Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 май
    • 6. «Ног арв ӕмӕ ног зӕхх» цы цыппӕрӕм пехуымпарады ӕмбӕлы, уым развӕлгъау цӕй тыххӕй дзырдӕуы?

      6 Ныр та ӕркӕсӕм, «ног арв ӕмӕ ног зӕхх» кӕм ӕмбӕлы, уыцы бынӕттӕй фӕстагмӕ, Исайы 66:22—24-ӕм стихтӕм (НД). Уым мах кӕсӕм: «Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисдзынӕн, уыдон куыд уыдзысты мӕ разы,— дзуры Иегъовӕ,— афтӕ уыдзысты уӕ байзӕддаг дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Ӕмӕ уӕд мӕйӕ-мӕймӕ, сабатӕй-сабатмӕ алы адӕймаг дӕр цӕудзӕн кувынмӕ мӕ размӕ,— дзуры Иегъовӕ. — Ӕмӕ-иу ӕддӕмӕ куы рацӕуой, уӕд-иу фендзысты, мӕ ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ; сӕ кӕлмытӕ нӕ мӕлдзысты ӕмӕ сӕ арт нӕ хуысдзӕн, ӕмӕ сыл ӕлгъ кӕндзӕнис алы адӕймаг дӕр».

      7. Исайы 66:22—24-ӕм стихтӕ фидӕны кӕй хъуамӕ сӕххӕст уой, уый цӕмӕй бӕрӕг у?

      7 Ацы пехуымпарад фыццаг хатт сӕххӕст, сӕ райгуырӕн бӕстӕм чи ӕрыздӕхт, уыцы иудейтыл, фӕлӕ ма хъуамӕ ноджыдӕр сӕххӕст уа. Уыцы цаутӕ хъуамӕ ӕрцӕуой, фидӕны «ног арв ӕмӕ ног зӕххы» тыххӕй кӕм дзырдӕуы, уыцы чингуытӕ — Петры дыккаг ӕрвыст ӕмӕ Раргомады чиныг — куы ’рцыдысты фыст, уымӕй бирӕ фӕстӕдӕр. Уыцы пехуымпарад ӕгас дунейыл ӕмӕ кӕронмӕ сӕххӕст уыдзӕн ног дунейы. Ӕркӕсӕм, фидӕны нӕ бон цӕрын цы диссаджы уавӕрты уыдзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

  • Ног дуне — ды дзы уыдзынӕ?
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг 2000 | 1 май
    • 10. Фыдгӕнджытӕ ног дунейы цард кӕй нӕ халдзысты, ууыл цӕмӕн у нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын?

      10 Исайы 66:24-ӕм стих нын дзуры, ног зӕххыл фарн ӕмӕ рӕстдзинадӕн тас кӕй никуы ницӕмӕй уыдзӕн, уый тыххӕй. Фыдгӕнджытӕ сӕ сӕ къӕхты бын никуы ныссӕнддзысты. Нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, 2 Петры 3:7-ӕм стихы кӕй дзырдӕуы, зӕгъгӕ, нӕ къӕсӕрыл ис «тӕрхоны бон ӕмӕ ӕнӕраст адӕймӕгты фесафыны» рӕстӕг. Уыцы бон ӕнустӕм куынӕггонд ӕрцӕудзысты ӕнӕхуыцау адӕм. Ӕнӕазым адӕмӕй никӕуыл ницы зиан ӕрцӕудзӕн. Кӕд абоны хӕстыты, салдаттӕй хуымӕтӕг сабыр адӕм фылдӕр фӕцагъды вӕййы, уӕд уым та афтӕ нӕ уыдзӕн. Стыр Тӕрхонгӕнӕг нын фидарӕй зӕгъы, уыцы бон ӕрмӕстдӕр ӕнӕхуыцау адӕм кӕй ӕрцӕудзысты куынӕггонд.

      11. Хуыцауы ӕмӕ йӕ кувынады ныхмӕ чи цӕуы, уыдонмӕ цы ’нхъӕлмӕ кӕсы, уый Исай куыд равдыста?

      11 Удӕгас цы рӕстгӕнджытӕ баззайой, уыдон сӕхи цӕстӕй фендзысты, Хуыцауы пехуымпарадон дзырд ӕцӕг кӕй у, уый. Ис 66:24-ӕм стихы куыд дзырдӕуы, афтӕмӕй Иегъовӕйы «ныхмӕ чи цыд, уыцы адӕмы мӕрдтӕ» уыдзысты бӕлвырдгӕнӕн, йӕ тӕрхон кӕй сӕххӕст кодта, уымӕн. Исай цы ныхӕстӕй спайда кодта, уыдон чи зоны искӕмӕ ӕгӕр карз фӕкӕсой. Фӕлӕ уымӕн бӕлвырдгӕнӕн у иу ӕцӕг хабар. Рагон Иерусалимы систы ӕддӕ уыдис бырӕттӕ калӕн бынат ӕмӕ-иу уырдӕм хаттӕй-хатт аппӕрстой, куыд ӕмбӕлы, афтӕ баныгӕныны аккаг чи нӕ уыд, уыцы фыдгӕнджыты мӕрдтӕa. Уым-иу кӕлмытӕ ӕмӕ арт уайтагъд аныхъуырдтой бырӕттӕ дӕр ӕмӕ мӕрдты буӕрттӕ дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, Исай цы ӕвзагӕй спайда кодта, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ фыдгӕнджытӕн Иегъовӕ рахаста ӕнусон тӕрхон.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын