Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕ у стыр тыхы хицау
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
    • 5. Иегъовӕйы тых йӕ хъуыддӕгты куыд уынӕм?

      5 Кӕд мах дӕр Давидау Хуыцауы «хъуыддӕгтӕ» феныныл архайӕм, уӕд алы ран дӕр уындзыстӕм йе стыр тых — дымгӕ ӕмӕ уылӕнты, арвнӕрд ӕмӕ арвӕрттывды, абухгӕ цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ бӕрзонд хӕхты (Псалом 110:2; Иов 26:12—14). Уый ӕддейӕ, Иегъовӕ Иовӕн йӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, йе стыр тыхӕн цӕрӕгойтӕ дӕр кӕй сты ӕвдисӕн, уый. Уыдонӕй иу у бегемот, кӕнӕ гиппопотам. Иегъовӕ Иовӕн загъта: «Йӕ тых ис йӕ зӕнгты... йе стджытӕ сты ӕфсӕн цӕджындзтау» (Иов 40:10—13). Къамбец куыд тыхджын у, уый зындгонд уыд, Библи фыст куы цыдис, уыцы заманты дӕр ӕмӕ Давид куывта, цӕмӕй йӕ Хуыцау бахызтаид «домбайы дзыхӕй, ӕмӕ къамбецы сыкъатӕй» (Псалом 21:22, СПб; Иов 39:9—11, АМТ).

      6. Фыстады къамбец цы ӕвдисы ӕмӕ цӕмӕн? (Кӕс фиппаинаг.)

      6 Къамбец тынг тыхджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ дзы Библи пайда кӕны Иегъовӕйы тых равдисынӕнc. Апостол Иоанны цӕстылуайӕны Иегъовӕйы паддзахбадӕны алыварс ис цыппар удӕгас фӕлдисонды, ӕмӕ дзы иуӕн йӕ сӕр у роды сӕры хуызӕн (Раргомад 4:6, 7). Куыд зонӕм, афтӕмӕй уыцы цыппар херувимы ӕвдисынц Иегъовӕйы цыппар сӕйраг миниуӕджы, ӕмӕ уыдонӕй иу у тых. Иннӕтӕ та сты уарзондзинад, зондджындзинад ӕмӕ рӕстдзинад. Уӕдӕ Хуыцауы сӕйрагдӕр миниуджытӕй иу тых кӕй у, уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ хорз ӕмбарӕм, уыцы тых цы у ӕмӕ дзы куыд пайда кӕны, уый. Уый фӕрцы йӕм баввахсдӕр уыдзыстӕм ӕмӕ нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕм цасфӕнды тых ма уа, уӕддӕр дзы Уыйау раст пайда кӕнӕм (Ефесӕгтӕм 5:1).

  • Иегъовӕ у стыр тыхы хицау
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 мартъи
    • c Библи цы къамбецы кой кӕны, уый, ӕвӕццӕгӕн, уыд хъӕддаг гал (латинагау urus). Дыууӕ миназы размӕ уыцы цӕрӕгойтӕ уыдысты Галлийы (ныртӕккӕ у Францы территори), ӕмӕ Юлий Цезар уыдон тыххӕй ныффыста: «Уыдон [uri-тӕ] сты пылтӕй зына-нӕзына къаддӕр, се ’ддаг бакаст, сӕ хуыз ӕмӕ сӕ кондӕй та сты къамбецты хуызӕн. Уыдон сты тынг тыхджын ӕмӕ тынг цӕрдӕг: сӕ цӕст адӕймагыл схӕца ӕви исты сырдыл, ницӕуыл ауӕрдынц».

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын