Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 8 Кӕд ӕцӕгдӕр афтӕ хъуыды кодта, уӕд тынг рӕдыд. Стӕй ма кӕд Евӕ ӕмӕ Адам Каинӕн дӕр афтӕтӕ дзырдтой, уӕд йӕ сӕр бӕрзӕндты хӕссын куыннӕ райдыдтаид. Фӕстӕдӕр Евӕйӕн райгуырд дыккаг фырт, фӕлӕ, куыд зыны, афтӕмӕй уымӕй ахӕм ныхӕстӕ нӕ дзырдтой. Уыцы лӕппуйы схуыдтой Авел, нысан кӕны «комытӕф» кӕнӕ «ницы, дзӕгъӕлы» (Райд. 4:2). Цымӕ йын ахӕм ном уымӕн радтой, ӕмӕ йӕ райгуырдыл къаддӕр фӕцин кодтой ӕмӕ дзы Каинӕй уӕлдай къаддӕр ныфс ӕвӕрдтой? Уый нӕ бон бӕлвырдӕй зӕгъын нӕу.

  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 10, 11. Каин ӕмӕ Авел цы куыст кодтой ӕмӕ ма Авел ноджыдӕр цӕуыл архайдта?

      10 Лӕппутӕ куыд рӕзыдысты, афтӕ сӕ Адам, ӕвӕццӕгӕн, ахуыр кодта кусын, цӕмӕй бинонтӕ хъуаг ма ӕййӕфтаиккой. Каин кодта зӕххы куыст, Авел та уыд фыййау.

  • Кӕд амард, уӕддӕр ма «ныр дӕр дзуры»
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 13 Авел-иу, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, рӕстӕг ссардта, цӕмӕй-иу Йегъовӕйыл хъуыды кодтаид. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, йӕ дзуг куыд хызта, уый. Фыййауы-иу къахӕй бирӕ цӕуын хъуыд. Йӕ фосимӕ-иу къуыбыртыл, дӕлвӕзты, цӕугӕдӕттыл араст. Ӕдзух-иу агуырдта, сойджындӕр кӕрдӕг кӕм зад ӕмӕ хуыздӕр доннуазӕнтӕ кӕм уыд, ахӕм бынӕттӕ, стӕй, аууон кӕм уыд, ахӕм ривӕдгӕнӕнтӕ. Хуыцау цы сфӕлдыста, уыдонӕй фыстӕй ӕнӕбондӕр, ӕвӕццӕгӕн, нӕ уыд, цыма сӕ уый тыххӕй скодта, цӕмӕй сӕ адӕймаг хиза ӕмӕ сӕ хъахъхъӕна. Цымӕ йӕ Авел ӕмбӕрста, йӕхи дӕр кӕй хъуыд, кӕцыфӕнды адӕймагӕй дӕр бирӕ зондджындӕр ӕмӕ бирӕ тыхджындӕр чи у, ахӕм Чидӕр, цӕмӕй йын разамынд лӕвӕрдтаид, хъахъхъӕдтаид ӕй ӕмӕ йыл тыхстаид? Хуыцаумӕ-иу куы куывта, уӕд-иу ын ахӕм хъуыдытӕ арӕх дзырдтаид, ӕмӕ уый фӕрцы йӕ уырнындзинад фидарӕй-фидардӕр кодта.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын