-
Дӕхи мӕм «ӕркъул кӕндзынӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
СӔРНЫЛЛӔГДЗИНАД диссаджы миниуӕг у. Сӕрныллӕг адӕймаг, ӕвӕццӕгӕн, алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цӕуы. Фӕлӕ, хъыгагӕн, абон ацы миниуӕг бирӕтӕм нӕй, уӕлдайдӕр йӕ бар искӕуыл кӕмӕн цӕуы, уыцы адӕммӕ. Цымӕ Йегъовӕйӕ, ӕппӕт бартӕ дӕр кӕй къухы сты, уымӕй та цы зӕгъӕн ис? Сӕрныллӕг у? Ӕркӕсӕм-ма, уый фӕдыл Йеремийы хъарӕджы 3:20, 21 стихты цы фыст ис, уымӕ. (Бакӕс сӕ.)
-
-
Дӕхи мӕм «ӕркъул кӕндзынӕ»Хъахъхъӕнӕн мӕсыг 2012 | 1 июнь
-
-
Йереми фидарӕй зыдта, Йегъовӕ йӕхи кӕй «ӕркъул кӕндзӕн», чи ӕрфӕсмон кодта, уыдонмӕ. Ацы ныхӕстӕй бӕрӕг у, Йегъовӕ йӕ адӕмы тынг кӕй уарзы. Йегъовӕ, «Иунӕг Стыр Хуыцау, Хицау ӕгас зӕххӕн», йӕ адӕммӕ йӕхи ӕркъул кӕндзӕн ӕмӕ, цы зын уавӕры сты, уымӕй сӕ фервӕзын кӕндзӕн, стӕй сӕ йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕндзӕн (Псалом 83:18). Йереми нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йе ’ргом кӕй раздахдзӕн, ӕмӕ йын уый йӕ зӕрдӕйы рыст сабыр кодта. Йереми ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ йӕ адӕмы кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уыцы рӕстӕгмӕ (21 стих).
-