-
Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 август
-
-
Ахъуыды-ма кӕн, Йегъовӕ науы дуар куы бахгӕдта, уый фӕстӕ фыццаг 40 боны Ной ӕмӕ йӕ бинонтӕ куыд уыдаиккой. Ӕхсӕвӕй-бонӕй тыхджын къӕвда науы сӕр ӕмӕ фӕрстӕ хоста, уыдон та мидӕгӕй сӕ хӕдзары куыстытӕ кодтой ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зылдысты. Фӕлӕ уалынмӕ нау ныхъхъыррыст кодта ӕмӕ иуварсырдӕм акъул. Нау йӕ бынатӕй фенкъуысыд! Дон хӕрдмӕ куыд цыд, афтӕ науы дӕр йӕ уылӕнтыл узгӕ уӕлдӕрӕй-уӕлдӕр иста, ӕмӕ ӕппынфӕстаг нау «зӕххы сӕрмӕ бӕрзонд ленк кодта» (Райдиан 7:17). Ӕвӕдза, цы диссаджы хъаруйы хицау у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау Йегъовӕ!
-
-
Хуыцау ын «йемӕ авд адӕймаджы фервӕзын кодта»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2013 | 1 август
-
-
ДОНЫ ХЪАЙМӔТЫ ФЕРВӔЗТЫСТЫ
Денджызы стыр уылӕнтӕ нау куы раппар-баппар кодтой, уӕд йӕ мидӕг чи уыд, уыдон, ӕвӕццӕгӕн, хъуыстой, уыцы дынджыр нау цы хъӕдтӕй арӕзт уыд, уыдон куыд хъыррыст ӕмӕ куыд къӕс-къӕс кодтой, уый. Цымӕ Ной, уылӕнтӕ цӕйас уыдысты кӕнӕ нау кӕй ныппырх уыдзӕн, ууыл мӕт кодта? Нӕ. Ахӕм хъуыдытӕ абон, чи зоны, фӕзына ӕнӕуырнӕг адӕммӕ. Фӕлӕ Нойы ӕнӕуырнӕг схонӕн нӕ уыд. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, Ной «уырнындзинады фӕрцы... сарӕзта нау» (Дзуттӕгтӕм 11:7). Ӕмӕ йӕ цы уырныдта? Йегъовӕ Ноимӕ бадзырд сарӕзта, ӕмӕ йын загъта, йӕхи дӕр ӕмӕ йемӕ чи уыд, уыдоны се ’ппӕты дӕр Доны хъаймӕты кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Райдиан 6:18, 19). Уӕдӕ Дун-дуне, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ чи сфӕлдыста, уымӕн йӕ бон нӕ уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй уыцы нау ма ныппырх уыдаид? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыди! Нойы уырныдта, Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ бинонтӕ дӕр Доны хъаймӕты фервӕзтысты (1 Петры 3:20).
40 боны ӕмӕ 40 ӕхсӕвы куы рацыд, уӕд къӕвда банцад. Нырыккон къӕлиндармӕ гӕсгӕ уый уыд н. э. размӕ 2370 азы декабры мӕйы. Фӕлӕ науы чи уыд, уыцы бинонтӕм разӕй нырма бирӕ цыдӕртӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Суанг ӕппӕты бӕрзонд хӕхтӕ дӕр доны бын фесты, ӕмӕ уыцы ӕнӕкӕрон денджызы иунӕгӕй ленк кодта цӕрӕгойтӕй йедзаг нау (Райдиан 7:19, 20). Нӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕнӕм, Ной йӕ фырттимӕ, Сим, Хам ӕмӕ Иафетимӕ, уӕззау куыст куыд кодта, цӕмӕй цӕрӕгойтӕ иууылдӕр ӕфсӕст, сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕниз уыдаиккой. Хъӕддаг сырдты чи ӕрсабыр кодта ӕмӕ сӕ наумӕ чи бакодта, уыцы Хуыцауӕн йӕ бон уыд афтӕ бакӕнын, цӕмӕй Доны хъаймӕты рӕстӕджы дӕр афтӕ сабыр уыдаиккойa.
-