуыл, ӕмӕ Иерусалимӕй дзуттӕгты ӕрвыст лӕгтӕ нӕма ӕрхӕццӕ сты ӕмӕ ацы хъуыддаджы фӕдыл фыстӕг дӕр нӕма ӕрцыд».
13, 14. Павел Хуыцауы Паддзахады тыххӕй дзурын куыд райдыдта ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
13 Уый фӕстӕ Павел дзурын райдыдта Хуыцауы Паддзахады тыххӕй. Ӕмӕ ахӕм ныхӕстӕй спайда кодта, ӕмӕ йӕ дзуттаг уазджытӕ ма бацымыдис уыдаиккой, уый гӕнӕн нӕ уыд. Загъта сын: «Ӕмӕ мӕ уый тыххӕй фӕндыди сымах фенын ӕмӕ уемӕ аныхас кӕнын, уымӕн ӕмӕ, Израилы адӕм сӕ ныфс цӕуыл дарынц, уый тыххӕй дӕн баст ацы рӕхыстӕй» (Хъуыд. 28:20). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ныфс баст уыди Мессийӕимӕ ӕмӕ йӕ Паддзахадимӕ, чырыстон ӕмбырд дӕр кӕй тыххӕй хъусын кодта, уыцы хабӕрттимӕ. Ӕмӕ йын уӕд дзуттӕгты хистӕртӕ загътой: «Хорз уаид, цы хъуыдытыл хӕст дӕ, уыдоны тыххӕй нын дӕхӕдӕг куы радзурис, уымӕн ӕмӕ йӕ куыд зонӕм, афтӕмӕй алы ран дӕр дзурынц ацы сектӕйы ныхмӕ» (Хъуыд. 28:22).
14 Махӕн дӕр хорз хабар хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзыны, уӕд нӕ бон у, хъуыдытыл чи ӕфтауы, ахӕм ныхӕстӕй ӕмӕ фарстатӕй пайда кӕнын, цӕмӕй нӕ ныхасмӕхъусджыты бацымыдис кӕнӕм. Уый фӕдыл диссаджы уынаффӕтӕ вӕййы «Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад»-ы, чиныджы «Хуыцауы Ныхас хъусынгӕнджыты скъола – стыр ӕххуыс дӕуӕн» ӕмӕ брошюрӕйы «Хуыздӕр кӕс ӕмӕ иннӕты арӕхстджынӕй ахуыр кӕн». Уыцы уынаффӕтӕй арӕхстджынӕй фӕпайда кӕныс?
Павел куыд «бӕстон хъусын кодта», уымӕй нын у фӕзминаг (Хъуыд. 28:23–29)
15. Павел куыд хъусын кодта, уымӕй нын цавӕр цыппар хъуыддаджы у фӕзминаг?
15 Бынӕттон дзуттӕгтӕ Павелимӕ цы бонмӕ баныхас кодтой, уыцы бон ӕм, цы хӕдзары уыд, уырдӕм «ноджы фылдӕрӕй ӕрбацыдысты». Ӕмӕ сын Павел дӕр «райсомӕй изӕрмӕ, хабар цӕй мидӕг уыд, уый ӕмбарын кодта: бӕстон сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын Йесойы тыххӕй фидар бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста Моисейы закъонӕй ӕмӕ Пехуымпарты чингуытӕй» (Хъуыд. 28:23). Павел семӕ куыд ныхас кодта, уымӕй нын фӕзминаг у цыппар хъуыддаджы. Фыццаг: се ’ргом сын раздӕхта Хуыцауы Паддзахадмӕ. Дыккаг: йӕ ныхасмӕхъусджытӕн «бӕлвырдгӕнӕнтӕ хаста» ӕмӕ сын афтӕмӕй архайдта сӕ зӕрдӕтӕ бацагайыныл. Ӕртыккаг: ныхас кодта Фыстадмӕ гӕсгӕ. Цыппӕрӕм: йӕхиуыл нӕ ауӕрста – хъусын кодта «райсомӕй изӕрмӕ». Цӕй диссаджы цӕвиттон нын ныууагъта! Павел афтӕ бӕстон кӕй хъусын кодта, уый фӕрцы хабар куыд рауад? Йӕ ныхӕстыл «иутӕ баууӕндыдысты», иннӕтӕ та – нӕ. Ӕмӕ Лука куыд фыссы, афтӕмӕй, адӕм кӕрӕдзиимӕ разы кӕй нӕ уыдысты, уымӕ гӕсгӕ «уырдыгӕй цӕуын райдыдтой» (Хъуыд. 28:24, 25а).
16–18. Ромы цӕрӕг дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ кӕй нӕ байхъуыстой, уый Павелмӕ диссаг цӕуылнӕ фӕкаст ӕмӕ абон дӕр адӕм хорз хабармӕ куы нӕ байхъусынц, уӕд уымӕ цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
16 Дзуттӕгтӕ хорз хабармӕ ахӕм цӕстӕй кӕй ракастысты, уый Павелмӕ диссаг нӕ фӕкаст, уымӕн ӕмӕ ахӕм хабарыл фыццаг хатт нӕ сӕмбӕлд, стӕй уый тыххӕй Фыстады дӕр рагацау загъд уыди (Хъуыд. 13:42–47; 18:5, 6; 19:8, 9). Гъемӕ, йӕ уазджытӕй рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, уыдон куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сын Павел загъта: «Раст дзырдта Хуыцауы сыгъдӕг тых уӕ фыдӕлтӕн пехуымпар Исайы уылты: „Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын афтӕ зӕгъ: „Уӕ хъустӕй хъусдзыстут, фӕлӕ йӕ нӕ бамбардзыстут; уӕ цӕстытӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ ницы фендзыстут. Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты“» (Хъуыд. 28:25б–27). Мивдисӕг «ныддур» цы грекъаг дзырдӕй ӕрцыд тӕлмац, уый амоны, «чи снард» кӕнӕ «фиу чи сӕвӕрдта», ахӕм зӕрдӕмӕ, ӕмӕ ахӕм зӕрдӕмӕ та хорз хабар нал фӕхъары. Хъыгагӕн, афтӕ уыди сӕ хабар уыцы дзуттӕгтӕн!
17 Фӕстагмӕ Павел загъта, зӕгъгӕ, кӕд уыдон нӕ байхъуыстой, уӕддӕр «иннӕ адӕмтӕ байхъусдзысты» (Хъуыд. 28:28; Пс. 67:2; Ис. 11:10). Апостол Павелӕн уый йӕ бон фидарӕй уыди зӕгъын, уымӕн ӕмӕ иннӕ адӕмтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабармӕ куыд хъуыстой, уый йӕхи цӕстӕй иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ федта! (Хъуыд. 13:48; 14:27).
18 Цӕй уӕдӕ мах дӕр Павелы бафӕзмӕм ӕмӕ адӕм хорз хабармӕ куы нӕ хъусой, уӕд-иу нӕм уый хъыг ма кӕсӕд. Мах ӕй зонӕм, адӕмӕн сӕ фылдӕр царды фӕндаг кӕй не ссардзысты (Матф. 7:13, 14). Фӕлӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕм раст фӕндагыл куы слӕууынц, уӕд та-иу цин кӕнӕм ӕмӕ-иу сӕ нӕ зӕрдӕйы хъармӕй батавӕм! (Лук. 15:7).
«Хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Хъуыд. 28:30, 31)
19. Павел ахст куы уыди, уӕд йӕ рӕстӕгӕй куыд пайда кодта?
19 Лука Хъуыддӕгты чиныг цы хабарӕй фӕци, уый нын нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Мах кӕсӕм: «Павел цы хӕдзар баххуырста, уым фӕцард дыууӕ азы, ӕмӕ-иу ӕм чи ’рбацыд, уыдонмӕ-иу се ’ппӕтмӕ дӕр хорз цӕстӕй ракаст. Ӕмӕ сын хъусын кодта Хуыцауы паддзахады тыххӕй ӕмӕ сын тынг ныфсджынӕй дзырдта Хицау Йесо Чырыстийы тыххӕй, ӕмӕ йӕ ницы хъыгдардта» (Хъуыд. 28:30, 31). Павел куыд уазӕгуарзон уыди, куыд зынгзӕрдӕйӕ лӕггад кодта ӕмӕ цы фидар уырнындзинады хицау уыд, уымӕй нын ӕцӕгдӕр у фӕзминаг!
20, 21. Радзур, Павел Ромы кӕй хъусын кодта, уый пайда кӕмӕн ӕрхаста, уыдонӕй иуӕй-иуты тыххӕй.
20 Павел кӕй суазӕг кодта ӕмӕ кӕуыл бацин кодта, уыдонӕй иу уыди Онисим, Колосстӕй йӕ хицауӕй чи алыгъд, уыцы цагъар. Павел Онисимӕн баххуыс кодта чырыстон фӕндагыл слӕууынӕн, ӕмӕ йын уыцы адӕймаг сси «иузӕрдион ӕмӕ уарзон ӕфсымӕр». Павел Онисимы тыххӕй фыста, зӕгъгӕ мын «хи хъӕбулы ад» скодта (Кол. 4:9; Филим. 10–12). Уӕдӕ Онисим Павелӕн стыр ныфсы хос куыннӕ уыдаид!a
21 Павелы хорз цӕвиттон пайда ӕрхаста иннӕтӕн дӕр. Филиппӕгтӕм ахӕм ныхӕстӕ ныффыста: «Цы уавӕрты бахаудтӕн, уыдон ма хорз хабар хъусын кӕнынӕн ӕххуыс дӕр... фесты. Чырыстийы тыххӕй ахст кӕй дӕн, уый базыдтой Ромы паддзахы хъахъхъӕнӕг ӕфсады иууылдӕр, стӕй иннӕ адӕм се ’ппӕт дӕр. Ӕмӕ, нӕ Хицауӕн чи лӕггад кӕны, уыцы ӕфсымӕртӕн сӕ фылдӕрӕн, ӕз ахст кӕй дӕн, уый фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтыд ӕмӕ Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзурынц – ницӕмӕй тӕрсынц» (Фил. 1:12–14).
22. Павел Ромы ахст куы уыди, уӕд йӕ уавӕртӕй куыд спайда кодта?
22 Павел Ромы ахст куы уыд, уӕд йӕ уавӕртӕй афтӕ спайда кодта, ӕмӕ ныффыста ахсджиаг фыстӕджытӕ. Уыцы фыстӕджытӕ абон сты Чырыстон Грекъаг Фыстытыb. Фыццаг ӕнусы уыцы фыстӕджытӕ фыст кӕмӕ ӕрцыдысты, уыцы чырыстӕттӕн стыр пайда ӕрхастой. Махӕн дӕр Павелы фыстӕджытӕ абон стыр пайда хӕссынц, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕрцыдысты (2 Тим. 3:16, 17).
23, 24. Абон дӕр чырыстӕттӕй бирӕты ӕнаххосӕй ахӕстоны куы сбадын кӕнынц, уӕддӕр Павелау сӕ циндзинад кӕй нӕ фесафынц, уый цавӕр хабарӕй бӕрӕг у?
23 Павелы кӕд рауагътой, уый тыххӕй Хъуыддӕгты чиныджы ницы ис фыст. Бӕлвырдӕй зонӕм уый, ӕмӕ йӕ ахстӕй фӕдардтой цыппар азы – дыууӕ азы Кесарийы, дыууӕ азы та Ромыc (Хъуыд. 23:35; 24:27). Фӕлӕ уӕддӕр Павел йӕ циндзинад нӕ фесӕфта ӕмӕ, Хуыцауы хъуыддаджы йӕ бон цыдӕриддӕр уыди, уый арӕзта. Абон дӕр кӕд Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй бирӕты ӕнаххосӕй, сӕ уырнындзинады тыххӕй ахӕстоны бакӕнынц, уӕддӕр сӕ циндзинад нӕ фесафынц ӕмӕ дарддӕр фӕхъусын кӕнынц. Ӕркӕсӕм Испанийӕ иу ӕфсымӕр Адольфойы хабармӕ. Чырыстон кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ӕфсадмӕ нӕ цыд, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ахӕстоны сбадын кодтой. Хъахъхъӕнджытӕй йын сӕ иу афтӕ загъта: «Уӕллӕй, диссаджы адӕймаг дӕ! Мах ӕдзухдӕр ууыл архайдтам, цӕмӕй дын дӕ цард сӕнад кодтаиккам, фӕлӕ дын цас фыддӕр митӕ кодтам, уыйас нӕм тынгдӕр худтӕ ӕмӕ немӕ фӕлмӕнӕй дзырдтай».
24 Рӕстӕг рацыд, ӕмӕ Адольфойыл афтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ-иу ын йӕ камерӕйы дуар дӕр гомӕй ныууагътой. Хъахъхъӕнджытӕм-иу Библийӕ исты фарстатӕ куы фӕзынд, уӕд-иу ӕм бацыдысты ӕмӕ-иу ӕй бафарстой. Сӕ иу та Адольфойы камерӕмӕ цыди Библи кӕсынмӕ. Уыцы рӕстӕг-иу ӕй Адольфо та хъахъхъӕнгӕ кодта, цӕмӕй йӕ йе ’мкусджытӕй мачи федтаид. Ахъуыды-ма кӕн, ахст лӕг «хъахъхъӕдта» хъахъхъӕнӕджы! Цӕй уӕдӕ нӕ ахӕм иузӕрдион Ӕвдисӕнты цӕвиттон разӕнгард кӕнӕд, цӕмӕй мах дӕр цыфӕнды уӕззау уавӕрты дӕр «Хуыцауы ныхас ноджы уӕндондӕрӕй дзурӕм – мацӕмӕй тӕрсӕм».
25, 26. Йесо цавӕр диссаджы ныхӕстӕ загъта ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ, ӕртын азы дӕр куы нӕма рацыд, уӕд Павелы цӕстыты раз куыд сӕххӕст сты ӕмӕ абон та куыд ӕххӕст кӕнынц?
25 Ӕвӕдза, цас диссаджы хабӕрттӕ базыдтам Хъуыддӕгты чиныгӕй! Ӕмӕ цӕуыл фӕци, уый дӕр нӕ цӕй стыр ныфс уадзы – Чырыстийы апостол хӕдзары ахстӕй «хъусын кӕны Хуыцауы паддзахады тыххӕй», чидӕриддӕр ӕм ӕрбацӕуы, уыдонӕн! Нӕ чиныджы фыццаг сӕры мах бакастыстӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы бахӕс кодта, уый тыххӕй: «Хуыцауы сыгъдӕг тых [уыл] куы ’рцӕуа, уӕд хъаруйӕ схайджын уыдзыстут, ӕмӕ мын уыдзыстут ӕвдисӕнтӕ Иерусалимы, стӕй ӕгас Иудейӕйы ӕмӕ Самарийы, ӕмӕ суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Ӕмӕ ныр, Йесо уыцы ныхӕстӕ куы загъта, уымӕй 30 азы дӕр нӕма рацыди, афтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр»d (Кол. 1:23). Уӕдӕ ацы хабар куыд хорз ӕвдисы, Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕн йӕ бон цас у, уый! (Зах. 4:6).
26 Уыцы сыгъдӕг тыхӕй хайджын сты, абон ма Чырыстийы ӕфсымӕртӕй зӕххыл чи ис, уыдон дӕр ӕмӕ се ’мбӕлттӕ дӕр, «ӕндӕр фыстӕ», ӕмӕ уый фӕрцы 240 бӕстӕйӕ фылдӕры «бӕстон... хъусын кӕнынц Хуыцауы паддзахады тыххӕй» (Иоан. 10:16; Хъуыд. 28:23). Ацы хъуыддаджы ды дӕр, дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразыс?
a Павелы фӕндыд Онисимы йемӕ ныууадзын, фӕлӕ афтӕ куы бакодтаид, уӕд Ромы закъон фехӕлдтаид. Стӕй афтӕмӕй йӕ къӕхты бын ныссӕстаид Онисимы хицауы, чырыстон ӕфсымӕр Филимоны, бартӕ дӕр. Гъемӕ Онисим фӕстӕмӕ Филимонмӕ аздӕхт ӕмӕ йемӕ ахаста, Павел Филимонмӕ кӕй ныффыста, уыцы фыстӕг дӕр. Уым Павел Филимоны баразӕнгард кодта, цӕмӕй йӕ цагъарыл бацин кодтаид ӕмӕ йӕм чырыстон ӕфсымӕры цӕстӕй ракастаид (Филим. 13–19).
b Кӕс рамкӕ «Павел Ромы ахстӕй кӕй ныффыста, уыцы фондз фыстӕджы».
c Кӕс рамкӕ «Павелы цард н. э. 61 азы фӕстӕ».
d Кӕс рамкӕ «Хорз хабар хъуыстгонд ӕрцыд арвы бын ӕппӕт адӕмӕн дӕр».
-