Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 5. Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы

      Алы адӕймаг дӕр йе ’мбӕлттӕм цӕмӕдӕр фенхъӕлмӕ кӕсы.

      • Ды де ’мбӕлттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

      Бакӕсут 1 Иоанны 5:3 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

      Цӕмӕй нӕ Йегъовӕ райгонд уа, уый тыххӕй нӕ, чи зоны, исты фӕивын бахъӕуа нӕ уагахасты кӕнӕ нӕ удыхъӕды. Бакӕсут Исайы 48:17, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕн цӕмӕн дзуры, цӕмӕй йын йӕ фӕдзӕхстытӕм хъусой?

      Аразӕг йе ’мкусӕгӕн каскӕ дӕтты.

      Хорз ӕмбал нын нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕны, цы аразын нӕ хъӕуы, цӕмӕй нӕхи фыдбылызӕй бахизӕм ӕмӕ нын хорз уынаффӕ ратты. Йегъовӕ дӕр йӕ хӕлӕрттыл афтӕ тыхсы

  • Дӕ бон у, ӕмӕ Йегъовӕйы хӕлар уай
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 34 урок. Нӕлгоймаг горӕты; арвмӕ кӕсы ӕмӕ цӕуылдӕр хъуыды кӕны.

      34 УРОК

      Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уыимӕ абаргӕйӕ ныр Хуыцауы тынгдӕр нӕ уарзыс? Фӕнды дӕ, цӕмӕй йӕм ноджы ӕввахсдӕр кӕнай? Кӕд о, уӕд дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕйы цас тынгдӕр уарзай, уыйас дӕ уый дӕр тынгдӕр уарздзӕн ӕмӕ дыл тынгдӕр тыхсдзӕн. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый?

      1. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг у, йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй. (Бакӕс 1 Иоанны 5:3.) Йегъовӕ йӕ коммӕ тыххӕй никӕй кӕсын кӕны. Фӕлӕ алкӕмӕн дӕр фадат дӕтты, цӕмӕй йӕхӕдӕг равзара, хъусдзӕн ӕм ӕви нӕ. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ фӕнды, цӕмӕй уӕм «зӕрдӕйӕ коммӕгӕс» (Ромӕгтӕм 6:17). Ома йӕ фӕнды, цӕмӕй йӕм хъусӕм, уый нӕ хӕс кӕй у, уый тыххӕй нӕ, фӕлӕ йӕ кӕй уарзӕм, уый тыххӕй. Ацы чиныджы 3-аг ӕмӕ 4-ӕм хӕйттӕй базондзынӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цы цӕуы ӕмӕ цы нӕ цӕуы, уый. Ӕмӕ, цы базонай, уымӕ гӕсгӕ куы архайай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, кӕй йӕ уарзыс, уый.

      2. Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый ӕвдисын зын цӕмӕн вӕййы?

      «Бирӕ мӕстытӕ ис рӕстгӕнӕгӕн» (Псалом 34:19). Не ’ппӕт дӕр нӕ хъӕндзинӕдтимӕ тох кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай ма нын, чи зоны, цардамӕлттӕ кӕнын зын у, хӕрам хъуыддӕгтыл ӕмбӕлӕм ӕмӕ ӕндӕр зындзинӕдтӕ ӕвзарӕм. Зын уавӕрты нын, гӕнӕн ис, ӕнцон ма уа, Йегъовӕ куыд дзуры, афтӕ кӕнын. Афтӕ уымӕн у, ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уый аразын ӕнцондӕр вӕййы. Фӕлӕ алкӕддӕр Йегъовӕйы ныхас куы ’ххӕст кӕнай, уӕд бӕрӕг уыдзӕн, ӕппӕты тынгдӕр Йегъовӕйы кӕй уарзыс ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй дӕ. Уӕд дыл уый дӕр иузӕрдион уыдзӕн ӕмӕ дӕ никуы ныууадздзӕн. (Бакӕс Псалом 4:3.)

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, Йегъовӕйы коммӕ куы бакӕсыс, уӕд ын уый ӕхсызгон цӕмӕн вӕййы ӕмӕ дын цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй йыл алкӕддӕр иузӕрдион уай.

      3. Хӕйрӕг дӕ аххосджын кӕны

      Библийы Иовы чиныджы фыст ис, Хӕйрӕг кӕй фӕаххосджын кодта Иовы ӕмӕ, Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уыдоны се ’ппӕты дӕр. Бакӕсут Иов 1:1, 6–2:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Хӕйрӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Иов Йегъовӕйы коммӕ цӕмӕн каст? (Иов 1:9–11)

      • Хӕйрӕг ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр, уыимӕ дӕу тыххӕй дӕр, цы загъта? (Иов 2:4)

      Бакӕсут Иов 27:5б ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Иов куыд равдыста, Йегъовӕйы ӕппӕт зӕрдӕйӕ кӕй уарзта, уый?

      Хӕйрӕг Йегъовӕйӕн уайдзӕф кӕны. Хӕйрӕг дызӕрдыггаг кӕны Иовы иузӕрдиондзинад (Иовӕн йӕ буар хъӕдгӕмттӕй нӕ зыны). Стӕй дызӕрдыггаг кӕны, нӕ рӕстӕджы Йегъовӕйӕн чи лӕггад кӕны, ахӕм хойы иузӕрдиондзинад.

      Иов Йегъовӕйы кӕй уарзта, уый бӕрӕг уыд, иузӕрдионӕй йыл кӕй баззад, уымӕй

      Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый бӕрӕг уыдзӕн, алкӕддӕр ыл иузӕрдион куы уӕм, уымӕй

      4. Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн

      Бакӕсут Ӕмбисӕндтӕ 27:11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, зондӕй куы фӕархайыс ӕмӕ йӕ коммӕ куы фӕкӕсыс, уымӕ? Цӕмӕн?

      5. Йегъовӕйыл иузӕрдион уай, уымӕн гӕнӕн ис

      Мах иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй фӕдзурӕм, уымӕн ӕмӕ йӕ бирӕ уарзӕм. Ӕмӕ йыл иузӕрдион кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ афтӕ фӕкӕнӕм, уый нын зын куы вӕййы, уӕд дӕр. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Дӕ уырнындзинады сӕрыл ныфсджынӕй дзур, дӕ ныхмӕ куы цӕуой, уӕддӕр» (5:09)

      • Мыййаг дын зын вӕййы иннӕтӕн Йегъовӕйы тыххӕй дзурын?

      • Грейсонӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй мауал тарстаид иннӕтӕн хъусын кӕнын?

      Йегъовӕ цы уарзы, уый куы уарзӕм ӕмӕ, йе сӕфт цӕмӕй уыны, уымӕй не сӕфт куы уынӕм, уӕд нын ӕнцондӕр уыдзӕн, цӕмӕй йыл иузӕрдион уӕм. Бакӕсут Псалом 97:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Библийӕ ныронг цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ цы уарзы? Йе сӕфт цӕмӕй уыны?

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй, хорз цы у, уый уарзай ӕмӕ, ӕвзӕр цы у, уымӕй де сӕфт уынай?

      6. Йегъовӕйы коммӕ кӕсын нӕ пайдайӕн у

      Алы уавӕры дӕр хуыздӕр вӕййы Йегъовӕйы коммӕ бакӕсын. Бакӕсут Исайы 48:17, 18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Куыд хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕддӕр фӕзоны, хуыздӕр нын цы у, уый? Афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕныс?

      • Библи ахуыр кӕнын кӕй райдыдтай ӕмӕ Йегъовӕйы хуыздӕр кӕй базыдтай, уый дын ныридӕгӕн цы пайда ӕрхаста?

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыцаумӕ нымады дӕр нӕу, ӕз цы аразын, уый».

      • Ахӕм адӕймагӕн цавӕр стихы фӕрцы бамбарын кӕнис, нӕ бон кӕй у нӕ хъуыддӕгтӕй Йегъовӕйӕн йӕ зӕрдӕ барухс кӕнын кӕнӕ йын ӕй фӕриссын кӕнын?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, йӕ коммӕ куы кӕсай ӕмӕ йыл зын уавӕрты дӕр иузӕрдион куы уай.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Иовы хабарӕй цы базыдтай?

      • Йегъовӕйы кӕй уарзыс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      • Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй алкӕддӕр Йегъовӕйыл иузӕрдион уай?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Йегъовӕйыл ӕмӕ ӕмбырдыл иузӕрдион уай.

      «Иузӕрдион дыл чи у, ууыл ды дӕр уыдзынӕ иузӕрдион» (16:49)

      Фылдӕр базон, Хӕйрӕг адӕмы цавӕр хъуыддӕгты аххосджын кӕны.

      «Иов Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззад» («Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?», 6 сӕр)

      Базон, суанг сывӕллӕттӕн дӕр сӕ бон куыд у ӕвдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзынц, уый.

      «Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕн» (8:18)

      Ӕрыгӕттӕн цы баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй се ’мгӕртты зондыл ма цӕуой ӕмӕ Йегъовӕйыл иузӕрдион уой?

      «Де ’мгӕртты зондыл ма цу!» (3:59)

  • Нӕ бон куыд у раст уынаффӕтӕ хӕссын?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • 35 урок. Нӕлгоймаг рекламӕты сайты машинӕ ӕвзары, йӕ ус ӕмӕ йӕм йӕ сывӕллӕттӕ та кӕсынц.

      35 УРОК

      Нӕ бон куыд у раст уынаффӕтӕ хӕссын?

      Махӕй алкӕй дӕр фӕхъӕуы уынаффӕтӕ хӕссын. Цы уынаффӕтӕ рахӕссӕм, уыдонӕй иуӕй-иутӕ, гӕнӕн ис, тынг фӕзыной нӕхиуыл дӕр ӕмӕ нын Йегъовӕимӕ цы хӕлардзинад ис, ууыл дӕр. Зӕгъӕм, аскъуыддзаг кӕнын нӕ хъӕуы, кӕм цӕрдзыстӕм, нӕхи фӕдарыны фаг ӕхца куыд кусдзыстӕм кӕнӕ бинонтӕ скӕндзыстӕм ӕви нӕ. Хорз уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд амондджын уыдзыстӕм ӕмӕ-иу Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзыстӕм.

      1. Библи дын куыд ӕххуыс кӕндзӕн раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

      Уынаффӕ рахӕссыны размӕ-иу Йегъовӕмӕ скув ӕмӕ-иу дзы ӕххуыс ракур. Стӕй-иу Библимӕ ӕркӕс, цӕмӕй базонай, Йегъовӕ уыцы хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы. (Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 2:3–6.) Иуӕй-иу хъуыддӕгты фӕдыл Йегъовӕ радта бӕлвырд закъӕттӕ. Ӕмӕ ӕппӕты хуыздӕр уыдзӕн, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ куы архайай.

      Фӕлӕ, куыд бакӕнын хъӕуы, уый фӕдыл Библийы бӕлвырд закъон куы нӕ уа, уӕд та? Уӕддӕр дӕ Йегъовӕ кӕндзӕн, «цы фӕндагыл дӕ хъӕуы цӕуын, ууыл» (Исай 48:17). Цымӕ куыд? Библийы уагӕвӕрдты фӕрцы. Библийы уагӕвӕрдтӕ сты Хуыцауы закъӕттӕн сӕ бындур. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, Хуыцау цы хъуыды кӕны ӕмӕ алцӕмӕ дӕр цы цӕстӕй кӕсы, уый бамбарынӕн. Хуыцау цавӕрдӕр хъуыддагмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый арӕхдӕр базонӕм, Библийӕ исты скъуыддзаг куы фӕкӕсӕм, уӕд. Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый куы ’мбарӕм, уӕд ын нӕ уынаффӕтӕй йӕ зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм.

      2. Уынаффӕ рахӕссыны размӕ цӕуыл фӕхъӕуы ахъуыды кӕнын?

      Библийы фыст ис: «Ӕмбаргӕ адӕймаг... хъуыды кӕны йӕ къахдзӕфтыл» (Ӕмбисӕндтӕ 14:15). Уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ-иу уынаффӕ рахӕссыны размӕ хъуамӕ рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм ӕмӕ ахъуыды кӕнӕм, куыд бакӕнӕн ис, ууыл. Ахъуыды-иу кӕн ахӕм фарстатыл: «Ацы уавӕры мын Библийӕ цавӕр уагӕвӕрдтӕ баххуыс кӕндзысты? Растдӕр куыд уаид бакӕнын? Мӕ уынаффӕ иннӕтыл куыд бандавдзӕн? Сӕйраджыдӕр та, Йегъовӕйы зӕрдӕ барухс кӕндзынӕн?» (Дыккаг закъон 32:29).

      Йегъовӕйӕн ис бар, цӕмӕй нын дзура, хорз цы у ӕмӕ ӕвзӕр цы у, уый. Йӕ закъӕттӕ ӕмӕ йын йӕ уагӕвӕрдтӕ куы базонӕм ӕмӕ алкӕддӕр уыдонмӕ гӕсгӕ куы фӕархайӕм, уӕд афтӕмӕй фӕахуыр кӕнӕм не ’фсарм. Ӕфсарм у, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый ӕвзарын нӕ бон кӕй фӕрцы у, ахӕм миниуӕг (Ромӕгтӕм 2:14, 15). Не ’фсарм Библимӕ гӕсгӕ ахуыр куы уа, уӕд нын ӕххуыс кӕндзӕн хорз уынаффӕтӕ хӕссынӕн.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Фылдӕр базон, уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нын Библийы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ не ’фсарм куыд феххуыс кӕнынц.

      3. Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ разамынд Библийы агур

      Уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ нын Библийы уагӕвӕрдтӕ куыд феххуыс кӕнынц? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Дӕ цард Хуыцауы уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ араз» (5:54)

      • Йегъовӕ нын цавӕр лӕвар скодта?

      • Йегъовӕ нын сӕрибардзинад цӕмӕн радта?

      • Йегъовӕ нын цы дӕтты, цӕмӕй нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын?

      Ӕркӕсут Библийы уагӕвӕрдтӕй иумӕ. Бакӕсут Ефесӕгтӕм 5:15, 16. Стӕй аныхас кӕнут, дӕ бон куыд у дӕ рӕстӕгӕй, «хуыздӕр куыддӕриддӕр у, афтӕ» пайда кӕнын, цӕмӕй...

      • Библи алы бон дӕр кӕсай.

      • суай хуыздӕр цардӕмбал, ныййарӕг, фырт кӕнӕ чызг.

      • ӕмбырдтӕм цӕуай.

      4. Де ’фсарм ахуыр кӕн, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссай

      Кӕд цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл Библийы бӕлвырд закъон ис, уӕд уынаффӕ рахӕссын ӕнцон у. Фӕлӕ дзы кӕд нӕй, уӕд та? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Уӕ цӕсгом сыгъдӕг уӕд» (5:13)

      • Хо йе ’фсарм куыд ахуыр кодта ӕмӕ, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй барухс уыдаид, ахӕм уынаффӕ куыд рахаста?

      Иннӕты цӕуылнӕ хъуамӕ фӕрсӕм, мӕ бынаты куыд бакӕнис, зӕгъгӕ? Бакӕсут Дзуттӕгтӕм 5:14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Чи зоны нӕм ӕнцондӕр кӕсы, куыд бакӕнӕм, уымӕй иннӕты бафӕрсын. Фӕлӕ уӕддӕр нӕхӕдӕг цы хъуамӕ ӕмбарӕм?

      • Нӕ бон цӕмӕй у пайда кӕнын, цӕмӕй не ’фсарм ахуыр кӕнӕм ӕмӕ раст уынаффӕтӕ хӕссӕм?

      Чидӕр машинӕйы фӕцӕуы. Йӕ разы цы GPS-навигатор ис, уый йын раст фӕндаг амоны.

      Картӕ нын фӕндаг куыд амоны, афтӕ нын не ’фсарм та амоны, царды нӕ цы фӕндагыл цӕуын хъӕуы, уый

      5. Иннӕты ӕфсармыл хъуыды кӕн

      Адӕм иухуызон не сты, ӕмӕ сӕ уынаффӕтӕ дӕр иухуызон нӕ вӕййынц. Цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн, иннӕты ’фсармыл кӕй хъуыды кӕнӕм? Ӕркӕсӕм дыууӕ уавӕрмӕ.

      1 уавӕр. Хо уарзы йӕхи ахорын. Уыцы хо ахызт ӕндӕр ӕмбырдмӕ. Ӕмӕ уым хотӕн сӕ фылдӕры зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, сылгоймаг йӕхи куы фӕахоры, уый.

      Бакӕсут Ромӕгтӕм 15:1 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 10:23, 24 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Ацы стихтӕм гӕсгӕ, хо, гӕнӕн ис, цавӕр уынаффӕ рахӕсса? Зӕгъӕм, дӕуӕн де ’фсарм цӕмӕндӕр бар дӕтты, демӕ чи ис, уымӕн та нӕ дӕтты. Ахӕм уавӕры куыд бакӕнис?

      2 уавӕр. Ӕфсымӕр зоны, Библимӕ гӕсгӕ нозт бӕрцӕй нуазӕн кӕй ис. Фӕлӕ аскъуыддзаг кодта, ӕппындӕр кӕй нӕ нуаздзӕн. Уыцы ’фсымӕры бадтмӕ фӕхуыдтой, ӕмӕ уым иннӕ ’фсымӕрты нуазгӕ федта.

      Бакӕсут Екклесиаст 7:16 ӕмӕ Ромӕгтӕм 14:1, 10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Ацы стихтӕм гӕсгӕ, ӕфсымӕр, гӕнӕн ис, цавӕр хъуыдымӕ ’рцӕуа? Зӕгъӕм, чидӕр, дӕуӕн де ’фсарм бар цӕмӕн нӕ дӕтты, ахӕм цыдӕр аразы. Ахӕм уавӕры куыд бакӕнис?

      Раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн дын цы ’ххуыс кӕндзӕн?

      Сылгоймаг кувы.

      1. Йегъовӕмӕ-иу кув, цӕмӕй дын баххуыс кӕна, куыд бакӕнай, уый бамбарынӕн (Иаковы 1:5).

      Уыцы сылгоймаг цавӕрдӕр фарста иртасы; йӕ разы ис Библи, Библийыл арӕзт публикацитӕ ӕмӕ компьютер.

      2. Раиртас-иу Библи ӕмӕ Библийыл арӕзт публикацитӕ, цӕмӕй ссарай, дӕ уавӕрмӕ чи хауы, ахӕм уагӕвӕрдтӕ. Дӕ бон ма у фӕлтӕрд чырыстӕттимӕ дӕр аныхас кӕнын.

      Уыцы сылгоймаг хъуыды кӕны.

      3. Ахъуыды-иу кӕн, дӕ уынаффӕ де ’фсармыл ӕмӕ иннӕты ’фсармыл куыд фӕзындзӕн, ууыл.

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Цы дӕ фӕнды, уый араз. Иннӕтӕ цыфӕнды дӕр хъуыды кӕнӕнт».

      • Хуыцау ӕмӕ иннӕтӕ цы хъуыды кӕнынц, уымӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсын цӕуылнӕ хъӕуы?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Хорз уынаффӕтӕ хӕсдзыстӕм, Йегъовӕйы хъуыды-иу куы базонӕм ӕмӕ-иу куы ахъуыды кӕнӕм, нӕ уынаффӕ иннӕтӕн ӕххуыс фӕуыдзӕн ӕви сын зиан ӕрхӕсдзӕн.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Цы дын ӕххуыс кӕндзӕн, Йегъовӕйы зӕрдӕ кӕмӕй рухс кӕндзӕн, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссынӕн?

      • Дӕ бон куыд у де ’фсарм ахуыр кӕнын?

      • Иннӕты ’фсармыл кӕй хъуыды кӕныс, уый цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕн?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕй фӕрцы кӕндзынӕ, ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын дӕ бон куыд у?

      «Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс» (2011 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

      Фылдӕр базон, Йегъовӕ нын уынаффӕтӕ куыд дӕтты, уый тыххӕй.

      «Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕны йӕ уынаффӕйы фӕрцы (9:50)

      Базон, иу нӕлгоймагӕн зын уавӕры уынаффӕ рахӕссынӕн цы баххуыс кодта.

      «Йегъовӕ дӕтты фидар ныфс, хуыздӕрӕй цыдӕриддӕр ис, уымӕй» (5:51)

      Фылдӕр базон, дӕ бон куыд у Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын, цавӕрдӕр хъуыддаджы фӕдыл йӕ Ныхасы бӕлвырд закъон куы нӕ уа, уӕд.

      «Алы уавӕры дӕр дӕ Библийӕ бӕлвырд закъон фӕхъӕуы?» (2003 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг», уырыссаг)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын