-
Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 октябрь
-
-
Библи нын дзуры, дарддӕр цы ’рцыд, уый. Калмы уылты Сайтан Хӕйрӕг Евӕйӕн загъта: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны алы бӕласӕй ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын, Хуыцау сӕ цӕмӕй бафӕдзӕхста, уый ногӕй куы загъта, уӕд ӕм Сайтан фӕцырд ис: «Нӕ, нӕ амӕлдзыстут. Фӕлӕ йӕ Хуыцау зоны: цы бон дзы бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр». Уыцы ныхӕстӕм Евӕ бӕласы дыргътӕм афтӕ смондаг, ӕмӕ «дзы ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта. Уый фӕстӕ, йӕ лӕг йӕ фарсмӕ куы уыди, уӕд дзы уымӕн дӕр радта ӕмӕ дзы уый дӕр бахордта» (Райдиан 3:1–6). Адам ӕмӕ Евӕ сӕ сӕрибардзинадӕй раст не спайда кодтой – Хуыцауы коммӕ нӕ бакастысты ӕмӕ тӕригъӕд сарӕзтой.
Уӕдӕ бӕрӕг у, цы ’рцыд, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн кӕй нӕ уыд. Хуыцау Адамӕн иу дзырдта, Хӕйрӕг та йын бынтон ӕндӕр цыдӕр загъта. Сайтаны ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ӕнӕ Йегъовӕйӕ дӕр сӕ бон у, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый скъуыддзаг кӕнын. Сайтан сдзырддаг кодта, Йегъовӕйӕн адӕмыл хицауиуӕг кӕныны бар ис ӕви нӕ, уый. Сайтаны фарст уыд тынг ахсджиаг, уымӕн ӕмӕ сдзырддаг кодта, Йегъовӕ Дун-дунейы хицау уа, уый бар ын ис ӕви нӕ. Ӕцӕг Хуыцау цы бакодта?
-
-
Фыддзинад абоны онг цӕмӕн ис?Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 октябрь
-
-
Сайтан ма Евӕйӕн загъта: «Хуыцау зоны: [нӕфӕтчиаг бӕласӕй] цы бон... бахӕрат, уыцы бон уӕ цӕстытӕ байгом уыдзысты ӕмӕ суыдзыстут Хуыцауы хуызӕн – зондзыстут, цы у хорз ӕмӕ цы у ӕвзӕр» (Райдиан 3:5). Ацы хин ныхӕстӕ зӕгъгӕйӕ, Сайтан адӕмӕн цыма фадат радта, цӕмӕй ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрой. Йӕ мӕнг ныхӕстӕй афтӕ зынди, цыма, Хуыцауы коммӕ куы нӕ кӕсой, уӕд сын хуыздӕр уыдзӕн. Фӕлӕ хъуыддаг куыд рауад?
Рӕстӕг цыди, паддзахӕдтӕ кӕрӕдзи ивтой. Адӕмӕн сӕ сӕргъы цынӕ хуызӕн хицауад уыд, ахӕм нал баззад. Фӕлӕ адӕмыл иу бӕллӕх иннӕйы фӕдыл цыд. Иу-3 мин азы размӕ Библийы фысджытӕй иу ӕрцыд ахӕм зондджын хатдзӕгмӕ: «Адӕймаг адӕймагыл ӕлдариуӕг кӕны ӕмӕ йын зиан йеддӕмӕ ницы хӕссы» (Екклесиаст 8:9). «Фӕндаггон лӕгӕн йӕхи къахдзӕфтӕ дӕр йӕ бар не сты»,– ныффыста пехуымпар Йереми (Йереми 10:23). Ацы ныхӕстӕ раст кӕй сты, уый рӕстӕг иу ӕмӕ дыууӕ хатты не сбӕлвырд кодта. Уый ма бӕлвырд кӕнынц, фӕстаг азты зонад ӕмӕ техникӕйы цы ӕнтыстытӕ ис, суанг уыдон дӕр.
-