Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уыди къӕрцхъус ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсын зыдта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 17, 18. а) Илийа Изреелмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ыл цы ’рцыд? ӕ) Илийа Кармилӕй Изреелмӕ кӕй фезгъордта, уый диссаг цӕмӕн у? (Кӕс ма фиппаинаг дӕр.)

      17 Йегъовӕйы пехуымпар Ахавы фӕдыл араст. Йӕ балц ӕнцон нӕ уыд – хъуыди йӕ уыцы талынджы хуылыдз фӕндагыл дард цӕуын. Фӕлӕ ӕнӕнхъӕлӕджы ӕрцыд диссаг.

      18 «Илийайыл уыд Йегъовӕйы къух, ӕмӕ Илийа, йӕ дарӕсы фӕдджитӕ йӕ роны атъыста, афтӕмӕй суанг Изреелмӕ Ахавы разӕй лыгъд» (1 Пад. 18:46). Бӕрӕг у, Илийайӕн «Йегъовӕйы къух» диссаджы хуызы кӕй ӕххуыс кодта. Изреелмӕ хъуыди 30 километры бӕрц цӕуын, стӕй Илийа ӕрыгон лӕппу нал уыдa. Ӕмӕ-ма уыцы ныв дӕ цӕстытыл ауайын кӕн: пехуымпар йӕ даргъ уӕлӕдарӕсы фӕдджитӕ йӕ роныл абаста, цӕмӕй йын йӕ къӕхтыл ма тыхсой, ӕмӕ фезгъоры лӕхъир фӕндагыл. Афтӕ тагъд згъоры, ӕмӕ паддзахы бӕхуӕрдон баййӕфта ӕмӕ ма йӕ разӕй дӕр фӕци.

      19. а) Хуыцау Илийайы хъарутӕ кӕй бауагъта, ууыл хъуыдыгӕнгӕйӕ нӕ зӕрдыл цавӕр пехуымпарӕдтӕ ӕрлӕууы? ӕ) Илийа Изреелмӕ куы згъордта, уӕд фидарӕй цы зыдта?

      19 Уый Илийайӕн стыр арфӕдзинад куыннӕ уыди! Хӕрзаг йӕ дисӕн кӕрон нал уыд – де уӕнгты ахӕм тых, ахӕм хъару бацӕуӕд! Ӕвӕццӕгӕн ӕм ӕрыгонӕй дӕр нӕ уыди ахӕм тыхтӕ. Ацы хабарыл хъуыдыгӕнгӕйӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдыл ӕрбалӕууы, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый – зӕххыл Дзӕнӕты Хуыцауы иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕ, низ цы у, уый зонгӕ дӕр нал кӕндзысты ӕмӕ уыдзысты хъаруджын, уӕнгрог. (Бакӕс Исайы 35:6; Лук. 23:43). Илийа уыцы уарыны куы згъордта, уӕд ӕй фидарӕй зыдта, йӕ уӕларвон Фыд иунӕг ӕцӕг Хуыцау Йегъовӕйы зӕрдӕ дзы кӕй райы!

  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
    • 1, 2. Уыцы диссаджы бон цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?

      ИЛИЙА уыцы къӕвдайы размӕ згъоры. Изреел нырма кӕм ӕмӕ кӕм ис. Ӕмӕ кӕд ӕрыгон нал у, уӕддӕр йӕ фӕллад суадзынмӕ иу ран дӕр не ’рлӕууыд, уымӕн ӕмӕ йыл ис «Йегъовӕйы къух». Йе уӕнгты уыйбӕрц хъару никуыма банкъардта. Паддзах Ахавы бӕхуӕрдон размӕ цы бӕхтӕ скъӕфынц, уыдоны дӕр ма фӕстейӕ фӕуагъта! (Бакӕс 1 Паддзӕхты 18:46.)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын