Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwbr20 сентябрь 1–12 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг кусӕн тетрадмӕ
  • Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
  • Сӕргӕндтӕ
  • 7–13 СЕНТЯБРЫ
  • 14–20 СЕНТЯБРЫ
  • 21–27 СЕНТЯБРЫ
  • 28 СЕНТЯБРӔЙ 4 ОКТЯБРМӔ
Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ 2020
mwbr20 сентябрь 1–12 фф.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад»-ы кусӕн тетрадмӕ

7–13 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 23, 24

«Адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ма цу»

(Рацыд 23:1) Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу.

w18.08 4, 5 фф., 7, 8 абз.

Хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый сбӕрӕг кӕныс?

7 Электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй де ’мбӕлттӕм ӕмӕ дӕ зонгӕтӕм исты хабӕрттӕ ӕрвитын уарзыс? Исты цымыдисаг хабар куы бакӕсыс кӕнӕ куы фехъусыс, уӕд дӕ журналистау фӕфӕнды, цӕмӕй-иу уыцы хабар иннӕтӕн фыццаг ды радзурай? Кӕд о, уӕд уал-иу уый размӕ ахъуыды кӕн: «Цы хабар радзурынмӕ хъавын, уый ӕцӕг у? Уыцы хабар сбӕрӕг кодтон?» Цы арвитынмӕ хъавыс, уый куы не сбӕрӕг кӕнай, уӕд, гӕнӕн ис, афтӕ рауайа, ӕмӕ дӕ хотӕ ӕмӕ де ’фсымӕртӕн ӕрымысгӕ хабар радзурай. Уӕдӕ куы дызӕрдыг кӕнай, уӕд-иу ӕй фӕлтау ма арвит, сыхал-иу ӕй!

8 Кӕй не сбӕрӕг кӕнай, ахӕм хабӕрттӕ иннӕтӕм электронон почтӕйӕ кӕнӕ телефонӕй ӕрвитай, уый ма ноджыдӕр ӕндӕр цӕмӕйдӕр у тӕссаг. Кӕцыдӕр бӕстӕты хицауад архайы, цӕмӕй нын нӕ хъуыддаг ныкъкъуылымпы кӕна, кӕцыдӕр бӕстӕты та нын хъусын кӕныны бар ӕппындӕр нӕй. Уыцы бӕстӕты, нӕ ныхмӕ чи цӕуы, уыдон, гӕнӕн ис, барӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ парахат кӕной, цӕмӕй нӕ тас бауадзой кӕнӕ кӕрӕдзийыл ӕнӕууӕнк кӕнӕм. Ӕркӕсӕм, Советон Цӕдисы хабар куыд уыд, уымӕ. КГБ-йы кусджытӕ алыхуызон бӕрнон ӕфсымӕрты тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ парахат кодтой, зӕгъгӕ, дам, се ’фсымӕртыл гадзрахатӕй рацыдысты. Хъыгагӕн, бирӕтӕ уыцы мӕнг ныхӕстыл баууӕндыдысты, ӕмӕ уый тыххӕй Йегъовӕйы организаци ныууагътой. Цасдӕр рӕстӕг куы рацыд, уӕд сӕ бирӕтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты. Чидӕртӕ та нал ӕрбаздӕхтысты. Уыдон «сӕ уырнындзинады нау ныппырх» кӕнын бауагътой (1 Тим. 1:19). Нӕ бон куыд у ахӕм бӕллӕхӕй нӕхи бахизын? Ныфс чи сӕтты кӕнӕ бӕлвырд кӕй нӕ зонӕм, ахӕм хабӕрттӕ хъуамӕ ма парахат кӕнӕм. Стӕй нӕхӕдӕг дӕр алцӕуыл хъуамӕ ма ӕууӕндӕм. Хъуамӕ-иу сбӕрӕг кӕнӕм, цавӕрдӕр хабар ӕцӕг у ӕви нӕ, уый.

(Рацыд 23:2) Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу. Искӕй хъуыддаг куы ’взарой, уӕд адӕмы зондыл ма ацу ӕмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, ӕмӕ рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн.

w11 15/7 10 ф., 3 абз.; 11 ф., 6 абз.

Йегъовӕйы разамындмӕ хъусдзынӕ?

3 Зӕгъӕм, дард фӕндагыл фӕцӕуыс. Иу бынатмӕ куы бахӕццӕ дӕ, уӕд ӕй нал зоныс, дарддӕр дӕ кӕцырдӕм хъӕуы цӕуын. Куыд бакӕндзынӕ? Уыныс ӕй, бирӕтӕ иу кӕцыдӕр фӕндагыл кӕй фӕцӕуынц. Сӕ фӕстӕ ацӕуынӕй ӕнцондӕр ницы уаид. Фӕлӕ, уыцы фӕндагыл бирӕтӕ кӕй цӕуынц, ӕрмӕст уый тыххӕй йыл ды дӕр ацӕуай, уый тынг тӕссаг у. Чи зоны, дӕу кӕдӕм хъӕуы, уыдон уырдӕм нӕ цӕуынц кӕнӕ уыдон дӕр дӕуау фӕдзӕгъӕл сты. Ацы цӕвиттоны фӕрцы нӕ бон у бамбарын, Йегъовӕ израилӕгтӕн цы закъӕттӕ радта, уыдонӕй сӕ иу цӕуыл дзурӕг уыд, уый. Йегъовӕ тӕрхонгӕнджыты, стӕй ӕвдисӕнты бафӕдзӕхста, цӕмӕй-иу искӕй хъуыддаг ӕвзаргӕйӕ адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл ма ацыдаиккой ӕмӕ-иу сын сӕ зӕрдӕ балхӕныны тыххӕй рӕстдзинад ма сзыгъуыммӕ кодтаиккой. (Бакӕс Рацыд 23:2.) Ӕнӕххӕст адӕймаг афтӕ бакӕна, уымӕн ӕй бирӕ нӕ хъӕуы. Фӕлӕ, «адӕмӕн сӕ фылдӕры... фӕдыл ма ацу», зӕгъгӕ, уый ӕрмӕст тӕрхонгӕнджытӕм ӕмӕ ӕвдисӕнтӕм нӕ хауд.

6 Искуы дӕ бафӕнды, иннӕ адӕм куыд кӕнынц, афтӕ бакӕнын? Адӕмӕн сӕ фылдӕр Йегъовӕйы ницӕмӕ дарынц, ӕмӕ, хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы хоны, уыдӕттӕ сӕм нымады дӕр не сты. Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый тыххӕй сын ис сӕхи хъуыды, ӕмӕ архайынц, цӕмӕй мах дӕр сӕ мӕнг хъуыдытыл сразы уӕм. Зӕгъӕм, ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕ, тыхми ӕмӕ хинтӕ-кӕлӕнтӕ кӕм вӕййы, ахӕм телепередачӕтӕй, кинотӕй ӕмӕ компьютерон хъӕзтытӕй зӕгъынц, ӕвзӕрӕй, дам, дзы ницы ис (2 Тим. 3:1–5). Сымах та уӕ бинонтимӕ ирхӕфсӕнтӕ куыд равзарут? Иннӕтӕ хорзыл кӕнӕ ӕвзӕрыл цы нымайынц, ӕрмӕстдӕр уымӕ гӕсгӕ? Кӕд уынаффӕтӕ афтӕ фӕхӕссут, уӕд ис зӕгъӕн, ӕмӕ цӕут адӕмӕн сӕ фылдӕры фӕдыл.

it-U «Аарон», дӕлсӕргонд «Почему Аарон не был наказан за то, что сделал теленка из золота?», 5 абз.

Аарон

Стоит отметить, что во всех трех случаях, когда Аарон оказывался виновным в проступках, инициатива исходила не от него. По-видимому, он сбивался с верного пути либо под давлением обстоятельств, либо под влиянием окружающих. Особенно в первом случае, когда он оступился, он мог бы последовать принципу, лежащему в основе заповеди, гласящей: «Не следуй за большинством на зло» (Исх 23:2). Тем не менее далее в Священном Писании имени Аарона отводится достойное, почетное место, а Божий Сын во время своего земного служения признавал законность священства Аарона (Пс 115:10, 12; 118:3; 133:1, 2; 135:19; Мф 5:17–19; 8:4).

(Рацыд 23:3) Мӕгуырӕн йӕ хъуыддаг куы ’взарой, уӕд, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй йӕ фарс ма у.

it-U «Слепота», дӕлсӕргонд «Переносное значение», 2 абз.

Адӕймаг куырм куы вӕййы

Мӕнгард тӕрхонгӕнджытӕ-иу рӕстдзинад кӕй сзыгъуыммӕ кодтой, уый дӕр Библийы барст цӕуы, адӕймаг куы бакуырм вӕййы, уыимӕ. Ӕмӕ Закъон тӕрхонгӕнджыты фӕдзӕхста, цӕмӕй гӕртӕмттӕ ӕмӕ лӕвӕрттӕ ма истаиккой, стӕй хъулон макӕй кодтаиккой. Ӕмӕ дзы уый фӕдыл уыд бирӕ фӕдзӕхстытӕ. Уыдӕттӕ-иу сӕ, гӕнӕн ис, бакуырм кодтаиккой, ӕмӕ хъуыддаг рӕстӕй не ’взӕрстаиккой. «Гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны» (Рц 23:8). «Гӕртам зондджын адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны» (Д.з 16:19). Кӕй хъуыддаг февзарынц, уыдонӕй исчи тӕрхонгӕнӕгӕн лӕвар куы ратта, уӕд уый тыххӕй тӕрхонгӕнӕг, гӕнӕн ис, зонгӕ-зонын кӕнӕ та ӕнӕрхъуыдыйӕ дӕр раст тӕрхон ма рахӕсса, цыфӕнды рӕстӕй ма архайа ӕмӕ цыфӕнды арфуынӕг ма уа, уӕддӕр. Хуыцауы Закъонӕй бӕрӕг уыд, тӕрхонгӕнӕджы-иу ӕрмӕст лӕвӕрттӕ кӕй нӕ бакуырм кодтой, фӕлӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, уый дӕр. Фыст дзы уыд: «Мӕгуыр адӕймаджы ма хъулон кӕнут ӕмӕ кадджын адӕймаджы фарс ма ут» (Лв 19:15). Тӕрхонгӕнӕг-иу, гӕнӕн ис, мӕгуыр адӕймагӕн тӕригъӕд кодтаид кӕнӕ та-иу ӕй фӕндыдаид, цӕмӕй адӕмы цӕсты раст тӕрхонгӕнӕгыл нымад уыдаид ӕмӕ йын кад кодтаиккой. Фӕлӕ-иу ын уый хъуамӕ ӕфсон ма уыдаид, цӕмӕй-иу хъӕздыг адӕймаджы аххосджыныл банымадтаид, хъӕздыг кӕй у, ӕрмӕст уый тыххӕй (Рц 23:2, 3).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 23:9) Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр – ӕрцӕуӕггаг цы у, уый уӕхи уд хорз зоны, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххыл.

w16.10 9 ф., 4 абз.

Ӕрцӕуӕггӕгтӕм хӕларзӕрдӕ ут

4 Йегъовӕ израилӕгтӕн бардзырд нӕ радта, ӕрцӕуӕггӕгтӕн аргъ кӕнут, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй сын сӕ уавӕр ӕмбӕрстаиккой. (Бакӕс Рацыд 23:9.) Израилӕгтӕн сӕхи уд дӕр хорз зыдта, «ӕрцӕуӕггаг цы у, уый». Цалынмӕ сӕ египетӕгтӕ сӕхицӕн цагъартӕ не скодтой, уӕдмӕ дӕр сӕм, ӕвӕццӕгӕн, сӕ адӕмыхатты кӕнӕ сӕ дины тыххӕй ӕнӕрвӕссон цӕстӕй кастысты (Райд. 43:32; 46:34; Рац. 1:11–14). Египетӕгтӕ израилӕгтӕн бирӕ хъыцъыдӕттӕ бадардтой. Фӕлӕ Йегъовӕйы нӕ фӕндыд, цӕмӕй израилӕгтӕ иннӕтӕн афтӕ кодтаиккой, хъуамӕ сын ӕрцӕуӕггаг уыдаид «израиладжы хуызӕн» (Лев. 19:33, 34).

(Рацыд 23:20, 21) Ӕз дын дӕ разӕй ӕрвитын зӕды, цӕмӕй дӕ фӕндагыл хъахъхъӕна ӕмӕ дӕ ’ркӕна, цы бынат дын ӕрцӕттӕ кодтон, уырдӕм. 21 Зӕд дӕ разы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ дӕхимӕ кӕс ӕмӕ йӕм хъус. Йӕ ныхмӕ ма цу – нӕ уын ныххатыр кӕндзӕн уӕ тӕригъӕдтӕ, уымӕн ӕмӕ уый мӕ ном хӕссы.

it-U «Михаил», № 1, 1 абз.

Михаил

1. Библи зӕдтӕй ӕрмӕстдӕр Михаилы, ӕмӕ ма Гавриилы дӕр, хоны сӕ нӕмттӕй. Ӕмӕ ӕрмӕстдӕр Михаил хуыйны «хистӕр зӕд» (Иуд 9). Уыцы ном фыццаг хатт ӕмбӕлы Данелы чиныджы 10 сӕры. Уым фыст ис, Михаил кӕй у «стыр кънйӕзтӕй сӕ иу». Михаил ӕндӕр зӕдмӕ ӕххуысмӕ фӕзынд, «Персы паддзахады кънйаз» уыцы зӕды ныхмӕ куы лӕууыд, уӕд. Библи ма Михаилы хоны «[Данелы адӕмы] кънйаз» ӕмӕ, «[Данелы] адӕмы сӕрыл чи хӕцы, уыцы номдзыд кънйаз» (Дан 10:13, 20, 21; 12:1). Уымӕй бӕрӕг у, израилӕгты ӕдзӕрӕг быдыры чи кодта, уыцы зӕд Михаил кӕй уыд (Рц 23:20, 21, 23; 32:34; 33:2). Ахӕм хатдзӕг ма скӕнӕн ис, Иудӕйы чиныджы 9 стихы цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ дӕр, зӕгъгӕ, хистӕр зӕд Михаилӕн «Хӕйрӕгимӕ Моисейы марды тыххӕй ныхас... рауад ӕмӕ йемӕ разы... нӕ уыд».

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 23:1–19) Гӕдыныхӕстӕ ма кӕн. Фыдгӕнӕгӕн йӕ къух ма араз: дӕ зӕрдӕйы фыдвӕнд ма скӕн ӕмӕ йын ӕвдисӕн ма ныллӕуу. 2 Адӕмӕн сӕ фылдӕр ӕвзӕрдзинады ’рдӕм куы аздӕхой, уӕддӕр ды сӕ фӕдыл ма ацу. Искӕй хъуыддаг куы ’взарой, уӕд адӕмы зондыл ма ацу ӕмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу, ӕмӕ рӕстдзинад ма зыгъуыммӕ кӕн. 3 Мӕгуырӕн йӕ хъуыддаг куы ’взарой, уӕд, мӕгуыр кӕй у, уый тыххӕй йӕ фарс ма у. 4 Де знагӕн йӕ гал кӕнӕ йӕ хӕрӕг куы фесӕфа ӕмӕ йӕ искуы куы фенай, уӕд ын ӕй ӕрбакӕн. 5 Йе сӕфт дӕ чи уыны, уымӕн йӕ хӕрӕг йӕ уаргъы бын куы ’рхауа, уӕд уыцы адӕймагӕн йӕ рӕзты ма ацу. Хӕрӕгӕн йӕ уаргъ иумӕ райсут. 6 Мӕгуыры хъуыддаг куы ’взарай, уӕд ын хӕрам тӕрхон ма рахӕсс. 7 Дӕхи мӕнг ныхӕстӕй хиз. Ӕнаххос ӕмӕ раст адӕймаджы ма амар – ӕз фыдгӕнӕджы раст адӕймагыл нӕ банымайдзынӕн. 8 Гӕртӕмттӕ ма ис – гӕртам ӕмбаргӕ адӕймаджы дӕр бакуырм кӕны ӕмӕ раст адӕймагӕн дӕр йӕ уынаффӕ аивын кӕны. 9 Ӕрцӕуӕггаджы ма ’фхӕр – ӕрцӕуӕггаг цы у, уый уӕхи уд хорз зоны, уымӕн ӕмӕ уӕхӕдӕг дӕр уыдыстут ӕрцӕуӕггӕгтӕ Египеты зӕххыл. 10 Ӕхсӕз азы тау дӕ хуым ӕмӕ йыл цы ’рзайа, уый-иу бафснай, 11 фӕлӕ йӕ ӕвдӕм аз ма бакус, мацы дзы байтау. Дӕ адӕмы ’хсӕн цы мӕгуыртӕ ис, уыдон хӕрдзысты, цы дзы ӕрзайа, уый. Цы ма дзы баззайа, уый та бахӕрдзысты хъӕддаг сырдтӕ. Афтӕ кӕн дӕ сӕнӕфсирдонӕн ӕмӕ дӕ оливӕбӕлӕсты дыргъдонӕн дӕр. 12 Ӕхсӕз боны кус, ӕвдӕм бон та мацы араз, цӕмӕй баулӕфой дӕ гал дӕр ӕмӕ дӕ хӕрӕг дӕр, дӕ цагъар-сылгоймаджы фырт дӕр ӕмӕ ӕрцӕуӕггаг дӕр. 13 Цы уын загътон, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнут. Ӕндӕр хуыцӕуттӕн сӕ нӕмттӕ дӕр ма дзурут. Сӕ нӕмттӕ уӕ дзыхӕй хаугӕ дӕр ма скӕнӕнт. 14 Алы аз дӕр мӕ номыл кӕн ӕртӕ бӕрӕгбоны. 15 Бӕрӕг кӕн Донгонд дзулты бӕрӕгбон. Куыд дын бафӕдзӕхстон, афтӕ-иу авивы мӕйы авд боны хӕр донгонд дзултӕ, уымӕн ӕмӕ уыцы мӕй рацыдтӕ Египетӕй. Ӕмӕ-иу мӕ размӕ афтидкъухӕй мачи ӕрбацӕуӕд. 16 Бӕрӕг кӕн Хорысӕры бӕрӕгбон дӕр, цы байтыдтай, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уыдонӕй фыццаг тыллӕг кӕй систай, уый номыл. Афӕдзы кӕрон та бӕрӕг кӕн Тыллӕг ӕфснайыны бӕрӕгбон, цӕуыл фӕфыдӕбон кодтай, уый куы бафснайай, уӕд. 17 Афӕдз-иу ӕртӕ хатты уӕ нӕлгоймӕгтӕ иууылдӕр ӕрбацӕуӕнт ӕцӕг Хицау Йегъовӕйы размӕ. 18 Мӕ нывонды тугимӕ, ӕнхъизӕн цӕуыл ис, ахӕмӕй мацы ӕрхӕсс. Ӕмӕ мын мӕ бӕрӕгбоны цы фиу ӕрхӕссай нывондӕн, уымӕй цы баззайа, уый-иу райсоммӕ ма ныууадз. 19 Дӕ зӕххӕй фыццаг цы тыллӕг сисай, уымӕн-иу йӕ хуыздӕр хай ӕрбахӕсс дӕ Хуыцау Йегъовӕйы хӕдзармӕ. Сӕныччы йӕ мады ӕхсыры ма фыц.

14–20 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 25, 26

«Хуыцауы цатыры ӕппӕты ахсджиагдӕр дзаума»

(Рацыд 25:9) Цатыр ӕмӕ йӕ мидӕг цыдӕриддӕр ис, уыдон хъуамӕ саразат, ӕз дын цы ныв ӕвдисын, уымӕ гӕсгӕ.

it-U «Ковчег соглашения», дӕлсӕргонд «Внешний вид», 1 абз.

Бадзырды чырын

Куыд конд уыд. Йегъовӕ Моисейӕн цатыр саразын куы бахӕс кодта, уӕд ын ӕппӕты райдианы нывы равдыста, бадзырды чырын куыд арӕзт хъуамӕ ӕрцыдаид, уый, уымӕн ӕмӕ уый уыд, Хуыцауы цатыры ӕмӕ израилӕгты цатырты цыдӕриддӕр дзауматӕ уыд, уыдонӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр дзаума. Бадзырды чырынӕн йӕ дӕргъ уыд 2,5 ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – 1,5 ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ бӕрзӕнд дӕр – 1,5 ӕлмӕрины (111 × 67 × 67 см бӕрц). Бадзырды чырын арӕзт уыд акъацийӕ. Мидӕгӕй дӕр ӕмӕ йыл ӕддейӕ дӕр уыд сызгъӕринӕй цъар ӕвӕрд, йӕ кӕрӕттыл та алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй конд уыд нывӕфтыд. Чырыны сӕр та ӕнӕхъӕнӕй уыд сызгъӕринӕй конд (сызгъӕринӕй цъар ӕвӕрд кӕуыл уыд, ахӕм хъӕд нӕ уыд). Дӕргъырдӕм дӕр ӕмӕ уӕрхырдӕм дӕр уыд чырынӕн йӕхи йас. Чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны кӕрӕдзийы акомкоммӕ конд уыдысты дыууӕ сызгъӕрин херувимы. Уыдон кастысты чырыны сӕрмӕ, сӕ базыртӕ уыдысты сӕ сӕрмӕ ӕмӕ чырыны сӕр сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой (Рц 25:10, 11, 17–22; 37:6–9). Чырыны сӕр ма хуыдтой «тӕригъӕдтӕй сыгъдӕггӕнӕн бынат» ӕмӕ «фидыды бынат» дӕр (1Аз 28:11; Дзт 9:5; кӕс КРЫШКА УМИЛОСТИВЛЕНИЯ).

(Рацыд 25:21) Чырынӕн йӕ сӕр ӕрӕвӕр йӕ уӕлӕ, йӕ мидӕг та йын нывӕрдзынӕ, ӕвдисӕйнагӕн дын цы ратдзынӕн, уый.

it-U «Ковчег соглашения», дӕлсӕргонд «Освящение и использование», 2 абз.

Бадзырды чырын

Бадзырды чырын уыд, Хуыцау израилӕгтӕн «ӕвдисӕйнагӕн» кӕй радта, уыцы дзауматӕ ӕвӕрд кӕм уыдысты, ахӕм асыкк. Ӕппӕты ахсджиагдӕр дзауматӕ уыдысты бадзырды (комкоммӕ «Ӕвдисӕнады») дыууӕ къӕйдуры, кӕнӕ Дӕс фӕдзӕхсты (Рц 25:16). Фӕстӕдӕр бадзырды чырыны ӕвӕрд ӕрцыдысты «сызгъӕрин дурын маннӕимӕ ӕмӕ Аароны лӕдзӕг – дидинӕг чи рафтыдта, уый». Фӕлӕ Соломон кувӕндон арӕзт куы фӕци, уӕдмӕ уыцы дурын ӕмӕ лӕдзӕг бадзырды чырыны нал уыдысты (Дзт 9:4; Рц 16:32–34; Нм 17:10; 1Пд 8:9; 2Аз 5:10). Моисей йӕ мӕлӕты размӕ, левит-сауджынтӕн «закъоны чиныг» радта ӕмӕ сын бафӕдзӕхста, цӕмӕй йӕ бадзырды чырыны мидӕг нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы «бадзырды чырыны раз» сӕвӕрдтаиккой. Ӕмӕ сын загъта, зӕгъгӕ, «уый уыдзӕн ӕвдисӕн Израилы фыртты ныхмӕ» (Д.з 31:24–26).

(Рацыд 25:22) Уым-иу дӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн чырыны сӕрӕй – бадзырды чырыны сӕрыл цы дыууӕ херувимы ис, уыдоны ’хсӕнӕй. Дзурдзынӕн дын, Израилы фырттӕн цы хъӕудзӕн амонын, уыдӕттӕ иууылдӕр.

it-U «Ковчег соглашения», дӕлсӕргонд «Символизировал присутствие Бога», 1 абз.

Бадзырды чырын

Ӕвдыста, Хуыцау йӕ адӕмимӕ кӕй уыд, уый. Бадзырды чырын алкӕддӕр ӕвдыста, Хуыцау йӕ адӕмимӕ кӕй уыд, уый. Йегъовӕ Моисейӕн зӕрдӕ бавӕрдта: «Уым-иу дӕм фӕзындзынӕн ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн чырыны сӕрӕй – бадзырды чырыны сӕрыл цы дыууӕ херувимы ис, уыдоны ’хсӕнӕй» (Рц 25:22). Левиты 16:2 стихы дӕр фыст ис, Йегъовӕ Моисейӕн кӕй загъта, зӕгъгӕ-иу «ӕз мигъы мидӕг фӕзындзынӕн чырыны сӕрӕн йӕ сӕрмӕ». Самуил ныффыста, Йегъовӕ херувимтыл кӕй бады (1См 4:4). Уымӕ гӕсгӕ херувимтӕ ӕвдыстой Йегъовӕйы уӕларвон бӕхуӕрдон (1Аз 28:18). «Моисей-иу ӕмбырды цатырмӕ Хуыцауимӕ ныхас кӕнынмӕ куы бацыд, уӕд-иу хъуыста хъӕлӕс, уыцы хъӕлӕс-иу йемӕ ныхас кодта бадзырды чырыны сӕрӕй, дыууӕ херувимы ’хсӕнӕй. Афтӕ Хуыцау ныхас кодта йемӕ» (Нм 7:89). Фӕстӕдӕр Йесо Навин дӕр ӕмӕ хистӕр сауджын Финеес дӕр бадзырды чырыны раз Йегъовӕмӕ куывтой (ЙсН 7:6–10; Трх 20:27, 28). Фӕлӕ-иу ӕрмӕстдӕр хистӕр сауджын бацыд Ӕппӕты сыгъдӕг бынатмӕ ӕмӕ-иу бадзырды чырын ӕрмӕстдӕр уый федта. Уый-иу уырдӕм бацыд афӕдз иу хатт, ӕцӕг уый тыххӕй нӕ, цӕмӕй-иу Йегъовӕимӕ ныхас кодтаид, фӕлӕ-иу цӕмӕй сӕххӕст кодтаид, Йегъовӕ йын Сыгъдӕггӕнӕн боны фӕдыл цы амындтӕ радта, уыдон (Лв 16:2, 3, 13, 15, 17; Дзт 9:7).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 25:20) Херувимтӕн сӕ базыртӕ хъуамӕ уой сӕ сӕрмӕ, чырыны сӕр сӕ базыртӕй куыд ӕмбӕрзой, афтӕ. Хъуамӕ уой кӕрӕдзийы акомкоммӕ ӕмӕ кӕсой чырыны сӕрмӕ.

it-U «Херувимы», 2 абз.

Херувимтӕ

Ӕдзӕрӕг быдыры арӕзт чи ӕрцыд, уыцы цатыры цы дзауматӕ уыд, уыдоны ’хсӕн уыдысты херувимты нывтӕ ӕмӕ скульптурӕтӕ дӕр. Бадзырды чырыны сӕрӕн йӕ дыууӕ кӕроны кӕрӕдзийы акомкоммӕ конд уыдысты дыууӕ сызгъӕрин херувимы. Уыдон кастысты чырыны сӕрмӕ ӕмӕ афтӕ арӕзт уыдысты, цыма сӕ сӕрӕй ныллӕг куывтой. Уый амыдта, Хуыцауӕн стыр кад кӕй кӕнынц, уымӕ. Зӕдтӕн уыд фӕйнӕ дыууӕ базыры. Сӕ базыртӕ уыдысты сӕ сӕрмӕ ӕмӕ бадзырды чырыны сӕр сӕ базыртӕй ӕмбӕрзтой, раст цыма чырын хъахъхъӕнгӕ кодтой, афтӕ (Рц 25:10–21; 37:7–9). Уымӕй уӕлдай, херувимты нывтӕ конд уыдысты цатыры дӕс ӕмбӕрзӕныл мидӕгырдыгӕй ӕмӕ, Сыгъдӕг бынат Ӕппӕты сыгъдӕг бынатӕй чи хицӕн кодта, уыцы ӕмбӕрзӕныл (Рц 26:1, 31; 36:8, 35).

(Рацыд 25:30) Ӕмӕ стъолыл мӕ разы ӕдзухдӕр ӕвӕр нывонд дзултӕ.

it-U «Хлеб предложения», 1 абз.

Нывонд дзултӕ

Дыууадӕс гуылы (астӕуӕй уыдысты хуынкъ). Сӕвӕрдтой-иу сӕ цатыры ӕмӕ кувӕндоны Сыгъдӕг бынаты ӕмӕ-иу сӕ алы сабаты дӕр ногконд дзултӕй баивтой (Рц 35:13; 39:36; 1Пд 7:48; 2Аз 13:11; Не 10:32, 33). Дзырдбастӕй «нывонд дзултӕ» цы дзуттаг дзырдбаст ӕрцыд тӕлмац, уый комкоммӕ нысан кӕны «цӕсгомы дзул». Дзырд «цӕсгом»-ӕй цы дзуттаг дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый хатт фӕамоны, чидӕр кӕнӕ цыдӕр кӕйдӕр раз кӕй ис, уымӕ. Уымӕ гӕсгӕ, зӕгъӕн ис, нывонд дзултӕ ӕдзухдӕр ӕвӕрд кӕй уыдысты Йегъовӕйы «цӕсгомы» раз, ома-иу сӕ Йегъовӕйӕн снывонд кодтой (Рц 25:30).

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 25:23–40) Акъацийӕ скӕн стъол: йӕ дӕргъ – дыууӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – иу ӕлмӕрин, йӕ бӕрзӕнд та – ӕлмӕрин ӕмӕ ’рдӕг. 24 Стӕй йыл сыгъдӕг сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр ӕмӕ йын йӕ кӕрӕттыл алырдыгӕй дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн. 25 Алырдыгӕй йын скӕн фӕрстӕ армы фӕтӕнӕн, ӕмӕ йын йӕ фӕрсты кӕрӕттыл дӕр сызгъӕринӕй нывӕфтыд скӕн. 26 Скӕн ын сызгъӕринӕй цыппар цӕджы ӕмӕ сӕ бафидар кӕн йӕ цыппар тигъмӕ, йӕ цыппар къахы кӕм сты, уыцы рӕтты. 27 Цӕгтӕ хъуамӕ уой фӕрстӕм хӕстӕг, цӕмӕй-иу уыцы цӕгты бавӕрой хъилтӕ стъол хӕссынӕн. 28 Хъилтӕ скӕн акъацийӕ ӕмӕ сыл сызгъӕринӕй цъар сӕвӕр. Уыдонӕй хӕсдзысты стъол. 29 Скӕн тӕбӕгътӕ ӕмӕ нуазӕн къустӕ дӕр, стӕй дурынтӕ ӕмӕ къустӕ кувинаг нозт нывондхӕссӕныл рауадзынӕн. Скӕн сӕ сыгъдӕг сызгъӕринӕй. 30 Ӕмӕ стъолыл мӕ разы ӕдзухдӕр ӕвӕр нывонд дзултӕ. 31 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн цырагъдарӕн. Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа къалиутӕ, дидинӕджы къусгӕндтӕ, дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 32 Йӕ зӕнгыл хъуамӕ уа ӕхсӕз къалиуы: ӕртӕ къалиуы – иуырдыгӕй, ӕртӕ къалиуы – иннӕрдыгӕй. 33 Иуырдыгӕй алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Ӕмӕ иннӕрдыгӕй дӕр алы къалиуыл дӕр хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн ӕртӕ къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. Афтӕ конд хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцы дӕр. 34 Цырагъдарӕнӕн йӕ зӕнгыл та хъуамӕ уа миндалы дидинӕджы хуызӕн цыппар къусгонды, се ’хсӕнты та – дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ дидинджытӕ. 35 Цырагъдарӕныл цы ӕхсӕз къалиуы ис, уыдонӕй дыууӕйы бынмӕ хъуамӕ уа дидинӕджы къуыбыр, иннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр, аннӕ дыууӕ къалиуы бынмӕ дӕр – дидинӕджы къуыбыр. 36 Дидинӕджы къуыбыртӕ хъуамӕ уа, цырагъдарӕны зӕнгӕй цы ӕхсӕз къалиуы цӕуы, уыдонӕй алкӕцыйы бынмӕ дӕр. Дидинӕджы къуыбыртӕ ӕмӕ къалиутӕ хъуамӕ цӕуой йӕ зӕнгӕй. Цырагъдарӕн ӕнӕхъӕнӕй дӕр хъуамӕ конд уа сыгъдӕг сызгъӕрины иу къӕрттӕй. 37 Цырагъдарӕнӕн скӕн авд къусы. Уыцы къусты цырӕгътӕ хъуамӕ кӕной судзгӕ, цӕмӕй цырагъдарӕны раз рухс уа. 38 Сыгъдӕг сызгъӕринӕй йын скӕн ӕртыскӕнтӕ дӕр ӕмӕ мигӕнӕнтӕ сыгъд фителтӕн. 39 Цырагъдарӕн ӕмӕ йемӕ цыдӕриддӕр мигӕнӕнтӕ уыдзӕн, уыдон хъуамӕ конд ӕрцӕуой сыгъдӕг сызгъӕрины талантӕй. 40 Кӕс, иууылдӕр сӕ сараз, хохыл дын цы ныв равдыстон, уымӕ гӕсгӕ.

21–27 СЕНТЯБРЫ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 27, 28

«Сауджынтӕ цы уӕлӕдарӕс дардтой, уый махӕн цӕуыл дзурӕг у?»

(Рацыд 28:30) Риуылдарӕны нывӕр урим ӕмӕ туммим, цӕмӕй-иу Аарон Йегъовӕйы размӕ куы бацӕуа, уӕд йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг уой. Ӕмӕ сӕ Аарон ӕдзухдӕр Йегъовӕйы раз хӕссӕд йӕ зӕрдӕмӕ хӕстӕг, цӕмӕй Израилы фырттӕн тӕрхон кӕна.

it-U «Урим и туммим», дӕлсӕргонд «Возможно, жребий», 2 абз.

Урим ӕмӕ туммим

Библи чи иртасы, уыцы ахуыргӕндтӕй бирӕты хъуыдымӕ гӕсгӕ, урим ӕмӕ туммим хӕлттӕ ӕппарынӕн уыдысты. Иу Библийы тӕлмацы, Рацыды 28:27 (28:30, НД), стихы урим ӕмӕ туммим тӕлмац ӕрцыдысты «табуйаг хал»-ӕй (Смысловой перевод). Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ, уыдон уыдысты ӕртӕ дзаумайы: иуыл фыст уыд «о», иннӕйыл – «нӕ», ӕртыккагыл та ницы уыд фыст. Цӕмӕй-иу израилӕгтӕ сӕ фарстайӕн дзуапп райстаиккой, уый тыххӕй-иу сауджын урим ӕмӕ туммим йӕ риуылдарӕнӕй систа; фыст кӕуыл ницы уыд, уый-иу куы систа, уӕд-иу фарстайӕн дзуапп лӕвӕрд не ’рцыд. Чидӕртӕ та афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ уыдон уыдысты дыууӕ тъӕпӕн дуры: иуырдыгӕй уыдысты урс, иннӕрдыгӕй та – сау. Урс кӕцырдыгӕй уыдысты, уыцырдӕм-иу дыууӕ дӕр куы схаудысты, уӕд-иу дзуапп уыд «о». Сау кӕцырдыгӕй уыдысты, уыцырдӕм-иу куы схаудысты, уӕд та дзуапп уыд «нӕ». Урс ӕмӕ-иу сау куы схаудысты, уӕд та-иу дзуапп нӕ уыд. Иухатт Саул сауджыны уылты Хуыцауы куы бафарста, филистимӕгты фӕстейӕ асурон, зӕгъгӕ, уӕд ын дзуапп лӕвӕрд не ’рцыд. Саул ахъуыды кодта, йӕ адӕмӕй чидӕр тӕригъӕд кӕй сарӕзта, ӕмӕ скуывта: «О Израилы Хуыцау, туммимы фӕрцы нын дзуапп ратт!» Ӕмӕ Хуыцау бацамыдта Саулмӕ ӕмӕ Ионафанмӕ. Уый фӕстӕ хӕлттӕ сӕ дыууӕйыл сӕппӕрстой. Саул афтӕ кӕй скуывта, «туммимы фӕрцы нын дзуапп ратт», зӕгъгӕ, уый, ӕвӕццӕгӕн, комкоммӕ хӕлттӕ ӕппарынмӕ нӕ амоны, фӕлӕ афтӕ зӕгъӕн дӕр нӕй, ӕмӕ уымӕ ницы бар дары (1См 14:36–42).

(Рацыд 28:36) сыгъдӕг сызгъӕринӕй скӕн ӕрттиваг тъӕпӕн гӕбаз ӕмӕ, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ йыл скъах ахӕм ныхӕстӕ: „Йегъовӕ у сыгъдӕг“.

it-U «Лоб», дӕлсӕргонд «Израильский первосвященник»

Ных

Израилы хистӕр сауджын. Израилы-иу хистӕр сауджынӕн йӕ сарыхъыл разырдыгӕй, йӕ ныхыл, конд уыд сызгъӕрин тъӕпӕн гӕбаз, «снывонд кӕныны сыгъдӕг нысан». Уыцы гӕбазыл, «мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ» скъахтой ахӕм ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у сыгъдӕг» (Рц 28:36–38; 39:30). Хистӕр сауджын Хуыцауы номӕй архайдта. Уый израилӕгтӕн ӕххуыс кодта, цӕмӕй Йегъовӕйӕн, куыд ӕмбӕлы, афтӕ лӕггад кодтаиккой. Ӕмӕ йыл ахӕм стыр хӕс ӕвӕрд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ Хуыцауы цӕсты уыдаид сыгъдӕг. Уыцы ныхӕстӕ израилӕгтӕн дӕр се ’ппӕтӕн дӕр сӕ зӕрдыл лӕууын кодтой, сӕ лӕггад Йегъовӕйы цӕсты алкӕддӕр кӕй хъуамӕ уыдаид сыгъдӕг. Уымӕй уӕлдай, уыцы сызгъӕрин гӕбазыл цы фыст уыд, уый амыдта стырдӕр Хистӕр сауджынмӕ, Йесо Чырыстимӕ, ӕмӕ йӕ Хистӕр сауджынӕй Йегъовӕ кӕй сӕвӕрдта, уымӕ. Йесо Хистӕр сауджын кӕй у, уый бӕлвырд кӕны, Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у (Дзт 7:26).

(Рацыд 28:42, 43) Кӕттагӕй сын скӕн мидӕггаг хӕлӕфтӕ дӕр, астӕуӕй уӕрджытӕм сын сӕ бӕгънӕг буар куыд ӕмбӕрзой, афтӕ. 43 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ ӕмбырды цатырмӕ кӕнӕ, сыгъдӕг бынаты лӕггадгӕнгӕйӕ, нывондхӕссӕны размӕ куы цӕуой, уӕд уыцы хӕлӕфтӕ хъуамӕ уой сӕ уӕлӕ, цӕмӕй тӕригъӕды ма бафтой ӕмӕ ма амӕлой. Уый у закъон ӕнустӕм йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр.

w08 15/8 15 ф., 17 абз.

Йегъовӕйӕн аккаг лӕггадгӕнӕг у ӕмӕ йӕ уымӕй кадджын кӕн

17 Йегъовӕйӕн лӕггадгӕнгӕйӕ адӕймаг хъуамӕ уӕлдай лӕмбынӕг уа, цӕмӕй йӕ алы хъуыддагӕй дӕр Хуыцауӕн кад кӕна. «Кӕс дӕ къахдзӕфтӕм, ӕцӕг Хуыцауы хӕдзармӕ куы цӕуай, уӕд»,– фыст ис Екклесиасты 5:1. Иу хатт Моисейӕн, иннӕ хатт та Йесо Навинӕн загъд уыд, цӕмӕй сӕ дзабыртӕ раластаиккой, сыгъдӕг бынаты кӕй лӕууыдысты, уый тыххӕй (Рац. 3:5; Йес. Н. 5:15). Афтӕ бакӕнын сӕ хъуыд, Хуыцауӕн кӕй кад кодтой, уый равдисынӕн. Израилы сауджынтӕ та хъуамӕ дардтаиккой мидӕггаг хӕлӕфтӕ, «сӕ бӕгънӕг буар [сын] куыд ӕмбӕрзтаиккой» (Рац. 28:42, 43). Уый фӕрцы-иу, нывондхӕссӕны цур куы лӕггад кодтой, уӕд-иу сӕ буар нӕ разынд. Сауджыны бинонтӕй алчи дӕр хъуамӕ фидар хӕцыдаид Хуыцауы сыгъдӕг уагӕвӕрдтыл.

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 28:15–21) Тӕрхон кӕнынӕн чи уыдзӕн, уыцы риуылдарӕн скӕн нывӕфтыд. Скӕн ӕй, ефод цӕмӕй конд уыдзӕн, уымӕй: сызгъӕрин ӕндахӕй, ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 16 Дыдагъӕй йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – уылынг, йӕ уӕрх дӕр – уылынг. 17 Ӕмӕ йыл бакӕн дуртӕ, цыппар рӕнхъы. Фыццаг рӕнхъы: рубин, топаз ӕмӕ изумруд. 18 Дыккаг рӕнхъы: бирюза, сапфир ӕмӕ яшмӕ. 19 Ӕртыккаг рӕнхъы: лешем, агат ӕмӕ аметист. 20 Цыппӕрӕм рӕнхъы та: хризолит, оникс ӕмӕ жадеит. Дуртӕ хъуамӕ ӕвӕрд уой сызгъӕрин фӕлгӕтты. 21 Хъуамӕ уой дыууадӕс – Израилы фырттӕ цал сты, уал. Алы дурыл дӕр дзы, мыхуырыл фыстытӕ куыд скъахынц, афтӕ, хъуамӕ къахт уа Израилы дыууадӕс мыггагӕй иуы ном.

w12 1/8 26 ф., 1–3 абз.

Зыдтай йӕ?

Хистӕр сауджыны риуылдарӕныл цы зынаргъ дуртӕ уыд, уыдон израилӕгтӕм кӕцӕй ӕрбафтыдысты?

Израилӕгтӕ Египетӕй куы рацыдысты ӕмӕ ӕдзӕрӕг быдыры куы ’рбынат кодтой, уӕд сын Хуыцау загъта, цӕмӕй хистӕр сауджынӕн риуылдарӕн сарӕзтаиккой (Рацыд 28:15–21). Уыцы риуылдарӕныл уыди ахӕм дуртӕ: рубин, топаз, изумруд, бирюза, сапфир, яшмӕ, лешем, агат, аметист, хризолит, оникс ӕмӕ жадеит. Цымӕ израилӕгтӕм уыцы зынаргъ дуртӕ ӕцӕгдӕр уыдысты?

Раджы заманты зынаргъ дуртӕн стыр кад уыд ӕмӕ дзы пайда кодтой ӕхцайы бӕсты дӕр. Зӕгъӕм, Рагон Египетмӕ зынаргъ дуртӕ ластой, ныртӕккӕ Иран ӕмӕ Афганистан кӕм сты, уыцы бӕстӕтӕй ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, суанг Индийӕ дӕр. Иуӕй-иу зынаргъ дуртӕ Египетӕн йӕхи ӕрзӕткъахӕнты дӕр ссарӕн уыд. Египеты паддзӕхты бар цы зӕххытыл цыд, уым уыдоны ӕвастӕй уыцы куыст ничи кодта. Хуыцауы лӕггадгӕнӕг Иовы ныхӕстӕй базонӕн ис, йӕ заманты-иу зынаргъ дуртӕ ссарыны тыххӕй адӕм ӕрзӕткъахӕнтӕ ӕмӕ донцӕуӕнтӕ кӕй арӕзтой, уый. Иов ма загъта, зӕххы бынӕй-иу кӕй скъахтой сапфир ӕмӕ топаз дӕр (Иов 28:1–11, 19).

Рацыды чиныджы куыд фыст ис, афтӕмӕй, израилӕгтӕ Египетӕй куы цыдысты, уӕд «египетӕгты бастыгътой», ома сӕм цы зынаргъ дзауматӕ уыд, уыдон ахастой (Рацыд 12:35, 36). Уӕдӕ, ӕвӕццӕгӕн, хистӕр сауджыны риуылдарӕныл цы зынаргъ дуртӕ уыд, уыдон израилӕгтӕ Египетӕй рахастой.

(Рацыд 28:38) Уый уыдзӕн Аароны ныхыл, ӕмӕ Аарон дзуапп дӕтдзӕн, Израилы фырттӕ нывӕндтӕ хӕсгӕйӕ кӕй ӕруадзой, уыцы рӕдыдтыты тыххӕй. Уыдон сты, Израилы фырттӕ кӕй хъуамӕ хӕссой, ахӕм лӕвӕрттӕ Хуыцауӕн. Уыцы тъӕпӕн гӕбаз йӕ ныхыл хъуамӕ уа ӕдзухдӕр, цӕмӕй-иу адӕм Йегъовӕйы хорзӕх ссарой.

w11 1/12 22

Зыдтай йӕ?

Рацыды чиныг арӕх цы «сырх-сырхид ӕндахы» кой кӕны, уый цы уыд?

Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй, Хуыцауӕн кӕм куывтой, уыцы цатыры къултӕ ӕмӕ йӕ бахизӕны ӕмбӕрзӕн конд уыдысты «ӕрвхуыз ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй» (Рацыд 26:1; 38:18). Сауджынты «сӕрмагонд дарӕс» дӕр конд уыди «сырх-сырхид ӕндахӕй» (Рацыд 28:1–6).

Ӕндах-иу сырх-сырхид сси кермесӕй. Кермес та у ахорӕн, ӕмӕ дзы цы ахуырстой, уый-иу сси ӕрттиваг сырх кӕнӕ сырх-сырхид. Уыцы ахорӕн арӕзтой, кермес чи хуыйны, уыцы сыл сыстытӕй. Уыцы сыстытӕн базыртӕ нӕй ӕмӕ цӕрынц кермес тулдзбӕлӕстыл (Quercus coccifera), Ӕввахс Скӕсӕны ӕмӕ Зӕххастӕу денджызы былгӕрӕтты. Сырх ахорӕн вӕййы сыл сыстыты ӕйчыты мидӕг. Сыстытӕн сӕ хуылф ӕйчытӕй йедзаг куы вӕййы, уӕд вӕййынц лыстӕг гагайы хуызӕн ӕмӕ гыццыл, тымбыл хъӕдуры йас, ӕмӕ ныххӕцынц кермес тулдзбӕласы сыфтыл ӕмӕ къалиутыл. Сыстытӕ-иу куы ӕруыгътой ӕмӕ-иу сӕ куы ныцъцъӕл кодтой, уӕд-иу сӕ цы рацыди, уый-иу донимӕ схӕццӕ кодтой ӕмӕ-иу дзы хъуымӕцтӕ ахуырстой. Ромаг историк Хистӕр Плиний фыста сырх-сырхид ахорӕны тыххӕй ӕмӕ дзырдта, йӕ рӕстӕджы ахӕм ахорӕн тынг кадджын кӕй уыди.

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 27:1–21) Акъацийӕ скӕн нывондхӕссӕн. Нывондхӕссӕнӕн йӕ цыппар фарсы дӕр хъуамӕ уой ӕмиӕстӕ: йӕ дӕргъ дӕр – фондз ӕлмӕрины, ӕмӕ йӕ уӕрх дӕр – фондз ӕлмӕрины. Йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа ӕртӕ ӕлмӕрины. 2 Йӕ цыппар тигъыл ын скӕн сыкъатӕ. Сыкъатӕ хъуамӕ цӕуой йӕхицӕй. Ӕмӕ нывондхӕссӕныл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр. 3 Скӕн ын, сойӕдзаг фӕнык кӕдӕм ӕвгӕной, ахӕм мигӕнӕнтӕ дӕр, стӕй белтӕ, къустӕ, фыдисӕнтӕ ӕмӕ зынгхӕссӕнтӕ. Уыцы мигӕнӕнтӕ иууылдӕр скӕн ӕрхуыйӕ. 4 Скӕн ын сеткӕ дӕр ӕрхуыйӕ. Ӕмӕ йын йӕ цыппар къуымы та бафидар кӕн цыппар ӕрхуы цӕджы. 5 Сеткӕ бавӕр, нывондхӕссӕны кӕрӕттыл цы фӕлгӕтгонд уыдзӕн, уый бынмӕ, нывондхӕссӕнӕн йӕ астӕуӕй куыд уа, афтӕ. 6 Нывондхӕссӕнӕн акъацийӕ скӕн хъилтӕ ӕмӕ сыл ӕрхуыйӕ цъар сӕвӕр. 7 Ӕмӕ уыцы хъилтӕ бавӕр цӕгты – нывондхӕссӕн куы хӕссой, уӕд хъилтӕ уыдзысты дыууӕрдыгӕй. 8 Нывондхӕссӕн скӕн фӕйнӕджытӕй, мидӕгӕй афтид куыд уа. Хохыл дын ӕвдыст куыд ӕрцыд, растдӕр ӕй афтӕ сараз. 9 Цатыры алыварс скӕн кӕрт дӕр. Негевы ’рдыгӕй, хуссар фарс, кӕрты ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Хъуамӕ уӕфт уой гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. 10 Уыцы фарсӕн хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй. 11 Цӕгат фарс дӕр ӕмбӕрзӕнтӕ дӕргъырдӕм хъуамӕ уой сӕдӕ ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн дӕр хъӕуы дыууын ӕрхуы цӕджындзы ӕмӕ дыууын ӕрхуы бынӕвӕрӕны. Цӕджындзтӕн сӕ зӕгӕлтӕ ӕмӕ сӕ фидаргӕнӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕвзистӕй. 12 Кӕртӕн уӕрхырдӕм ныгуылӕнырдыгӕй цы ӕмбӕрзӕнтӕ уыдзӕн, уыдон та хъуамӕ уой фӕндзай ӕлмӕрины. Уыцы фарсӕн хъӕуы дӕс цӕджындзы ӕмӕ дӕс бынӕвӕрӕны. 13 Кӕртӕн скӕсӕнырдыгӕй дӕр йӕ уӕрх хъуамӕ уа фӕндзай ӕлмӕрины. 14 Бахизӕнӕй иуырдӕм ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. 15 Ӕмӕ бахизӕнӕй иннӕрдӕм дӕр ӕмбӕрзӕнты дӕргъ хъуамӕ уа фынддӕс ӕлмӕрины. Ӕмӕ сын хъуамӕ уа ӕртӕ цӕджындзы ӕмӕ ӕртӕ бынӕвӕрӕны. 16 Кӕрты бахизӕнӕн дӕр скӕн, йӕ дӕргъ дыууын ӕлмӕрины кӕмӕн уа, ахӕм ӕмбӕрзӕн. Бауаф ӕй ӕрвхуыз цъӕх ӕндахӕй, тарсырх къуымбил ӕндахӕй, сырх-сырхид ӕндахӕй ӕмӕ гӕнӕй конд ӕппӕты хуыздӕр здыхст ӕндахӕй. Цӕджындзтӕ йын хъуамӕ уа цыппар, ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – цыппар. 17 Кӕрты алыварс цӕджындзтыл се ’ппӕтыл дӕр хъуамӕ уа ӕвзист фидаргӕнӕнтӕ ӕмӕ сӕ зӕгӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕвзистӕй. Сӕ бынӕвӕрӕнтӕ та хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 18 Кӕртӕн йӕ дӕргъ хъуамӕ уа сӕдӕ ӕлмӕрины, йӕ уӕрх – фӕндзай ӕлмӕрины. Ӕмбӕрзӕнӕн йӕ бӕрзӕнд та хъуамӕ уа фондз ӕлмӕрины. Ӕмӕ бынӕвӕрӕнтӕ хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 19 Цатыры лӕггад кӕнынӕн цы мигӕнӕнтӕ хъӕуы, уыдон иууылдӕр, стӕй цатыры къӕбӕлтӕ ӕмӕ кӕрты ӕмбӕрзӕнты къӕбӕлтӕ дӕр хъуамӕ уой ӕрхуыйӕ. 20 Израилы фырттӕн зӕгъ, цӕмӕй дын хӕссой сыгъдӕг оливӕйы сой цырагъдарӕны кӕнынӕн, йӕ цырӕгътӕ ӕдзухдӕр куыд судзой. 21 Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ хъус дарой, цӕмӕй Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бадзырды чырыны цур чи ис, уыцы ӕмбӕрзӕнӕн ӕддӕрдыгӕй, рухс судза изӕрӕй райсоммӕ. Уый у закъон ӕнустӕм, ӕмӕ йӕ Израилы фырттӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ.

28 СЕНТЯБРӔЙ 4 ОКТЯБРМӔ

ХУЫЦАУЫ НЫХАСЫ ХӔЗНАТӔ | РАЦЫД 29, 30

«Мысайнаг Йегъовӕйӕн»

(Рацыд 30:11, 12) Йегъовӕ ма Моисейӕн ноджыдӕр загъта: 12 «Израилы фыртты куы нымайай ӕмӕ сӕ куы фыссай, уӕд сӕ алчидӕр хъуамӕ йӕ уды тыххӕй Йегъовӕйӕн бафида, цӕмӕй сӕ бӕллӕх ма баййафа сӕ нымайыны рӕстӕг.

it-U «Перепись», дӕлсӕргонд «У Синая», 1 абз.

Израилӕгтӕ фыст ӕрцыдысты

Синайы раз. Израилы адӕм Йегъовӕйы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ фыццаг хатт фыст ӕрцыдысты, Египетӕй куы рацыдысты, уымӕй дыккӕгӕм азы, дыккаг мӕйы. Уыцы рӕстӕг Израилы цатыртӕ ӕвӕрд уыдысты Синайы хохы раз. Цӕмӕй Моисейӕн уыцы куыст бакӕнын ӕнцондӕр уыдаид, уый тыххӕй йын ӕххуысӕн алы мыггагӕй дӕр равзӕрстой хӕдзарвӕндаджы хистӕры. Уыдон сӕ хъус дардтой, цӕмӕй сӕ хӕдзарвӕндӕгты нӕлгоймӕгтӕ нымад ӕрцыдаиккой. Нымад ӕрцыдысты, 20 азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд ӕмӕ хӕцынхъом чи уыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕ се ’ппӕт дӕр. Фыст чи ’рцыд, уыдонӕй алчидӕр Закъонмӕ гӕсгӕ хъуамӕ йӕхи тыххӕй бафыстаид хъалон, сиклы ӕрдӕг (ӕвӕццӕгӕн, 1,1 доллӕры). Уыцы ӕхца радтой Хуыцауы цатыры лӕггад кӕнынӕн (Рц 30:11–16; Нм 1:1–16, 18, 19). Фыст чи ’рцыд, уыдон уыдысты 603 550 адӕймаджы. Левиттӕ та нымад не ’рцыдысты; уыдонӕн Йегъовӕ загъта, Зӕрдӕвӕрд зӕххыл сын бынтӕ кӕй нӕ уыдзӕн. Левиттӕ цатыры лӕггад кӕнынӕн хъалон нӕ фыстой ӕмӕ сӕ ӕфсадмӕ цӕуын дӕр нӕ хъуыд (Нм 1:44–47; 2:32, 33; 18:20, 24).

(Рацыд 30:13–15) Нымад чи ’рцӕуа, уыдонӕй алчидӕр хъуамӕ ратта сиклы ’рдӕг, сыгъдӕг бынаты сиклтӕй. Сиклы ис дыууын герӕйы. Сиклы ’рдӕг у мысайнаг Йегъовӕйӕн. 14 Йегъовӕйӕн мысайнаг хъуамӕ ратта, нымад чи ’рцӕуа, уыдонӕй алчидӕр – дыууын азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, уыдон се ’ппӕт дӕр. 15 Уӕ удтӕ балхӕныны тыххӕй Йегъовӕйӕн мысайнаг куы дӕттат, уӕд, хъӕздыг чи у, уый хъуамӕ сиклы ’рдӕгӕй фылдӕр ма ратта, мӕгуыр та – сиклы ’рдӕгӕй къаддӕр.

it-U «Пожертвование», 3 абз.

Мысайнаг

Иуӕй-иу мысайнӕгтӕ дӕттын хъуыди Закъонмӕ гӕсгӕ. Моисей израилӕгты куы ныффыста, уӕд, 20 азы ӕмӕ уымӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цыд, уыцы нӕлгоймӕгтӕй алчидӕр йӕ уды тыххӕй хъуамӕ бафыстаид «сиклы ’рдӕг [ӕвӕццӕгӕн, 1,1 доллӕры], сыгъдӕг бынаты сиклтӕй». Уый уыд «мысайнаг Йегъовӕйӕн», ӕмӕ-иу ӕй хъуамӕ лӕвӕрдтаиккой сӕ «удтӕ балхӕныны тыххӕй» ӕмӕ «ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн» (Рц 30:11–16). Дзуттаг историк Иосиф Флавийы ныхӕстӕм гӕсгӕ (Иудейская война. VII. 6. 6), уӕдӕй фӕстӕмӕ уыцы хъалон фыстой алы аз дӕр (2Аз 24:6–10; Мф 17:24; кӕс НАЛОГИ).

(Рацыд 30:16) Израилы фырттӕ сӕ удтӕ балхӕныны тыххӕй цы ӕвзист ӕхца раттой, уыдон ратт ӕмбырды цатыры лӕггад кӕнынӕн – уый фӕрцы Израилы фырттӕ Йегъовӕйы зӕрдыл лӕудзысты».

w11 1/11 12 ф., 1, 2 абз.

Зыдтай йӕ?

Рагон Иерусалимы Йегъовӕйы кувӕндонӕн ӕхца кӕцӕй истой?

Кувӕндоны цы алыхуызон куыстытӕ кодтой, уыдонӕн ӕхца истой хъалонтӕй, сӕйраджыдӕр та, адӕмӕй цы дӕсӕм хай ӕмбырд кодтой, уымӕй. Уыди ма ӕндӕр хъалонтӕ дӕр. Зӕгъӕм, цатыр аразыны рӕстӕг Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй, израилӕгтӕй фыст чи ӕрцыд, уыдонӕй алкӕмӕй дӕр мысайнагӕн ӕрӕмбырд кодтаид сиклы ’рдӕг ӕвзист ӕхца (Рацыд 30:12–16).

Ӕвӕццӕгӕн уыцы ӕгъдау уый фӕстӕ ӕрфидар, ӕмӕ дзуттӕгтӕй алчидӕр алы аз дӕр мысайнагӕн лӕвӕрдта уыйбӕрц ӕвзист ӕхца. Йесо дӕр уыцы хъалоны кой кодта, Петрӕн куы загъта, цӕмӕй, кӕсаджы дзыхӕй цы ӕхца систаид, уымӕй хъалон бафыстаид (Матфейы 17:24–27).

Цавӕр хӕзнатӕ ссардтай?

(Рацыд 29:10) Уый фӕстӕ ӕмбырды цатыры размӕ ӕрбакӕн уӕныджы, ӕмӕ йын Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сӕ къухтӕ йӕ сӕрыл ӕрӕвӕрӕнт.

it-U «Рука», дӕлсӕргонд «Возложение рук»

Къух

Искӕуыл кӕнӕ истӕуыл къухтӕ ӕрӕвӕрын. Адӕймаг-иу искӕуыл кӕнӕ истӕуыл йӕ къухтӕ кӕй ӕрӕвӕрдта, уый амыдта алыхуызон хъуыддӕгтӕм. Афтӕ-иу сӕйраджыдӕр кодтой, цӕмӕй-иу равдыстаиккой, чидӕр кӕнӕ цыдӕр цавӕрдӕр ахсджиаг хъуыддагӕн ӕвзӕрст кӕй ӕрцыд. Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ сауджынтӕй ӕвӕрд куы ’рцыдысты, уӕд уый номыл сӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдтой нывондӕн хаст уӕныджы ӕмӕ дыууӕ фыры сӕрыл. Афтӕмӕй равдыстой, кӕй ӕмбӕрстой, уыцы цӕрӕгойтӕ нывондӕн уыдоны тыххӕй хаст кӕй ӕрцыдысты, цӕмӕй суыдаиккой Йегъовӕ Хуыцауы сауджынтӕ (Рц 29:10, 15, 19; Лв 8:14, 18, 22). Моисей Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ Йесо Навины йӕхи бӕсты разамонӕгӕй куы сӕвӕрдта, уӕд ыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Йесо схайджын «зондӕй». Уый фӕрцы Йесо Израилӕн уыд хорз разамонӕг (Д.з 34:9). Адӕймаг ма-иу йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта, цавӕрдӕр арфӕдзинӕдтӕй-иу чи хъуамӕ схайджын уыдаид, уыдоныл (Рд 48:14; Мч 10:16). Йесо Чырысти-иу кӕй сдзӕбӕх кодта, уыдонӕй-иу кӕуылдӕрты андзӕвыд, кӕнӕ-иу сыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта (Мф 8:3; Мч 6:5; Лк 13:13). Хатт-иу апостолтӕ сӕ къухтӕ кӕуыл ӕрӕвӕрдтой, уыдон-иу сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты (Хъд 8:14–20; 19:6).

(Рацыд 30:31–33) Ӕмӕ Израилы фырттӕн зӕгъ: „Ацы сой мын уыдзӕн сӕрмагонд сой фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 32 Макӕй дзы сӕрдут ӕмӕ, цӕмӕй конд у, уыдӕттӕй ӕндӕр ахӕм сой ма аразут. Уый у сӕрмагонд сой ӕмӕ уын уыдзӕн Хуыцауы хъуыддӕгтӕн. 33 Ахӕм хӕрздӕф сой чи скӕна ӕмӕ дзы ӕндӕр искӕй чи байсӕрда, уый фесафын хъӕуы йӕ адӕмы ’хсӕнӕй“».

it-U «Помазание, помазанники», дӕлсӕргонд «Помазание», 4 абз.

Байсӕрдын; сӕрст лӕггадгӕнджытӕ

Йегъовӕ Моисейӕн цы Закъон радта, уым ын бацамыдта, сӕрмагонд сой цӕмӕй хъуамӕ уыдаид конд, уый. Уыцы сой-иу конд уыд ӕппӕты хуыздӕр хӕрздӕфгӕнӕнтӕй: миррӕ, адджын тӕф чи кӕны, ахӕм корицӕ, адджын тӕф чи кӕны, ахӕм аир, касси ӕмӕ оливӕйы сой (Рц 30:22–25). Исчи ахӕм сой куы скодтаид, цӕмӕй дзы, кӕй не ’мбӕлы, ахӕм искӕй байсӕрстаид, йе та дзы ӕндӕр цӕмӕндӕр куы спайда кодтаид, уӕд ӕй хъуыди амарын (Рц 30:31–33). Уӕдӕ бӕрӕг у: сӕрмагонд сойӕ куыд пайда кодтой, уымӕ уӕлӕнгай цӕстӕй кӕсӕн нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ-иу дзы кӕй байсӕрстой, уымӕн-иу Йегъовӕ йӕ бӕрны бакодта стыр хӕстӕ.

Библийӕ бакӕсинаг

(Рацыд 29:31–46) Уый фӕстӕ, сауджынтӕй ӕвӕрд кӕй цӕуынц, уый тыххӕй нывондӕн цы фыр ӕрцыд хаст, уымӕн йӕ дзидза сыгъдӕг бынаты сфыц. 32 Ӕмӕ фыры дзидза ӕмӕ, ӕмбырды цатырмӕ бахизӕны чыргъӕды цы дзултӕ ис, уыдон Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ бахӕрой. 33 Уыдон хъуамӕ хӕрой, сӕ тӕригъӕдтӕ ныххатыр кӕныны тыххӕй нывондӕн хаст цы ’рцыд, уымӕй – сӕ тӕригъӕдтӕ та хатыргонд ӕрцыдысты, цӕмӕй бартӕ сӕ къухмӕ лӕвӕрд ӕрцӕуой ӕмӕ цӕмӕй ӕрцӕуой нывондгонд. Фӕлӕ дзы сӕхи йеддӕмӕ ӕндӕр никӕмӕн ис хӕрӕн, уымӕн ӕмӕ у табуйаг. 34 Нывондӕн хаст фыры дзидзайӕ ӕмӕ дзултӕй райсоммӕ исты куы баззайа, уӕд ӕй хъӕуы басудзын. Хӕрӕн ӕй нӕй, уымӕн ӕмӕ у табуйаг. 35 Аарон ӕмӕ дын йӕ фыртты тыххӕй цы загътон, уыдон иууылдӕр сараз. Цӕмӕй сын сӕ къухмӕ бартӕ раттай, уый тыххӕй дӕ бахъӕудзӕн авд боны. 36 Аароны ӕмӕ йӕ фыртты сӕ тӕригъӕдтӕй ссыгъдӕг кӕнынӕн алы бон дӕр тӕригъӕды тыххӕй нывондӕн хӕсс иу гал, стӕй-иу тӕригъӕдӕй ссыгъдӕг кӕн нывондхӕссӕн дӕр, ӕмӕ-иу ӕй байсӕрд сойӕ, цӕмӕй суа табуйаг. 37 Нывондхӕссӕн ссыгъдӕг кӕнынӕн дӕ бахъӕудзӕн авд боны. Ссыгъдӕг ӕй кӕн, цӕмӕй суа уӕлдай табуйаг нывондхӕссӕн. Ӕмӕ нывондхӕссӕны раз чидӕриддӕр лӕггад кӕна, уый хъуамӕ уа сыгъдӕг. 38 Нывондхӕссӕныл алы бон дӕр нывондӕн хӕсдзынӕ дыууӕ афӕдздзыд фыркъайы. 39 Иу фыркъайы-иу дзы ӕрхӕсс райсомӕй, иннӕйы та – дыууӕ изӕры астӕу. 40 Фыццаг фыркъаимӕ ма-иу ӕрхӕсс ӕппӕты хуыздӕр ссад – ефӕйы дӕсӕм хай, оливӕйы сойы гины цыппӕрӕм хаимӕ йӕ сызмӕнт, афтӕмӕй, стӕй кувинаг нозт – сӕн, гины цыппӕрӕм хай. 41 Дыккаг фыркъайы та-иу ӕрхӕсс дыууӕ изӕры астӕу. Райсомӕй-иу куыд бакӕнай, афтӕ-иу ай дӕр ӕрхӕсс хоры кувинагимӕ ӕмӕ кувинаг нозтимӕ. Уый у, артыл кӕй басудзынц, ахӕм нывонд Йегъовӕйӕн, ӕмӕ йын йӕ тӕф уыдзӕн ӕхсызгон. 42 Уыдон сты, алы бон дӕр кӕй хъӕуы хӕссын, ахӕм судзинаг нывӕндтӕ. Хъуамӕ сӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ хӕссат Йегъовӕйы раз, ӕмбырды цатыры бахизӕны – ӕз-иу уӕм уым фӕзындзынӕн, ӕмӕ демӕ ныхас кӕндзынӕн. 43 Уым-иу фӕзындзынӕн Израилы фырттӕм, ӕмӕ уыцы бынат мӕ кадӕй суыдзӕн сыгъдӕг. 44 Ӕз ссыгъдӕг кӕндзынӕн ӕмбырды цатыр ӕмӕ нывондхӕссӕн, стӕй Аароны ӕмӕ йӕ фыртты дӕр, цӕмӕй мын сауджынтӕй лӕггад кӕной. 45 Ӕз цӕрдзынӕн Израилы фыртты ’хсӕн, ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау. 46 Ӕмӕ йӕ базондзысты, ӕз кӕй дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау – ӕз сӕ ракодтон Египетӕй, цӕмӕй се ’хсӕн цӕрон. Ӕз дӕн Йегъовӕ, сӕ Хуыцау.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын