-
Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Цӕмӕй сыгъдӕг уӕм, уый тыххӕй нӕхи цавӕр хъуыддӕгтӕй хъуамӕ хизӕм?
Библи нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй «нӕхи ссыгъдӕг кӕнӕм, нӕ буар ӕмӕ нын нӕ зонд цыдӕриддӕр чъизи кӕны, уыдӕттӕй» (2 Коринфӕгтӕм 7:1). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕхи хизӕм, нӕ буарӕн нын зиан цы ’рхӕсдзӕн кӕнӕ нын нӕ зондахастыл ӕвзӕрырдӕм цы фӕзындзӕн, уыдӕттӕй. Нӕ хъуыдытӕ хъуамӕ Йегъовӕйӕн ӕхсызгон уой (Псалом 19:14). Ӕмӕ уый тыххӕй та хъуамӕ, нӕ бон цыдӕриддӕр у, уый аразӕм, цӕмӕй ӕвзӕр хъуыдытӕ нӕ сӕрӕй сурӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй нӕ дзыхыныхас сыгъдӕг уа. (Бакӕс Колоссӕгтӕм 3:8.)
Адӕймаг ма ноджыдӕр сыгъдӕг цӕй тыххӕй нал вӕййы? Адӕймагӕн йӕ буар фӕчъизи вӕййы, зӕгъӕм, тамакойӕ, бетель кӕнӕ кокӕйы сыфтӕ ӕууилынӕй, наркотиктӕй ӕмӕ, йӕхи кӕмӕй нал фембары, ахӕм хостӕй (кӕд ын сӕ дохтыртӕ нӕ рафыстой, уӕд). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ уыдӕттӕй нӕхи хизӕм. Уӕд ӕнӕниздӕр уыдзыстӕм ӕмӕ бӕрӕг уыдзӕн, цардӕн кӕй аргъ кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма хъуамӕ архайӕм хӕрзӕгъдау цард кӕныныл. Уый тыххӕй хъуамӕ нӕхи хизӕм чъизи хъуыддӕгтӕй – мастурбацийӕ ӕмӕ порнографимӕ кӕсынӕй (Псалом 119:37; Ефесӕгтӕм 5:5). Чи зоны нын уыцы хъуыддӕгтӕ ныууадзын ӕнцон ма уа. Фӕлӕ нын Йегъовӕйы фӕрцы уый рауайдзӕн. (Бакӕс Исайы 41:13.)
-
-
Хуыцауы цӕсты сыгъдӕг кӕд уыдзыстӕм?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
5. Тох кӕн чъизи хъуыдытӕ ӕмӕ хъуыддӕгтимӕ
Бакӕсут Колоссӕгтӕм 3:5 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Кӕцӕй йӕ зонӕм, порнографи, секстинг ӕмӕ мастурбаци Йегъовӕйы цӕсты чъизи хъуыддӕгтӕ кӕй сты?
Уый гӕнӕн ис, цӕмӕй нӕ хъуыдытӕ дӕр ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕ дӕр, Йегъовӕ куыд зӕгъы, афтӕ сыгъдӕг уой? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?
Базон, куыд ис чъизи хъуыдытимӕ тох кӕнӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Йесойы ныхӕстӕй бӕрӕг у, фӕндфидарӕй кӕй хъуамӕ архайӕм, цӕмӕй хӕрзӕгъдау уӕм. Бакӕсут Матфейы 5:29, 30 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йесо уый кой нӕ кодта, ӕмӕ адӕймаг хъуамӕ йӕхи фӕсахъат кӕна. Йӕ ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ хъуамӕ цыдӕр аразӕм. Цы хъуамӕ аразӕм, цӕмӕй чъизи хъуыдытӕй нӕхи хизӕм?b
Кӕд чъизи хъуыдытимӕ тох кӕныс, уӕд Йегъовӕ уымӕн тынг аргъ кӕны. Бакӕсут Псалом 103:13, 14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Кӕд цавӕрдӕр чъизи хъуыддаг ныууадзыныл архайыс, уӕд дын ацы стихтӕ куыд баххуыс кӕндзысты, цӕмӕй дӕ къухтӕ ма ’руадзай?
Дӕ къухтӕ ма ӕруадз!
«Мӕхиуыл та нӕ фӕхӕцыдтӕн. Ницы мын рауайдзӕн». Афтӕ хъуыды кӕнын ӕнцондӕр у. Фӕлӕ-ма ахъуыды кӕн: марафоны згъорӕг куы фӕкӕлы, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ вӕййы, ӕмӕ кӕронмӕ нӕ азгъордзӕн. Стӕй ууыл дзурӕг дӕр нӕ вӕййы, ӕмӕ хъуамӕ фӕстӕмӕ аздӕха ӕмӕ та райдианӕй згъорын райдайа. Афтӕ дӕуӕн дӕр дӕ бон дӕхиуыл фӕхӕцын куы нӕ бауа, уӕд уый ууыл дзурӕг нӕ уыдзӕн, ӕмӕ де ’взӕр ахуыр никуы ныууадздзынӕ кӕнӕ дын ныридӕгӕн цы бантыст, уыдӕттӕ дон йӕ бынмӕ аласта. Хатт дын дӕхиуыл фӕхӕцын кӕй нӕ рауайы, уым диссагӕй ницы ис. Фӕлӕ-иу дӕ къухтӕ ма ’руадз! Йегъовӕйы фӕрцы дӕ бон бауыдзӕн де ’взӕр ахуыр ныууадзын.
-