-
«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 июль
-
-
Израилӕгтӕ-иу цӕмӕй бирӕ сӕн сарӕзтаиккой, уый тыххӕй хъуамӕ хорз зылдаиккой сӕ сӕндӕттӕм. Исайы чиныджы бакӕсӕн ис, Израилы-иу сӕндонгӕс къуылдымтӕ куыд къахта, ӕмӕ-иу дзы цалынмӕ «равзаргӕ сырх сӕнӕфсир» ныссагъта, уӕдмӕ-иу ын йе стыр дуртӕ куыд скалдта. Уый фӕстӕ-иу уыцы дуртӕн сӕ сыджыт ныссыгъдӕг кодта ӕмӕ-иу дзы ӕмбонд сарӕзта. Уый йын йӕ сӕндон хъахъхъӕдта хӕдзарон фосӕй, рувӕстӕй, хъӕддаг хуытӕй ӕмӕ къӕрныхтӕй. Сарӕзта ма-иу хъӕдын сӕндуцӕн ӕмӕ-иу самадта гыццыл мӕсыг, цӕмӕй-иу ын тыллӕг ӕфснайын афон – сӕнӕфсир уӕлдай хъахъхъӕнинаг куы уыд, уӕд – уыдаид сатӕг цӕрӕнбынат. Уыцы куыстытӕ бакӕныны фӕстӕ-иу йӕ бон уыд ӕнхъӕлмӕ кӕсын хъӕздыг тыллӕгмӕ (Исай 5:1, 2)a.
-
-
«Бабӕрӕг кӕн ацы сӕнӕфсир»!Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2006 | 1 июль
-
-
Исай «Израилы хӕдзар» абарста, йӕ бӕлӕстыл куыд фӕстагмӕ «хъӕддаг сӕнӕфсиртӕ» кӕнӕ ӕмбыд (ӕнхъыст) гагатӕ зайын кӕмӕн райдыдта, ахӕм сӕндонимӕ (Исай 5:2, 7). Хъӕддаг сӕнӕфсир хӕдзаронӕй у бирӕ лыстӕгдӕр ӕмӕ дзы нуар нӕй, йӕ фылдӕр вӕййы ӕппытӕ. Уый сӕнӕн ӕмӕ хӕрынӕн нӕ бӕззы, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ хорз ӕвдисы, йӕ Хуыцауы чи ныууагъта ӕмӕ рӕстдзинады дыргъы бӕсты ӕнӕзакъондзинады дыргъ чи хаста, уыцы адӕмы. Уыцы дыргъ кӕй нӕ бӕззыдис, уый Сӕнӕфсирыкуыстгӕнӕджы аххос нӕ уыд. Иегъовӕ алцыдӕр арӕзта, цӕмӕй адӕм дыргъ хастаиккой. «Цы ма саразон мӕ сӕндонӕн, цы нӕ йын сарӕзтон, ахӕмӕй куы ницыуал баззад?»– фӕрсы уый (Исай 5:4).
-