Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 сентябрь
    • 10, 11. а) Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцауы ныхмӕ куы рацыдысты, уый фӕстӕ фыддзинад куыд апарахат ис? ӕ) Цавӕр хабар хъусын кодта Енох ӕмӕ ӕнӕмӕнг цавӕр ахастимӕ сӕмбӕлдаид?

      10 Дзырдӕн ма ӕркӕсӕм, Адамы тӕригъӕд раконды фӕстӕ адӕмы туджы фыддзинад куыд тагъд ахъардта, уымӕ. Библи зӕгъы, зӕгъгӕ, Адамы хистӕр фырт Каин йе ’фсымӕр Авелы куы амардта, уӕд сси фыццаг лӕгмар (Уӕвынад 4:8–10). Авелы мӕлӕты фӕстӕ Адам ӕмӕ Евӕйӕн ноджыдӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдтой Сиф. Уый тыххӕй Библи фыссы: «Сифӕн дӕр райгуырд фырт ӕмӕ йӕ схуыдта Енос. Уӕд райдыдтой Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» (Уӕвынад 4:25, 26). Хъыгагӕн, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» ахӕм хуызы райдыдтой, ӕмӕ Хуыцауы ныууагътойb. Енохы райгуырдӕй бирӕ фӕстӕдӕр, Каины байзӕддаг Ламех йӕ дыууӕ усӕн скодта зарӕг ӕмӕ дзы йӕхицӕй ӕппӕлыд, зӕгъгӕ мӕ иу лӕппу ныццафта, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй амардтон. Уый ма ӕртхъирӕн кодта: «Кӕд Каины тыххӕй маст ист ӕрцӕудзӕн ӕвдай хатты, уӕд Ламехы тыххӕй та – ӕвдай авд хатты» (Уӕвынад 4:10, 19, 23, 24).

  • Ацы фӕлдурӕджджын рӕстӕджы Хуыцауимӕ цӕут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 сентябрь
    • b Енохы райгуырдӕй бирӕ раздӕр Иегъовӕ ныхас кодта Адамимӕ. Авел Иегъовӕйӕн зӕрдӕмӕдзӕугӕ нывонд ӕрхаста. Хуыцау ма Каинимӕ дӕр ныхас кодта, цалынмӕ уый фырхӕлӕг ӕмӕ фырмӕстӕй лӕгмар не сси, уӕдмӕ. Уӕдӕ, «Иегъовӕмӕ йӕ номӕй сидын» райдыдтой ӕндӕрхуызон, раст динимӕ йын иумӕйагӕй ницы уыд.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын