Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • 3. Йегъовӕ нын цы дзуры ӕмӕ нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры?

      3 Йегъовӕ нын дзуры, цӕмӕй йӕм баввахс уӕм. Фӕнды йӕ, цӕмӕй йӕ хӕлӕрттӕ уӕм. Ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, куы йӕм баввахс уӕм, уӕд нӕм уый дӕр кӕй ӕрбаввахс уыдзӕн. Уӕд суыдзыстӕм «йе ’ввахс хӕлӕрттӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:32). Уымӕй хуыздӕр та царды ницы ис. Ӕввахс хӕлар у, дӕ сусӕг ныхас кӕмӕн радзурай, уый.

      4. Ӕввахс хӕлар кӕй ис схонӕн ӕмӕ Йегъовӕ ахӕм Хӕлар кӕй у, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      4 Ахӕм хӕлар дын ис? Ӕввахс хӕлар фӕхъуыды кӕны, дӕуӕн куыд хуыздӕр уа, ууыл. Иузӕрдион дыл кӕй у, уый тыххӕй йыл дӕ ныфс дарыс. Дӕ циныл дын фӕцин кӕны. Цӕуыл фӕмӕт кӕныс, уыдӕтты тыххӕй йын куы фӕдзурыс, уӕд дӕм байхъусы ӕмӕ дын дӕ зын бамбары, ӕмӕ дын фенцондӕр вӕййы. Афтӕ дӕм куы фӕкӕсы, ӕмӕ дӕ ничи ӕмбары, уӕддӕр дӕ уый бамбары. Уӕдӕ Хуыцаумӕ куы баввахс уай, уӕд суыдзӕн дӕ хуыздӕр Хӕлар. Уый дын аргъ кӕндзӕн, тыхсдзӕн дыл ӕмӕ дӕ уый куыд ӕмбардзӕн, афтӕ ничи (Псалом 103:14; 1 Петры 5:7). Хуыцауӕн дӕ бон у алцыдӕр радзурын, уымӕн ӕмӕ йӕ зоныс, иузӕрдион ыл чи у, ууыл уый дӕр иузӕрдион кӕй у (Псалом 18:25). Хуыцауы ӕввахс хӕлар уай, уый стыр кад у. Ӕмӕ уымӕн гӕнӕн ис, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы сарӕзта, ӕрмӕстдӕр уый фӕрцы.

  • Уый гӕнӕн ис, ӕмӕ Хуыцаумӕ баввахс уай?
    Баввахс у Йегъовӕмӕ
    • a Библийы кӕсӕм, зӕгъгӕ, Хуыцауӕн ис цӕсгом, цӕстытӕ, хъустӕ, фындзыхуынчъытӕ, дзых, къухтӕ ӕмӕ къӕхтӕ (Псалом 18:15; 27:8; 44:3; Исай 60:13; Матфейы 4:4; 1 Петры 3:12). Фӕлӕ уый комкоммӕ ӕмбаргӕ нӕу, Библи Йегъовӕйы «къӕдзӕх» кӕнӕ «уарт» кӕй хоны, уый комкоммӕ ӕмбаргӕ куыд нӕу, афтӕ (Дыккаг закъон 32:4; Псалом 84:11).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын