-
Йегъовӕ у мӕ хайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 сентябрь
-
-
Ацы левиттӕн Йегъовӕ уыд сӕ хай
8. Асафӕн ӕнцой цы нӕ лӕвӕрдта?
8 Левийы мыггагӕн ӕмткӕй райсгӕйӕ Йегъовӕ уыд йӕ хай. Фӕлӕ иуӕй-иу левиттӕ сӕрмагондӕй сӕхи тыххӕй дӕр дзырдтой, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ, Хуыцау сӕ хӕлар кӕй у ӕмӕ йыл сӕ зӕрдӕ кӕй дарынц, уый кой-иу куы кодтой, уӕд (Йер. хъ. 3:24). Зӕгъӕм, Библийы фыст ис, Йегъовӕ у мӕ хай, зӕгъгӕ, чи дзырдта, иу ахӕм левиты тыххӕй, уыди зарӕггӕнӕг ӕмӕ зарджытӕ фыссӕг. Схонӕм ӕй Асаф. Фӕлӕ, чи зоны, уыдаид Асаф йӕхӕдӕг нӕ, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндагӕй чидӕр. Асаф та уыди левит, зарӕгамонӕг паддзах Давиды рӕстӕджы (1 Аз. 6:31–43). 73 псаломы куыд кӕсӕм, афтӕмӕй Асаф бахӕлӕг кодта фыдгӕнджытӕм ӕмӕ йӕ не ’мбӕрста, хорз цӕмӕн цӕрынц, уый. Афтӕ дӕр ма загъта: «Уӕдӕ ӕз мӕ зӕрдӕ дзӕгъӕлы сыгъдӕг кодтон, дзӕгъӕлы ӕхсадтон мӕ къухтӕ ӕнаххосдзинады». Ӕвӕццӕгӕн, Асафӕй айрох, Йегъовӕ йын йӕ бар цы хъуыддаг бакодта, уый куыд кадджын уыд, уый. Ферох дзы, Йегъовӕ йӕ хай кӕй уыди. Ӕмӕ йын уыцы хъуыдытӕ ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой, «цалынмӕ Хуыцауы кадджын кувӕндонмӕ нӕ [бацыд], уӕдмӕ» (Пс. 73:2, 3, 12, 13, 17).
-
-
Йегъовӕ у мӕ хайХъахъхъӕнӕн мӕсыг 2011 | 15 сентябрь
-
-
11. Йереми Йегъовӕйы цӕмӕй бафарста ӕмӕ йын Йегъовӕ цавӕр дзуапп радта?
11 Ноджыдӕр ма иу левит загъта, Йегъовӕ у мӕ хай, зӕгъгӕ. Уый уыди пехуымпар Йереми. Ӕркӕсӕм, уымӕй йӕ цы зӕгъын фӕндыд. Йереми царди Анафофы, Иерусалиммӕ хӕстӕг. Анафоф уыди левитты горӕттӕй сӕ иу (Йер. 1:1). Иуафон Йереми дӕр Йегъовӕйы бафарста, фыдгӕнджытӕн сӕ хъуыддӕгтӕ хорз цӕмӕн цӕуынц ӕмӕ рӕстгӕнджытӕ та цӕмӕн хъизӕмар кӕнынц, зӕгъгӕ (Йер. 12:1). Иерусалимы ӕмӕ Иудӕйы цытӕ цыди, уый куы федта, уӕд Йегъовӕмӕ хъаст бахаста. Йереми зыдта, Йегъовӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у. Йегъовӕ йын дзуапп радта: загъта йын, цӕмӕй хъусын кӕна, уыцы бӕстӕмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый, ӕмӕ уый фӕстӕ уыцы ныхӕстӕ сӕххӕст кодта. Йегъовӕмӕ чи байхъуыста, уыдон аирвӕзтысты. Фыдгӕнджытӕ та уыцы ныхӕстӕ ницӕмӕ ӕрдардтой, ӕмӕ фесӕфтысты (Йер. 21:9).
12, 13. а) Йереми цӕмӕн загъта, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ? Цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ каст? ӕ) Израилы мыггӕгты се ’ппӕты дӕр Йеремийау ӕнхъӕлмӕ кӕсын цӕмӕн хъуыд?
12 Фӕстӕдӕр, Йереми йӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ куы акаст ӕмӕ куыд ӕдзӕрӕг ӕмӕ ӕдзӕллаг у, уый куы федта, уӕд ӕм афтӕ фӕкаст, цыма йыл бӕстӕ баталынг, цыма йӕ Йегъовӕ, «раджы кӕддӕр чи амард, ахӕм адӕймагау... талынг ран сбадын кодта» (Йер. хъ. 1:1, 16; 3:6). Йереми израилӕгтӕн дзырдта, цӕмӕй сӕ уӕларвон Фыдмӕ раздӕхтаиккой. Фӕлӕ уыдон афтӕ бынысӕфт фесты, ӕмӕ Йегъовӕйы бахъуыди Иерусалим ӕмӕ Иудӕ знӕгты къухмӕ раттын. Йереми уыдӕттыл тынг маст кодта, кӕд йӕхӕдӕг ӕвзӕрӕй ницы арӕзта, уӕддӕр. Фӕлӕ уыцы зын сахат дӕр йӕ зӕрдыл дардта Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад ӕмӕ загъта: «Мах нӕ фесӕфтыстӕм». Ӕцӕгӕйдӕр, Йегъовӕйы фӕлмӕнзӕрдӕдзинад алы райсом дӕр сног вӕййы! Растдӕр уӕд загъта Йереми мӕнӕ ацы ныхӕстӕ: «Йегъовӕ у мӕ хай». Йеремийӕн уӕддӕр йӕ бар уыд кадджын хӕс – уыди Йегъовӕйы пехуымпар. (Бакӕс Йеремийы хъарӕг 3:22–24.)
13 Израилӕгтӕн сӕ райгуырӕн бӕстӕ 70 азы дӕргъы хъуамӕ уыдаид ӕдзӕрӕг ӕмӕ ӕдзӕллаг (Йер. 25:11). Фӕлӕ Йереми афтӕ кӕй загъта, «Йегъовӕ у мӕ хай», зӕгъгӕ, уымӕй бӕрӕг уыд, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта. Ӕмӕ йӕм уый тыххӕй ӕнхъӕлмӕ каст, ома фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ каст, Йегъовӕ архайын кӕд райдайдзӕн, уымӕ. Израилы мыггӕгтӕ иууылдӕр сӕ бынтӕй ӕнӕхай фесты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыдоны дӕр хъуыди Йеремийау ӕнхъӕлмӕ кӕсын. Иунӕг Йегъовӕ уыди сӕ ныфс. 70 азы фӕстӕ уыцы адӕм сӕ райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрыздӕхтысты ӕмӕ сӕ бон уыди уым Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын (2 Аз. 36:20–23).
-