Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 ноябрь
    • Иосифӕн уый тынг зынаргъ слӕууыд. Потифары усы фӕндыд йӕ маст райсын. Уый фӕдис систа ӕмӕ иннӕ лӕггадгӕнджыты ӕрӕмбырд кодта. Иосифӕй та загъта, зӕгъгӕ, дам, мын тыхми бакӕнынмӕ хъавыд, фӕлӕ, дам, куы ныхъхъӕр кодтон, уӕд алыгъд. Иосифы дарӕс йӕхимӕ ныууагъта ӕмӕ йӕ лӕджы ӕрбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ каст. Потифар хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд уымӕн дӕр уыдӕттӕ радзырдта. Йӕ ныхӕстӕй афтӕ уади, ӕмӕ алцыдӕр йӕ лӕджы аххос уыд, уымӕн ӕмӕ уыцы ӕндӕрбӕстаджы сӕ хӕдзармӕ уый ӕрбакодта. Уыцы ныхӕстӕй Потифар куыд фӕци? Библийы фыст ис: «Йӕ маст ссыгъд»! Ӕмӕ Иосифы ахӕстоны ныппарын кодта (Райдиан 39:13–20).

      «ЙӔ КЪӔХТӔ ЙЫН ХЪАДАМАНТӔЙ БАЛХЪЫВТОЙ»

      Уыцы заманы-иу Египеты ахст адӕм цы уавӕрты уыдысты, уый тыххӕй абон бирӕ нӕ зонӕм. Археологтӕ ахӕм бынӕттӕй кӕцыдӕртӕ ссардтой. Уыдон уыдысты фидаргонд агъуыстытӕ хицӕн камерӕтӕ ӕмӕ ныккӕндтимӕ. Иосиф кӕм бадт, уыцы бынат схуыдта «ахӕстоны дзыхъхъ» ӕмӕ уый та ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕм рухсы цъыртт никӕцӕй калд, стӕй-иу дзы адӕймаджы ныфс асаст (Райдиан 40:15). Псаломты чиныгӕй нӕ бон у базонын, Иосиф ма цавӕр хъизӕмӕрттӕ бавзӕрста, уый: «Йӕ къӕхтӕ йын хъадамантӕй балхъывтой, йӕ уд ын ӕфсӕйнаг рӕхыстӕй сбастой» (Псалом 105:17, 18). Хатт-иу египетӕгтӕ ахст адӕмӕн сӕ къухтӕ фӕстӕрдӕм акодтой ӕмӕ-иу сыл афтӕмӕй хъадамантӕ бакодтой кӕнӕ-иу сын сӕ хъуыртыл бакодтой ӕфсӕйнаг цӕгтӕ. Иосиф ахӕм уавӕрты куыд тынг хъизӕмар кодтаид, кӕд ӕмӕ аххосджын ӕппындӕр ницӕмӕй уыд!

      Йӕ уавӕр ма йын фыддӕр кодта, уым цыбыр рӕстӕг кӕй нӕ уыд, уый. Фыстад куыд зӕгъы, афтӕмӕй Иосиф ахӕстоны фӕбадт цалдӕр азы!a Иосиф ӕй нӕ зыдта, искуы ма уырдыгӕй рацӕудзӕн ӕви нӕ. Фыццаг фыдбонтӕ къуыритӕм ахызтысты, стӕй та мӕйтӕм. Цымӕ Иосиф цы арӕзта, цӕмӕй йӕ ныфс ма асастад ӕмӕ йӕхимӕ ма ныхъхъуыстаид?

  • «Куыд хъуамӕ бакӕнон ахӕм фыддзинад?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2014 | 1 ноябрь
    • a Библийы фыст ис, Иосиф Потифары хӕдзармӕ куы бахауд, уӕд ыл кӕй цыди 17–18 азы. Ӕмӕ дзы, ӕвӕццӕгӕн, цалдӕр азы фӕци, цалынмӕ слӕг ис. Ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд ыл цыди 30 азы (Райдиан 37:2; 39:6; 41:46).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын