-
«Диссаджы арӕзт» стӕмХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 июль
-
-
Нӕ диссаджы зонд
12. Адӕймаг цӕрӕгойтӕй сӕйраджыдӕр цӕмӕй хицӕн кӕны?
12 «Куыд бӕрзонд сты Дӕ хъуыдытӕ мӕн тыххӕй, Хуыцау, ӕмӕ куыд бирӕ у сӕ нымӕц! Байдайон нымайын уыдон, фӕлӕ уыдон фылдӕр [сты] змисӕй» (Псалом 138:17, 18а). Цӕрӕгойтӕ дӕр сты «диссаджы арӕзт». Уыдонӕй иуӕй-иутӕ цыдӕртӕ адӕймагӕй хуыздӕр ӕнкъарынц ӕмӕ цӕмӕдӕрты хуыздӕр арӕхсынц. Фӕлӕ адӕймаг, Хуыцау ын цы зонд радта, уый фӕрцы цӕрӕгойтӕй бирӕ уӕлдӕр у. Иу зонадон чиныджы фыст ис: «Кӕд мах, адӕм, бирӕ цӕмӕйдӕрты цӕрӕгойты хуызӕн стӕм, уӕддӕр Зӕххыл цы алыхуызон цардӕгас удтӕ ис, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон дзурын ӕмӕ хъуыды кӕнын». Дарддӕр ма дзы фыст ис: «Мах ма хицӕн кӕнӕм уымӕй дӕр, ӕмӕ нӕ фӕнды нӕхи базонын, фӕнды нӕ бамбарын: нӕ буары сконд куыд у? куыд сырӕзт нӕ буар?..». Ацы фарстытыл хъуыды кодта Давид дӕр.
13. а) Давидӕн Хуыцауы хъуыдытӕ йӕ бон ӕмбарын цӕй фӕрцы уыд? ӕ) Куыд у нӕ бон Давиды фӕзмын?
13 Фӕлӕ нӕ цӕрӕгойтӕй цы хицӕн кӕны, уыдӕттӕй ӕппӕты ахсджиагдӕр у, нӕ бон Хуыцауы хъуыдытӕ ӕмбарын кӕй уc. Ахӕм диссаджы курдиатӕй хайджын уымӕн стӕм, ӕмӕ нӕ «Хуыцау сфӕлдыста... йӕхимӕ гӕсгӕ» (Райдиан 1:27). Уыцы курдиатӕй Давид хорз пайда кодта. Уый хъуыды кодта, Хуыцау кӕй ис, уымӕн цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ис, уыдӕттыл, ӕмӕ йӕ хорз миниуджытыл – ӕрдзы сконды чи зыны, уыдоныл. Давидмӕ ма уыдысты Сыгъдӕг Фыстады фыццаг чингуытӕ дӕр. Уыдоны Хуыцау дзырдта йӕхи ӕмӕ йӕ хъуыддӕгты тыххӕй. Уыцы чингуытӕ йын ӕххуыс кодтой, цӕмӕй ӕмбӕрстаид Хуыцауӕн йӕ хъуыдытӕ, йӕ фӕнд ӕмӕ цавӕр удыхъӕды хицау у, уый. Давид Фыстадыл, сфӕлдыстадыл, ӕмӕ йын Хуыцау куыд уыд, ууыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ фӕндыд кадджын кӕнын Сфӕлдисӕджы.
-
-
«Диссаджы арӕзт» стӕмХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2007 | 1 июль
-
-
c Псаломы 138:18ӕ Давиды ныхӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ бон-изӕрмӕ Йегъовӕйы хъуыдытӕ куы фӕнымадтаид, уӕд дӕр ма йын райсомӕй бирӕ цыдӕртӕ уыдаид банымаинаг.
-