Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 август
    • Адӕмтӕ тыхст змӕст кӕнынц

      4. Псалом 2:1, 2 стихты сӕйраг хъуыды цы у?

      4 Псаломзарӕггӕнӕг йӕ зарӕг райдайы, адӕмтӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ цы митӕ кӕнынц, уый койӕ: «Цӕмӕн тыхст змӕст кӕнынц адӕмтӕ, ӕмӕ адӕмыхӕттытӕ дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц? Зӕххы паддзӕхтӕ сыстынц, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ иумӕ уынаффӕ кӕнынц Хицауы ныхмӕ ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ» (Псалом 2:1, 2)a.

      5, 6. «Адӕмыхӕттытӕ» цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд» кӕнынц?

      5 Абон та «адӕмыхӕттытӕ» цавӕр «дзӕгъӕл фӕнд кӕнынц»? Уыдон Хуыцауы Байсӕрсты — Мессиайы, ома Чырыстийы — бӕрны сӕхи нӕ кӕнынц, фӕлӕ хъуыды кӕнынц, сӕ бартӕ сын куыд ничи байса, ууыл. Псаломы 2:1, 2 ныхӕстӕ ма сӕххӕст сты фыццаг ӕнусы дӕр, дзуттаг ӕмӕ ромаг хицӕуттӕ, ӕмдзырд бакӕнгӕйӕ, Хуыцауы ӕвзӕрст Паддзахы, Йесо Чырыстийы, марынвӕнд куы скодтой, уӕд. Сӕйраджыдӕр та ӕххӕст кӕнын райдыдтой 1914 азы, Хуыцау Йесойы уӕлӕрвты Паддзахӕй куы сӕвӕрдта, уӕд. Уӕдӕй фӕстӕмӕ нырма иу зӕххон хицауад дӕр нӕ басаст уӕларвон Паддзахӕн.

      6 Цы нысан кӕны псаломзарӕггӕнӕджы фарст: «Адӕмыхӕттытӕ дзӕгъӕл фӕнд [цӕмӕн] кӕнынц?» Уый ӕмӕ сӕ фӕндтӕ сты дзӕгъӕлы, ницы сын дзы рауайдзӕн. Уыдон а-зӕххыл сабырдзинад никуы ӕрӕвӕрдзысты, адӕмы кӕрӕдзиимӕ никуы бафидауын кӕндзысты. Уый нӕ, фӕлӕ ма цы аразынц — у Стыр Хуыцауы ныхмӕ. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ йын йӕхи ӕмӕ йӕ Сӕрсты ныхмӕ уынаффӕ кӕнынц. Уымӕй ӕнӕзонддӕр хъуыддаг ма цы хъуамӕ уа!

      Иегъовӕйы кадджын Паддзах

      7. Йесойы фыццаг фӕдылдзӕуджыты куывдӕй куыд зыны, афтӕмӕй Псалом 2:1, 2 стихтӕ кӕмӕ хауынц?

      7 Рагон чырыстӕттӕ зыдтой, Псалом 2:1, 2 ныхӕстӕ Йесомӕ кӕй хауынц. Сӕ дины тыххӕй сӕ фӕдыл куы зылдысты, уӕд куывтой: «Хицау Хуыцау [Иегъовӕ], арв ӕмӕ зӕхх ӕмӕ денджызтӕ ӕмӕ ӕппӕт уыдоны цы ис, уыдон Скӕнӕг! Ды нӕ фыд, Дӕ цагъар Давиды хъӕлӕсӕй загътай Сыгъдӕг Удӕй: „цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕ, ӕмӕ адӕм сфӕнд кодтой ӕнӕпайда хъуыддаг? Сыстадысты зӕххон паддзӕхтӕ, ӕмӕ ӕлдӕрттӕ ӕрӕмбырд сты иумӕ Хицауыл ӕмӕ Йӕ Чырыстийыл“. Уымӕн ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрӕмбырд сты ацы сахары Дӕ Сыгъдӕг Фырт Йесойыл, Дӕуӕй сӕрстыл, Ирод [Антипӕ] ӕмӕ Понтий Пилат муртаттимӕ ӕмӕ Израилаг адӕмимӕ» (Куыстытӕ 4:24—27; Лукайы 23:1—12)b. Хъуыддаг раст афтӕ уыд: фыццаг ӕнусы Хуыцауы сӕрст лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ фыдвӕнд скодтой. Фӕлӕ ма ацы псалом хъуамӕ сӕххӕст уыдаид бирӕ ӕнусты фӕстӕ дӕр.

      8. Псалом 2:3 абон адӕмтӕ куыд ӕххӕст кӕнынц?

      8 Раджы заманты, Израилы зӕххон паддзӕхтӕ куы уыд, зӕгъӕм, Давид, уӕд муртакк адӕмтӕ ӕмӕ паддзӕхтӕ ӕмвӕндӕй цыдысты Хуыцау ӕмӕ йӕ сӕрст паддзахы ныхмӕ. Абон та? Абон дӕр адӕмтӕ, Иегъовӕ ӕмӕ Мессиа цы дзурынц, уымӕ нӕ хъусынц. Псаломзарӕггӕнӕг уыдоны номӕй дзуры: «Аскъуынӕм сын сӕ бӕттӕнтӕ, ӕмӕ аппарӕм нӕхицӕй сӕ хъадамантӕ» (Псалом 2:3). Хуыцау ӕмӕ йӕ Сӕрст, Йесо, хицӕуттӕ ӕмӕ адӕмтӕн цӕмӕйфӕнды ма зӕгъа, уый ма бакӕнут зӕгъгӕ, уӕд ссонт вӕййынц. Фӕлӕ сын, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыцы «бӕттӕнтӕ» аскъуынын ӕмӕ «хъадамантӕ» аппарын нӕ рауайдзӕн.

  • Иегъовӕ йӕ «уынаффӕ» сӕххӕст кӕндзӕн
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 август
    • a Фыццаг «Байсӕрст» уыд паддзах Давид, «зӕххы паддзӕхтӕ» та — филистимаг паддзӕхтӕ, се стыр ӕфсӕдтимӕ йӕ ныхмӕ чи рацыд, уыдон.

      b Чырыстон Грекъаг Фыстыты ма ӕндӕр стихтӕ дӕр амонынц, 2 псаломы Хуыцауы Сӕрст чи хуыйны, уый Йесо Чырысти кӕй у. Зӕгъӕм, абарӕм Псалом 2:7 ӕмӕ Куыстытӕ 13:32, 33, Дзуттытӕм 1:5; 5:5; Псалом 2:9 та — Раргомад 2:27.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын