-
Иегъовӕйы стырад у ӕнӕраиртасгӕХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 февраль
-
-
Куыд ӕвӕджиау сты Хуыцауы миниуджытӕ!
20, 21. а) Псаломы 144:7—9 стихты Иегъовӕйы стырад цавӕр миниуджытӕ бӕрзонд кӕнынц? ӕ) Хуыцауы чи уарзы, уыдон цы хъуыды кӕнынц, уӕлдӕр цы миниуджыты кой ракодтам, уыдоны тыххӕй?
20 Уӕлдӕр куыд банысан кодтам, афтӕмӕй 144 псаломы фыццаг ӕхсӕз стихы ис бӕлвырдгӕнӕнтӕ Иегъовӕйы ӕнӕраиртасгӕ стырадимӕ баст кады аккаг хъуыддӕгтӕн. 7—9 стихтӕ бӕрзонд кӕнынц Хуыцауы стырад, йӕ удыхъӕды миниуджытӕ йын кӕй ӕргом кӕнынц, уый руаджы. Давид зарыд: «Хъусын кӕндзысты Дӕ стыр хорздзинады мысындзинад ӕмӕ зардзысты Дӕу рӕстад. Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Хицау, бирӕфӕразон ӕмӕ бирӕхорзӕхджын [«мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй», НД]. Хорз у Хицау ӕппӕтмӕ, ӕмӕ Йӕ рӕдаудзинӕдтӕ Йӕ ӕппӕт хъуыддӕгтыл».
21 Ам Давид фыццаг дзуры Иегъовӕйы хорздзинад ӕмӕ рӕстадыл, ома рӕстдзинадыл — Сайтан Хӕйрӕг дызӕрдыггаг цы миниуджытӕ скодта, уыдоныл. Цы хъуыды кӕнынц ацы миниуджыты тыххӕй, Хуыцауы чи уарзы ӕмӕ йӕ коммӕ чи кӕсы, ӕппӕт уыцы адӕм? Иегъовӕйы хорздзинад ӕмӕ йӕ рӕстаг хицаудзинад йӕ лӕггадгӕнджытӕн уыйбӕрц циндзинад хӕссынц, ӕмӕ йӕ ма кадджын кӕной, уый сӕ бон нӕу. Уымӕй уӕлдай ма Иегъовӕйы хорздзинад ӕххӕссы се ’ппӕтыл дӕр. Ныфс нӕ ис, уый ма бирӕтӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн ӕрфӕсмон кӕнынӕн ӕмӕ ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнын райдайынӕн, цалынмӕ ӕгӕр нӕ байрӕджы, уӕдмӕ (Куыстытӕ 14:15—17).
22. Иегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕм цавӕр зӕрдӕ дары?
22 Давид ма аргъ кодта, Хуыцау йӕхӕдӕг цы миниуджыты тыххӕй загъта, уыдонӕн — «[Моисейы] рӕзты ацыд ӕмӕ загъта: „Иегъовӕ, Иегъовӕ у тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцау, уый мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, ӕгӕрон у йӕ ӕнувыд уарзт ӕмӕ йӕ рӕстдзинад“» (Рацыд 34:6). Уымӕ гӕсгӕ Давидӕн дӕр йӕ бон уыд зӕгъын: «Рӕдау ӕмӕ фӕлмӕнзӕрдӕ у Хицау, бирӕфӕразон ӕмӕ бирӕхорзӕхджын [«мӕсты кӕнынмӕ тагъд нӕ кӕны, стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй», НД]». Кӕд Иегъовӕйӕн йе стырад ӕнӕраиртасгӕ у, уӕддӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕн кад кӕны, фӕлмӕнзӕрдӕ сӕм кӕй у, уымӕй. Уый тынг тӕригъӕдгӕнаг у, ӕмӕ цӕттӕ у, сӕ рӕдыдтытыл цы тӕригъӕдджынтӕ ӕрфӕсмон кӕнынц, уыдонӕн ныххатыр кӕнынмӕ Йесойы ӕлхӕнӕг нывонды бындурыл. Иегъовӕ ма ноджы мӕсты кӕнынмӕ дӕр нӕ тагъд кӕны, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн дӕтты фадат, цӕмӕй сӕ рӕстаг ног дунемӕ бацӕуынӕн чи бахъыгдардтаид, уыцы лӕмӕгъдзинӕдтыл фӕуӕлахиз уой (2 Петры 3:9, 13, 14).
-
-
Иегъовӕ стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕйХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2004 | 1 февраль
-
-
Иегъовӕ стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй
«Иегъовӕ... стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй» (ПСАЛОМ 144:8, НД).
1. Хуыцауы уарзондзинад кӕуылты ӕххӕссы?
«ХУЫЦАУ у уарзондзинад» (1 Иоанны 4:8). Ацы зӕрдӕмӕхъаргӕ ныхӕстӕ ӕвдисынц, Иегъовӕйы хицаудзинад кӕй ӕнцайы уарзондзинадыл. Ахъуыды ма кӕн, уый уарзӕгой кӕй у, уымӕ гӕсгӕ суанг йӕ коммӕ чи нӕ кӕсы, уыцы адӕмыл дӕр хур кӕсын кӕны ӕмӕ сын къӕвдатӕ ӕрвиты! (Матфейы 5:44, 45). Хуыцау адӕмы кӕй уарзы, уый фӕрцы йе знӕгтӕн дӕр сӕ бон у ӕрфӕсмон кӕнын, уымӕ раздӕхын ӕмӕ ӕнустӕм цӕрын (Иоанны 3:16). Фӕлӕ рӕхджы Иегъовӕ скуынӕг кӕндзӕн ӕнӕсӕттон фыдгӕнджыты, цӕмӕй йӕ чи уарзы, уыдон рӕстаг ног дунейы ӕнусон цардӕй сӕ мондӕгтӕ суадзой (Псалом 36:9—11, 29; 2 Петры 3:13).
2. Иегъовӕ, йӕхи йын чи снывонд кодта, уыдоны цавӕр уарзтӕй уарзы?
2 Иегъовӕйӕн йӕ ӕцӕг кувджытӕ тынг зынаргъ сты, уарзы сӕ ӕгӕрон уарзтӕй. Ахӕм уарзондзинад радӕттӕн ис дзуттаг дзырдӕй, тӕлмац цӕуы «ӕнувыд уарзтӕй». Рагон Израилы паддзах Давид ӕппӕт зӕрдӕйӕ аргъ кодта Хуыцауы ӕнувыд уарзтӕн. Давид йӕхи цардӕй цы базыдта, стӕй Хуыцау иннӕ адӕммӕ цы зӕрдӕ дардта, ууыл кӕй хъуыды кодта, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд ныфсджынӕй зарын: «Иегъовӕ... стыр у йӕ ӕнувыд уарзтӕй» (Псалом 144:8, НД).
-