-
Иегъовӕйыл дӕ ныфс дарХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 сентябрь
-
-
18, 19. Библи нӕ Иегъовӕйыл ӕууӕндынмӕ цавӕр ныхӕстӕй разӕнгард кӕны, фӕлӕ уый фӕдыл иуӕй-иутӕм цавӕр ӕнӕраст хъуыдытӕ сӕвзӕры?
18 Хуыцауы Ныхас нӕ разӕнгард кӕны: «Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд ӕмӕ дӕ зондӕй ныфсджын ма у. Алы хъуыддаджы дӕр ын агур йӕ разамынд, ӕмӕ дын уый раст кӕндзӕн дӕ фӕндӕгтӕ» (Ӕмбисӕндтӕ 3:5, 6). Цӕй рӕсугъд ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ сты! Ӕцӕгдӕр, ӕнӕхъӕн Дун-дунейы нӕ уарзон уӕларвон Фыд йедтӕмӕ уый аргъ ничи у, цӕмӕй йыл афтӕ тынг ӕууӕндӕм. Фӕлӕ ацы ныхӕстӕн сӕ кӕсын сӕ ӕххӕст кӕнынӕй ӕнцондӕр у.
-
-
Иегъовӕйыл дӕ ныфс дарХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2003 | 1 сентябрь
-
-
22, 23. а) Зындзинӕдты Иегъовӕйыл цӕмӕн хъуамӕ ӕууӕндӕм ӕмӕ уый куыд у нӕ бон аразын? ӕ) Цӕуыл цӕудзӕн ныхас иннӕ статьяйы?
22 Фӕлӕ ма Ӕмбисӕндты 3:6 бӕрӕг у, Иегъовӕйы ӕрмӕст зын уавӕрты кӕй ма хъуамӕ агурӕм, фӕлӕ нӕ «алы хъуыддаджы дӕр». Уӕдӕ алы бон дӕр цы уынаффӕтӕ хӕссӕм, уыдонӕй хъуамӕ бӕрӕг уа, Иегъовӕйыл кӕй ӕууӕндӕм. Зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ хъуамӕ нӕ къухтӕ ма ауадзӕм, ма тыхсӕм ӕмӕ Иегъовӕмӕ хъусӕм, иууыл хуыздӕр куыд уыдзӕн бакӕнын, уый нын куы амона, уӕд. Фӕлварӕнтӕ хъуамӕ нымайӕм куыд фадат Иегъовӕйы хицаудзинады фарс рахӕцынӕн, Сайтан мӕнгдзурӕг кӕй у, уый сбӕлвырд кӕнынӕн, афтӕ ма коммӕ кӕсыныл ахуыр кӕнынӕн ӕмӕ Иегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм ӕндӕр миниуджытыл кусынӕн (Дзуттытӕм 5:7, 8).
-