Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Йеремийы фӕзм – ма бафынӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 мартъи
    • 10. Нӕ бон цӕмӕ гӕсгӕ у зӕгъын, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ «адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы» ӕвӕрд сты?

      10 Йегъовӕ «адӕмты Паддзах» кӕй у, уымӕ гӕсгӕ Йеремийӕн бахӕс кодта, цӕмӕй адӕмтӕн ӕмӕ паддзахӕдтӕн йӕ тӕрхӕттӕ хъусын кодтаид (Йер. 10:6, 7). Фӕлӕ куыд ӕмбаргӕ у, зӕгъгӕ, сӕрст чырыстӕттӕ сты «адӕмты ӕмӕ паддзахӕдты сӕргъы» ӕвӕрд? (Йер. 1:10). Дунедарӕг Хуыцау Йегъовӕ пехуымпар Йеремийӕн хӕслӕвӕрд куыд радта, афтӕ Йеремийы къордӕн дӕр радта хӕслӕвӕрд. Иунӕг Стыр Хуыцау Йеремийы къордӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй ӕгас дунейы дӕр адӕмтӕн ӕмӕ паддзахӕдтӕн йӕ тӕрхӕттӕ хъусын кӕной, Хуыцауы нысангонд рӕстӕджы зӕххӕй бындзарӕй тынд кӕй ӕрцӕудзысты ӕмӕ кӕй фесӕфдзысты. Ӕмӕ Хуыцау уый бакӕндзӕн, кӕй равзӕрста, уыцы мадзӕлтты фӕрцы. Ӕмӕ уыцы хабар хъусын кӕнгӕйӕ Йеремийы къорд пайда кӕны Хуыцауы Ныхасы сыгъдӕг ӕвзагӕй (Йер. 18:7–10; Рарг. 11:18). Йеремийы къорд никӕмӕй тӕрсы ӕмӕ Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ хъӕбатырӕй ӕгас дунейыл дӕр хъусын кӕны.

  • Йеремийы фӕзм – ма бафынӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 мартъи
    • 14, 15. а) Йереми йӕ хӕс фӕндфидарӕй кӕй ӕххӕст кодта, уый фӕрцы йын цы бантыст? ӕ) Хуыцауы адӕм хъусын кӕныны хъуыддаджы тыххӕй сӕ зӕрдыл цы дарынц?

      14 Йереми фӕндфидарӕй хъусын кодта Йегъовӕйы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ, фӕлӕ дзы рох нӕ уыд йӕ хӕс – «аразын ӕмӕ садзын» (Йер. 1:10). Ӕмӕ йын уыцы хъуыддаджы бирӕ ӕнтыст. Н. э. размӕ 607 азы Иерусалим куы ныппырх кодтой, уӕд дзуттӕгтӕй дӕр ӕмӕ, дзуттаг чи нӕ уыд, уыдонӕй дӕр чидӕртӕ аирвӕзтысты. Мах дзы зонӕм рехавитты, Авдемелехы ӕмӕ Варухы (Йер. 35:19; 39:15–18; 43:5–7). Уыдон уыдысты Йеремийы ӕнувыд ӕмбӕлттӕ ӕмӕ иууылдӕр Хуыцауӕй тарстысты. Уыцы адӕм амонынц Йеремийы къордӕн се ’мбӕлттӕм, зӕххыл ӕнустӕм цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдонмӕ. Йеремийы къордӕн циндзинад хӕссы, «тынг бирӕ адӕмы» уырнындзинад кӕй фидар кӕнынц, уый (Рарг. 7:9). Афтӕ сӕрст чырыстӕтты ӕнувыд ӕмбӕлттӕ дӕр тынг цин кӕнынц, сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмӕн рӕстдзинад базонынӕн кӕй ӕххуыс кӕнынц, ууыл.

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын