-
Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 сентябрь
-
-
Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй
«Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕй мыггагӕй-мыггагмӕ,– ӕнустӕм» (МИХЕЙ 4:5).
1. Нойы рӕстӕджы адӕм цавӕр ӕгъдауыл хӕст уыдысты ӕмӕ сӕ Ной куыд хицӕн кодта?
БИБЛИ фыццаг кӕй тыххӕй зӕгъы, Хуыцауимӕ цыдис, зӕгъгӕ, уый уыд Енох. Дыккаг та уыд Ной. «Ной уыд рӕстгӕнӕг. Уый йе ’мдуггӕгты ’хсӕн цард ӕнаиппӕй. Ной цыд ӕцӕг Хуыцауимӕ»,– фыст ис Библийы (Уӕвынад 6:9). Нойы рӕстӕг адӕм ӕмткӕй райсгӕйӕ аздӕхтысты раст динӕй. Уавӕр та ноджы фыддӕр кодтой, Хуыцауы ныхмӕ чи рацыд, уыцы мӕнгард зӕдтӕ. Уыдон-иу сылгоймӕгтимӕ бацардысты ӕмӕ сын цы зӕнӕг рацыд, нефилимтӕ, зӕгъгӕ, уыдон уыдысты «тыхджын» кӕнӕ «кадджын адӕм» уӕды рӕстӕджы. Уӕдӕ диссаг нӕу, зӕхх тыхмийӕ кӕй байдзаг! (Уӕвынад 6:2, 4, 11). Фӕлӕ Ной цард ӕнаиппӕй ӕмӕ уыд «рӕстдзинад хъусынгӕнӕг» (2 Петры 2:5). Хуыцау ын куы загъта нау саразын, цӕмӕй йӕ цард фервӕзын кӕна, уӕд Ной «ӕппӕтдӕр сарӕзта, Хуыцау ын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ. О, растдӕр афтӕ бакодта» (Уӕвынад 6:22). Ӕцӕгдӕр, Ной цыд Хуыцаумӕ.
2, 3. Ной нын фӕзминаг цӕмӕй у?
2 Павел иузӕрдион ӕвдисӕнты тыххӕй дзургӕйӕ ракодта Нойы кой дӕр: «Цӕстӕй фенӕн цӕмӕн нӕма уыд, уый йын Хуыцау куы раргом кодта, уӕд Ной, йӕ уырнындзинады фӕрцы Хуыцаумӕ байхъусгӕйӕ, сарӕзта, йӕхӕдӕг ӕмӕ йӕ бинонтӕ кӕм фервӕзтысты, уыцы нау; йӕ уырнындзинадӕй стӕрхон кодта дунейӕн, ӕмӕ йӕ Хуыцау йӕ уырнындзинады фӕрцы банымадта» (Дзуттытӕм 11:7, НТ). Диссаджы цӕвиттон! Ной ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Иегъовӕйы ныхас кӕй сӕххӕст уыдзӕн, ууыл ӕмӕ йӕ рӕстӕг, йӕ хъарутӕ ӕмӕ йӕ исбон не ’вгъау кодта, Хуыцау ын цы бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнынӕн. Афтӕ абон дӕр бирӕтӕ сӕ къух систой, ацы дунейы сын цы бирӕ фадӕттӕ уыдис, уыдоныл ӕмӕ сӕ рӕстӕг, сӕ хъарутӕ ӕмӕ сӕм цы ис, уый дӕттынц Иегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕнынӕн. Ахӕм адӕмӕн сӕ уырнындзинад фӕзминаг у – уый фӕрцы фервӕздзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ ма иннӕтӕ дӕр (Лукайы 16:9; 1 Тимофеймӕ 4:16).
3 Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕн дӕр Енохау, Нойы фыдыфыдау (ууыл дзырд цыд айразмӕ статьяйы), сӕ уырнындзинад хъахъхъӕнын ӕнцон нӕ уыдаид. Енохы бонтау Нойы бонты дӕр Хуыцауы ӕцӕг лӕггадгӕнджытӕ бирӕ нӕ уыдысты – ӕрмӕстдӕр аст адӕймагмӕ разынд уырнындзинад ӕмӕ ӕрмӕстдӕр уыдон фервӕзтысты Доны хъаймӕты. Ной хъусын кодта рӕстдзинад тыхми ӕмӕ ӕнӕгъдаудзинадӕй йедзаг дунейы. Уымӕй уӕлдай ма Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ арӕзтой стыр хъӕдын нау ӕмӕ афтӕмӕй сӕхи цӕттӕ кодтой ӕппӕтдунеон доны хъаймӕтмӕ, ахӕм хабарӕн та уый размӕ йӕ кой дӕр никуы ничи фехъуыста. Чи сӕ уыдта, уыдонмӕ уый тынг ӕнахуыр кастаид.
4. Нойы ӕмдуггӕгты кой кӕнгӕйӕ, Йесо стыр рӕдыд цы схуыдта?
4 Нойы бонтыл дзургӕйӕ Йесо тыхми, мӕнг дин кӕнӕ ӕнӕгъдаудзинады кой нӕ ракодта, кӕд уыдӕттӕ уӕды дунейы тынг парахат уыдысты, уӕддӕр. Йесо стыр рӕдыд схуыдта, адӕмы кӕй фӕдзӕхстой, фӕлӕ уыдон уыцы фӕдзӕхстмӕ сӕ хъус кӕй не ’рдардтой. Уый загъта, зӕгъгӕ, уыдон «хордтой, нуӕзтой, устытӕ куырдтой ӕмӕ моймӕ цыдысты, цалынмӕ Ной наумӕ бацыд, уыцы боны онг». Хӕрын, нуазын, устытӕ курын ӕмӕ чындзы цӕуыны ӕвзӕрӕй цы уыди? Уыдон цардысты «куыд ӕмбӕлы, афтӕ»! Фӕлӕ доны хъаймӕт ӕрцӕйхӕццӕ кодта, Ной та хъусын кодта рӕстдзинад. Йӕ ныхӕстӕ ӕмӕ йӕ цард хъуамӕ адӕмӕн уыдаиккой фӕдисхъӕрау. Фӕлӕ уыдон «ӕнхъӕл нӕ уыдысты [«нӕ хъуыды кодтой», НД], хъаймӕт цалынмӕ ӕрцыд ӕмӕ фесӕфта ӕппӕты, уӕдмӕ» (Матфейы 24:38, 39).
5. Цавӕр миниуӕг хъуыд Ной ӕмӕ йӕ бинонты?
5 Уыцы рӕстӕгмӕ фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ мах уынӕм, Ной куыд цард, уый раст кӕй уыд. Фӕлӕ Доны хъаймӕты размӕ адӕймаджы хъуыд хъӕбатырдзинад, цӕмӕй иннӕты хуызӕн ма уыдаид. Егъау нау саразынӕн ӕмӕ йӕ алыхуызон цӕрӕгойтӕй байдзаг кӕнынӕн Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ хъуамӕ Хуыцауы ныхӕстыл фидарӕй ӕууӕндыдаиккой. Цымӕ уыцы иузӕрдион адӕмӕй никуы никӕй бафӕндыд, цӕмӕй уый дӕр иннӕты хуызӕн уа ӕмӕ «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цӕра? Чи зоны-иу сӕм ахӕм хъуыдытӕ дӕр фӕзынд, фӕлӕ уӕддӕр сӕ иузӕрдиондзинады нӕ фӕцудыдтой. Тынг бирӕ азты фӕстӕ (ацы цардӕвӕрды махӕй кӕйфӕнды дӕр быхсын цас хъӕудзӕн, уымӕй бирӕ фылдӕр) Нойы йӕ уырнындзинад Доны хъаймӕты фервӕзын кодта. Фӕлӕ Иегъовӕйы фыдӕх баййӕфта, «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» чи цард, ӕмӕ цы рӕстӕджы цардысты, ууыл чи нӕ хъуыды кодта, ӕппӕт уыдоны.
-
-
Мах цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Иегъовӕйы номӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2005 | 1 сентябрь
-
-
Нӕ хъус дарӕм, Иегъовӕ нӕ цӕмӕй фӕдзӕхсы, уымӕ
9. Абоны дуне ӕмӕ Доны хъаймӕты размӕ цы дуне уыд, уыдон ӕмхуызон цӕмӕй сты?
9 Нойы заман фыдадӕм ӕмӕ нефилимтӕ зӕхх тыхмийӕ кӕй байдзаг кодтой, уый тыххӕй сӕ Иегъовӕ фесӕфта. Абон та? Цымӕ абон зӕххыл къаддӕр фыддзинад ис? Кӕцӕй! Уымӕй уӕлдай ма, раст Нойы бонты куыд уыд, афтӕ абон дӕр адӕм сӕхи царды кӕйттӕ кӕнынц, «куыд ӕмбӕлы, афтӕ» цӕрын архайынц, ӕмӕ сӕ Хуыцау цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый ницӕмӕ дарынц (Лукайы 17:26, 27). Уӕдӕ дызӕрдыггаг у, Иегъовӕ та дуне ногӕй кӕй фесафдзӕн? Нӕ.
10. а) Библийы пехуымпарӕдты арӕх цавӕр фӕдзӕхст ӕмбӕлы? ӕ) Абон ӕппӕты растдӕр царды фӕндаг цавӕр у?
10 Доны хъаймӕтӕй сӕдӕ азтӕ раздӕр, Енох пехуымпариуӕг кодта, нӕ рӕстӕджы адӕм бындзагъд кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй (Иудӕйы 14, 15). Йесо дӕр дзырдта кӕй ӕрцӕудзӕн «стыр бӕллӕх» (Матфейы 24:21, НТ). Иннӕ пехуымпартӕ дӕр кодтой уыцы рӕстӕджы кой (Иезекил 38:18–23; Данелы 12:1; Иоил 2:31, 32). Раргомады чиныджы та тынг ирдӕй уынӕм, фыддзинад бынтондӕр сӕфт куыд ӕрцӕудзӕн (Раргомад 19:11–21). Алчидӕр нӕ Нойы фӕзмы ӕмӕ зӕрдиагӕй хъусын кӕны рӕстдзинад. Мах хъуыды кӕнӕм Иегъовӕйы фӕдзӕхстытыл ӕмӕ ӕхсызгонӕй ӕххуыс кӕнӕм иннӕтӕн, цӕмӕй уыдон дӕр афтӕ кӕной. Уӕдӕ Нойау мах дӕр Хуыцауимӕ цӕуӕм. Ӕцӕгдӕр, цӕрын кӕй фӕнды, уыдон хъуамӕ цӕуой Хуыцауимӕ. Уый гӕнӕн куыд ис, кӕд ӕмӕ алы бон дӕр зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм? Уый тыххӕй хъуамӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕнӕм, Хуыцау йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл (Дзуттытӕм 11:6).
-