-
Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 январь
-
-
Зӕлинӕ: «Йегъовӕ Хуыцау цы цӕрӕгойты сфӕлдыста, уыдонӕй се ’ппӕтӕй къӕрцхъусдӕр уыди калм. Гъемӕ калм сылгоймагӕн загъта: „Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?“ Сылгоймаг калмӕн дзуапп радта: „Цӕхӕрадоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдоны дыргътӕй нын ис хӕрӕн. Фӕлӕ цӕхӕрадоны астӕу цы бӕлас ис, уымӕй нын Хуыцау афтӕ загъта: „Ма дзы бахӕрут, ӕвналгӕ дӕр ӕм ма бакӕнут, науӕд амӕлдзыстут“. Ӕмӕ йын уӕд калм загъта: „Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый“».
-
-
Хуыцау нын нӕ хъизӕмӕрттӕм ӕнцад цӕмӕн кӕсы?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 январь
-
-
Кристинӕ: Иуӕй, о. Фӕлӕ ма Хӕйрӕг ноджы иу хъуыддаг сдзырддаг кодта. Ӕркӕсӕм-ма ногӕй 5-ӕм стихмӕ. Хӕйрӕг ма Евӕйӕн цы загъта?
Зӕлинӕ: Загъта йын, бӕласы дыргътӕй, дам, куы бахӕрай, уӕд, дам, дӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты.
Кристинӕ: О, стӕй йын афтӕ загъта, зӕгъгӕ, суыдзынӕ «Хуыцауы хуызӕн – зондзынӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый». Хӕйрӕг уый зӕгъынмӕ хъавыд, ӕмӕ Хуыцау адӕмӕй цыдӕр хорздзинад ӕмбӕхсы.
Зӕлинӕ: Гъым.
Кристинӕ: Хӕйрӕг уымӕй сдзырддаг кодта иу ахсджиаг хъуыддаг.
Зӕлинӕ: Цавӕр?
Кристинӕ: Хӕйрӕджы ныхӕстӕй афтӕ уад, Евӕйӕн – стӕй адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр – ӕнӕ Хуыцауы разамындӕй хуыздӕр кӕй уыдзӕн. Йегъовӕ зыдта, ацы фарста аскъуыддзаг кӕнынӕн Хӕйрӕгӕн кӕй хъуыди фадат раттын, цӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, ӕцӕгдӕр рӕстытӕ дзуры ӕви нӕ. Уымӕ гӕсгӕ йын ацы дуне рӕстӕгмӕ йӕ къухмӕ радта. Уӕдӕ йӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй адӕм уымӕн хъизӕмар кӕнынц, ӕмӕ дунейы хицау Хуыцау нӕу, фӕлӕ Хӕйрӕгd. Фӕлӕ ис иу хорз хабар.
-