-
Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕгБаввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
3 Йегъовӕ сыгъдӕг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йӕм ӕвзӕр миниуджытӕ нӕй, зӕгъӕм, сӕрбӕрзонддзинад (Марчы 7:20–22). Стӕй-ма ахъуыды кӕн, пехуымпар Йереми Йегъовӕйӕн цы загъта, ууыл: «Уыдӕттӕ ӕнӕмӕнг дӕ зӕрдыл ӕрлӕудзысты ӕмӕ мӕм дӕхи ӕркъул кӕндзынӕ»a (Йеремийы хъарӕг 3:20). Уый диссаг нӕу? Дунедарӕг Стыр Хуыцау Йегъовӕ цӕттӕ уыди ӕнӕххӕст адӕймагмӕ йӕхи «ӕркъул кӕнынмӕ», ома ӕргуыбыр кӕнынмӕ, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид (Псалом 113:7). Йегъовӕ ӕцӕгдӕр у сӕрныллӕг. Фӕлӕ уый цӕмӕй бӕрӕг у? Йӕ сӕрныллӕгдзинад йе стыр зондыл дзурӕг куыд у? Ӕмӕ, сӕрныллӕг кӕй у, уый нын цы пайда у?
-
-
Йегъовӕ у тынг зондджын, фӕлӕ у сӕрныллӕгБаввахс у Йегъовӕмӕ
-
-
a Рагзаманты Библийы къопитӕ чи кодта, уыдонӕй иуӕй-иутӕ ацы стих фӕивтой, ӕмӕ ныффыстой, Йегъовӕ нӕ, фӕлӕ Йереми кӕй ӕргуыбыр кӕндзӕн. Ӕвӕццӕгӕн, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, уымӕн гӕнӕн нӕ уыд, цӕмӕй ӕнӕххӕст адӕймагӕн баххуыс кӕныны тыххӕй Хуыцау йӕхи «ӕркъул кӕна». Ӕмӕ уый тыххӕй бирӕ тӕлмацты ацы диссаджы хъуыды фыст не ’рцыд.
-