Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
    • Йегъовӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодта? Зӕд Илийайӕн загъта, цӕмӕй лӕгӕты бахизӕны слӕууыдаид. Илийа нӕ зыдта, дарддӕр цы уыдзӕн, уый, фӕлӕ зӕды коммӕ бакаст. Уалынмӕ дын дымгӕ куы сыстид. Дымгӕ ахӕм тыхджын уыд, ӕмӕ хӕхтӕ скъуыдтӕ кодтой, къӕдзӕхтӕ згъӕлдысты. Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, Илийа йӕ къухӕй йӕ цӕсгом куыд ӕмбӕхсы ӕмӕ йӕ хъисын дарӕсыл куыд хӕцы, цӕмӕй йын ӕй дымгӕ ма аскъӕфа. Уый фӕстӕ зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ Илийа, гыццыл ма бахъӕуа, ӕмӕ ахаудаид. Зӕххӕнкъуысты фӕстӕ йӕхимӕ нӕма ’рцыд, афтӕ ссыгъд стыр арт, ӕмӕ Илийа фӕстӕмӕ лӕгӕтмӕ балыгъд (1 Паддзӕхты 19:11, 12).

      Фӕлӕ, Библи куыд зӕгъы, афтӕмӕй Йегъовӕ нӕ уыд нӕдӕр дымгӕйы, нӕдӕр зӕххӕнкъуысты, нӕдӕр арты. Илийа зыдта, Йегъовӕ, иуӕй-иу ӕрымысгӕ хуыцӕуттӕй уӕлдай, цавӕрдӕр ӕрдзон тыхты хуыцау кӕй нӕу. Зӕгъӕм, Ваалы йӕ лӕггадгӕнджытӕ хуыдтой «Мигътыл цӕуӕг» ӕмӕ йӕ нымадтой къӕвдайы бардуагыл. Адӕймаг кӕмӕй баризы, уыцы ӕрдзон тыхтӕ иууылдӕр Йегъовӕ сфӕлдыста. Фӕлӕ, цы сфӕлдыста, уыдон йемӕ абаргӕйӕ ӕппындӕр ницы сты. Йегъовӕ суанг уӕлӕрвты дӕр нӕ цӕуы! (1 Паддзӕхты 8:27). Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ Илийайӕн куыд баххуыс кодтой? Нӕ зӕрдыл-ма ӕрлӕууын кӕнӕм, куыд тынг тарст, уый. Йӕ фарсмӕ уыд Йегъовӕ, йӕ тых ӕгӕрон кӕмӕн у, уыцы Хуыцау. Уӕдӕ ма уӕд хъуамӕ Ахавӕй ӕмӕ Йезавелӕй тарстаид? (Псалом 118:6).

      Арт куы ахуыссыд, уӕд бӕстӕ ’рсабыр, ӕмӕ Илийа фехъуыста, чидӕр та йӕ куыд бафарста «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕсӕй», ам цы кусыс, зӕгъгӕb. Ӕмӕ Илийа дыккаг хатт дӕр радзырдта, цы йӕ тыхсын кодта, уый. Ӕвӕццӕгӕн, уый фӕстӕ Илийайӕн фенцондӕр. Фӕлӕ йын ноджы ӕнцондӕр та фӕци, фӕстӕдӕр кӕй фехъуыста, уыцы ныхӕстӕй. Йегъовӕ йын бамбарын кодта, стыр аргъ ын кӕй кӕны. Цымӕ куыд? Загъта йын, дарддӕр куыд тох кӕндзӕн, цӕмӕй Израилы адӕм Ваалӕн мауал кувой. Илийайы фыдӕбон дзӕгъӕлы нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ йын Йегъовӕ бамбарын кодта, йӕ фӕнд ӕнӕмӕнгӕй кӕй сӕххӕст кӕндзӕн. Ӕмӕ уыцы фӕнд хъуамӕ сӕххӕст кодтаид Илийайы ӕххуысӕй дӕр. Уый бӕрӕг у, йӕ бар ын цыдӕр хӕстӕ кӕй бакодта, уымӕй (1 Паддзӕхты 19:12–17).

  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 1 июль
    • b Ӕвӕццӕгӕн, уыцы «фӕлмӕн, сабыр хъӕлӕс» уыд, Илийа ма уымӕй размӕ дӕр кӕй фехъуыста, уыцы хъӕлӕс. Ацы хабары кой ис 1 Паддзӕхты 19:9 стихы. 15 стихы та ногӕй кӕсӕм, «Йегъовӕ» Илийаимӕ кӕй ныхас кодта. Ацы стихтӕ кӕсгӕйӕ, чи зоны, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Израилы адӕмы ӕдзӕрӕг быдыры чи кодта ӕмӕ Хуыцау афтӕ кӕмӕй загъта, «уый мӕ ном хӕссы», зӕгъгӕ, уыцы зӕд (Рацыд 23:21). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, фидарӕй афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Йегъовӕ Илийаимӕ цы зӕды уылты ныхас кодта, уый, Рацыды чиныджы кӕй кой цӕуы, уыцы зӕд у. Фӕлӕ бафиппайын хъӕуы, Чырысти зӕхмӕ ӕрцӕуыны размӕ кӕй уыд «Дзырд», ома Йегъовӕйы сӕрмагонд Минӕвар (Иоанны 1:1).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын