Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • «Иегъовӕ уӕд дӕ цин»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 декабрь
    • «Хӕлӕг ма кӕн»

      3, 4. Псалом 36:1 стихмӕ гӕсгӕ Давид цавӕр уынаффӕ радта ӕмӕ уыцы уынаффӕ абон дӕр йӕ тыхы цӕмӕн у?

      3 Мах цӕрӕм «ӕнахуыр уӕззау рӕстӕджыты» (НД), фыддзинад у тынг арӕх. Уынӕм, куыд ӕххӕст кӕнынц апостол Павелы ныхӕстӕ: «Фыдзӕрдӕ адӕм та ӕмӕ сайджытӕ ӕнтыстджын уыдзысты фыддзинады, рӕдийындзинадмӕ кӕнгӕйӕ ӕмӕ рӕдийгӕйӕ» (2 Тимофеймӕ 3:1, 13). Фыдадӕмы цард хъал ӕмӕ ӕнӕмӕт хуыз кӕй у, уымӕ кӕсгӕйӕ куыд ӕнцон у сагъӕсты ныххауын! Уыдӕттӕ нӕ, гӕнӕн ис, къуылымпы кӕной, нӕ монон цӕстырухс нын мынӕг кӕной. Ӕркӕсӕм ма, 36-ӕм Псалмы фыццаг ныхӕстӕ нын уыцы тӕссаг уавӕрмӕ куыд амонынц: «Иузӕрдион ма у фыдгӕнджытыл [«фыдгӕнджытӕм кӕсгӕйӕ мӕсты ма кӕн», НД], хӕлӕг ма кӕн ӕнӕзакъондзинад кӕнджытӕм».

      4 Дзыллон хабархӕссӕг фӕрӕзтӕ нӕ алы бон дӕр ӕнӕраст хъуыддӕгты фӕдыл хабӕртты бын фӕкӕнынц. Амалхъом адӕмӕй йӕ къухтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, уыдон донӕй сурӕй рахизынц. Фыдгӕнджытӕ ӕнӕфӕхӕцӕг адӕмы фӕллойӕ сӕ цард аразынц. Лӕгмарты не ссарынц, йе та ӕнӕ ӕфхӕрдӕй баззайынц. Ӕппӕт адӕттыл, рӕстдзинад куыд сзыгъуыммӕ, ууыл, чи зоны мӕсты кӕнӕм ӕмӕ нын удӕнцой ма дӕтта. Афтӕ нӕм кӕй кӕсы, ӕмӕ фыдгӕнджытӕ цардӕй къӕртт ӕппарынц, уымӕ гӕсгӕ сӕм, гӕнӕн и, хӕлӕг кӕнын дӕр райдайӕм. Фӕлӕ уыдӕттыл нӕ нуӕрттӕ куы халӕм, уӕд цымӕ уавӕр фӕхуыздӕр уыдзӕн? Фыдгӕнджыты «дзӕнӕты цардмӕ» куы хӕлӕг кӕнӕм, уӕд уымӕй, цы сӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый фӕивдзӕн? Нӕ! Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, хъуамӕ «мӕсты ма кӕнӕм». Цӕуылнӕ?

  • «Иегъовӕ уӕд дӕ цин»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 декабрь
    • 6. Псаломы 36:1, 2 стихтӕй зондӕн нӕ бон цы у райсын?

      6 Уӕдӕ фыдгӕнджыты рӕстӕгмӕйы хъал царды тыххӕй хъуамӕ мӕсты кӕнӕм? 36 псаломы фыццаг дыууӕ стихӕй зондӕн мӕнӕ цы ис райсӕн: сӕ бухъ цардӕн уый бар ма ратт, цӕмӕй Иегъовӕйӕн лӕггад кӕныны фӕндагӕй фӕиппӕрд уай. Уый нӕ, фӕлӕ алкӕддӕр фыццаг бынаты ӕвӕр монон арфӕдзинӕдтӕ ӕмӕ нысӕнттӕ (Ӕмбисӕндтӕ 23:17).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын