Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bsi06 27–29 фф.
  • Библийы 22 чиныг – Соломоны зарӕг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библийы 22 чиныг – Соломоны зарӕг
  • Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 14 хай
  • Сӕргӕндтӕ
  • ЦЫ ПАЙДА У
Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 14 хай
bsi06 27–29 фф.

Библийы 22 чиныг – Соломоны зарӕг

Ныффыста йӕ: Соломон

Кӕм ӕрцыд фыст: Иерусалимы

Фыст фӕцис: н. э. агъоммӕ 1020 азмӕ ӕв.

«ИЗРАИЛӔН ацы диссаджы Зарӕг цы бон ӕрцыд лӕвӕрд, уый аргъ нӕу ӕнӕхъӕн дуне дӕр». Ахӕм ныхӕстӕ загъта Соломоны зарӕджы тыххӕй нӕ эрӕйы фыццаг ӕнусы цӕрӕг дзуттаг «рабби» Акиваa. Чиныджы ном у йӕ разныхасы – «Соломоны диссаджы зарӕг» – цыбыр формӕ. Дзуттагау чиныджы ном комкоммӕ нысан кӕны «Зарджыты зарӕг» ӕмӕ ӕвдисы, иууыл хуыздӕр зарӕг кӕй у, уый, зӕгъӕм, «ӕрвты ӕрвтӕ» уӕлӕрвтӕ куыд нысан кӕнынц, афтӕ (Дык. з. 10:14). Уый зарджыты ӕмбырдгонд нӕу, фӕлӕ у иу зарӕг, «ӕппӕты хуыздӕр зарӕг, цыдӕриддӕр уыдис кӕнӕ фыст ӕрцыдис, уыцы хуыздӕр зарджытӕй сӕ иу»b.

2 Зарӕджы разныхасӕй куыд зыны, афтӕмӕй йӕ ныффыста Иерусалимы паддзах Соломон. Уымӕн ӕцӕгӕйдӕр йӕ бон уыд ныффыссын ацы зарӕг – дзуттаг поэзийы диссаджы рӕсугъд дӕнцӕг (3 Пад. 4:32). Уый у, сабыр, амондджын цард чи ӕвдисы, ахӕм поэмӕ (идилли), ис дзы арф хъуыды ӕмӕ рӕсугъддзинады диссаджы аив афыстытӕ. Скӕсӕны цардыуаг чи сфӕлгондза, уыцы чиныгкӕсӕг ын ноджы тынгдӕр саргъ кӕндзӕн (Сол. з. 4:11, 13; 5:11; 7:5). Фыст ӕрцыд диссаджы цауы фӕдыл. Йе стыр зонд ӕмӕ хъомыс, йӕ хъӕздыгдзинад дардыл хъуыстгонд кӕмӕн уыди ӕмӕ ма уымӕй Савӕйаг ус-паддзахы дӕр дисы чи бафтыдта, уыцы стыр паддзах Соломон бауарзта хуымӕтӕг хъӕуккаг чызджы, фӕлӕ йын йӕ зӕрдӕ ссарын йӕ бон не сси. Уыцы чызг йӕ уарзон фыййау лӕппуйыл ӕнувыд кӕй уыд, уымӕ гӕсгӕ дзы паддзахӕн ницы рауад. Афтӕмӕй, чиныг схонӕн ис Соломоны фыдӕнхъӕл уарзты зарӕг. Иегъовӕ Хуыцау ӕй сразӕнгард кодта ацы зарӕг ныффыссынмӕ, фидӕны Библи чи кастаид, уыдоны пайдайӕн. Ныффыста йӕ Иерусалимы, ӕвӕццӕгӕн, н. э. агъоммӕ 1020 азмӕ ӕввахс, кувӕндон арӕзт куы фӕцис, уӕдӕй цалдӕр азы фӕстӕ. Зарӕг куы ныффыста, уӕд Соломонӕн уыди «ӕртиссӕдз усы ӕмӕ цыппарыссӕдз номылусы», йӕ паддзахиуӕгады кӕрон та йын уыд «авд сӕдӕ усы ӕмӕ ӕртӕ сӕдӕ номылусы» (Сол. з. 6:8; 3 Пад. 11:3).

3 Соломоны зарӕг Сыгъдӕг Фыстады хай кӕй у, ууыл рагон рӕстӕджыты ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтой. Нӕ эрӕйӕ бирӕ раздӕр дӕр нымад уыдис Дзуттаг Фыстыты ахсджиаг хайыл ӕмӕ Хуыцауы удцырынӕй фыстыл. Хаст ӕрцыдис грекъаг Септуагинтӕмӕ дӕр. Иосиф Флавий йӕ бахаста, сыгъдӕг чингуытӕн цы номхыгъд сарӕзта, уырдӕм. Уӕдӕ, Дзуттаг Фыстытӕй кӕцыфӕнды чиныгӕн дӕр цы бӕлвырдгӕнӕнтӕ ӕрхӕссынц, зӕгъгӕ, Сыгъдӕг Фыстады хай у, уыдон ахӕссӕн ис ацы чиныгмӕ дӕр.

4 Фӕлӕ уӕддӕр иуӕй-иутӕ ацы чиныг Сыгъдӕг Фыстады хайыл нӕ нымайынц, Хуыцауы кой дзы кӕй нӕй, уый тыххӕй. Фӕлӕ чиныджы дзырд «Хуыцау» кӕй ис, ӕрмӕст уый йӕ Сыгъдӕг Фыстады хай куыд нӕ кӕны, раст афтӕ, Хуыцауы тыххӕй дзы кӕй нӕ дзырдӕуы, уый дӕр ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ уыцы чиныгыл ӕууӕндӕн нӕй. Хуыцауы номы цыбыр формӕ дзы ис 8-ӕм сӕры, 6-ӕм стихы, цыран уарзондзинад хуыйны «Иагъы арт». Чиныг ӕнӕмӕнгдӕр ахӕссӕн ис уыцы фыстытӕм, Йесо Чырысти разы кӕмӕй уыди ӕмӕ афтӕ кӕмӕй загъта, зӕгъгӕ, «иртасут фыстытӕ, уымӕн ӕмӕ сымах ӕнхъӕл стут, цӕмӕй уын уа уыдоны фӕрцы мыггагмӕйы цард» (Иоан. 5:39). Уымӕй уӕлдай ма, Чырысти ӕмӕ йӕ «чындзаджы» ’хсӕн монон ӕмбарынадӕй цы уарзондзинад ис, ахӕм ӕнӕкӕрон уарзты диссаджы афыст дзы кӕй ис, уымӕ гӕсгӕ Соломоны зарӕг Библийы фыстыты ’хсӕн ахсы ахсджиаг бынат (Рарг. 19:7, 8; 21:9).

ЦЫ ПАЙДА У

16 Абон Хуыцауы адӕймаг пайда кӕмӕй райса, ахӕмӕй дзы цы ис ацы уарзондзинады зарӕджы? Ирдӕй дзы ӕвдыст цӕуы Хуыцауы уагӕвӕрдтыл иузӕрдиондзинад, ӕнувыддзинад ӕмӕ ӕнаипдзинад. Ӕцӕг уарзт рӕсугъд уӕд уыдзӕн, кӕд ӕмӕ уа сыгъдӕг, ӕнӕкъӕм, амоны зарӕг. Уым дзырдӕуы, сыгъдӕг уарзтыл кӕй ницы тых кӕны, кӕй никуы ахуыссы ӕмӕ йын балхӕнӕн дӕр кӕй нӕй. Ӕвзонг чырыстӕттӕн дӕр ӕмӕ бинонджын чырыстӕттӕн дӕр сӕ бон у ацы ӕнаипдзинады диссаджы дӕнцӕгӕй ахуыр кӕнын, фӕлварӕнты куы бахауынц кӕнӕ сӕ исты куы рӕдийын кӕна, уӕд.

17 Хуыцауы удцырынӕй фыст зарӕг ма стыр пайда у чырыстон ӕмбырдӕн ӕмткӕй райсгӕйӕ дӕр. Фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕ йӕ нымадтой Хуыцауы удцырын Фыстады хайыл, ӕмӕ уыцы чырыстӕттӕй сӕ иу афтӕ фыста: «Ӕппӕт, фыст цы цыд раздӕр, махӕн зонд амонынӕн фыст сты, цӕмӕй фӕразондзинадӕй ӕмӕ Фыстытӕй рӕвдыдӕй, ныфсджын уӕм» (Ром. 15:4). Ацы ныхӕстӕ Хуыцауы удцырынӕй ныффыста Павел ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йӕ хъуыдыйы уыд ӕвзонг чызг Суламитӕйы сыгъдӕг уарзт йӕ фыййаумӕ, чырыстон ӕмбырдмӕ афтӕ куы фыста: «Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕнувыд дӕн сымахыл Хуыцауы ӕнувыддзинадӕй, уымӕн ӕмӕ ӕз сымах снысан кодтон иунӕг лӕгӕн, цӕмӕй уӕ Чырыстимӕ бавдисон сыгъдӕг чызгӕй». Павел ма фыста, Чырысти ӕмбырд куыд уарзы, уый тыххӕй дӕр, ӕмӕ йӕ абарста, лӕг йӕ усы куыд уарзы, уыимӕ (2 Кор. 11:2; Еф. 5:23–27). Йесо Чырысти ӕмбырдӕн ӕрмӕст хорз Фыййау нӕу, фӕлӕ ма, йӕ сӕрст фӕдылдзӕуджытимӕ уӕлӕрвты «чындзӕхсӕв» чи скӕндзӕн ӕмӕ сын уымӕй ӕгӕрон циндзинад чи ӕрхӕсдзӕн, уыцы Паддзах дӕр (Рарг. 19:9; Иоан. 10:11).

18 Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Йесо Чырыстийы сӕрст фӕдылдзӕуджытӕн ӕвзонг Суламитӕйы дӕнцӕг стыр ахъаз у. Уыдон дӕр хъуамӕ уой ӕнувыд сӕ уарзондзинады, ацы дуне кӕд ӕхцайыл мард у, уӕддӕр сӕ уый хъуамӕ ма фӕсайа ӕмӕ, се ’наипдзинад хъахъхъӕнгӕйӕ, хъуамӕ фидар лӕууой, цалынмӕ сӕ хорзӕх нӕ райсой, уӕдмӕ. Уыдон хъуыды кӕнынц ахсджиагдӕр хъуыддӕгтыл ӕмӕ «фыццаджыдӕр агурынц Хуыцауы Паддзахад». Уыдон райгонд сты сӕ Фыййау Йесо Чырыстийӕ. Тынг цин кӕнынц, афтӕ зынаргъ сын чи у, уый кӕд ӕнӕуынгӕ хуызы ис, уӕддӕр сӕм тынг ӕввахс кӕй у, ууыл, ӕмӕ сӕм кӕй сиды, цӕмӕй ацы дунейы ныхмӕ фидар лӕууой ӕмӕ йыл уӕлахиз кӕной. Сӕ Фыййау Паддзахмӕ ӕгӕрон, «Иагъы арты» хуызӕн тыхджын, уарзондзинад кӕй ӕнкъарынц, уый фӕрцы ӕцӕгдӕр фӕуӕлахиз уыдзысты ӕмӕ йемӕ баиу уыдзысты, цӕмӕй иумӕ кадджын уӕларвон Паддзахады ӕмбындартӕ суой. Афтӕ Иагъы ном срухс уыдзӕн! (Матф. 6:33, НФ; Иоан. 16:33).

[Фиппаинӕгтӕ]

a Иудейаг Мишнӕ (Ядаим 3:5).

b Кларкы «Комментари», III т., 841 ф.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • Ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын