Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • Йезекилы 18:20 фыст ис, зӕгъгӕ, «фырт йӕ фыды фыдракӕндты тыххӕй дзуапп нӕ дӕтдзӕн», Рацыды 20:5 та – Йегъовӕ фыдӕлты тӕригъӕдты тыххӕй кӕй «бафхӕрдзӕн сӕ фыртты». Цымӕ ацы дыууӕ стихы кӕрӕдзийы ныхмӕ не сты?

      Не сты. Сӕ иуы дзырд цӕуы, алы адӕймаг дӕр йӕ хъуыддӕгты тыххӕй дзуапп кӕй дӕтты, иннӕйы та – адӕймагӕн йӕ рӕдыдтытӕ йӕ цотыл дӕр кӕй фӕзынынц.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2010 | 15 мартъи
    • Цы зӕгъӕн ис, Рацыды 20:5 стихы цы фӕдзӕхст ис, уымӕй та? Ногӕй та контекстмӕ ’ркӕсӕм. Йегъовӕ бадзырд скодта Израилы адӕмимӕ. Израилӕгтӕ уыцы бадзырды ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд загътой: «Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ бакӕндзыстӕм» (Рац. 19:5–8). Афтӕмӕй израилӕгтӕ систы Йегъовӕйы адӕм. Уӕдӕ Рацыды 20:5 цы фыст ис, уый хауд ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр.

      Израилӕгтӕ-иу Йегъовӕйыл иузӕрдион куы уыдысты, уӕд-иу йӕ арфӕдзинӕдтӕй ӕфсӕст уыдысты (Лев. 26:3–8). Фӕлӕ-иу ӕй куы ныууагътой ӕмӕ-иу мӕнг хуыцӕуттӕн кувын куы райдыдтой, уӕд-иу сӕ уый дӕр йӕ арфӕдзинӕдтӕй фӕцух кодта, нал-иу сӕ хъахъхъӕдта ӕмӕ-иу уӕд израилӕгтӕ бӕллӕхты хай фесты (Тӕрх. 2:11–18). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ахӕмтӕ дӕр уыди, ӕмӕ йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи не сивта, йӕ фӕдзӕхстытӕ йын чи ӕххӕст кодта ӕмӕ иннӕтау мӕнгхуыцӕуттӕн чи нӕ куывта (1 Пад. 19:14, 18). Уыцы иузӕрдион адӕм-иу иннӕ израилӕгты тӕригъӕдты тыххӕй зындзинӕдтӕ ’взӕрстой, фӕлӕ сын уӕддӕр Йегъовӕ йе ’нувыд уарзтӕй хай кодта.

      Израилӕгтӕ Йегъовӕйы уагӕвӕрдтӕ бынтондӕр куы ницӕмӕуал дардтой ӕмӕ йын йӕ ном иннӕ адӕмты раз куы фӕхудинаг кодтой, уӕд Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ сӕ вавилойнӕгтӕ уацары акодтой. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы ӕфхӕрд баййӕфта израилӕгтӕй алкӕйдӕр (Йер. 52:3–11, 27). Библийӕ куыд зыны, афтӕмӕй Израил цы стыр тӕригъӕд сарӕзта, уый фӕзынд ӕртыккаг, цыппӕрӕм ӕмӕ ма, чи зоны, ноджы иннӕ фӕлтӕртыл дӕр, Рацыды 20:5 стихы куыд фыст ис, афтӕ.

      Библийы ма фыст ис, фыдӕлты рӕдыд-иу ӕппӕт хӕдзарвӕндагыл куыд фӕзынд, ахӕм хабӕртты тыххӕй дӕр. Зӕгъӕм, хистӕр сауджын Илийӕн йӕ фырттӕ «уыдысты ӕнаккаг адӕм», ӕгъдаухӕлд. Ӕмӕ сӕ дарддӕр сауджынтӕй лӕггад кӕнын кӕй уагъта, уый тыххӕй Йегъовӕйы зӕрдӕхудты цыди (1 Сам. 2:12–16, 22–25). Илий йӕ фыртты Йегъовӕйӕ уӕлдӕр кӕй ӕвӕрдта, уый тыххӕй Йегъовӕ аскъуыддзаг кодта, йӕ хӕдзарвӕндагӕй хистӕр сауджын кӕй нал уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы ныхас сӕххӕст Илийы цыппӕрӕм фӕлтӕрыл, Авиафарыл (1 Сам. 2:29–36; 1 Пад. 2:27). Рацыды 20:5 цы хъуыды ис, уый ма бӕлвырд кӕны Гиезийы хабарӕй дӕр. Уый фагыл нӕ банымадта, Елисейы лӕггадгӕнӕг кӕй уыд, уый. Бафӕндыд ма йӕ, сириаг ӕфсады хицау Нееман йӕ низӕй фервӕзыны тыххӕй цы лӕвар ӕрхаста, уый дӕр йӕхи бакӕнын. Елисейы уылты йын Йегъовӕ стӕрхон кодта: «Нееманы хъотыр дӕуыл ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтыл уӕд ӕнустӕм» (2 Пад. 5:20–27). Уӕдӕ Гиезийы тӕригъӕды тыххӕй йӕ цот дӕр ӕлгъыст ӕрцыдысты.

      Йегъовӕ Сфӕлдисӕг ӕмӕ Царддӕттӕг кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын уый бар ис, цӕмӕй скъуыддзаг кӕна, кӕмӕн цавӕр тӕрхон ӕмбӕлы, уый. Уӕлдӕр цы хабӕртты кой кодтам, уыдонӕй зыны, фыдӕлты тӕригъӕдтӕ сӕ байзӕддӕгтыл дӕр кӕй фӕзынынц. Фӕлӕ Йегъовӕ, «ӕфхӕрд чи у, уыдоны дзыназын фехъусы» ӕмӕ йӕм зӕрдиагӕй чи раздӕхы, уыдоны йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕны ӕмӕ ма сын ӕххуыс дӕр бакӕны (Иов 34:28).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын