-
Донаргъуыд райсынмӕ цӕттӕ дӕ?Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
5. Донаргъуыд райсын дӕ мацы бакъуылымпы кӕнӕд
Йӕхи Йегъовӕйӕн снывонд кӕнын ӕмӕ донаргъуыд райсын кӕй бафӕнды, уыдон се ’ппӕт дӕр зындзинӕдтыл сӕмбӕлынц. Уый бӕрӕг у иу сылгоймаджы хабарӕй. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.
Ацы сылгоймаджы цавӕр цӕлхдурты сӕрты хъуыди ахизын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн лӕггад кодтаид?
Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый йын уыцы цӕлхдурты сӕрты ахизынӕн куыд баххуыс кодта?
Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 29:25 ӕмӕ 2 Тимофеймӕ 1:7 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Цы нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъӕбатыр уӕм ӕмӕ-иу цыфӕнды цӕлхдурты сӕрты дӕр ахизӕм?
-
-
Ӕфхӕрд куы ӕййафай, уӕд дӕр дӕ бон у фидар фӕлӕууынАмондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
-
-
Хъуамӕ ныр райдайӕм ахуыр кӕнын нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарын. Алы бон дӕр Йегъовӕмӕ кув ӕмӕ-иу Библийӕ скъуыддзаг бакӕс. Ӕмбырдтӕ ма цух кӕн. Уыдӕттӕ дын хъарутӕ дӕтдзысты фидар фӕлӕууынӕн, дӕ ныхмӕ суанг дӕ бинонтӕ куы цӕуой, уӕд дӕр. Апостол Павел-иу ӕфхӕрд арӕх баййӕфта ӕмӕ ныффыста: «Йегъовӕ у ме ’ххуысгӕнӕг, ӕмӕ ӕз ницӕмӕй фӕтӕрсдзынӕн» (Дзуттӕгтӕм 13:6).
Нӕ хъӕбатырдзинадыл ма бафтдзӕн, ӕдзух куы хъусын кӕнӕм, уӕд. Хъусын кӕнгӕйӕ фӕахуыр кӕнӕм, цӕмӕй нӕ ныфс Йегъовӕйыл дарӕм ӕмӕ адӕмӕй ма тӕрсӕм (Ӕмбисӕндтӕ 29:25). Ныр хъӕбатырӕй куы хъусын кӕнай, уӕд хъусын кӕндзынӕ, хицауад нын нӕ хъуыддаг куы сӕхгӕна, суанг уӕд дӕр (1 Фессалоникӕгтӕм 2:2).
-