Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 май
    • 7, 8. Иов цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлд ӕмӕ, фидар ӕмӕ иузӕрдион кӕй уыд, уымӕй цы равдыста?

      7 Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй Сайтан Иовыл фӕд-фӕдыл цалдӕр бӕллӕхы ӕруагътаид (Иов 1:12–19). Иовӕн йӕ цард афтӕ цӕхгӕр куы фӕивта, уӕд йӕхи куыд дардта? Библийы кӕсӕм: «Иов тӕригъӕд нӕ ракодта ӕмӕ Хуыцауӕй ӕвзӕр ницы загъта» (Иов 1:22). Фӕлӕ Сайтан уӕддӕр нӕ басаст ӕмӕ йыл дарддӕр фаутӕ ӕвӕрдта: «Царм цармы тыххӕй. Адӕймаг йӕ уды тыххӕй, цыдӕриддӕр ӕм ис, уый ратдзӕн»a (Иов 2:4). Сайтаны зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ, дам, Иовӕн йӕхиуыл исты куы ’рцӕуа, уӕд Йегъовӕ йӕ царды ӕппӕты сӕйраг нал уыдзӕн.

  • Дӕ царды ӕппӕты сӕйраг чи у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 май
    • a Иуӕй-иу библииртасджыты хъуыдымӕ гӕсгӕ дзырдбаст «царм цармы тыххӕй» амоны, ӕмӕ, дам, Иов йӕхи «царм», ома цард, бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ уыд йӕ сывӕллӕтты ӕмӕ йӕ фосы «царм», ома цард, раттынмӕ дӕр. Иннӕтӕ та ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй цӕттӕ у, цӕмӕй йӕ царм фӕцъӕррӕмыхст уа кӕнӕ алыг уа. Зӕгъӕм, цӕмӕй йӕ сӕрыл цӕф ма суайа, уый тыххӕй йӕ сӕр йӕ къухӕй ахгӕндзӕн, ӕмӕ афтӕмӕй, чи зоны, йӕ къухы царм фӕцъӕррӕмыхст уа кӕнӕ алыг уа, фӕлӕ йӕхи та бахъахъхъӕндзӕн. Ацы дзырдбастӕн йӕ хъуыды куыдфӕнды ма уа, ӕвӕццӕгӕн, афтӕ ӕмбаргӕ у, ӕмӕ, дам, Иов йӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй алцыдӕр радтаид.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын