Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Аврам — уырнындзинады дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 сентябрь
    • 3. Аврам кӕмӕй ӕмӕ кӕцӕй рацӕугӕ уыди, уый тыххӕй нын Библи цы дзуры?

      3 Библийы Аврамы (фӕстӕдӕр Авраам) кой фыццаг хатт ӕмбӕлы Уӕвынады 11:26-ӕм стихы. Уым кӕсӕм: «Фарӕ царди ӕвдай азы бӕрц, ӕмӕ йын уый фӕстӕ райгуырдысты Аврам, Нахор ӕмӕ Аран». Аврам рацыд, Хуыцауы тас кӕмӕ уыд, ахӕм адӕймаг Симы хӕдзарвӕндагӕй (Уӕвынад 11:10—24). Уӕвынады 11:31-ӕм стихы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Аврам йӕ бинонтимӕ цард, кӕддӕр Ефраты цӕугӕдоны скӕсӕнфарс чи уыд, ахӕм хъӕздыг сахар «Халдейаг Уры»a. Уӕдӕ Аврам цӕугӕцард кӕнгӕйӕ цатыры не схъомыл, фӕлӕ уӕды заманы цӕрын иууыл ӕнцондӕр кӕм уыд, ахӕм сахары. Уры базартӕм-иу уӕй кӕнынмӕ ӕндӕр бӕстӕтӕй цы нӕ дзаума ӕрластой, ахӕм нӕ уыди. Сахары уынгты та иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ лӕууыдысты, донвӕд кӕм уыди, ахӕм 14-уатон райдзаст, чъырӕй цагъд хӕдзӕрттӕ.

      4. а) Ӕцӕг Хуыцауӕн чи куывта, уыдонӕн Уры зын цӕрӕн цӕмӕй уыди? ӕ) Аврам Иегъовӕйыл куыд баууӕндыд?

      4 Кӕд Уры цӕрынӕн ӕппӕт фадӕттӕ дӕр уыди, уӕддӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕндыд, уыдонӕн дзы тынг зын цӕрӕн уыди. Сахары цӕрджытӕ куывтой мӕнг хуыцӕуттӕн ӕмӕ куырмӕджы цӕуыл не ’ууӕндыдысты, ахӕм нал уыди. Сахары иууыл бӕрзонддӕр бӕстыхай уыди къӕпхӕнтӕгонд мӕсыджы хуызӕн кувӕндон мӕйы хуыцау Нанны кадӕн. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Аврамӕн ӕнцон нӕ уыд уыцы цъаммар кувынады хайад нӕ исын, чи зоны йӕ уымӕ йӕ хӕстӕджытӕ дӕр разӕнгард кодтой. Дзуттаг таурӕгътӕй иуӕй-иуты куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Аврамӕн йӕ фыд Фарӕ дӕр уыди гуымирыты цырт-сурӕттӕ аразӕг (Йесо Навин 24:2, 14, 15). Фӕлӕ уӕддӕр Аврам хайад нӕ иста уыцы цъаммар мӕнг кувынады. Йӕ зӕронд фыдыфыд Сим ма уӕд ӕгас уыди ӕмӕ йын уый ӕнӕмӕнг дзырдтаид ӕцӕг Хуыцауы тыххӕй. Уый фӕрцы Аврам ӕууӕндыд Иегъовӕйыл, Нанныл нӕ, фӕлӕ! (Галатӕгтӕм 3:6).

  • Аврам — уырнындзинады дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2001 | 1 сентябрь
    • 8. Аврамы уырнындзинад йӕ бинонтыл куыд бандӕвта ӕмӕ уымӕй мах, чырыстӕттӕ, цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

      8 Цы зӕгъӕн ис сӕрмагондӕй Аврамӕн йӕ бинонты тыххӕй та? Куыд зыны, афтӕмӕй Аврамы фидар уырнындзинад тынг бандӕвта йӕ ус Сарӕйыл, стӕй йе ’фсымӕры сидзӕр лӕппу Лотыл; уыдон дӕр байхъуыстой Хуыцауы ныхасмӕ ӕмӕ Уры зӕхх ныууагътой. Фӕстӕдӕр Аврамы ӕфсымӕр Нахор ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕй дӕр цалдӕр Урӕй алыгъдысты Харранмӕ ӕмӕ уым табу кӕнын райдыдтой Иегъовӕйӕн (Уӕвынад 24:1—4, 10, 31; 27:43; 29:4, 5). Суанг ма Аврамы фыд Фарӕ дӕр сразы йӕ фыртимӕ ацӕуыныл! Уымӕ гӕсгӕ Библи Фарӕйы тыххӕй дзуры, зӕгъгӕ, куыд хӕдзары хистӕр, афтӕ уый сыстад ӕмӕ акодта йӕ бинонты Ханааны бӕстӕм (Уӕвынад 11:31). Мах дӕр нӕ хиуӕттӕн афтӕ арӕхстджынӕй куы дзурӕм Иегъовӕйы тыххӕй, уӕд ӕй кӕцӕй зонӕм, ӕмӕ уыдон дӕр не слӕудзысты Хуыцауы фӕндагыл?

      9. Аврамы йӕхи фӕндагмӕ срӕвдз кӕнынӕн цы саразын хъуыди ӕмӕ йын уый ӕнцон цӕуылнӕ уыд?

      9 Аврамы йӕ дард балцы размӕ тынг бирӕ хъуыддӕгтӕ хъуыди бакӕнын. Хъуамӕ йӕ исбон ауӕй кодтаид ӕмӕ уыцы ӕхцайӕ балхӕдтаид цатыртӕ, теуатӕ, хойраг ӕмӕ ӕндӕр ӕнӕмӕнгхъӕугӕ дзаума. Йӕхи срӕвдз кӕнынӕн ын бирӕ рӕстӕг кӕй нӕ уыди, уымӕ гӕсгӕ йӕ, ӕвӕццӕгӕн, асламдӕрыл хъуыд йӕ фӕллӕйттӕ радтын. Фӕлӕ уӕддӕр Аврам ӕнӕзивӕгӕй арӕзта, Иегъовӕ йын цы загъта, уый. Ӕппынфӕстаг ралӕууыд уыцы ӕнӕферохгӕнгӕ бон, ӕмӕ Аврамы чырӕ ацӕуынӕввонг ӕрлӕууыд Уры кулдуармӕ! Евфраты донбылты гакъон-макъон фӕндагыл чырӕ араст цӕгат-ныгуылӕнырдӕм. Къуыритӕ ивгъуыдтой, ӕмӕ 1 000 километры бӕрц куы фӕцыдысты, уӕд бахӕццӕ сты Месопотамийы цӕгат хаймӕ, сӕудӕджергӕнджыты чырӕтӕ дыууӕрдӕм кӕуылты кодтой, уыцы сахар Харранмӕ.

      10, 11. а) Аврам рӕстӕгмӕ, ӕвӕццӕгӕн, Харраны цӕмӕн ӕрлӕууыди? ӕ) Чырыстӕттӕй йӕ зӕронд ныййарджытӕм чи кӕсы, уыдоны ныфс цы уадзы?

      10 Ӕвӕццӕгӕн, Аврам Харраны ӕрлӕууыд, йӕ зӕронд фыд Фарӕйы уавӕр кӕй ӕмбӕрста, уый тыххӕй (Левит 19:32). Абон чырыстӕттӕй дӕр бирӕтӕ фӕкӕсынц сӕ зӕронд кӕнӕ сӕ рынчын ныййарджытӕм, кӕд сӕ хаттӕй-хатт уый тыххӕй сӕ царды стыр ивддзинӕдтӕ скӕнын бахъӕуы, уӕддӕр. Ахӕм чырыстӕттӕн сӕ бон у, ӕмӕ фидарӕй зоной, сӕ ныййарджытӕн балӕггад кӕныны оххыл сӕхицӕн кӕй сфыдӕбон кодтой, уый «аккаг [кӕй] у Хуыцауӕн» (1 Тимофеймӕ 5:4).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын