-
Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
25 УРОК
Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?
Библийы фыст ис, цард кӕй у «цыбыр ӕмӕ мастӕй дзаг» (Иов 14:1). Цымӕ Хуыцауы фӕнды, цӕмӕй цард ахӕм уа? Кӕд нӕ, уӕд ӕм адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис? Ӕмӕ уыцы фӕнд искуы сӕххӕст уыдзӕн? Ӕркӕсӕм-ма, Библийы ацы фарстатӕн цавӕр дзуапп ис.
1. Йегъовӕйы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕм куыд хъуамӕ цӕрой?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджынӕй цӕрӕм. Хуыцау фыццаг нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы, Адам ӕмӕ Евӕйы, куы сфӕлдыста, уӕд сӕ ӕрцӕрын кодта дзӕнӕты, Едемы цӕхӕрадоны. Уый фӕстӕ сын «Хуыцау раарфӕ кодта ӕмӕ сын загъта: „Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут“» (Райдиан 1:28). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй сын сывӕллӕттӕ уыдаид, ӕнӕхъӕн зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сарӕзтаиккой ӕмӕ цӕрӕгойтӕм зылдаиккой. Фӕндыд ӕй, цӕмӕй адӕм иууылдӕр ӕнӕниз уыдаиккой ӕмӕ ӕнустӕм цардаиккой.
Кӕд абон цард ахӕм нӕуa, уӕддӕр Хуыцауӕн йӕ фӕнд нӕ аивта (Исай 46:10, 11). Фӕнды йӕ, цӕмӕй, йӕ коммӕ чи кӕсы, уыцы адӕм зӕххыл дзӕнӕты ӕнустӕм цӕрой. (Бакӕс Раргомад 21:3, 4.)
2. Абон дӕр амондджын ӕмӕ цардӕй райгонд цӕй фӕрцы уыдзыстӕм?
Мах афтӕ конд стӕм, ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрын нӕ бон нӕу, ома нӕ фӕнды Хуыцауы зонын ӕмӕ йын лӕггад кӕнын. (Бакӕс Матфейы 5:3–6.) Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йе ’ввахс хӕлӕрттӕ уӕм, йе ’ппӕт фӕндӕгтыл ын цӕуӕм, уарзӕм ӕй ӕмӕ йын ӕппӕт зӕрдӕйӕ лӕггад кӕнӕм (Дыккаг закъон 10:12; Псалом 25:14). Афтӕ куы кӕнӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм, зындзинӕдтыл куы ’мбӕлӕм, уӕд дӕр. Адӕймаг Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕна, уӕд йӕ цардӕй райгонд уыдзӕн.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, Йегъовӕ адӕмы кӕй уарзы, уый куыд зыны, зӕхх куыд сфӕлдыста, уымӕй. Стӕй ма базон, йӕ Ныхасы цы фыст ис, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый тыххӕй.
3. Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй ис диссаджы фӕнд
Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Хуыцау зӕхх цӕмӕн сфӕлдыста?
Бакӕсут Екклесиаст 3:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ацы стихмӕ гӕсгӕ, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис?
4. Йегъовӕйӕн йӕ фӕнд нӕ аивта
Бакӕсут Псалом 37:11, 29 ӕмӕ Исайы 55:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕ йӕ фӕнд кӕй нӕ аивта?
Хӕдзар заууатмӕ куы ’рцӕуы, уӕд ӕй сцалцӕг кӕнӕн вӕййы. Адӕмы аххосӕй зӕхх заууатмӕ ӕрцыд, фӕлӕ дзы Хуыцау, чи йӕ уарзы, уыдоны тыххӕй ногӕй дзӕнӕт сараздзӕн
5. Йегъовӕйӕн куы лӕггад кӕнӕм, уӕд нӕ цардӕй райгонд уыдзыстӕм
Адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый куы зонӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.
Терумийӕн цы пайда ӕрхаста, адӕймаг цӕмӕн цӕры, уый кӕй базыдта, уый?
Бакӕсут Екклесиаст 12:13 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йегъовӕ нын бирӕ хорздзинӕдтӕ кӕй сарӕзта, уымӕ гӕсгӕ нӕ хӕс цы у?
ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Кӕд адӕм иууылдӕр мӕлгӕ кӕнынц, уӕд нӕ Хуыцау цӕмӕн сфӕлдыста?»
Цавӕр дзуапп ын раттис?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрӕм. Йегъовӕйӕн ӕппӕт зӕрдӕйӕ куы лӕггад кӕнӕм, уӕд абон дӕр амондджын уыдзыстӕм.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы цӕмӕн сфӕлдыста?
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Хуыцаумӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый кӕй нӕ фӕивта?
Амондджын цӕй фӕрцы уыдзынӕ?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Едемы цӕхӕрадон ӕцӕгӕйдӕр кӕй уыд, уымӕн цавӕр бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис.
«Едемы цӕхӕрадон. Ӕцӕг хабар у ӕви ӕрымысгӕ» (2011 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
Базон, цӕмӕн ис фидарӕй зӕгъӕн, зӕхх кӕй никуы фесӕфдзӕн.
Базон, Библимӕ гӕсгӕ цы хъуамӕ аразай, цӕмӕй амондджын уай.
Иу нӕлгоймагмӕ афтӕ каст, ӕмӕ ӕппындӕр ницы цух у. Базон, царды йын цы нӕ фаг кодта, уый куыд ссардта.
a Иннӕ урокӕй базондзынӕ, абон цард, Хуыцауы куыд фӕнды, ахӕм цӕуылнӕ у.
-
-
Цы у Хуыцауы Паддзахад?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Йесоимӕ разамынд чи дӕтдзӕн?
Йесо разамынд иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн. Адӕм «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй... зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10). Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ цал адӕймаджы уыдзысты? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ милуангай адӕм систы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ. Фӕлӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймаджы. (Бакӕс Раргомад 14:1–4.) Иннӕ чырыстӕттӕ та уыдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл (Псалом 37:29).
-
-
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Ӕмӕ тагъд зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ алцыдӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.
1. Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ фарн куыд ӕрхӕсдзӕн?
Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо фыдгӕнӕг адӕмы ӕмӕ хицауӕдты Армагеддоны хӕсты фесафдзӕн (Раргомад 16:14, 16). Уӕд сӕххӕст уыдзысты Библийӕ ацы ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн» (Псалом 37:10). Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Йесо ӕгас зӕххыл дӕр ӕрфидар кӕндзӕн рӕстдзинад ӕмӕ фарн. (Бакӕс Исайы 11:4.)
2. Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы уа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?
Хуыцауы Паддзахады дӕлбар «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕм иууылдӕр сты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзи уарзынц. Уый уыдзӕн диссаджы цард! Ничиуал рынчын кӕндзӕн, ӕмӕ иууылдӕр ӕнустӕм цӕрдзысты.
3. Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Йесо 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах. Уыцы рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 ӕххуыс кӕндзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Миназы кӕронмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ цӕрдзысты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ. Уый фӕстӕ Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. Уӕд Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн, уӕдмӕ куыд никуы срухс, афтӕ (Матфейы 6:9, 10). Сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ хорз Хицау кӕй у ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл кӕй тыхсы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ фесафдзӕн Хӕйрӕджы, дӕлимонты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны (Раргомад 20:7–10). Хуыцауы Паддзахад цы диссаджы цард сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый.
4. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн зӕххон хицауӕдтӕн
«Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы уымӕн кӕрон скӕндзӕн.
Бакӕсут Данелы 2:44 ӕмӕ 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕххон хицауӕдтӕн ӕмӕ, сӕ фарс чи у, уыдонӕн цы бакӕндзысты?
Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, рӕстӕй кӕй архайдзысты, ууыл?
5. Йесо у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах
Зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо бирӕ хорздзинӕдтӕ сараздзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йесо куыд равдыста, кӕй йӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын Хуыцау уымӕн хъарутӕ кӕй радта.
Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Дӕлдӕр цы арфӕдзинӕдты кой ис, уыдонӕй тынгдӕр кӕцытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Бакӕсут, цы стихтӕ дзы ис, уыдон, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонай.
ЙЕСО ЗӔХХЫЛ ЦӔРГӔЙӔ...
ЙЕСО УӔЛӔРВТӔЙ...
равдыста, йӕ бар кӕй цӕуы ӕрдзы тыхтыл (Марчы 4:36–41).
адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (Исай 35:1, 2).
мингӕйтты диссаджы хуызы ӕфсӕста (Матфейы 14:17–21).
ӕххормагдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 72:16).
бирӕты сӕ низтӕй сдзӕбӕх кодта (Лукайы 18:35–43).
адӕмы сӕ низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (Исай 33:24).
мӕрдты ӕгас кодта (Лукайы 8:49–55).
мӕрдты райгас кӕндзӕн, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн (Раргомад 21:3, 4).
6. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн
Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый. Адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йегъовӕ Йесойы руаджы йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.
Бакӕсут Псалом 145:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Цы хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыздӕр хицауад нын куы уа, уӕд нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».
Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй уӕлдай кӕрон цавӕр зындзинӕдтӕн скӕндзӕн?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Хуыцауы Паддзахад йӕ нысан сӕххӕст кӕндзӕн: ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ дзы цӕрдзысты хорз адӕм. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕнустӕм.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд срухс кӕндзӕн?
Хуыцауы Паддзахад Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?
Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, Армагеддон цы у, уый.
Базон, Йесо Матфейы 24:21 стихы «стыр бӕллӕх» кӕй схуыдта, уыцы рӕстӕг цытӕ цӕудзӕн, уый.
Фен, бинонтӕн сӕ бон куыд у иумӕ Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын.
Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Бирӕ фарстатӕ мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой», зӕгъгӕ, базондзынӕ, раздӕр хицауады ныхмӕ кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй базыдта, цард цӕй фӕрцы фӕивдзӕн, уый.
«Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
-