Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Чырысти зындоны арты кой кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июнь
    • Фӕлӕ ма абарӕм Йесойы ныхӕстӕ Марчы 9:48 стихы Исайы пехуымпарады 66 сӕры фӕстаг стихимӕb. Бӕрӕг у, Йесо Исайы ныхӕстӕ кӕй ӕрхаста. Пехуымпар ам, ӕвӕццӕгӕн, дзуры, адӕм кӕй рацӕудзысты «Иерусалимӕй Енномы дӕлвӕзмӕ (гееннӕмӕ), кӕддӕр нывондӕн адӕмы кӕм хастой (Йер. 7:31) ӕмӕ фӕстагмӕ горӕты бырондон чи сси, уырдӕм» («The Jerome Biblical Commentary»). Йӕ чиныджы 66:24 Исай дзуры фӕсномыгӕй ӕмӕ бӕрӕг у, адӕмы хъизӕмӕртты кой кӕй нӕ кӕны, уымӕн ӕмӕ дзы дзырд цӕуы мӕрдтыл. Уымӕй уӕлдай, пехуымпары ныхӕстӕм гӕсгӕ, мӕлгӕ нӕ кӕнынц кӕлмытӕ – удӕгас адӕм кӕнӕ ӕнӕмӕлгӕ удтӕ нӕ, фӕлӕ. Уӕдӕ цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ?

      Дӕ хъус-ма ӕрдар, Марчы 9:48 иу католикон чиныг куыд ӕмбарын кӕны, уымӕ: «Ацы ныхӕстӕ ист сты Исайӕ (66, 24). Пехуымпар ӕвдисы, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы стӕгдар дӕр цӕй тыххӕй нал баззайы: кӕй бамбийы кӕнӕ кӕй басудзы, уый тыххӕй... Стихы кӕлмыты кой дӕр кӕй ис ӕмӕ арты кой дӕр, уый тыхджындӕр кӕны, адӕймагӕй ӕппындӕр кӕй ницыуал баззайы, уыцы хъуыды [...] Дыууӕ сафӕг тыхы тыххӕй дӕр афтӕ загъд кӕй ис, ӕмӕ ӕппынӕдзух сты («нӕ мӕлынц», «нӕ хуыссы»), уый дзурӕг у ууыл, ӕмӕ сӕ фервӕзӕн кӕй нӕй. Ам цы фыст ис, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕфынц ӕрмӕстдӕр кӕлмытӕ ӕмӕ арт (адӕмы кой дзы нӕй), ӕмӕ сӕ «къухтӕм» цыфӕнды ма бахауа – ницыуал дзы баззайы. Уӕдӕ ам дзырд ӕнусон хъизӕмӕрттыл нӕ цӕуы, фӕлӕ бынысӕфтыл ӕнӕ райгасдзинады ныфсӕй. Уӕдӕ [арт] нысан кӕны, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфдзӕн» («El evangelio de Marcos. Análisis lingüístico y comentario exegético»).

  • Чырысти зындоны арты кой кодта?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2008 | 15 июнь
    • b «Ӕмӕ-иу ӕддӕмӕ куы рацӕуой, уӕд-иу фендзысты, мӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ; сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлдзысты ӕмӕ сӕ арт нӕ хуысдзӕн, ӕмӕ сыл ӕлгъ кӕндзӕнис алы адӕймаг дӕр» (Ис. 66:24).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын