Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 июль 1–14 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 6–12 ИЮЛЫ
  • 13–19 ИЮЛЫ
  • 20–26 ИЮЛЫ
  • 27 ИЮЛӔЙ 2 АВГУСТМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 июль 1–14 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

6–12 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 6, 7

«Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый»

(Рацыд 6:1) Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый: мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ уӕд ауадздзӕн, мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ».

(Рацыд 6:6, 7) Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн. 7 Сымах суыдзыстут мӕ адӕм ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, Египеты цагъарадӕй уӕ чи сӕрибар кӕны, уый.

it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Казни смягчают сердца одних и ожесточают сердца других», 2 абз.

Моисей

Израилӕгтӕ дӕр тынг аивтой. Райдианы, Моисей цы диссӕгтӕ сарӕзта, уыдон сӕ баууӕндын кодтой, Йегъовӕ йӕ кӕй рарвыста, ууыл. Фӕлӕ сын фараон сӕ куыст куы фӕуӕззаудӕр кодта, уӕд Моисейыл хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой, ӕмӕ уӕд уый фырадӕргӕй Йегъовӕмӕ сдзынӕзта (Рц 4:29–31; 5:19–23). Уӕд ӕй Иунӕг Стыр Хуыцау бафидар кодта – загъта йын, кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, уый. Йегъовӕ хъуамӕ израилӕгты ссӕрибар кодтаид ӕмӕ афтӕ бакодтаид, цӕмӕй Зӕрдӕвӕрд зӕххыл стыр адӕм суыдаиккой, ӕмӕ афтӕмӕй хъуамӕ кӕронмӕ раргом кодтаид, йӕ ном цы нысан кӕны, уый (Рц 6:1–8). Фӕлӕ уӕддӕр израилӕгтӕ Моисеймӕ нӕ байхъуыстой. Фӕлӕ фарӕстӕм бӕллӕхы фӕстӕ йӕ фарс фидарӕй слӕууыдысты ӕмӕ йӕм байхъуыстой. Ӕмӕ дӕсӕм бӕллӕхы фӕстӕ Моисейӕн йӕ бон баци израилӕгты Египетӕй ракӕнын, ӕмӕ рацыдысты, ӕфсад «къордтӕ-къордтӕй куыд рацӕуы», афтӕ (Рц 13:18).

(Рацыд 7:4, 5) Фӕлӕ уӕм фараон уӕддӕр нӕ байхъусдзӕн, ӕмӕ уӕд ӕз мӕ къух Египетыл ӕруадздзынӕн, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ, ӕмӕ Египетӕй ме ’фсӕдтӕ – мӕ адӕмы, Израилы фыртты – ракӕндзынӕн. 5 Ӕмӕ Египетмӕ мӕ къух куы сисон, уӕд ӕй египетӕгтӕ базондзысты, ӕз Йегъовӕ кӕй дӕн, ӕмӕ Израилы фыртты уырдыгӕй ракӕндзынӕн».

it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Перед египетским фараоном» ӕмӕ дӕлсӕргонд «Казни смягчают сердца одних и ожесточают сердца других», 1 абз.

Моисей

Египеты фараоны раз ӕрлӕууыд. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аарон систы, Йегъовӕ Египеты хуыцӕуттимӕ цы тохы бацыд, уыцы тохы сӕйраг архайджытӕ. Фараон фӕдзырдта йӕ кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕм (сӕ хистӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдысты Ианни ӕмӕ Иамври) (2Тм 3:8), цӕмӕй уыдоны уылты Египеты ӕппӕт хуыцӕуттӕн сӕ тых равдисын кодтаид ӕмӕ афтӕмӕй рабӕрӕг уыдаид, Йегъовӕйӕ тыхджындӕр кӕй сты. Аарон Моисейы ныхасмӕ гӕсгӕ фараоны раз фыццаг диссаг куы сарӕзта, уӕд рабӕрӕг, Йегъовӕ Египеты хуыцӕуттӕй бирӕ хъомысджындӕр кӕй у. Фӕлӕ уӕддӕр фараон йӕ зӕрдӕ ныддур кодта (Рц 7:8–13). Фӕстӕдӕр, ӕртыккаг бӕллӕхы фӕстӕ, суанг кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр басастысты: «Уый Хуыцауы хъаруйӕ сарӕзтой!» Ӕндӕр бӕллӕх та уыд ахӕм, ӕмӕ сыл фӕзынд сынчъытӕ. Уыдон афтӕ удхар кодтой, ӕмӕ сӕ бон нӕ баци фараоны размӕ ӕрбацӕуын ӕмӕ Моисейы ныхмӕ ӕрлӕууын (Рц 8:16–19; 9:10–12).

Дӕс бӕллӕхы рӕстӕг иуты зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн сты, иннӕтӕ та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой. Моисей ӕмӕ-иу Аарон дӕс бӕллӕхӕй алкӕцыйы тыххӕй дӕр фехъусын кодтой. Ӕмӕ-иу алы бӕллӕх дӕр сӕ ныхасмӕ гӕсгӕ кӕй ӕрцыд, уый фӕрцы-иу рабӕрӕг, Моисей Йегъовӕйӕ ӕрвыст кӕй у. Йегъовӕйы ном Египеты айхъуыст ӕмӕ йӕ кой алы ран кодтой. Ӕмӕ уый фӕрцы израилӕгтӕн ӕмӕ египетӕгтӕй кӕмӕндӕрты сӕ зӕрдӕтӕ ӕрфӕлмӕн сты; фараон, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ йӕ фарсхӕцджытӕ та сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой (Рц 9:16; 11:10; 12:29–39). Египетӕгтӕ ӕмбӕрстой: уыцы бӕллӕхтӕ сыл уый тыххӕй нӕ цӕуынц, ӕмӕ сӕм сӕ хуыцӕуттӕ фӕфыдӕх сты, фӕлӕ сын сӕ хуыцӕуттӕн Йегъовӕ тӕрхон кӕны. Фарӕстӕм бӕллӕхы фӕстӕ Моисей Египеты сси «нымад адӕймаг, стыр кад ын уыди фараоны лӕггадгӕнджыты цӕсты дӕр ӕмӕ египетӕгты цӕсты дӕр» (Рц 11:3).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 6:3) Аврааммӕ, Исахъмӕ ӕмӕ-иу Иаковмӕ фӕзындтӕн куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, фӕлӕ сын, мӕ ном Йегъовӕ цы нысан кӕны, уый нӕ раргом кодтон.

w04 1/4 29 ф., 6 абз.

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

6:3 – Куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаков Хуыцауы ном нӕ базыдтой? Ацы лӕгтӕ, Израилы фыдӕлтӕ, Хуыцаумӕ куывтой йӕ номӕй, стӕй сын Иегъовӕ зӕрдӕ бирӕ цӕмӕйдӕрты бавӕрдта. Фӕлӕ Иегъовӕ уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ куыд сӕххӕст кодта, уый нал ӕрӕййӕфтой (Уӕвынад 12:1, 2; 15:7, 13–16; 26:24; 28:10–15).

it-U «Всемогущий», дӕлсӕргонд «Еврейское слово», 5, 6 абз.

Всемогущий

Иегова использовал титул «Бог Всемогущий» (Эл Шадда́й), давая Аврааму обещание о рождении Исаака. От Авраама ожидалось, что он будет проявлять крепкую веру в способность Бога сдержать слово. Впоследствии этот титул применялся по отношению к Богу, когда речь шла о том, что он благословит Исаака и Иакова как наследников соглашения с Авраамом (Бт 17:1; 28:3; 35:11; 48:3).

В согласии с этим Иегова позднее мог сказать Моисею: «Я являлся Аврааму, Исааку и Иакову как Бог Всемогущий [бе-Эл Шадда́й], а под именем Иегова не открылся им» (Исх 6:3). Это не означало, что патриархам не было знакомо имя Иегова, поскольку они, как и некоторые люди, жившие до них, часто его употребляли (Бт 4:1, 26; 14:22; 27:27; 28:16). Стоит отметить, что в книге Бытие, где рассказывается о жизни патриархов, слово «Всемогущий» встречается всего 6 раз, в то время как в оригинальном еврейском тексте личное имя Иегова появляется 172 раза. Но хотя эти патриархи, благодаря своему опыту общения с Богом, понимали, что он имеет право и все основания носить титул Всемогущий, у них еще не было возможности постичь во всей глубине значение личного имени Бога – Иегова. По этому поводу в одном библейском словаре говорится: «Предыдущее откровение, данное патриархам, касалось обещаний, относившихся к далекому будущему, и подразумевало, что они не должны сомневаться в том, что такой Бог (эл), как Яхве, способен (одно из возможных значений саддай) их выполнить. Откровение же, данное у горящего куста, было более грандиозным и более личным: сила Бога, его непосредственное и постоянное присутствие с ними – со всем этим теперь было связано знакомое имя Яхве» (The Illustrated Bible Dictionary / Под ред. J. Douglas. 1980. Т. 1. С. 572).

(Рацыд 7:1) Фӕлӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауы бынаты, де ’фсымӕр Аарон та уыдзӕн дӕ пехуымпар.

w04 1/4 29 ф., 7 абз.

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

7:1 – Моисей фараонӕн «Хуыцау» куыд уыд? Хуыцау Моисейӕн ахӕм тых ӕмӕ бархъомыс радта, ӕмӕ фараоныл йӕ бар цыди. Уымӕ гӕсгӕ дзы хъуамӕ тӕрсгӕ ма кодтаид.

w02 1/8 28 ф., фип.

«Хуыцауы стыр хъуыддӕгтӕ» нӕ дисы ӕфтауынц

Иегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн куы бахӕс кодта, фараонмӕ бацӕуын ӕмӕ йын йӕ адӕмы сӕрыл сдзурын, уӕд Моисейӕн загъта: «Ӕз дӕ фараонӕн сӕвӕрдтон Хуыцауӕй, де ’фсымӕр Аарон та суыдзӕн дӕ пехуымпар» (Рацыд 7:1). Аарон уыд пехуымпар, уый фидӕны цытӕ ’рцӕудзӕн, уыдӕттӕ нӕ дзырдта, фӕлӕ дзырдта Моисейы номӕй.

it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Не отвергнут, несмотря на нерешительность», 1 абз.

Моисей

Не отвергнут, несмотря на нерешительность. Моисей не спешил принять Божье поручение, посетовав на то, что не умеет говорить. Как видно, это был уже не тот Моисей, который за 40 лет до того самонадеянно начал освобождать Израиль по собственной инициативе. Продолжая упорствовать, он даже попросил Бога освободить его от этого поручения. Хотя Иегова разгневался, он не отверг Моисея, но дал ему в помощники его брата Аарона. Итак, Моисей, Божий представитель, стал «Богом» для Аарона, который, в свою очередь, стал представителем Моисея. Во время их последующих встреч со старейшинами Израиля и с фараоном, Бог, очевидно, давал указания и повеления Моисею, который передавал их Аарону. Аарон же непосредственно говорил с фараоном (правившим после того фараона, от которого Моисей убежал 40 годами раньше) (Исх 2:23; 4:10–17). Позднее Иегова назвал Аарона «пророком» Моисея – в том смысле, что Аарон был представителем Моисея, подобно тому как Моисей говорил и действовал от имени Бога. Кроме того, Иегова сказал, что Моисей станет «Богом для фараона», то есть получит над фараоном власть, поэтому ему не следовало бояться царя Египта (Исх 7:1, 2).

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 6:1–15) Ӕмӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ныр ды фендзынӕ, ӕз фараонӕн цы сараздзынӕн, уый: мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ уӕд ауадздзӕн, мӕ къухы уӕз ыл ӕруадздзынӕн, ӕмӕ сӕ йӕхӕдӕг фӕтӕрдзӕн йӕ бӕстӕйӕ». 2 Хуыцау дарддӕр ныхас кодта Моисеимӕ ӕмӕ йын загъта: 3 «Ӕз дӕн Йегъовӕ. Аврааммӕ, Исахъмӕ ӕмӕ-иу Иаковмӕ фӕзындтӕн куыд Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, фӕлӕ сын, мӕ ном Йегъовӕ цы нысан кӕны, уый нӕ раргом кодтон. 4 Ӕз семӕ сарӕзтон бадзырд, Ханааны зӕхх сын кӕй ратдзынӕн, ӕрцӕуӕггаг кӕм уыдысты, уыцы зӕхх. 5 Ӕз фехъуыстон Израилы фыртты дзыназын, уымӕн ӕмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ скодтой, ӕмӕ мӕ рох нӕу мӕ бадзырд. 6 Уӕдӕ афтӕ зӕгъ Израилы фырттӕн: „Ӕз дӕн Йегъовӕ. Ӕз уӕ ракӕндзынӕн Египетӕй ӕмӕ тыхкуыст нал кӕндзыстут, ссӕрибар уӕ кӕндзынӕн йӕ цагъарадӕй, сӕххӕст ыл кӕндзынӕн мӕ тӕрхӕттӕ ӕмӕ уӕ мӕ тыхджын цонгӕй фервӕзын кӕндзынӕн. 7 Сымах суыдзыстут мӕ адӕм ӕмӕ ӕз уыдзынӕн уӕ Хуыцау. Ӕмӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн уӕ Хуыцау Йегъовӕ, Египеты цагъарадӕй уӕ чи сӕрибар кӕны, уый. 8 Ӕмӕ уӕ бакӕндзынӕн, Авраамӕн, Исахъӕн ӕмӕ Иаковӕн мӕ къух хӕрдмӕ сисгӕйӕ кӕй тыххӕй расомы кодтон, уыцы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ сымахӕн ратдзынӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ“». 9 Моисей уыцы ныхӕстӕ радзырдта Израилы фырттӕн, фӕлӕ сӕ ныфс кӕй асаст ӕмӕ тыхкуыстӕй сӕ бон кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ йӕм нӕ байхъуыстой. 10 Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: 11 «Ацу ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн, зӕгъ, цӕмӕй Израилы фыртты йӕ бӕстӕйӕ ауадза». 12 Фӕлӕ Моисей Йегъовӕйӕн загъта: «Израилы фырттӕ мӕм куы нӕ байхъуыстой, уӕд мӕм фараон куыд байхъусдзӕн? Мӕ бон дзӕбӕх дзурын дӕр куы нӕу». 13 Фӕлӕ Йегъовӕ дарддӕр ныхас кодта Моисей ӕмӕ Ааронимӕ ӕмӕ сын бахӕс кодта, цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕ зӕгъой Израилы фырттӕн ӕмӕ фараонӕн, Египеты паддзахӕн, ӕмӕ Израилы фыртты Египетӕй ракӕной. 14 Мӕнӕ адон сты сӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ. Израилы хистӕр фырт Рувимы фырттӕ уыдысты Ханох, Фаллу, Есром ӕмӕ Харми. Адон сты Рувимы байзӕддӕгтӕ. 15 Симеоны фырттӕ уыдысты Йемуил, Иамин, Огад, Иахин, Цохар ӕмӕ Саул – уый йын уыд ханаайнаг сылгоймагӕй. Адон сты Симеоны байзӕддӕгтӕ.

13–19 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 8, 9

«Фараоны сӕрбӕрзонддзинад нын у зондзонӕн»

(Рацыд 8:15) Фараон куы федта, ӕмӕ сын фенцондӕр, уӕд та йӕ зӕрдӕ ныддур кодта, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

it-U «Упрямство», 2 абз.

Хивӕнддзинад

Историйы дӕргъы Йегъовӕ фӕразондзинад ӕвдыста, мӕлӕты аккаг-иу чи уыд, уыцы адӕймӕгтӕм кӕнӕ ӕнӕхъӕн адӕмтӕм – уайтагъд-иу сӕ нӕ фесӕфта (Рд 15:16; 2Пт 3:9). Ӕмӕ-иу чидӕртӕ Хуыцауы фӕразондзинадӕн саргъ кодтой, ӕмӕ-иу сӕм Йегъовӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинад равдыста (ЙсН 2:8–14; 6:22, 23; 9:3–15). Иннӕтӕ та-иу сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой – Йегъовӕйы ныхмӕ-иу рацыдысты ӕмӕ-иу ын йӕ адӕмимӕ схӕцыдысты (Д.з 2:30–33; ЙсН 11:19, 20). Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис, кӕйдӕрты-иу сӕхи бар кӕй ауагъта кӕнӕ-иу сын сӕ зӕрдӕтӕ кӕй ныддур кодта. Ӕндӕр ныхасӕй, Йегъовӕ-иу бауагъта, цӕмӕй-иу сӕ хивӕнд зӕрдӕйы фӕдыл ацыдаиккой. Фӕлӕ Йегъовӕ ӕппынфӕстаг ӕнӕсӕттон адӕмыл йӕ тӕрхон куы сӕххӕст кӕны, уӕд афтӕмӕй йе стыр хъомыс равдисы, ӕмӕ йӕ ном айхъуысы. (Абар Рц 4:21; Ин 12:40; Ро 9:14–18.)

(Рацыд 8:18, 19) Уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афӕлвӕрдтой афтӕ саразын, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци. Ӕмӕ къогъотӕ хъизӕмарӕй мардтой адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. 19 Ӕмӕ уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы хъаруйӕ сарӕзтой!» Фӕлӕ фараон уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

(Рацыд 9:15–17) Мӕнӕн мӕ бон раджы уыди дӕумӕ мӕ къух сисын ӕмӕ дӕуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр фыдниз бафтауын, ӕмӕ зӕххы цъарӕй фесӕфтаис. 16 Фӕлӕ дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр. 17 Ныр дӕр ма мын мӕ адӕммӕ уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсыс, ныр дӕр ма сӕ нӕ уадзыс?

w05 1/6 9 ф., 8 абз.

Зонгӕ кӕн Иегъовӕйы фӕндӕгтимӕ

8 Моисей ма йын фехъусын кодта ӕндӕр хабар дӕр: «Мӕнӕ цы загъта Иегъовӕ, дзуттӕгты Хуыцау: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной“». Хуыцау ма загъта: «Нырмӕ дӕр дыл мӕ къух ӕруагътаин ӕмӕ дыл дӕ адӕмимӕ рын сыстын кодтаин, ӕмӕ зӕххыл дӕ кой дӕр нал уыдаид. Фӕлӕ дӕ нырмӕ уымӕн ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дын мӕ тых равдисон ӕмӕ ӕгас зӕххыл мӕ ном айхъуыса» (Рацыд 9:13–16). Иегъовӕ дурзӕрдӕ фараоны кӕй бафхӕрдтаид, уымӕй равдыстаид йӕ тых ӕмӕ уый зондзонӕн уыдаид, йӕ ныхмӕ чидӕриддӕр уыди, уыдонӕн. Уый хаудта Сайтан Хӕйрӕгмӕ дӕр, фӕстӕдӕр Йесо Чырысти «дунейы ӕлдар» кӕй схуыдта, уымӕ (Иоанны 14:30; Ромӕгтӕм 9:17–24). Загъд куыд уыди, афтӕ Иегъовӕйы ном ӕгас зӕххыл дӕр айхъуыст. Йӕ бирӕфӕразондзинады фӕрцы аирвӕзтысты израилӕгтӕ ӕмӕ ма сӕм цы тынг бирӕ адӕм ӕрбаиу, уыдон дӕр (Рацыд 9:20, 21; 12:37, 38). Уӕдӕй фӕстӕмӕ Иегъовӕйы ном хъуыстгонд кӕй цӕуы, уый фӕахъаз, раст дин чи райста, уыцы милуангай ӕндӕр адӕмӕн.

it-U «Нечестие», дӕлсӕргонд «Почему Бог допускает нечестие?», 3–5 абз.

Нечестие

К тому же Иегова Бог так использует обстоятельства, что нечестивые невольно содействуют исполнению его намерения. Хотя нечестивые противятся Богу, он может ограничить их деятельность в той мере, в какой это необходимо, чтобы его служители сохранили непорочность, и может сделать так, что их действия даже будут свидетельствовать о его праведности (Рм 3:3–5, 23–26; 8:35–39; Пс 76:10). Эта мысль выражена в Притчах 16:4: «Все приготовил Иегова ради своего замысла и даже нечестивого – на злой день».

Так было в случае с фараоном, от которого Иегова через Моисея и Аарона потребовал отпустить порабощенных израильтян. Бог не сделал этого египетского правителя нечестивым, но он позволил ему жить и создал такую ситуацию, в которой фараон проявил свое нечестие и показал, что заслуживал смерти. Цель, ради которой Иегова сделал это, видна из Исхода 9:16: «Я оставил тебя в живых для того, чтобы показать тебе мою силу и чтобы мое имя было возвещено по всей земле».

Десять казней, постигших Египет, и уничтожение фараона и его войска в Красном море послужили впечатляющим доказательством силы Иеговы (Исх 7:14–12:30; Пс 78:43–51; 136:15). Спустя годы соседние народы все еще говорили об этом, и так Божье имя возвещалось по земле (ИсН 2:10, 11; 1См 4:8). Если бы Иегова убил фараона сразу, то такое потрясающее проявление силы Бога, послужившее его прославлению и избавлению его народа, было бы невозможным.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 8:25–27) Ӕмӕ уӕд фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн ацы зӕххыл искуы ӕрхӕссут нывонд». 26 Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ, нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн цы хъуамӕ ӕрхӕссӕм, уый египетӕгты цӕсты ӕлгъаг у. Ӕмӕ сӕ цӕсты ӕлгъаг цы у, уый сӕ разы нывондӕн куы ’рхӕссӕм, уӕд нӕ дуртӕй нӕ амардзысты? 27 Ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕртӕ бонмӕ ацӕудзыстӕм ӕмӕ уым ӕрхӕсдзыстӕм нывонд нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн, куыддӕриддӕр нын загъта, афтӕ».

w04 1/4 29 ф., 9 абз.

Рацыды чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ

8:26, 27 – Цӕмӕн загъта Моисей, зӕгъгӕ, израилӕгты нывӕндтӕ «египетӕгтӕн ӕлгъаг» уыдзысты? Египеты бирӕ цӕрӕгойтӕн табу кодтой. Ӕмӕ Моисей фараонӕн нывӕндты кой уымӕн скодта, цӕмӕй йӕ ныхасы уыдаид уӕз ӕмӕ йын йӕ курдиатмӕ ӕрыхъуыстаид, зӕгъгӕ, ауадз израилӕгты Иегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссынмӕ.

(Рацыд 9:18–21) Уӕдӕ тӕккӕ райсом ацафон ӕз ахӕм их рауадздзынӕн, ӕмӕ Египет куы фӕзынд, уӕдӕй нырмӕ дзы ахӕм никуы уыд. 19 Дӕ адӕмы арвит, цӕмӕй дын дӕ фос ӕмӕ дын быдыры цыдӕриддӕр ис, уыдон мидӕмӕ бакӕной. Адӕмӕй дӕр ӕмӕ фосӕй дӕр быдыры чи баззайа, хӕдзары чи нӕ уа, уыдоны та их ныххойдзӕн ӕмӕ амӕлдзысты“». 20 Фараоны лӕггадгӕнджытӕй Йегъовӕйы ныхас тас кӕй зӕрдӕты бауагъта, уыдон сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос тагъд-тагъд мидӕмӕ бакӕнын кодтой. 21 Йегъовӕйы ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, чи йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос быдыры ныууагътой.

w19.10 6 ф., 6 абз.

Хуыцауы тӕрхӕттӕ. Адӕмы алкӕддӕр афойнадыл бафӕдзӕхсы?

Хатт та-иу Йегъовӕ адӕмы бафӕдзӕхста, йӕ тӕрхоны сӕххӕстмӕ-иу бирӕ нал баззад, афтӕ. Фӕлӕ-иу сын уӕддӕр фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй-иу исты сарӕзтаиккой ӕмӕ сӕ йӕ тӕрхон ма баййӕфтаид. Афтӕ уыд, Йегъовӕ рагон Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруадзынмӕ куы хъавыд, уӕд дӕр – алы бӕллӕхы размӕ дӕр-иу адӕмы афойнадыл бафӕдзӕхста. Зӕгъӕм, ӕвдӕм бӕллӕхы размӕ Моисейы ӕмӕ Аароны арвыста фараонмӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм, цӕмӕй сӕ бафӕдзӕхстаиккой, их кӕй ныууардзӕн ӕмӕ стыр зиан кӕй ӕрхӕсдзӕн. Их хъуамӕ ныууарыдаид иннӕ бон. Ӕмӕ цымӕ уӕд афтӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау фаг рӕстӕг радта, цӕмӕй бамбӕхстаиккой ӕмӕ сӕ их ма ныххостаид? Библийы фыст ис: «Фараоны лӕггадгӕнджытӕй Йегъовӕйы ныхас тас кӕй зӕрдӕты бауагъта, уыдон сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос тагъд-тагъд мидӕмӕ бакӕнын кодтой. Йегъовӕйы ныхас йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ айста, чи йӕ ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ сӕ фос быдыры ныууагътой» (Рац. 9:18–21). Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕ сӕ куы бафӕдзӕхста, уӕд сын фаг рӕстӕг кӕй уыд, цӕмӕй исты сарӕзтаиккой. Ӕмӕ, Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ уайтагъд чи бакодта, уыдонӕн уыцы бӕллӕх ахӕм стыр зиан не ’рхаста.

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 8:1–19) Уый фӕстӕ та Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ ӕмӕ йын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной. 2 Куы нӕ сӕ ауадзай, уӕд та дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр хӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн. 3 Нилы цӕугӕдон хӕфсытӕй байдзаг уыдзӕн. 4 Хӕфсытӕ уырдыгӕй рацӕудзысты ӕмӕ бабырдзысты дӕ хӕдзармӕ, дӕ уатмӕ ӕмӕ дӕ хуыссӕнмӕ дӕр. Бабырдзысты дӕ лӕггадгӕнджыты ӕмӕ дӕ адӕмы хӕдзӕрттӕм дӕр, дӕ пецтӕм ӕмӕ дӕ арынгтӕм. Хӕфсытӕ бырдзысты дӕхиуыл дӕр, дӕ адӕмыл дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджытыл се ’ппӕтыл дӕр“». 5 Цасдӕры фӕстӕ Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Адар дӕ лӕдзӕг цӕугӕдӕттӕм, Нилы къанӕуттӕм ӕмӕ цадтӕм, цӕмӕй хӕфсытӕ рацӕуой Египеты зӕхмӕ“». 6 Ӕмӕ Аарон дӕр йӕ къух Египеты дӕттӕм адардта, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты ӕмӕ сӕ Египеты зӕхх нал зынди. 7 Фӕлӕ та кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афтӕ сарӕзтой, ӕмӕ хӕфсытӕ рацыдысты Египеты зӕхмӕ. 8 Иуцасдӕры фӕстӕ фараон фӕдзырдта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Скувут Йегъовӕмӕ, цӕмӕй мӕн дӕр ӕмӕ мӕ адӕмы дӕр хӕфсытӕй фервӕзын кӕна. Йӕ адӕмы йын уадзын. Ацӕуӕнт ӕмӕ Йегъовӕйӕн нывонд ӕрхӕссӕнт». 9 Уӕд Моисей фараонӕн загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дӕхӕдӕг мын зӕгъ, кӕд скувон Хуыцаумӕ дӕу тыххӕй, дӕ лӕггадгӕнджыты тыххӕй ӕмӕ дӕ адӕмы тыххӕй, цӕмӕй хӕфсытӕй фервӕзай ӕмӕ цӕмӕй дӕ хӕдзӕртты дӕр мауал уой. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты». 10 Фараон ын загъта: «Райсом». Ӕмӕ йын Моисей дӕр дзуапп радта: «Куыд зӕгъыс, афтӕ уыдзӕни, цӕмӕй йӕ базонай, нӕ Хуыцау Йегъовӕйы хуызӕн кӕй нӕй. 11 Дӕ хӕдзӕртты хӕфсытӕ нал уыдзӕн, фервӕздзынӕ сӕ дӕхӕдӕг дӕр, дӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕстдӕр ма Нилы цӕугӕдоны баззайдзысты». 12 Моисей ӕмӕ Аарон фараонӕй рацыдысты, ӕмӕ Моисей Йегъовӕмӕ скуывта, цӕмӕй, фараоныл кӕй бафтыдта, уыцы хӕфсытӕ фесӕфой. 13 Йегъовӕ сарӕзта, Моисей дзы цы куырдта, уый, ӕмӕ хӕдзӕртты, кӕртыты ӕмӕ быдырты хӕфсытӕ амардысты. 14 Ӕмӕ сӕ адӕм алы рӕтты ӕрӕмбырд кодтой, ӕмӕ ӕгас бӕстӕйы дӕр тӕфӕй ацӕуӕн нал уыди. 15 Фараон куы федта, ӕмӕ сын фенцондӕр, уӕд та йӕ зӕрдӕ ныддур кодта, ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. 16 Ӕмӕ та уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Ааронӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕ лӕдзӕг размӕ адар ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцӕв, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестдзӕн къогъотӕ“». 17 Ӕмӕ афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг размӕ адардта ӕмӕ дзы зӕхх ӕрцавта, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл дӕр рыг фестад къогъотӕ, ӕмӕ адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр хъизӕмарӕй мардтой. 18 Уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ дӕр сӕ кӕлӕнты фӕрцы афӕлвӕрдтой афтӕ саразын, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци. Ӕмӕ къогъотӕ хъизӕмарӕй мардтой адӕмы дӕр ӕмӕ фосы дӕр. 19 Ӕмӕ уӕд кӕлӕнгӕнӕг дзуарылӕгтӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцауы хъаруйӕ сарӕзтой!» Фӕлӕ фараон уӕддӕр йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ нӕ байхъуыста – Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ.

20–26 ИЮЛЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 10, 11

«Моисей ӕмӕ Аарон стыр хъӕбатырдзинад равдыстой»

(Рацыд 10:3–6) Ӕмӕ та Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Бирӕ ма кӕндзынӕ дӕхи фӕнд? Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной. 4 Куы нӕ та сӕ ауадзай, уӕд дын райсом дӕ бӕстӕйыл мӕтыхтӕ рауадздзынӕн. 5 Ӕмӕ зӕххы цъар бамбӕрздзысты, ӕмӕ зӕхх нал зындзӕн. Ихы фӕстӕ ма уын цы баззад, цы ма уын аирвӕзт, уый та уыдон бахӕрдзысты, бахӕрдзысты уын уӕ бӕлӕсты сыфтӕ иууылдӕр. 6 Дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты. Афтӕ бирӕ уыдзысты, ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ уыдоны фыдӕлтӕ дӕр, зӕххыл куы фӕзындысты, уӕдӕй абоны онг уыйбӕрц мӕтыхтӕ никуы федтой“». Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ разылд ӕмӕ фараонӕй рацыд.

w09 15/7 20 ф., 6 абз.

Йесойау ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм

6 Ахъуыды-ма кӕн Моисейы хъӕбатырдзинадыл дӕр. Уый йӕ ныфс бахаста фараонимӕ ныхас кӕнынмӕ. Фараоны та, хуыцӕутты номӕй чи дзырдта, ӕрмӕст ууыл нӕ нымадтой, фӕлӕ хуыцауыл, хуры хуыцау Райы фыртыл. Уый дӕр, ӕвӕццӕгӕн, иннӕ фараонтау йӕхи нывӕн куывта. Йӕ ныхас иннӕтӕн уыди закъон, ӕмӕ йын уыд ӕгӕрон бартӕ. Хъомысджын, сӕрбӕрзонд ӕмӕ хивӕнд фараонӕн исчи исты бакӕнын кодтаид, уымӕн гӕнӕн нӕ уыди. Растдӕр-иу ахӕм адӕймагмӕ хъуыди бацӕуын сӕрныллӕг фыййау Моисейы. Фараоны галуанмӕ йӕ хонгӕ дӕр ничи кодта, стӕй йӕ уынд дӕр ӕхсызгон никӕмӕн уыд. Цы-иу дзырдта Моисей? Стыр бӕллӕхтӕ сыл кӕй ӕрцӕудзӕн. Ӕмӕ цы домдта? Фараоны цагъартӕй цалдӕр милуанӕн Египетӕй ацӕуыны бар раттын! Цымӕ Моисейы хъӕбатырдзинад нӕ хъуыди? Куыннӕ ма! (Нымӕц. 12:3; Дзут. 11:27).

(Рацыд 10:24–26) Уӕд фараон Моисеймӕ фӕдзырдта ӕмӕ йын загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут Йегъовӕйӕн. Ӕрмӕст уӕ фыстӕ ӕмӕ уе стуртӕ ам ныууадзут. Ацӕуӕнт уемӕ уӕ сывӕллӕттӕ дӕр». 25 Моисей та йын загъта: «Нӕ, хъуамӕ нын радтай фос дӕр нывондӕн ӕрхӕссынӕн ӕмӕ артыл басудзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн ӕрхӕссӕм. 26 Нӕ фос дӕр акӕндзыстӕм немӕ. Иу дӕр дзы нӕ ныууадздзыстӕм, уымӕн ӕмӕ дзы хъуамӕ нӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм. Ӕмӕ цалынмӕ бынатмӕ бахӕццӕ уӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, Йегъовӕйӕн куы кувӕм, уӕд ын нывондӕн цы ’рхӕсдзыстӕм, уый».

(Рацыд 10:28) Гъемӕ фараон Моисейӕн загъта: «Фесӕф мӕ разӕй! Куыннӕуал дӕ фенон, афтӕ бакӕн! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзынӕ».

(Рацыд 11:4–8) Ӕмӕ Моисей загъта: «Афтӕ зӕгъы Йегъовӕ: „Ӕмбисӕхсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египетыл, 5 ӕмӕ Египеты амӕлдзысты фыццаггуырдтӕ иууылдӕр: паддзахбадӕныл чи бады, уыцы фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай ӕмӕ, ӕрмгуыройӕ чи ссы, уыцы лӕггадгӕнӕг-сылгоймаджы фыццаг лӕппуйӕ фӕу; амӕлдзысты фыццагзад нӕл фос дӕр. 6 Ӕмӕ уӕд ӕгас Египеты зӕххыл дӕр хъуысдзӕн, чи никуыма уыд ӕмӕ чи никуыуал уыдзӕн, ахӕм хъарӕг. 7 Израилы фырттыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн – нӕдӕр адӕмыл, нӕдӕр фосыл, цӕмӕй йӕ базонат, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Израилы фыртты египетӕгтӕй фӕхицӕн кӕнын“. 8 Уӕд мӕм дӕ лӕггадгӕнджытӕ иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, мӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты ӕмӕ зӕгъдзысты: „Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ, дӕ фӕдыл чи цӕуы, уыцы адӕм дӕр иууылдӕр“. Ӕмӕ уый фӕстӕ ацӕудзынӕн». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Моисей мӕстӕй судзгӕйӕ фараонӕй рацыд.

w14 15/4 8 ф., 1, 2 абз.

«Цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы» уыныс?

ФАРАОН уыди хъомысджын хицау ӕмӕ йӕ египетӕгтӕ нымадтой хуыцауыл. Иу чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй фараон египетӕгты цӕсты уыд, «зӕххыл удӕгасӕй цы ис, уыдонӕй се ’ппӕтӕй дӕр зондджындӕр ӕмӕ хъаруджындӕр» (When Egypt Ruled the East). Цӕмӕй фараон, йӕ дӕлбар чи уыд, уыцы адӕмы тас уагътаид, уый тыххӕй дардта, сызгъӕрин кобрӕ кӕуыл уыд, ахӕм кадыхуд. Уыцы кобрӕ афтӕ конд уыд, цыма дыл ныртӕккӕ йӕхи ныццӕвдзӕн, ӕмӕ уый египетӕгтӕн сӕ зӕрдыл лӕууын кодта, паддзахы знӕгтӕ уайтагъд кӕй ӕрбайсӕфдзысты. Уӕдӕ-ма ахъуыды кӕн, Моисей куыд фӕуыдаид, Йегъовӕ йын афтӕ куы загъта: «Ныр [дӕ] ӕрвитын фараонмӕ, ӕмӕ мын ды мӕ адӕмы, Израилы фыртты, Египетӕй ракӕндзынӕ» (Рац. 3:10).

2 Куыдфӕнды ма уыдаид, уӕддӕр Моисей Египетмӕ ацыд ӕмӕ йын Хуыцау цы бафӕдзӕхста, уый фараонӕн фехъусын кодта. Уӕд фараонӕн йӕ маст рафыхт. Хуыцау Египеты зӕххыл фараст бӕллӕхы куы ’руагъта, уый фӕстӕ фараон Моисейӕн загъта: «Куыннӕуал дӕ фенон, афтӕ бакӕн! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд удӕгасӕй нал баззайдзынӕ» (Рац. 10:28). Моисей дӕр ацыд, фӕлӕ уал уый размӕ загъта, фараонӕн йӕ фыццаг фырт кӕй амӕлдзӕн (Рац. 11:4–8). Уый фӕстӕ Моисей израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй алы бинонтӕ дӕр аргӕвстаиккой сӕныкк кӕнӕ уӕрыкк ӕмӕ йын йӕ тугӕй сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кодтаиккой. Египетӕгтӕ та фыр нывондӕн хастой сӕ хуыцау Райӕн, ӕмӕ йӕ нымадтой сыгъдӕг фосыл (Рац. 12:5–7). Фӕлӕ Моисей ӕппындӕр нӕ тарст, фараон уыцы хабӕрттӕм цы цӕстӕй ракӕсдзӕн, уымӕй. Цымӕ цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйыл ӕууӕндыд. Йӕ уырнындзинады фӕрцы «паддзахы фыдӕхӕй» нӕ фӕтарст ӕмӕ Йегъовӕйы коммӕ бакаст – «уый уыд фидар, цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уыцы Хуыцауы цыма уынгӕ кодта, афтӕ». (Бакӕс Дзуттӕгтӕм 11:27, 28.)

it-U «Моисей», дӕлсӕргонд «Мужество и вера, проявленные перед фараоном», 1 абз.

Моисей

Мужество и вера, проявленные перед фараоном. Моисей и Аарон могли выполнить поручение Иеговы только благодаря его силе и святому духу. Представим себе все великолепие двора фараона, правителя самой могущественной державы того времени. На троне сидит сам высокомерный фараон, который считается богом. Вокруг него – советники, военачальники, телохранители и слуги. Присутствуют также религиозные руководители, жрецы, занимающиеся магией,– главные противники Моисея. При дворе это самые влиятельные люди после самого фараона. Вся эта внушительная обстановка призвана возвысить фараона и богов Египта. И при этом Моисей и Аарон должны многократно приходить к фараону, сердце которого ожесточается все больше, поскольку он не желает отпускать на волю рабов-евреев, представляющих для него большую ценность. После того как Моисей и Аарон объявляют о восьмой казни, их выгоняют прочь, а после девятой казни им под страхом смерти запрещают снова приходить к фараону (Исх 10:11, 28).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 10:1, 2) Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз йӕхи бар ауагътон ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр ницы бахъардта, цӕмӕй ацы диссӕгтӕ саразон йӕ цӕстыты раз 2 ӕмӕ цӕмӕй ды дӕ фыртӕн ӕмӕ дӕ фырты фыртӕн радзурай, Египет куыд карзӕй бафхӕрдтон ӕмӕ се ’хсӕн цы диссӕгтӕ сарӕзтон, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ».

w14 15/7 24 ф., 5 абз.

«Сымах стут ме ’вдисӕнтӕ»

5 Исайы рӕстӕджы израилӕгтӕй алчидӕр уыд Йегъовӕйы «ӕвдисӕн», ӕмӕ Израилы адӕм ӕнӕхъӕнӕй та – Хуыцауы «лӕггадгӕнӕг» (Ис. 43:10). Израилаг ныййарджытӕ йын ӕвдисӕнтӕ уыцы хуызы уыдысты, ӕмӕ сӕ сывӕллӕттӕн дзырдтой, Йегъовӕ сӕ рагфыдӕлтӕн куыд уыд, уый тыххӕй. Зӕгъӕм, Хуыцау израилӕгтӕн алы аз дӕр Куадзӕны бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнын куы бафӕдзӕхста, уӕд сын загъта: «Уӕ фырттӕ [уӕ] куы фӕрсой, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут: „Ай у Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн. Египетӕгты куы бафхӕрдта, уӕд Израилы фырттӕн сӕ хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты бахызта уыцы бӕллӕхӕй“» (Рац. 12:26, 27). Ныййарджытӕ-иу, ӕвӕццӕгӕн, сӕ сывӕллӕттӕн радзырдтой, фараон израилӕгтӕн уый бар кӕй нӕ лӕвӕрдта, цӕмӕй ӕдзӕрӕг быдырмӕ ацыдаиккой ӕмӕ уым Йегъовӕйӕн бакуывтаиккой. Фараон загъта: «Чи у Йегъовӕ? Цӕмӕн ӕм хъуамӕ байхъусон ӕмӕ Израилы цӕмӕн хъуамӕ ауадзон?» (Рац. 5:2). Стӕй ма-иу ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн радзырдтаиккой, Йегъовӕ уый фӕстӕ фараоны фарстайӕн дзуапп куыд радта ӕмӕ алкӕмӕн дӕр куыд равдыста, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау кӕй у, уый. Йегъовӕ Египетыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта ӕмӕ стӕй Сырх денджызы раз израилӕгты египетаг ӕфсадӕй фервӕзын кодта. Израилӕгтӕ федтой, Йегъовӕ ӕцӕг Хуыцау кӕй у ӕмӕ йӕ ныхас кӕй ӕххӕст кӕны.

(Рацыд 11:7) Израилы фырттыл та куыдз дӕр не срӕйдзӕн – нӕдӕр адӕмыл, нӕдӕр фосыл, цӕмӕй йӕ базонат, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у Израилы фыртты египетӕгтӕй фӕхицӕн кӕнын».

it-U «Исход из Египта», дӕлсӕргонд «Воды застыли», 3 абз.

Египетӕй рацыдысты

Йегъовӕ йӕ тых диссаджы хуызы кӕй равдыста, уый фӕрцы йӕ ном скадджын кодта ӕмӕ Израил ссӕрибар кодта. Израилӕгтӕ Сырх денджызы скӕсӕн фарсмӕ куы бахӕццӕ сты ӕмӕ сын тӕссаг куы ницӕмӕйуал уыд, уӕд Моисей ӕмӕ иннӕ нӕлгоймӕгтӕ Йегъовӕйӕн ныззарыдысты. Моисейы хо та, пехуымпар Мариам, йӕ къухмӕ дала райста. Ӕмӕ йемӕ иннӕ сылгоймӕгтӕ дӕр се ’ппӕт дӕр далатӕй цӕгъдгӕ рацыдысты ӕмӕ кафын райдыдтой. Ӕмӕ лӕгты зарынмӕ Мариам дӕр базарыд (Рц 15:1, 20, 21). Израилӕгтӕ се знӕгтӕй фервӕзтысты. Египетӕй куы цыдысты, уӕд Хуыцау иу адӕймаджы дӕр ӕмӕ иу сырды дӕр нӕ бауагъта, цӕмӕй сын исты зиан ӕрхастаиккой; куыдз дӕр сыл не срӕйдта (Рц 11:7). Рацыды чиныджы комкоммӕ фыст нӕй, фараон йе ’фсадимӕ денджызы кӕй амард. Фӕлӕ Псаломы 136:15 стихы кӕсӕм, Йегъовӕ «фараон ӕмӕ йе ’фсады Сырх денджызы» кӕй ныппӕрста.

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 10:1–15) Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕз йӕхи бар ауагътон ӕмӕ йӕхимӕ дӕр ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм дӕр ницы бахъардта, цӕмӕй ацы диссӕгтӕ саразон йӕ цӕстыты раз 2 ӕмӕ цӕмӕй ды дӕ фыртӕн ӕмӕ дӕ фырты фыртӕн радзурай, Египет куыд карзӕй бафхӕрдтон ӕмӕ се ’хсӕн цы диссӕгтӕ сарӕзтон, уый тыххӕй. Ӕмӕ йӕ базондзыстут, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ». 3 Ӕмӕ та Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ бацыдысты ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы дзуттӕгты Хуыцау Йегъовӕ: „Бирӕ ма кӕндзынӕ дӕхи фӕнд? Ауадз мын мӕ адӕмы, цӕмӕй мын лӕггад кӕной. 4 Куы нӕ та сӕ ауадзай, уӕд дын райсом дӕ бӕстӕйыл мӕтыхтӕ рауадздзынӕн. 5 Ӕмӕ зӕххы цъар бамбӕрздзысты, ӕмӕ зӕхх нал зындзӕн. Ихы фӕстӕ ма уын цы баззад, цы ма уын аирвӕзт, уый та уыдон бахӕрдзысты, бахӕрдзысты уын уӕ бӕлӕсты сыфтӕ иууылдӕр. 6 Дӕ хӕдзӕрттӕ дӕр ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнджыты хӕдзӕрттӕ дӕр мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты. Афтӕ бирӕ уыдзысты, ӕмӕ дӕ фыдӕлтӕ дӕр ӕмӕ уыдоны фыдӕлтӕ дӕр, зӕххыл куы фӕзындысты, уӕдӕй абоны онг уыйбӕрц мӕтыхтӕ никуы федтой“». Ӕмӕ уыцы ныхӕсты фӕстӕ разылд ӕмӕ фараонӕй рацыд. 7 Уый фӕстӕ фараонӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕ загътой: «Ацы адӕймаг ма нын фыдбылызтӕ бирӕ ’взарын кӕндзӕн? Ауадз сӕ, ӕмӕ сӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн лӕггад кӕной. Египет кӕй бабын, уый нӕ уыныс?» 8 Ӕмӕ та уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ фараонмӕ ӕрбакодтой, ӕмӕ сын уый загъта: «Ацӕут, лӕггад кӕнут уӕ Хуыцау Йегъовӕйӕн. Зӕгъут-ма мын, чи ацӕудзӕн?» 9 Моисей та йын загъта: «Немӕ ацӕудзысты ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ зӕрӕдтӕ дӕр, нӕ фырттӕ дӕр ӕмӕ нӕ чызджытӕ дӕр, немӕ акӕндзыстӕм нӕ фысты ӕмӕ не стурты дӕр, уымӕн ӕмӕ нын Йегъовӕйы номыл бӕрӕгбон уыдзӕн». 10 Уӕд ын фараон загъта: «Кӕд уын уӕхи дӕр ӕмӕ уӕ сывӕллӕтты дӕр искуы ауадзон, уӕд Йегъовӕ ӕцӕгдӕр ис уемӕ! Сымахӕн уӕ зӕрдӕйы хорз фӕнд нӕй. 11 Нӕ уыдзӕн, сымах куыд дзурут, афтӕ! Ӕрмӕстдӕр уӕ нӕлгоймӕгтӕ ацӕуӕнт ӕмӕ лӕггад кӕнӕнт Йегъовӕйӕн. Уый уӕ нӕ фӕндыди?» Ӕмӕ сӕ уыйадыл фараоны разӕй ратардтой. 12 Ӕмӕ уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Адар дӕ къух Египеты ’рдӕм, ӕмӕ ӕгас Египеты зӕххыл рацӕудзӕн мӕтыхтӕ ӕмӕ уыцы зӕххыл цыдӕриддӕр зайы, ихы фӕстӕ ма дзы цы баззад, уый бахӕрдзысты». 13 Ӕмӕ Моисей дӕр йӕ къух адардта Египеты ’рдӕм, ӕмӕ Йегъовӕ уыцы зӕххыл скӕсӕнӕй рауагъта дымгӕ. Дымгӕ дымдта ӕнӕхъӕн бон ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕхсӕв. Куы ’рбабон, уӕд дымгӕ йемӕ ӕрбахаста мӕтыхтӕ. 14 Ӕмӕ мӕтыхтӕ апырх сты ӕгас Египетыл ӕмӕ сӕ зӕхх нал зынди. Египетӕгтӕ сӕ сӕрӕн ницыуал зыдтой. Уӕды онг дӕр сӕм никуы уыди уыйбӕрц мӕтыхтӕ ӕмӕ сӕм уый фӕстӕ дӕр никуыуал уыдзӕн. 15 Мӕтыхтӕ бамбӕрзтой ӕгас зӕхх дӕр, ӕмӕ зӕхх сау адардта. Ӕмӕ ма ихы фӕстӕ быдырты цы баззад ӕмӕ ма бӕлӕсты дыргътӕй дӕр цы аирвӕзт, уыдон дӕр иууылдӕр бахордтой. Ӕгас Египеты дӕр бӕлӕстыл ӕмӕ, быдырты цы зад, уыдоныл цъӕх сыфтӕр нал баззад.

27 ИЮЛӔЙ 2 АВГУСТМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 12

«Куадзӕн цӕмӕ амыдта ӕмӕ уый чырыстӕттӕн цӕуыл дзурӕг у?»

(Рацыд 12:5–7) Хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, афӕдздзыд нӕл уӕрыкк. Уӕрыччы бӕсты равзарӕн ис сӕныкк дӕр. 6 Ӕмӕ хъуамӕ уыцы уӕрыкк уӕхимӕ уа мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бонмӕ, ӕмӕ уӕд Израилы адӕмӕй алы бинонтӕ дӕр сӕ уӕрыкк аргӕвдӕнт дыууӕ изӕры астӕу. 7 Уыдон райсдзысты уӕрыччы тугӕй ӕмӕ дзы, кӕм хӕрой, уыцы хӕдзӕрттӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд бапырх кӕндзысты.

w07 1/1 23 ф., 4 абз.

«Цин кӕн»

4 Йесо амард н. э. 33 азы 14 нисаны. 14 нисаны Израилы бӕрӕг кодтой Куадзӕн. Уыцы бон алы хӕдзары дӕр ӕргӕвстой ӕнӕсахъат уӕрыкк. Уый израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта, уӕрыччы туджы фӕрцы сӕ цоты хистӕртӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕзтысты, н. э. агъоммӕ 1513 азы 14 нисаны мӕлӕтхӕссӕг зӕд египетӕгтӕн сӕ цоты хистӕрты куы ныццагъта, уӕд (Рацыд 12:1–14). Куадзӕны уӕрыкк амыдта Йесо Чырыстимӕ. Йесойы тыххӕй апостол Павел загъта: «Нӕ куадзӕны уӕрыкк Чырысти нывондӕн хаст ӕрцыд» (1 Коринфӕгтӕм 5:7). Куадзӕны уӕрыччы тугау Йесо Чырыстийы туг дӕр ирвӕзын кӕны бирӕты (Иоанны 3:16, 36).

(Рацыд 12:12, 13) Уыцы ’хсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египеты зӕххыл ӕмӕ ныццӕгъддзынӕн Египеты фыццаггуырдты, адӕмӕй фосы онг. Ӕмӕ Египеты хуыцӕуттыл се ’ппӕтыл дӕр мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 13 Кӕм уат, уыцы хӕдзӕрттыл та туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз туг фендзынӕн ӕмӕ уӕ рӕзты ацӕудзынӕн, ӕмӕ Египет куы ’рцӕвон, уӕд уыцы бӕллӕх сымах нӕ баййафдзӕн.

w07 1/1 23 ф., 4 абз.

«Цин кӕн»

4 Йесо амард н. э. 33 азы 14 нисаны. 14 нисаны Израилы бӕрӕг кодтой Куадзӕн. Уыцы бон алы хӕдзары дӕр ӕргӕвстой ӕнӕсахъат уӕрыкк. Уый израилӕгты зӕрдыл лӕууын кодта, уӕрыччы туджы фӕрцы сӕ цоты хистӕртӕ мӕлӕтӕй кӕй фервӕзтысты, н. э. агъоммӕ 1513 азы 14 нисаны мӕлӕтхӕссӕг зӕд египетӕгтӕн сӕ цоты хистӕрты куы ныццагъта, уӕд (Рацыд 12:1–14). Куадзӕны уӕрыкк амыдта Йесо Чырыстимӕ. Йесойы тыххӕй апостол Павел загъта: «Нӕ куадзӕны уӕрыкк Чырысти нывондӕн хаст ӕрцыд» (1 Коринфӕгтӕм 5:7). Куадзӕны уӕрыччы тугау Йесо Чырыстийы туг дӕр ирвӕзын кӕны бирӕты (Иоанны 3:16, 36).

it-U «Пасха», дӕлсӕргонд «Пророческое значение», 2 абз.

Пасха

Некоторые особенности празднования Пасхи представляли собой своего рода пророчества, которые исполнились на Иисусе. Например, в Египте, благодаря крови на домах израильтян, их первенцы избежали смерти от рук ангела-губителя. Павел говорит, что помазанные христиане – собрание первенцев (Евр 12:23) и что Христос освободил их посредством своей крови (1Фс 1:10; Эф 1:7). У пасхального ягненка нельзя было ломать кости. Было предсказано, что ни одна кость Иисуса не будет переломлена, и это исполнилось во время его смерти (Пс 34:20; Ин 19:36). Таким образом, Пасха, которую иудеи отмечали на протяжении веков, была частью Закона, имевшего тень будущего и указывавшего на Иисуса Христа, «Ягненка Бога» (Евр 10:1; Ин 1:29).

(Рацыд 12:24–27) Афтӕ хъуамӕ кӕнат уӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ уӕ фырттӕ дӕр ӕнустӕм. 25 Йегъовӕ уын афтӕ цы зӕххӕй загъта, ратдзынӕн уын ӕй, зӕгъгӕ, уыцы зӕхмӕ куы бацӕуат, уӕд-иу уым кӕнут ацы бӕрӕгбон. 26 Ӕмӕ уӕ уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы бӕрӕгбон цӕмӕн кӕнут, зӕгъгӕ, 27 уӕд-иу сын зӕгъут: „Ай у Куадзӕны нывонд Йегъовӕйӕн. Египетӕгты куы бафхӕрдта, уӕд Израилы фырттӕн сӕ хӕдзӕртты рӕзты ацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты бахызта уыцы бӕллӕхӕй“». Уӕд адӕм сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой ӕмӕ сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой.

w13 15/12 20 ф., 13, 14 абз.

«Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон»

13 Фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ израилаг ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн ӕмбарын кодтой, Куадзӕнимӕ баст чи уыд, бирӕ ахӕм ахсджиаг хабӕрттӕ. Зӕгъӕм, Йегъовӕйӕн йӕ бон кӕй у йӕ лӕггадгӕнджыты бахъахъхъӕнын. Уый фӕрцы сывӕллӕттӕ хорз ӕмбӕрстой, Йегъовӕ кӕй у ӕцӕг ӕмӕ удӕгас Хуыцау, йӕ адӕмы кӕй уарзы ӕмӕ сӕ хорзыл кӕй тыхсы. Уый рабӕрӕг, дӕсӕм хатт «египетӕгты куы бафхӕрдта» ӕмӕ израилӕгты фыццаггуырдты куы бахъахъхъӕдта, уӕд.

14 Абон чырыстон ныййарджытыл уыцы хӕс нӕй, цӕмӕй сӕ сывӕллӕттӕн алы аз дӕр ногӕй ӕмӕ ногӕй дзурой, Египеты Куадзӕны рӕстӕг цы хабӕрттӕ ӕрцыд, уыдон. Фӕлӕ дын кӕд сывӕллӕттӕ ис, уӕд хорз уаид, уыцы хабары фӕрцы сын куы ’мбарын кӕнис, Хуыцау йӕ адӕмы кӕй хъахъхъӕны. Хъуамӕ бӕрӕг уа, дӕхи дӕр фидарӕй кӕй уырны, Йегъовӕ йӕ адӕмӕн абон дӕр сӕ Хъахъхъӕнӕг кӕй у (Пс. 27:11; Ис. 12:2). Стӕй-иу ӕрмӕст дӕхӕдӕг ма дзур, цыма лекци кӕсыс, уыйау, фӕлӕ-иу семӕ зӕрдиагӕй ныхас кӕн, цӕмӕй-иу уыдон дӕр сӕ хъуыдытӕ зӕгъой. Уыцы хабӕрттӕ дӕ бинонтимӕ иумӕ куы равзарай, уӕд сын афтӕмӕй баххуыс кӕндзынӕ Йегъовӕйыл ноджы тынгдӕр ӕууӕндынӕн.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 12:12) Уыцы ’хсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египеты зӕххыл ӕмӕ ныццӕгъддзынӕн Египеты фыццаггуырдты, адӕмӕй фосы онг. Ӕмӕ Египеты хуыцӕуттыл се ’ппӕтыл дӕр мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ.

it-U «Пасха», дӕлсӕргонд «Что означает выражение „между двумя вечерами“?», 5 абз.

Куадзӕн

Йегъовӕ Египетыл цы дӕс бӕллӕхы ӕруагъта, уыдоны фӕрцы сӕ хуыцӕуттыл йӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кодта. Уый уӕлдай тынгдӕр рабӕрӕг дӕсӕм бӕллӕхы рӕстӕг, Египеты фыццаггуырдты куы ныццагъта, уӕд (Рц 12:12). Египетӕгтӕ фыр нымадтой, Ра чи хуынд, уыцы хуыцауыл. Ӕмӕ израилӕгтӕ сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ Куадзӕны уӕрыччы тугӕй кӕй бапырх кодтой, уый египетӕгтӕ афтӕ банымадтой, цыма сын сӕ хуыцауы бафхӕрдтой. Галы та нымадтой хуыцау Осирисыл. Ӕмӕ фыццагзад галтӕ кӕй ныццагъды сты, уымӕй сӕ хуыцау ныххудинаг. Фараон йӕхӕдӕг та нымад уыд хуыцау Райы фыртыл. Ӕмӕ йӕ фыццаггуырд фырт кӕй амард, уымӕй рабӕрӕг, Ра дӕр ӕмӕ фараон дӕр ӕдых кӕй сты.

(Рацыд 12:14–16) Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын у закъон ӕнустӕм. 15 Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ. Фыццаг бон афтӕ бакӕнут, ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыд нал уа, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕм хӕринаг чи бахӕра, уыцы адӕймаг хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа Израилы ’хсӕнӕй. 16 Фыццаг бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ, ӕмӕ афтӕ ӕвдӕм бон дӕр. Уыцы бонты ницы ис кусӕн. Ӕрмӕстдӕр уӕ бон у хӕринаг кӕнын, алкӕй дӕр цас хъӕуы, уыйбӕрц.

it-U «Святое собрание», 3 абз.

Хуыцауӕн кувынмӕ-иу куы ӕрӕмбырд сты, уыцы бонтӕ

Израилӕгтӕ-иу уыцы бонты Хуыцауӕн кувынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уӕд-иу сын уӕззау куыст кӕнӕн нӕ уыд. Зӕгъӕм, Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг ӕмӕ ӕвдӕм бонты тыххӕй (уыцы бонты дӕр-иу хъуамӕ Хуыцауӕн кувынмӕ ӕрӕмбырд уыдаиккой) Йегъовӕ загъта: «Уыцы бонты ницы ис кусӕн. Ӕрмӕстдӕр уӕ бон у хӕринаг кӕнын, алкӕй дӕр цас хъӕуы, уыйбӕрц» (Рц 12:15, 16). Фӕлӕ-иу Хуыцауӕн кувынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, уыцы бонты сауджынтӕ Йегъовӕйӕн нывӕндтӕ хастой (Лв 23:37, 38), ӕмӕ уый, израилӕгтӕ ӕнӕуи бонты цы куыстытӕ кодтой, ахӕм куыстыл нымад нӕ уыд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы закъон нӕ хӕлдтой. Уыцы бонты-иу израилӕгтӕ дзӕгъӕл бадт нӕ кодтой, фӕлӕ-иу архайдтой сӕ уырнындзинад фидар кӕныныл, ӕмӕ сын уый стыр пайда хаста. Сабатбонты-иу адӕм ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй-иу Хуыцауӕн иумӕ куывтаиккой ӕмӕ-иу ахуыр кодтаиккой. Уыцы бонты-иу сын Хуыцауы Ныхас хъӕрӕй кастысты ӕмӕ-иу сын ӕй ӕмбарын кодтой (фӕстӕдӕр ахӕм ӕгъдау уыд ӕмбырдгӕнӕнты дӕр) (Хъд 15:21). Уӕдӕ-иу адӕм сабатбонты ӕмӕ-иу Хуыцауӕн кувынмӕ куы ӕрӕмбырд сты, ӕндӕр ахӕм бонты уӕззау куыст нӕ кодтой, фӕлӕ-иу се Сфӕлдисӕг Хуыцауыл ӕмӕ йӕ фӕндтыл хъуыды кодтой ӕмӕ-иу ӕм куывтой. (Кӕс ВСТРЕЧА; СОБРАНИЕ, ОБЩЕСТВО.)

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 12:1–20) Уӕд Йегъовӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн Египеты зӕххыл загъта: 2 «Ацы мӕй уын уыдзӕн афӕдзы мӕйтӕй фыццаг. 3 Ӕппӕт Израилы адӕмӕн афтӕ зӕгъ: „Ацы мӕйы дӕсӕм бон алчидӕр самал кӕнӕд иу уӕрыкк бинонтӕн, алы хӕдзарӕн дӕр иу уӕрыкк. 4 Кӕд хӕдзары бинонтӕ бирӕ не сты ӕмӕ иу уӕрыкк нӕ бахӕрдзысты, уӕд та хӕдзары хицау баныхас кӕнӕд йӕ сыхагимӕ, йӕ хӕдзары йӕ дыууӕ бинонтӕй иумӕ кӕй бахӕрдзысты. Ахъуыды кӕнут, уӕрыкк цалӕй хӕрдзыстут ӕмӕ чи цас бахӕрдзӕн, ууыл. 5 Хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, афӕдздзыд нӕл уӕрыкк. Уӕрыччы бӕсты равзарӕн ис сӕныкк дӕр. 6 Ӕмӕ хъуамӕ уыцы уӕрыкк уӕхимӕ уа мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бонмӕ, ӕмӕ уӕд Израилы адӕмӕй алы бинонтӕ дӕр сӕ уӕрыкк аргӕвдӕнт дыууӕ изӕры астӕу. 7 Уыдон райсдзысты уӕрыччы тугӕй ӕмӕ дзы, кӕм хӕрой, уыцы хӕдзӕрттӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ дуары сӕрмӕ ӕвӕрд хъӕд бапырх кӕндзысты. 8 Уӕрыччы дзидза бахӕрын хъӕудзӕн тӕккӕ уыцы ’хсӕв. Хъуамӕ уа зынгыл фых ӕмӕ йӕ хъуамӕ бахӕрой донгонд дзултимӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ. 9 Ма дзы бахӕрут хомӕй кӕнӕ къуыдырфыхӕй, ома доны фыхӕй, фӕлӕ-иу ӕй зынгыл сфыцут йӕ сӕр, йӕ къӕхтӕ ӕмӕ йӕ хуылфыдзаумӕттимӕ. 10 Райсоммӕ дзы мацы ныууадзут. Кӕд дзы исты баззайа, уӕд та-иу ӕй басудзут. 11 Куы йӕ хӕрат, уӕд хъуамӕ уӕ астӕутӕ уой баст, уӕ дзабыртӕ уой уӕ къӕхтыл ӕмӕ уӕ лӕдзӕг хъуамӕ уа уӕ къухы. Хъуамӕ йӕ хӕрат тагъд-тагъд. Уый у Куадзӕн Йегъовӕйы номыл. 12 Уыцы ’хсӕв ӕз ӕрзилдзынӕн Египеты зӕххыл ӕмӕ ныццӕгъддзынӕн Египеты фыццаггуырдты, адӕмӕй фосы онг. Ӕмӕ Египеты хуыцӕуттыл се ’ппӕтыл дӕр мӕ тӕрхӕттӕ сӕххӕст кӕндзынӕн. Ӕз дӕн Йегъовӕ. 13 Кӕм уат, уыцы хӕдзӕрттыл та туг уыдзӕн нысанӕн. Ӕз туг фендзынӕн ӕмӕ уӕ рӕзты ацӕудзынӕн, ӕмӕ Египет куы ’рцӕвон, уӕд уыцы бӕллӕх сымах нӕ баййафдзӕн. 14 Уыцы бон уын уыдзӕн зӕрдылдарӕн бон, ӕмӕ уыцы бон хъуамӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ кӕнат бӕрӕгбон Йегъовӕйы номыл. Бӕрӕг ӕй кӕнут – уый уын у закъон ӕнустӕм. 15 Авд боны хӕрут донгонд дзултӕ. 16 Фыццаг бон афтӕ бакӕнут, ӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыд нал уа, уымӕн ӕмӕ фыццаг бонӕй ӕвдӕм боны онг, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕм хӕринаг чи бахӕра, уыцы адӕймаг хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа Израилы ’хсӕнӕй. Фыццаг бон хъуамӕ ӕрӕмбырд уат Хуыцауӕн кувынмӕ, ӕмӕ афтӕ ӕвдӕм бон дӕр. Уыцы бонты ницы ис кусӕн. Ӕрмӕстдӕр уӕ бон у хӕринаг кӕнын, алкӕй дӕр цас хъӕуы, уыйбӕрц. 17 Бӕрӕг кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ уыцы бон ӕз Египетӕй ракӕндзынӕн – ӕфсад къордтӕ-къордтӕй куыд ракӕнынц, афтӕ. Уыцы бон хъуамӕ бӕрӕг кӕнат фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ – уый уын у закъон ӕнустӕм. 18 Фыццаг мӕйы, мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм боны изӕрӕй дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хӕрут донгонд дзултӕ. 19 Авд боны уӕ хӕдзӕртты хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъизӕн кӕуыл ис, ахӕм хӕринагӕй чи фӕхъӕстӕ уа,– фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг,– уый хъуамӕ сӕфт ӕрцӕуа Израилы адӕмы ’хсӕнӕй. 20 Ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы хӕрут. Алы хӕдзары дӕр хъуамӕ хӕрой донгонд дзултӕ“».

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын