-
Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афонХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
Соломон нӕ дзырдта, адӕймагӕн йӕ цард йӕ ныхыл фыст кӕй у, фӕлӕ дзырдта, Хуыцауы фӕндоны тыххӕй ӕмӕ уыцы фӕндон адӕмы цардимӕ куыд баст у, ууыл. Кӕцӕй йӕ зонӕм? Уый бӕрӕг у иннӕ стихтӕй. Соломон бирӕ хъуыддӕгтӕ куы ранымадта ӕмӕ афтӕ куы загъта, зӕгъгӕ, уыдонӕй «алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афон», уӕд ныффыста: «Ӕз федтон, Хуыцау адӕймаджы фыртты цы хъуыддӕгты хай бакодта, уыдон. Уый йӕ рӕстӕджы ӕппӕт дӕр скодта диссаг» (Екклесиаст 3:10, 11).
Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ адӕм хъуамӕ бирӕ алыхуызон куыстытӕ кодтаиккой. Соломон дзы цалдӕр ранымадта. Хуыцау ма нын радта ахӕм бар, цӕмӕй нӕхи цы куыст фӕнды, уый аразӕм. Фӕлӕ цӕмӕй нӕ куыст фӕрӕстмӕ уа, уый тыххӕй алцыдӕр йӕхи бӕлвырд афоныл хъуамӕ аразӕм. Екклесиасты 3:2 фыст ис: «Ис рӕстӕг садзынӕн ӕмӕ рӕстӕг, цы ныссагътай, уый стонынӕн». Зӕхкусӕг зоны, кӕд цы тауын хъӕуы, уый. Цымӕ уыцы хуымӕтӕг хъуыддаг куы ницӕмӕ ӕрдара ӕмӕ мыггаг йӕ афоныл куы нӕ байтауа, уӕд цы рауайдзӕн? Кӕд бирӕ бафыдӕбон кодта, уӕддӕр хорз тыллӕг куы не ’рзайа, уӕд афтӕ зӕгъдзӕн, мӕ амонд афтӕ уыд, зӕгъгӕ? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, нӕ! Хорз тыллӕг уый тыххӕй не ’рзад, ӕмӕ мыггаг йӕ афоныл нӕ байтыдта. Сфӕлдисӕг ӕрдзы алцӕмӕн дӕр цы ӕгъдау ӕрӕвӕрдта, уымӕ гӕсгӕ куы архайдтаид, уӕд хъуыддаг ӕндӕрхуызон рауадаид.
Хуыцау адӕймагӕн рагацау йӕ цард йӕ ныхыл нӕ ныффыста кӕнӕ хабӕрттӕ куыд цӕудзысты, уый не спълан кодта. Фӕлӕ радта бӕлвырд закъӕттӕ, цӕмӕй адӕм сӕ хъуыддӕгтӕ йӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ аразой. Цӕмӕй адӕм сӕ хъуыддӕгтӕй зӕрдӕрухс уой, уый тыххӕй хъуамӕ цӕрой Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ ӕмӕ алы хъуыддагӕн дӕр цы рӕстӕг снысан кодта, уымӕ гӕсгӕ архайой. Уӕдӕ Хуыцау рагацау адӕймаджы цард не сныв кодта, фӕлӕ загъта, йӕ фӕндон цӕй мидӕг ис ӕмӕ йӕ кӕй нӕ аивдзӕн, уый. Йегъовӕйы пехуымпар Исай загъта: «Мӕ дзыхӕй цы дзырд рацӕуы, уый мӕм фӕстӕмӕ ӕнӕсӕххӕстӕй не ’рбаздӕхдзӕн, фӕлӕ сараздзӕн, мӕнӕн ӕхсызгон цы у, уый, ӕмӕ сӕххӕст кӕндзӕн, цӕй тыххӕй йӕ арвыстон, уый» (Исай 55:11).
-
-
Алцӕмӕн дӕр ис йӕхи афонХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
Хуыцауы фӕндон ӕмӕ рӕстӕг
Соломон Хуыцауы тыххӕй загъта: «Уый йӕ рӕстӕджы алцыдӕр скодта диссаг». Стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Адӕмӕн сӕ зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард дӕр, ӕмӕ кӕронмӕ никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон» (Екклесиаст 3:11).
Ацы ныхӕсты тыххӕй бирӕ ис фыст, фӕлӕ сӕ хъуыды у ахӕм: не ’ппӕт дӕр рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ фӕхъуыды кӕнӕм, цӕмӕн цӕрӕм ӕмӕ нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, ууыл. Рагӕй фӕстӕмӕ адӕмӕн иу хъуыддаг зын бамбарӕн у: адӕймаг уый тыххӕй цӕры, цӕмӕй фыдӕбон кӕна ӕмӕ стӕй амӕла? Хуыцау кӕй сфӕлдыста, уыдонӕй ӕрмӕстдӕр адӕймагӕн у йӕ бон хъуыды кӕнын канд абоны цардыл нӕ, фӕлӕ фидӕныл дӕр. Уымӕй уӕлдай мах фӕнды ӕнустӕм цӕрын. Цӕмӕн? Библи куыд ӕмбарын кӕны, афтӕмӕй Хуыцау адӕмы зӕрдӕты нывӕрдта ӕнусон цард.
Адӕймаджы ӕнустӕм цӕрын кӕй фӕнды, уымӕ гӕсгӕ фӕхъуыды кӕны, мӕлӕты фӕстӕ ма цард ис ӕви нӕ. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ мӕлӕты фӕстӕ адӕймаджы уд цӕргӕйӕ баззайы. Иннӕты та уырны реинкарнаци. Кӕмӕдӕр та афтӕ кӕсы, Хуыцау алцыдӕр рагацау кӕй ныффыста ӕмӕ нӕ бон ницы у аивын. Фӕлӕ ацы хъуыдытӕй иуӕй дӕр адӕймаджы зӕрдӕ нӕ барухс вӕййы. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ адӕм сӕхи зондӕй «никуы базондзысты, ӕцӕг Хуыцау цы хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон».
Ахуыргӕндтӕ ӕмӕ философтӕ рагӕй фӕстӕмӕ хъуыды кӕнынц адӕймаджы цардимӕ ӕмӕ мӕлӕтимӕ баст фарстатыл, фӕлӕ сын сӕ бон нӕу дзуапп ссарын. Уыцы фарстатӕн дзуапп раттын йӕ бон у Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕты ӕнусон цард уый сӕвӕрдта ӕмӕ нын ӕй ӕрмӕстдӕр уый ратдзӕн. Библийы Йегъовӕйы тыххӕй фыст ис: «Дӕ къух байгом кӕныс ӕмӕ алкӕмӕн дӕр раттыс, йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» (Псалом 145:16). Библи куы ахуыр кӕнӕм, уӕд базондзыстӕм цард ӕмӕ мӕлӕтимӕ баст фарстатӕ, стӕй Хуыцаумӕ зӕххы ӕмӕ адӕмы тыххӕй цы фӕнд ис, уый (Ефесӕгтӕм 3:11).
-
-
Дӕ фидӕн цавӕр уыдзӕн, уый равзарХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2009 | 1 апрель
-
-
«Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы йӕхимӕ гӕсгӕ, сфӕлдыста йӕ Хуыцаумӕ гӕсгӕ. Сфӕлдыста сӕ нӕлгоймагӕй ӕмӕ сылгоймагӕй» (Райдиан 1:27).
АЦЫ зындгонд ныхӕстӕ фыст сты Библийы райдианы ӕмӕ нын ӕргом кӕнынц, Хуыцау йӕ рӕстӕджы цы стыр диссӕгтӕ скодта, уыдонӕй иу – сфӕлдыста ӕххӕст адӕймӕгты, Адам ӕмӕ Евӕйы (Екклесиаст 3:11). Йегъовӕ Хуыцау се Сфӕлдисӕг кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ сын загъта: «Цот уадзут, сбирӕ ут ӕмӕ зӕхх байдзаг кӕнут ӕмӕ йын хицау ут. Уӕ бар цӕуӕд денджызы кӕсӕгтыл, уӕларвон мӕргътыл, хӕдзарон фосыл ӕмӕ, зӕххыл цӕрӕгойӕ цыдӕриддӕр змӕлы, уыдоныл дӕр» (Райдиан 1:28).
-