Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 февраль
    • 12 Дыккаг бон Синайы хохыл Иегъовӕйы хорздзинад ӕцӕгдӕр ацыд Моисейы тӕккӕ раз. Моисей ауыдта Хуыцауы кад ӕмӕ фехъуыста ахӕм ныхӕстӕ: «Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты, хатыр кӕны рӕдыд дӕр, фыдракӕнд дӕр ӕмӕ тӕригъӕд дӕр, фӕлӕ ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн, фыдӕлты тӕригъӕд бафиддзысты сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ фыртты фырттӕ, ӕртыккаг фӕлтӕр ӕмӕ ма суанг цыппӕрӕм фӕлтӕр дӕр» (Рацыд 34:6, 7). Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Иегъовӕйы хорздзинад йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ удыхъӕды иннӕ миниуджытимӕ баст кӕй у, уый. Куыд баст сты, уымӕ куы ӕркӕсӕм, уӕд махӕн дӕр ӕнцондӕр уыдзӕн хорздзинад аразын. Фыццаг уал ӕркӕсӕм, Моисей Хуыцауы хорздзинады тыххӕй цы диссаджы ныхӕстӕ фехъуыста, уым дыууӕ хатты цы миниуӕджы кой ис, уымӕ.

  • Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 февраль
    • 13. Хуыцауы хорздзинады тыххӕй Моисей цы ныхӕстӕ фехъуыста, уым дыууӕ хатты цавӕр миниуӕджы кой ис ӕмӕ уый диссаг цӕуылнӕ у?

      13 «Иегъовӕйӕн... ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт... йӕ ӕнувыд уарзтӕй хайджын кӕны мингӕйтты». Хуыцау Моисейӕн Синайы хохыл цы ныхӕстӕ загъта, уым ӕрмӕст ацы миниуӕджы кой скодта дыууӕ хатты. Ӕмӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Иегъовӕйы сӕйрагдӕр миниуӕг уарзондзинад у! (1 Иоанны 4:8). Ацы миниуӕгӕн уӕлдай стыр нысаниуӕг лӕвӕрд цӕуы, Иегъовӕйы кадӕн цы зындгонд ныхӕстӕ уыд загъд, уым, зӕгъгӕ, «уый хорз у, уымӕн ӕмӕ ӕнустӕм у йӕ ӕнувыд уарзт».

  • Иегъовӕ — хорздзинады иууыл стырдӕр дӕнцӕг
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2002 | 1 февраль
    • 19. Йӕ тӕригъӕдтыл чи фӕсмон кӕны, уыдон тыххӕй Иегъовӕ цавӕр хорздзинад сарӕзта?

      19 «Иегъовӕ... хатыр кӕны рӕдыд, фыдракӕнд ӕмӕ тӕригъӕд». Иегъовӕ йӕ хорззӕрдӕйӕ цӕттӕ у, йӕ тӕригъӕдтыл чи ӕрфӕсмон кӕны, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ. Куыннӕ хъуамӕ уӕм бузныг нӕ зӕрдӕхӕлар уӕларвон Фыдӕй: цӕмӕй нӕ тӕригъӕдтӕн ныххатыргӕнӕн уа, уый тыххӕй нывондӕн ӕрхаста Йесойы (1 Иоанны 2:1, 2). Мах стӕм ӕцӕг амондджын адӕм, уымӕн ӕмӕ ахӕстаргъ кӕй уырны ӕмӕ йӕ уырнындзинад хъуыддӕгтӕй чи ӕвдисы, уыдонӕй алкӕмӕндӕр ис фадат Иегъовӕимӕ хӕлар ахастытӕ скӕнынӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрд ног дунейы ӕнустӕм цӕрынӕн. Уӕдӕ Иегъовӕ адӕмӕн ахӕм хорздзинад кӕй сарӕзта, уый тыххӕй йӕ куыннӕ хъуамӕ кадджын кӕнӕм! (2 Петры 3:13).

      20. Цӕмӕ гӕсгӕ у нӕ бон фидарӕй зӕгъын, ӕмӕ Хуыцау ӕвзӕрдзинадмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсы?

      20 «[Иегъовӕ] ӕнӕфхӕрдӕй ницы хуызы ныууадздзӕн». Ӕмӕ йӕ уыцы хорздзинады тыххӕй дӕр Иегъовӕйы ӕмбӕлы кадджын кӕнын. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ ӕвзӕрдзинадмӕ ӕнцад кӕй нӕ кӕсы, уый дӕр йӕ хорздзинадыл дзурӕг у. Уымӕй уӕлдай ма, «Хицау Йесо Йӕ зӕдты тыхтимӕ уӕларвӕй [куы] фӕзына», уӕд Хуыцау йӕ масты цӕхӕртӕ ныккалдзӕн, «чи [йӕ] нӕ базыдта, ӕмӕ... Евангелимӕ чи нӕ хъусы, уыдоныл». Уыцы адӕмы «ӕрӕййафдзӕн ӕнусон бынысӕфты ӕфхӕрд» (2 Фессалоникӕгтӕм 1:6—9, НФ). Уӕд Иегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй удӕгас чи баззайа, уыдон сӕ риуы дзаг сулӕфдзысты, уымӕн ӕмӕ сӕ нал хъыгдардзысты «хорздзинад нӕ уарзаг», ӕнӕхуыцау адӕм (2 Тимофеймӕ 3:1—3, НФ).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын