-
Цард куыд фӕзынд?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
3. Адӕм цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕнынц?
Йегъовӕ зӕхх куы сфӕлдыста, уӕд ыл сфӕлдыста цард дӕр. Фыццаг уал сфӕлдыста зайӕгойтӕ ӕмӕ цӕрӕгойтӕ. Уый фӕстӕ та «сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ». (Бакӕс Райдиан 1:27.) Адӕймаг цӕрӕгойтӕй цӕмӕй хицӕн кӕны? Хуыцау нӕ скодта йӕхимӕ гӕсгӕ. Уымӕ гӕсгӕ махмӕ дӕр ис, Хуыцаумӕ чи ис, ахӕм миниуджытӕ, зӕгъӕм, уарзондзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Афтӕ конд стӕм, ӕмӕ нӕ бон у ӕвзӕгтӕ ахуыр кӕнын, стӕй уарзӕм рӕсугъд цӕмӕдӕрты кӕсын ӕмӕ музыкӕмӕ хъусын. Стӕй ма цӕрӕгойтӕй уӕлдай нӕ бон у не Сфӕлдисӕгӕн лӕггад кӕнын.
-
-
Цард куыд фӕзынд?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
6. Адӕм хицӕн кӕнынц, Хуыцау цы сфӕлдыста, ӕппӕт уыдӕттӕй
Адӕмы дӕр ӕмӕ цӕрӕгойты дӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ адӕм цӕрӕгойтӕй хицӕн кӕнынц. Бакӕсут Райдиан 1:26 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Хуыцау нӕ йӕхимӕ гӕсгӕ кӕй скодта ӕмӕ нӕ бон уарзын ӕмӕ иннӕты рыст ӕмбарын кӕй у, уымӕй Хуыцауы тыххӕй цы ис базонӕн?
-