Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 октябрь
    • Библи нын дзуры, дарддӕр цы ’рцыд, уый. Калмы уылты Сайтан Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын, Хуыцау сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый ногӕй куы загъта, уӕд ӕм Сайтан фӕцырд ис: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр». Уыцы ныхӕстӕм Евӕ бӕласы дыргътӕм афтӕ смондаг, ӕмӕ «дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ фарсмӕ куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райдиан 3:1–6). Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодтой – Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтой.

      Уӕдӕ бӕрӕг у, цы ’рцыд, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕ уыд. Хуыцау Адамӕн иу дзырдта, Хӕйрӕг та йын бынтон ӕндӕр цыдӕр загъта. Сайтаны ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕнӕ Йегъовӕйӕ дӕр сӕ бон у, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын. Сайтан сдзырддаг кодта, Йегъовӕйӕн адӕмыл хицауиуӕг кӕныны бар ис ӕви нӕ, уый. Сайтаны фарст уыд тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Ӕцӕг Хуыцау цы бакодта?

  • Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 октябрь
    • Сайтан Хуыцауы бартӕ куы сдзырддаг кодта, уымӕй рацыд 6 мин азы. Цавӕр хатдзӕгтӕ ис скӕнӕн? Сайтан Хуыцауӕй цы мӕнг ныхӕстӕ загъта, уыдон баст уыдысты дыууӕ хъуыддагыл. Ӕркӕсӕм сӕм. Сайтан Евӕйӕн ныфсджынӕй загъта: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут» (Райдиан 3:4). Сайтаны ныхӕстӕй, нӕфӕтчиаг дыргъӕй куы бахӕрат, уӕд нӕ амӕлдзыстут, зӕгъгӕ, афтӕ рауад, ӕмӕ Йегъовӕ у мӕнгдзурӕг. Ахӕм ныхӕстӕн ӕнӕмӕнгдӕр хъуыди дзуапп раттын. Кӕд Хуыцау ацы хъуыддаджы адӕмы фӕсайдта, уӕд ма йыл ӕууӕндӕн ис? Цымӕ рӕстӕг цы равдыста?

      Адам ӕмӕ Евӕ райдыдтой рынчын кӕнын, рыст ӕвзарын, зӕронд кӕнын ӕмӕ, ӕппынфӕстаг, амардысты. «Адам ӕдӕппӕтӕй фӕцард фарастсӕдӕ ӕртын азы, ӕмӕ амард»,– дзуры Библи (Райдиан 3:19; 5:5). Хъыгагӕн, Адам ахӕм «бынтӕ» ныууагъта ӕппӕт адӕмӕн дӕр (Ромӕгтӕм 5:12). Рӕстӕг равдыста, Сайтан кӕй «у мӕнгард ӕмӕ мӕнгдзинады фыд» ӕмӕ Йегъовӕ та «ӕцӕгдзинады Хуыцау» (Иоанны 8:44; Псалом 31:5).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын