-
Цардӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
1. Цардӕн цӕмӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм?
Цардӕн хъуамӕ аргъ кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ уый у нӕ уарзӕгой Фыд Йегъовӕйы лӕвар. Йегъовӕ у «царды суадон» – удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдӕттӕ иууылдӕр уый сфӕлдыста (Псалом 36:9). «Алкӕмӕн дӕр йӕхӕдӕг дӕтты цард дӕр, улӕфт дӕр ӕмӕ алцыдӕр» (Хъуыддӕгтӕ 17:25, 28). Йегъовӕ нын дӕтты, цӕрынӕн нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕ. Фӕлӕ ма нын уымӕй уӕлдай ноджыдӕр бирӕ цыдӕртӕ дӕтты, цӕмӕй нын цард циндзинад хӕсса. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 14:17.)
-
-
Цардӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
2. Йегъовӕйы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?
Йегъовӕ дыл тыхсы, дӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕрдтӕ, уӕдӕй фӕстӕмӕ. Хуыцаумӕ йӕ лӕггадгӕнӕг Давид куывта: «Ды мӕ федтай, гуырдз йеддӕмӕ куы ницыма уыдтӕн, уӕд» (Псалом 139:16). Йегъовӕйы цӕсты дӕ цард тынг зынаргъ у. (Бакӕс Матфейы 10:29–31.) Исчи искӕй, кӕнӕ суанг йӕхи дӕр, куы амары, уӕд уый Йегъовӕйӕн тынг зын вӕййы (Рацыд 20:13)a. Тынг зын ма йын вӕййы, ӕнӕхъуаджы нӕ цард тӕссаг уавӕры куы феппарӕм кӕнӕ иннӕты цард бахъахъхъӕныныл куы нӕ фӕархайӕм, уый дӕр. Нӕхи цард дӕр ӕмӕ иннӕты цард дӕр куы хъахъхъӕнӕм, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, Хуыцауы диссаджы лӕварӕн кӕй аргъ кӕнӕм.
-
-
Цардӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
5. Аргъ кӕн, чи нӕма райгуырд, ахӕм сывӕллоны цардӕн
Давиды ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ хъус кӕй фӕдары, мады гуыбыны сывӕллон куыд фӕрӕзы, уымӕ. Бакӕсут Псалом 139:13–17 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Йегъовӕйы цӕсты адӕймаг цӕрын кӕд райдайы: куы райгуыры, уӕд ӕви, йӕ мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕд?
Йегъовӕ рагон израилӕгтӕн цы закъон радта, уый хъахъхъӕдта сывӕрджын сылгоймӕгты дӕр ӕмӕ, гуыбыны чи уыд, уыцы сывӕллӕтты дӕр. Бакӕсут Рацыд 21:22, 23 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Йегъовӕ цы цӕстӕй каст, адӕймаджы-иу куы нӕ фӕндыд, афтӕмӕй-иу йӕ аххосӕй, гуыбыны чи уыд, ахӕм сывӕллоны цард куы аскъуыд, уымӕ?
Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, исчи афтӕ барӕй куы бакӕны, уымӕ?b
Хуыцау уымӕ ахӕм цӕстӕй кӕй кӕсы, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?
Сылгоймаг цардӕн куы аргъ кӕна, уӕддӕр ӕм, чи зоны, афтӕ кӕса, ӕмӕ йын аборт скӕнын йеддӕмӕ ӕндӕр гӕнӕн нӕй. Бакӕсут Исайы 41:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Сылгоймагӕн аборт куы кӕнын кӕной, уӕд ӕххуыс кӕмӕй хъуамӕ агура? Цӕмӕн?
-
-
Цардӕн аргъ кӕнАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
b Кӕд сылгоймаг кӕддӕр аборт скодта, уӕд хъуамӕ йӕхи ма хӕра, уымӕн ӕмӕ Йегъовӕйӕн йӕ бон у, ӕмӕ йын ныххатыр кӕна. Фылдӕр базоныны тыххӕй кӕс статья «Библийы аборты тыххӕй цы фыст ис?». Ис ацы урочы рубрикӕйы «Фылдӕр ӕрмӕг».
-