Библийы чиныг 60 – 1 Петры
Ныффыста йӕ: Петр
Кӕм ӕрцыд фыст: Вавилоны
Фыст фӕцис: н. э. 62–64 азтӕм ӕв.
ФЫЦЦАГ чырыстӕттӕ алы рӕтты хъусын кодтой Хуыцауы рӕсугъд миниуджыты тыххӕй. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цыди ӕмӕ парахат кодта ӕнӕхъӕн Ромы паддзахады. Фӕлӕ чырыстӕтты сӕ алыварс цӕрӕг адӕм цыдӕр хъуыддӕгты не ’мбӕрстой. Зӕгъӕм, сӕ дин Иерусалимы кӕй фӕзынд ӕмӕ дзуттӕгтӕ кӕй уыдысты, уымӕ гӕсгӕ сӕ иуӕй-иутӕ хӕццӕ кодтой, ромаг закъӕтты ныхмӕ чи уыд ӕмӕ хицауадӕн сӕрнизы хос чи уыд, уыцы дзуттаг зелоттимӕ. Уымӕй уӕлдай чырыстӕттӕ паддзахӕн нывӕндтӕ нӕ хастой, стӕй мӕнг динты ӕгъдӕуттӕ не ’ххӕст кодтой. Уый тыххӕй чырыстӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ сӕ уырнындзинады тыххӕй бирӕ зындзинӕдтӕ ’взӕрстой. Растдӕр уыцы рӕстӕг Петр ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг, уымӕн ӕмӕ сыгъдӕг уды фӕрцы ӕмбӕрста, зындзинӕдтыл кӕй сӕмбӕлдзысты. Ӕмӕ чырыстӕтты разӕнгард кодта, цӕмӕй фидар лӕууыдаиккой ӕмӕ сын радта уынаффӕтӕ, паддзах Нероны рӕстӕг сӕхи куыд дарой, уый фӕдыл. Петр йӕ фыстӕг ныффыста хорз афон, уымӕн ӕмӕ бирӕ нӕ рацыд, афтӕ чырыстӕтты ӕфхӕрын райдыдтой.
2 Ацы фыстӕг Петр кӕй ныффыста, уый бӕрӕг у фыстӕджы фыццаг ныхӕстӕй дӕр. Уымӕй уӕлдай ма Ириней, Александриаг Климент, Ориген ӕмӕ Тертуллиан ацы фыстӕгӕй хастой скъуыддзӕгтӕ ӕмӕ йӕ нымадтой Петры фыстӕгылa. Петры фыццаг фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, уымӕн ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ, иннӕ фыстӕджытӕн куыд ис, афтӕ. Евсеви (н. э. 260–342 азтӕм ӕв.) дзырдта, зӕгъгӕ, аргъуаны хистӕртӕ арӕх пайда кодтой ацы фыстӕгӕй. Уыцы заманты ничи дызӕрдыг кодта, ацы фыстӕг Фыстады хай кӕй у, ууыл. Пайда дзы кодтой Игнат, Ерма ӕмӕ Варнавӕ (цардысты 2 ӕнусы райдиан)b. Петры фыццаг фыстӕг Библийы иннӕ чингуытимӕ у ӕнгом баст. Ис дзы ахсджиаг хабар, дзуттаг ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕй чи уыд, уыцы чырыстӕттӕй «Понтмӕ, Галатимӕ, Каппадокимӕ, Азимӕ ӕмӕ Вифинимӕ» рӕстӕгмӕ чи алыгъд, уыдонӕн (Къаннӕг Азийы облӕсттӕ) (1 Пет. 1:1).
3 Кӕд ныффыста Петр йӕ фыстӕг? Фыстӕгӕй бӕрӕг у, чырыстӕттӕн фӕлварӕнтӕ кӕй уыд – мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг адӕм, кӕнӕ сын дзуттӕгтӕ зындзинӕдтӕ ’взарын кодтой. Фӕлӕ уӕд Нерон чырыстӕтты ӕфхӕрын нӕма райдыдта (уый уыд н. э. 64 азы). Ӕвӕццӕгӕн, Петр йӕ фыстӕг ныффыста уыцы хабӕртты хӕдразмӕ, чи зоны, н. э. 62 ӕмӕ 64 азты ’хсӕн. Уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у, уыцы рӕстӕг Марк Петримӕ кӕй уыд, уый. Павел фыццаг хатт Ромы ахӕстоны куы бакодтой (н. э. 59–61 азтӕм ӕв.), уӕд Марк йемӕ уыд, фӕлӕ йӕ ацӕуын хъуыди Къаннӕг Азимӕ. Павелы дыккаг хатт ахӕстоны куы сбадын кодтой (н. э. 65 азмӕ ӕв.), уӕд та йӕм Марк ӕрцӕуинаг уыд (1 Пет. 5:13; Кол. 4:10; 2 Тим. 4:11). Ӕмӕ цалынмӕ Павелы дыккаг хатт ахӕстоны нӕ бакодтой, уӕдмӕ Марк уыд Петримӕ Вавилоны.
4 Кӕм ныффыста Петр йӕ фыццаг фыстӕг? Фыстӕгыл ӕууӕндӕн кӕй ис, Хуыцауы фӕндӕй фыст кӕй у, чи йӕ ныффыста ӕмӕ кӕд, уыцы фарстаты фӕдыл Библи иртасджытӕ иу хъуыдыйыл хӕст сты. Фӕлӕ фыст кӕм ӕрцыд, уый тыххӕй та сӕм ис алыхуызон хъуыдытӕ. Петры ныхӕстӕм гӕсгӕ, йӕ фыццаг фыстӕг ныффыста Вавилоны (1 Пет. 5:13). Фӕлӕ иуӕй-иутӕ хъуыды кӕнынц, зӕгъгӕ йӕ Ромы ныффыста, «Вавилон» та уыд Ромы фӕсномыг ном. Фӕлӕ ахӕм хъуыдыйӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Библийы никуы ис фыст, Ром ма Вавилон хуыдтой, уый. Петр йӕ фыстӕджы бӕлвырд бынӕтты кой кодта, зӕгъӕм, Понт, Галати, Каппадоки, Ази ӕмӕ Вифини (1:1). Уымӕ гӕсгӕ Вавилон дӕр бӕлвырд горӕт уыд. Петр Вавилоны уыд ахсджиаг хъуыддаджы фӕдыл. Хъуамӕ хорз хабар хъусын кодтаид, сунӕтгонд чи у, уыдонӕн, ӕмӕ Вавилоны та уыд бирӕ дзуттӕгтӕ (Гал. 2:7–9). Иу энциклопедийы фыст ис, зӕгъгӕ, Вавилойнаг Талмуд кӕм ныффыстой, ныхас ууыл куы фӕцӕуы, уӕд фӕамонынц «Вавилоны стыр [дзуттаг] академитӕм»c.
5 Фыстад, уыимӕ Петры дыууӕ фыстӕджы дӕр нӕ дзурынц, зӕгъгӕ, Петр Ромы уыд. Павел йӕхи тыххӕй дзырдта, Ромы кӕй уыд, фӕлӕ никуы загъта, Петр дӕр уым уыд, зӕгъгӕ. Павел йӕ фыстӕджы Ромӕгтӕм 35 адӕймаджы ном ныффыста ӕмӕ дзы 26 адӕймагӕн та салӕмттӕ арвыста. Фӕлӕ цымӕ Петры кой цӕуылнӕ скодта? Уымӕн ӕмӕ Петр уыцы рӕстӕг уым нӕ уыд (Ром. 16:3–15). Уӕдӕ Петр йӕ фыццаг фыстӕджы цы «Вавилоны» кой ракодта, уый уыд, ӕцӕгдӕр Месопатамийы Ефраты донбыл цы Вавилон лӕууыд, уый.
ЦЫ ПАЙДА У
11 Петры фыццаг фыстӕджы ис хорз уынаффӕ цӕстдарджытӕн. Иоанны 21:15–17 ӕмӕ Хъуыддӕгты 20:25–35 кӕсӕм Йесойы ӕмӕ Павелы уынаффӕтӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Петр дӕр йӕ фыстӕджы загъта, зӕгъгӕ, цӕстдарӕг дзуг йӕхи пайдайы тыххӕй нӕ, фӕлӕ ӕнӕзивӕгӕй ӕмӕ зӕрдиагӕй кӕй хъуамӕ хиза. Цӕстдарӕг «хистӕр фыййау» Йесо Чырыстийы ӕххуысгӕнӕг у ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсы. Уый хъуамӕ тыхса хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртыл, фӕзминаг ӕмӕ сӕрныллӕг уа, уымӕн ӕмӕ йын дзуапп дӕттынц Хуыцауы дзуджы тыххӕй (5:2–4).
12 Петр ма йӕ фыстӕджы загъта, чырыстӕттӕ коммӕгӕс цы хъуыддӕгты хъуамӕ уой, уый тыххӕй, ӕмӕ сын радта хорз уынаффӕтӕ. 1 Петры 2:13–17 ис фыст, хицӕуттӕн коммӕгӕс кӕй хъуамӕ уӕм, уый тыххӕй. Фӕлӕ алы хъуыддаджы нӕ, уымӕн ӕмӕ чырыстӕттӕ сты Хуыцауы цагъартӕ ӕмӕ тӕрсынц сӕ Хицауӕй. Петр цагъарты разӕнгард кодта, цӕмӕй сӕ хицӕутты коммӕ кастаиккой ӕмӕ фидар лӕууыдаиккой, кӕд ӕфхӕрд ӕййӕфтой, уӕд, «цӕмӕй Хуыцауы раз сӕ цӕсгом сыгъдӕг» уыдаид. Устытӕн дӕр уынаффӕ радта, цӕмӕй сӕ лӕгты коммӕ кӕсой, кӕд сын уырнӕг не сты, уӕд дӕр, хӕдӕфсарм кӕй сты ӕмӕ сӕ кӕй нымайынц, уый бӕрӕг куыд уа, уымӕн ӕмӕ уый «Хуыцауы цӕсты тынг зынаргъ» у. Афтӕмӕй чи зоны, сӕ лӕгтӕ раст фӕндагыл дӕр слӕууой. Уый куыд ахсджиаг у, уый равдисынӕн Петр цӕвиттонӕн ӕрхаста, Саррӕ Авраамӕн куыд коммӕгӕс уыд, уый (1 Пет. 2:17–20; 3:1–6; Райд. 18:12). Сылгоймӕгтӕ лӕмӕгъдӕр кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ лӕгтӕ хъуамӕ сӕ хӕстӕ уарзондзинадимӕ ӕххӕст кӕной. Стӕй ма Петр загъта: «Сымах дӕр, кӕстӕртӕ, хистӕрты коммӕ кӕсут». Уый фӕстӕ загъта, сӕрныллӕг кӕй хъуамӕ уой, ӕмӕ ӕнӕхъӕн фыстӕджы дӕр дзуры, уыцы чырыстон миниуӕг ахсджиаг кӕй у, ууыл (1 Пет. 3:7–9; 5:5–7; 2:21–25).
13 Чырыстӕтты та ногӕй карзӕй ӕфхӕрын куы райдыдтой, уыцы рӕстӕг сӕ Петр тынг бафидар кодта, ӕмӕ абон дӕр ахӕм фӕлварӕнтыл чи ӕмбӕлы, уыдонӕн йӕ фыстӕг у стыр ӕххуыс. Нӕ хъус ма ӕрдарӕм, Дзуттаг Фыстытӕй Йегъовӕйы ныхӕстӕ куыд ӕрхаста, уымӕ: «Ут сыгъдӕг, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн сыгъдӕг» (1 Пет. 1:16; Лев. 11:44). Уый фӕстӕ та ногӕй скъуыддзӕгтӕ ӕрхаста Фыстады иннӕ чингуытӕй ӕмӕ бамбарын кодта, чырыстон ӕмбырд куыд арӕзт у, уый – Хуыцауы хӕдзар Чырыстийы бындурыл удӕгас дуртӕй арӕзт куыд у, афтӕ. Цӕмӕн? Петр дзуапп радта: «Сымах та стут „ӕвзӕрст мыггаг, паддзӕхтӕ ӕмӕ сауджынтӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцау йӕхи кӕй бакодта, уыцы адӕм, цӕмӕй алы рӕтты хъусын кӕнат“, талынгӕй уӕ йӕ диссаджы рухсмӕ чи ӕрхуыдта, уымӕн йӕ „рӕсугъд миниуджыты тыххӕй“» (1 Пет. 2:4–10; Ис. 28:16; Пс. 118:22; Ис. 8:14; Рац. 19:5, 6; Ис. 43:21; Ос. 1:10; 2:23). Уыцы «сауджынтӕн» ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг адӕмӕн се ’ппӕтӕн дӕр Петр дзуры, Хуыцауы Паддзахад зӕрдӕ кӕй ӕвӕры, «ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, сыгъдӕг чи у ӕмӕ рӕстӕджы бар кӕуыл нӕ цӕуы, ахӕм бынтӕй», «ӕмбийгӕ чи нӕ кӕны, ахӕм кадыхудӕй», ӕмӕ сӕм Чырыстийы фӕрцы «ӕнусон кад» кӕй ӕрхаудзӕн, уымӕй. Афтӕмӕй уыцы зӕрдӕвӕрдтӕ стыр ныфс уадзынц, цӕмӕй дарддӕр дӕр цин кӕной, йӕ «кад куы раргом уа, уӕд дӕр [кӕй] уыдзысты хъӕлдзӕг ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нӕ уыдзӕн» (1 Пет. 1:4; 5:4, 10; 4:13).
[Фиппаинӕгтӕ]
a «McClintock and Strong’s Cyclopedia», 1981 reprint, Vol. VIII, p. 15.
b «New Bible Dictionary», second edition, 1986, edited by J. D. Douglas, p. 918.
c «Encyclopaedia Judaica», Jerusalem, 1971, Vol. 15, col. 755.