Библийы 33 чиныг – Михей
Ныффыста йӕ: Михей
Кӕм ӕрцыд фыст: Иудӕйы
Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 717 азы размӕ
Цы рӕстӕгыл дзы цӕуы дзырд: н. э. агъоммӕ 777–717 азтӕ
АХЪУЫДЫ ма кӕн, бирӕ азты дӕргъы Йегъовӕйӕн иузӕрдионӕй чи фӕлӕггад кодта, ахӕм адӕймагыл. Уый йӕ адӕмы хицӕуттӕн ныфсджынӕй дзырдта: «Хорздзинад уын ӕнӕуынон у, ӕвзӕрдзинад та бирӕ уарзут... Сымах стут, мӕ адӕмы буар чи хӕры ӕмӕ сӕ цармӕстъыгъд чи кӕны, уыдон». Ахъуыды ма кӕн, Йегъовӕйы сыгъдӕг уды фӕрцы ныфсджынӕй чи дзырдта ӕмӕ йын уый тыххӕй кад чи кодта, ахӕм сӕрныллӕг адӕймагыл. Нӕ дӕ фӕндид, йемӕ куы базонгӕ уаис? Цас цыдӕртӕ дын радзурид ӕмӕ йӕм цас зондджын уынаффӕтӕ разынид! Раст ахӕм адӕймаг уыд пехуымпар Михей. Йӕ уынаффӕтӕй ныр дӕр нӕ бон у пайда кӕнын, фыст сты, йӕ ном ын цы чиныг хӕссы, уым (Мих. 3:2, 3, 8).
2 Михей иннӕ пехуымпартау йӕ чиныджы йӕхи тыххӕй бирӕ уымӕн нӕ фыссы, ӕмӕ йын ахсджиагдӕр уыдысты пехуымпарӕдтӕ. Ном Михей у, ном Михаелы цыбыр формӕ («Чи у Хуыцауы хуызӕн?») кӕнӕ Михайагъу («Чи у Йегъовӕйы хуызӕн?»). Пехуымпарӕй лӕггад кодта, Иоафам, Ахаз ӕмӕ Езеки паддзӕхтӕ куы уыдысты, уӕд (н. э. агъоммӕ 777–717 азты). Уымӕ гӕсгӕ цард пехуымпар Исай ӕмӕ Осийы рӕстӕджы (Ис. 1:1; Ос. 1:1). Пехуымпарӕй цас лӕггад кодта, уый бӕрӕг нӕу, фӕлӕ зӕгъӕн ис, ӕмӕ фӕлӕггад кодта 60 азӕй фылдӕр. Куыд зыны, афтӕмӕй Самари кӕй ныппырх кӕндзысты, уый тыххӕй йӕ пехуымпарӕдтӕ загъта, цалынмӕ уыцы хабар не ’рцыд, уӕдмӕ, ома н. э. агъоммӕ 740 азы, чиныг та фыст фӕци Езекийы паддзахдзинады кӕрон, н. э. агъоммӕ 717 азы (Мих. 1:1). Михей уыд хъӕуккаг лӕг, йӕ хъӕу хуынд Морешеф-Гефӕй, Иерусалимы хуссар-ныгуылӕнварс дзаджджын бӕстӕ Шефелӕ. Хъӕуы цард хорз кӕй зыдта, уый зыны, йӕ пехуымпарӕдтӕ лӕмбынӕгдӕр бамбарынӕн цы цӕстуынгӕ цӕвиттонтӕй пайда кодта, уыдонӕй (2:12; 4:12, 13; 6:15; 7:1, 4, 14).
3 Михей цард тӕссаг ӕмӕ ахсджиаг рӕстӕг. Иу цау иннӕйы дугъон бӕхау кӕй ивта, уый дзурӕг уыд, Израил ӕмӕ Иудӕйы паддзахӕдтӕм цыдӕр бӕллӕх кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Израилы ӕгъдау кӕй нал уыд ӕмӕ мӕнгхуыцӕуттӕн кувын кӕй райдыдта, уый йӕ ’ркодта кӕуинаг уавӕрмӕ. Ассириӕгтӕ сӕ ныццагътой, ӕвӕццӕгӕн ма Михей удӕгас куы уыд, уӕд. Иудӕйы адӕм иу зондыл хӕст нӕ уыдысты: паддзах Иоафамы рӕстӕджы арӕзтой хорз хъуыддӕгтӕ, паддзах Ахазы рӕстӕджы та цъаммар хъуыддӕгтыл бафтыдысты, фӕлӕ та паддзах Езекийы заманы фӕстӕмӕ сӕхи ӕрӕмбӕрстой. Йегъовӕ Михейы бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ адӕмӕн йӕ тӕрхон фехъусын кӕна. Михейы пехуымпарӕдтӕ уыдысты, Исай ӕмӕ Осийы пехуымпарӕдтӕ раст кӕй сты, уый бӕлвырдгӕнӕн (4 Пад. 15:32–20:21; 2 Пар. 27–32 сӕртӕ; Ис. 7:17; Ос. 8:8; 2 Кор. 13: 1).
4 Михейы чиныгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн ис тынг бирӕ бӕлвырдгӕнӕнтӕ. Иудейтӕ йӕ кӕддӕридӕр нымадтой Дзуттаг Фыстыты сыгъдӕг чингуытӕй. Йеремийы 26:18, 19 комкоммӕ фыст сты Михейы ныхӕстӕ: «Сионы хуымау бахуым кӕндзысты, ӕмӕ Иерусалим фестдзӕн пырхгӕндты цӕнд» (Мих. 3:12). Ацы пехуымпарадӕй иу дзырд дӕр нӕ фӕмӕнг, уый сӕххӕст н. э. агъоммӕ 607 азы, Вавилоны паддзах Иерусалим куы ныппырх кодта, уӕд (2 Пар. 36:19). Сӕххӕст Самарийы тыххӕй пехуымпарад дӕр, «пырхгӕндты цӕнд» фестдзӕн, зӕгъгӕ (Мих. 1:6, 7). Самари ныппырх кодтой ассириӕгтӕ н. э. агъоммӕ 740 азы, цӕгат израилаг паддзахад уацары куы акодтой, уӕд (4 Пад. 17:5, 6). Фӕстӕдӕр та йӕ, н. э. агъоммӕ 4 ӕнусы басаста Македойнаг Алыксандр. Н. э. агъоммӕ 2 ӕнусы уый дзуттӕгтӕ Иоанн Гирканы I сӕргълӕудӕй бынтондӕр ныппырх кодтой. Самари фӕстаг хатт куыд ныппырх кодтой, уый тыххӕй иу чиныджы дзырдӕуы: «Уӕлахизхӕссӕг ӕй зӕххы ӕмвӕз скодта, ӕмӕ афтӕмӕй иу бӕлвырдгӕнӕн дӕр нал баззад, ацы обауыл кӕддӕр фидар сахар кӕй лӕууыд, уымӕн» («The New Westminster Dictionary of the Bible», 1970 аз, 822 ф., англ.).
5 Археологон бӕлвырдгӕнӕнтӕ дӕр ӕвдисынц, Михейы пехуымпарӕдтӕ кӕй сӕххӕст сты, уый. Самари ассириӕгтӕ кӕй ныппырх кодтой, уый бӕлвырд кӕнынц ассириаг азгайфыстытӕ. Цӕвиттон, Ассириаг паддзах Саргон йӕхицӕй ӕппӕлыд: «Ӕз ӕрхъула кодтон Самарийыл (Самерина) ӕмӕ йӕ басастон»a. Фӕлӕ раст куы зӕгъӕм, уӕд ма йӕ йӕ размӕ цӕрӕг паддзах Салманассар V дӕр басаста. Салманассары тыххӕй фыст ис вавилойнаг азгайфыстыты: «Уый Самари ныппырх кодта»b. Пехуымпар Михей кӕй загъта, зӕгъгӕ, Иудӕмӕ, паддзах Езекийы рӕстӕджы бабырсдзысты, уый тыххӕй Сеннахирим ныууагъта бӕлвырд историон фыстытӕ (Мих. 1:6, 9; 4 Пад. 18:13). Ниневийы галуаны къултӕй иуыл цыппар къӕйдурыл ис ныв. Уыцы нывы ӕвдыст цӕуы, Лахис куыд бацахстой, уыцы цау. Дуры къӕйыл ис ахӕм ныхӕстӕ: «Ӕз ӕрхъула кодтон йӕ сахартӕй 46... Ӕз ракодтон уырдыгӕй 200 150 адӕймаджы... Йӕхи та йын, маргъы къалатийы куыд бакӕнай, раст афтӕ бакодтон йӕ сӕйраг сахар Иерусалимы». Ныффыста ма, Езеки йын цы хъалон фыста, уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ ма йын йӕ нымӕцмӕ дӕр бафтыдта. Фӕлӕ йе ’фсадыл цы ’рцыд, уый кой не скодта (4 Пад.18:14–16; 19: 35)c.
6 Ацы чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, уымӕн хорз бӕлвырдгӕнӕн у Михейы 5:2, фыст дзы ис, Мессийӕ кӕм хъуамӕ райгуырдаид, уый тыххӕй (Матф. 2: 4–6). Чырыстон Грекъаг Фыстыты ма ӕмбӕлы, Михейы чиныгимӕ ӕмхуызон чи у, цалдӕр ахӕм стихы (Мих. 7: 6, 20; Матф. 10:35, 36; Лук. 1:72, 73).
7 Кӕд Михей хъӕуккаг уыд, уӕддӕр арӕхстис йӕ хъуыдытӕ аив ӕвзагӕй зӕгъынмӕ. Йӕ чиныджы ис, Хуыцауы Ныхасы цы рӕсугъд раныхӕстӕ ис, уыдонӕй цалдӕр. 6-ӕм сӕр ын фыст у ӕргом ныхасы хуызы. Чиныгкӕсӕг цымыдисӕй фӕкӕсы, Михей иу хъуыдыйӕ иннӕмӕ, ӕлгъыстӕй арфӕмӕ куыд хизы, уый кӕсынӕй (Мих. 2:10, 12; 3:1, 12; 4:1). Ӕвзаджы фӕзилӕнтӕй куыд хорз пайда кӕны, уый ӕнӕбафиппайгӕ нӕй: Йегъовӕ йӕ бынатӕй куы рацӕуы, уӕд «хӕхтӕ йӕ быны батайынц, дӕлвӕзтӕ ныскъуыдтӕ вӕййынц, мыдадз арты куыд адон вӕййы, ӕмӕ дӕттӕ бӕрзонд бынӕттӕй дӕлӕмӕ куыд фӕкӕлынц, афтӕ» (1:4; кӕс ма 7:17).
8 Зӕгъӕн ис, ӕмӕ чиныг арӕзт у ӕртӕ хайӕ; алы хай дӕр райдайы дзырд «Байхъусут»-ӕй ӕмӕ дзы ис уайдзӕфтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ зӕрдӕвӕрдтӕ арфӕйы тыххӕй.
ЦЫ ПАЙДА У
16 Иу-2 700 азы размӕ Михейы пехуымпарӕдтӕ фӕахъаз сты Иудӕйы паддзах Езекийӕн, уымӕн ӕмӕ йын йӕ ныхӕстӕм байхъуыста ӕмӕ адӕмы сразӕнгард кодта, цӕмӕй ӕрфӕсмон кӕной ӕмӕ Йегъовӕмӕ раздӕхой (Мих. 3:9–12; Йер. 26:18, 19; абар 4 Пад. 18:1–4). Абон ацы пехуымпарӕдты чиныг у ноджы стырдӕр пайда. Байхъусут, Хуыцауӕн кувӕм, зӕгъгӕ, чи дзуры, уыдон се ’ппӕт дӕр, Михей мӕнг дины, мӕнгхуыцӕуттӕн кувыны, сайыны ӕмӕ тыхмийы ныхмӕ цы дзуры, уымӕ! (Мих. 1:2; 3:1; 6:1). Апостол Павел дӕр ацы фӕдзӕхсты тыххӕй дзуры 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11, зӕгъгӕ, ӕцӕг чырыстӕттӕ ӕхсад ӕрцыдысты, фӕлӕ ма ахӕм хъуыддӕгтӕ чи кӕна, уыдон Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзысты. Михейы 6:8 хуымӕтӕгӕй ӕмӕ бӕлвырдӕй дзырдӕуы, Йегъовӕ кӕй домы адӕймагӕй, цӕмӕй йемӕ цӕуа, рӕстӕй архайа, хӕларзӕрдӕ ӕмӕ бонзонгӕ уа.
17 Михей цы адӕмы ’хсӕн лӕггад кодта, уыдон афтӕ ныддихтӕ сты, ӕмӕ «адӕймаджы знӕгтӕ [систы] йӕ хӕдзаронтӕ». Ӕцӕг чырыстӕттӕ тынг арӕх фӕхъусын кӕнынц раст ахӕм уавӕрты, иуӕй-иутыл та суанг сӕ бинонтӕ хъоды бакӕнынц, йе та сӕ карзӕй бафхӕрынц. Уыдоны хъӕуы фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсын Йегъовӕмӕ, «сӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцаумӕ» (Мих. 7:6, 7; Матф. 10:21, 35–39). Ӕфхӕрд чи ӕййафы кӕнӕ организацийы зын хӕслӕвӕрд кӕмӕн ис, уыдон дӕр, кӕд сӕ ныфс Йегъовӕйыл ӕвӕрой, уӕд Михейау «сӕххӕст уыдзысты Йегъовӕйы сыгъдӕг удӕй», цӕмӕй йын дарддӕр дӕр хӕссой йӕ хабар. Михей загъта, зӕгъгӕ, ахӕм хъӕбатырдзинад уӕлдай тынгдӕр бӕрӕг уыдзӕн «Иаковӕй чи баззайа», уыдонмӕ. Уыдон «уыдзысты домбайау адӕмты ӕмӕ тынг бирӕ знӕмты ’хсӕн», уыимӕ ма уыдзысты «сатӕггӕнӕг ӕртӕхау ӕмӕ Йегъовӕйӕ рацӕугӕ тӕрккъӕвдайау». Ацы миниуджытӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, равдыстой Израилӕй (Иаковӕй) чи баззад, фыццӕгӕм ӕнусы чырыстон ӕмбырды уӕнгтӕ чи сси, уыдон (Мих. 3:8; 5:7, 8; Ром. 9:27; 11:5, 26).
18 Йесо Вифлеемы кӕй райгуырдзӕн, уыцы пехуымпарад кӕй сӕххӕст, уый канд уый нӕ бӕлвырд кӕны, чиныг Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, фӕлӕ ма нын хуыздӕр ӕмбарын кӕны ацы стихы контекст, Хуыцауы Паддзахад кӕй ӕрцӕудзӕн, Йесо Чырысти йӕ сӕргъы, афтӕмӕй. Йесо, Вифлеемы («Дзулы хӕдзар»-ы) чи райгуырд, уый сси царддӕттӕг лӕвар йе ’лхӕнӕг нывондыл ын чидӕриддӕр ӕууӕнды, уыдонӕн. Уый у, «Йегъовӕйы хъаруйӕ чи хизы» ӕмӕ чи скадджын, ӕмӕ зӕххыл фӕрнджын цардӕй зӕрдӕ ’вӕры Хуыцауы дзугӕн, йӕ къахыл чи слӕууыд ӕмӕ иумӕ ӕмбырдгонд чи ’рцыд, уыцы дзугӕн (Мих. 5:2, 4; 2:12; Иоан. 6:33–40).
19 Михейы пехуымпарӕдты чиныджы ис ныфсдӕттӕг ныхӕстӕ, «фӕстаг бонты» «бирӕ адӕмыхаттытӕ» кӕй ӕрӕмбырд уыдзысты, цӕмӕй сӕ Йегъовӕ ахуыр кӕна. «Сӕ хъаматӕй гутӕттӕ сараздзысты, сӕ ӕрцытӕй та – ӕхсырфтӕ. Адӕм кӕрӕдзимӕ ӕхсаргард нал сисдзысты ӕмӕ хӕцын нал ахуыр кӕндзысты. Алчидӕр сӕ баддзӕн йӕ сӕнӕфсиры бын ӕмӕ йӕ легъуи бӕласы бын ӕмӕ сын тас ницӕмӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ ӕфсӕдты Йегъовӕйы дзыхӕй рацыд ацы ныхас». Уыдон бынтондӕр сӕ къух систой мӕнг диныл, ӕмӕ Михейау фидарӕй дзурынц: «Мах... цӕудзыстӕм нӕ Хуыцау Йегъовӕйы номӕй алкӕддӕр – ӕнусӕй-ӕнустӕм». Михейы пехуымпарад нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад, цы ахсджиаг цаутӕ ’рцӕудзӕн, уыдон нын кӕй ӕргом кӕны, уымӕй. Ацы пехуымпарад ма махӕн ахсджиаг ноджыдӕр уымӕн у, ӕмӕ кадджын кӕны Дунедарӕг ӕмӕ ӕнусон Паддзах Йегъовӕйы. Куыд ахъарынц зӕрдӕйы мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Нырӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнусты дӕр уыдонӕн паддзах уыдзӕн Йегъовӕ Сионы хохыл» (Мих. 4:1–7; 1 Тим. 1:17).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «Ancient Near Eastern Texts», йӕ редактор Джеймс Притчард, 1974 аз, 284 ф., (англ.).
b «Assyrian and Babylonian Chronicles», йӕ редактор А. К. Грейсон, 1975 аз, 73 ф., (англ.).
c «Ancient Near Eastern Texts», 1974 аз, 288 ф., (англ.); «Фыстады ӕмбарынад», 2 том, 894, 895 фф., (англ.).