-
Практикон разамынд абоны цардӕнЧиныг алкӕмӕндӕр
-
-
Фӕлӕ ныййарджытӕн никуы ’мбӕлы фыдархайд кӕнын сӕ барӕй — «рӕстмӕгӕнӕн лӕдзӕгӕй»b (Притчӕтӕ 22:15). Библи фӕдзӕхсы ныййарджыты: «Ма мӕсты кӕнут [ӕгӕр сын ма амонут сӕ рӕдыдтытӕм, «Филипсы» тӕлмац] уӕ сывӕллӕтты, цӕмӕй уыдон ӕнкъард ма кӕной» (Колоссӕгтӕм 3:21). Уый ма разы кӕны, физикъон ӕфхӕрд кӕй нӕу ахуыры ахадгӕ амал. Притчӕты 17:10 дзырдӕуы: «Ӕдылымӕ сӕдӕ цӕфӕй, зӕнджынмӕ дзырдӕфхӕрд тынгдӕр хъары». Уымӕй уӕлдай ма нын Библи дӕтты фӕдзӕхстытӕ хъомыладӕн. Дыккаг Амынды 11:19 ныййарджыты разӕнгард кӕны, цӕмӕй пайда кӕной ӕмбӕлон моменттӕй, сӕ сывӕллӕттӕн хӕрзӕгъдауон хӕзнатӕ ныффидар кӕнынӕн (Кӕс ма Дыккаг Амынд 6:6, 7).
-
-
Практикон разамынд абоны цардӕнЧиныг алкӕмӕндӕр
-
-
b Библион рӕстӕджы дзырд «лӕдзӕг» (дзуттагау ши́вет) нысан кодта ахӕм «лӕдзӕг», кӕцыйӕ-иу пайда кодта фыййау10. Уыцы контексты лӕдзӕг, кӕнӕ ныййарджыты бар, ӕнӕхатырдзинадмӕ нӕ амоны, фӕлӕ уарзӕгой разамындмӕ (Абар Псалом 22:4).
-