Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | апрель
    • 7. а) Аннӕ цавӕр дзырд радта ӕмӕ цӕмӕн? Уый фӕстӕ цы ’рцыд? б) Аннӕ цы дзырд радта, уый Самуилы цардыл куыд фӕзынд? (Кӕс фиппаинаг.)

      7 Аннӕ дӕр Йегъовӕйӕн дзырд радта, сагъӕстӕ йын ӕнцой куы нал лӕвӕрдтой, уыцы рӕстӕг. Аннӕ тынг маст кодта, уымӕн ӕмӕ йын сывӕллӕттӕ нӕ уыд, стӕй ма йын йӕ лӕджы иннӕ ус дӕр ӕдзух ӕлхыскъ ныхӕстӕй йӕ зӕрдӕ риссын кодта (1 Сам. 1:4–7, 10, 16). Аннӕ, цӕуыл маст кодта, уый Йегъовӕйӕн радзырдта ӕмӕ йын дзырд радта: «О ӕфсӕдты хицау Йегъовӕ, кӕд дӕ цагъары хъизӕмармӕ ӕркӕсай ӕмӕ мӕ ӕрхъуыды кӕнай, кӕд нӕ ферох кӕнай дӕ цагъары ӕмӕ йын лӕппу радтай, уӕд ӕй ӕз йӕ цард-цӕрӕнбонтӕм ратдзынӕн Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йӕ сӕрыл сӕрдасӕн нӕ андзӕвдзӕн» (1 Сам. 1:11)a. Йегъовӕ йын йӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ Аннӕйӕн иу азы фӕстӕ райгуырд лӕппу. Аннӕйы цинӕн ма кӕрон кӕм уыди! Фӕлӕ Йегъовӕйӕн цы дзырд радта, уый дзы рох нӕ уыд, ӕмӕ йын лӕппу куы райгуырд, уӕд загъта: «Ӕз ӕй Йегъовӕйӕ ракуырдтон» (1 Сам. 1:20).

  • «Цы загътай, уый сӕххӕст кӕн»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг (ахуыр кӕнынӕн) 2017 | апрель
    • a Аннӕ Йегъовӕйӕн дзырд радта, фырт ын куы райгуыра, уӕд ӕй Йегъовӕйӕн кӕй ратдзӕн ӕмӕ цӕрӕнбонты назорейӕ кӕй лӕггад кӕндзӕн. Уый ууыл дзурӕг уыд, ӕмӕ хъуамӕ уыдаид нывондгонд ӕмӕ хибаргонд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнынӕн (Ным. 6:2, 5, 8).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын