Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Библийы сӕйраг темӕ у Хуыцауы Паддзахад. Уыцы Паддзахады фӕрцы Йегъовӕ сӕххӕст кӕндзӕн, райдианы йӕм зӕххы тыххӕй цы фӕнд уыд, уый. Цы у Хуыцауы Паддзахад? Кӕцӕй йӕ зонӕм, бартӕ йӕ къухмӕ кӕй райста? Абоны онг ын цы бантыст? Ӕмӕ фидӕны цы сараздзӕн? Ацы фарстатӕн дзуапп базондзынӕ ацы ӕмӕ иннӕ дыууӕ урокӕй.

      1. Цы у Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ йӕ Паддзах чи у?

      Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ Хуыцау уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы хицауад. Йӕ Паддзах у Йесо Чырысти ӕмӕ разамынд дӕтты уӕлӕрвтӕй (Матфейы 4:17; Иоанны 18:36). Библийы Йесойы тыххӕй фыст ис, «ӕнустӕм уыдзӕн паддзах», зӕгъгӕ (Лукайы 1:32, 33). Йесо Паддзах кӕй у, уымӕ гӕсгӕ разамынд дӕтдзӕн, зӕххыл чидӕриддӕр цӕрдзӕн, уыдонӕн.

      2. Йесоимӕ разамынд чи дӕтдзӕн?

      Йесо разамынд иунӕгӕй нӕ дӕтдзӕн. Адӕм «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй... зӕххӕн уыдзысты паддзӕхтӕ» (Раргомад 5:9, 10). Чырыстиимӕ паддзӕхтӕ цал адӕймаджы уыдзысты? Йесо зӕхмӕ куы ’рцыд, уӕдӕй фӕстӕмӕ милуангай адӕм систы йӕ фӕдылдзӕуджытӕ. Фӕлӕ йемӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ уыдзысты ӕрмӕстдӕр 144 000 адӕймаджы. (Бакӕс Раргомад 14:1–4.) Иннӕ чырыстӕттӕ та уыдзысты Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕмӕ цӕрдзысты зӕххыл (Псалом 37:29).

      3. Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у?

      Кӕд хицӕутты хорз цыдӕртӕ саразын фӕфӕнды, уӕддӕр сӕ бон нӕ вӕййы, сӕ зӕрды цыдӕриддӕр вӕййы, уый саразын. Ӕмӕ, абон уа ӕви райсом, уӕддӕр сӕ бынатмӕ ӕндӕр чидӕртӕ ’рбацӕуы, ӕмӕ уыдон та хатт адӕмы мӕт ӕппындӕр нӕ фӕкӕнынц. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо алкӕддӕр йӕхӕдӕг уыдзӕн Хицау. «Хуыцау сфидар кодта, ӕнустӕм чи нӕ ныппырх уыдзӕн, ахӕм паддзахад» (Данел 2:44). Йесо разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕндзӕн. Уый адӕмы уарзы, у хӕларзӕрдӕ ӕмӕ алкӕддӕр рӕстӕй фӕархайы. Ӕмӕ адӕмы дӕр сахуыр кӕндзӕн кӕрӕдзи уарзын, стӕй цӕмӕй хӕларзӕрдӕ уой ӕмӕ рӕстӕй архайой. (Бакӕс Исайы 11:9.)

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕн у.

      Йесо Чырысти йӕ уӕларвон паддзахбадӕнӕй зӕххӕн разамынд дӕтты. Йӕ фӕстӕ бадынц, йемӕ паддзӕхтӕ чи сты, уыдон. Фӕстейӕ зыны, Йегъовӕйӕ цы ирд рухс кӕлы, уый.

      4. Хуыцауы Паддзахад разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн дӕр

      Йесо Чырыстимӕ цас бартӕ ис, уыйбӕрц бартӕ зӕххон хицӕуттӕй иумӕ дӕр никуы уыд ӕмӕ нӕ уыдзӕн. Бакӕсут Матфейы 28:18 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Йесомӕ цы бартӕ ис, уыдон цӕмӕй хицӕн кӕнынц, зӕххон хицӕуттӕм цы бартӕ ис, уыдонӕй?

      Зӕххон хицауӕдтӕ арӕх фӕивынц, ӕмӕ алы хицауадӕн дӕр йӕ дӕлбар ис ӕрмӕстдӕр бӕлвырд территори. Хуыцауы Паддзахады тыххӕй та цы зӕгъӕн ис? Бакӕсут Данелы 7:14 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Хуыцауы Паддзахад кӕй «никуы ныппырх уыдзӕн», уый хорз цӕмӕн у?

      • Уыцы Паддзахад разамынд ӕгас зӕххӕн кӕй дӕтдзӕн, уый хорз цӕмӕн у?

      5. Зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ уа ӕндӕр хицауад

      Зӕххон хицауӕдты бӕсты Хуыцауы Паддзахад цӕмӕн хъуамӕ уа? Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарста ис, ууыл.

      ВИДЕОРОЛИК: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?» (скъуыддзаг) (1:41)

      • Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый цӕмӕ ’ркодта?

      Бакӕсут Екклесиаст 8:9 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Куыд хъуыды кӕныс, зӕххон хицауӕдты бӕсты хъуамӕ Хуыцауы Паддзахад райса бартӕ йӕ къухмӕ? Цӕмӕн?

      6. Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон адӕмы хорз ӕмбарынц

      Нӕ Паддзах Йесо зӕххыл кӕй цард, уымӕ гӕсгӕ нын «нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ» ӕмбары (Дзуттӕгтӕм 4:15). Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 иузӕрдион нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы Йегъовӕ равзӕрста «алы мыггагӕй, алы ӕвзагӕй, алы адӕмыхаттӕй ӕмӕ алы адӕмӕй» (Раргомад 5:9).

      • Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон сӕхӕдӕг дӕр адӕм кӕй уыдысты ӕмӕ зӕххыл кӕй цардысты, уый дӕ ныфс нӕ уадзы? Цӕмӕн?

      Сыгъдӕг тыхӕй сӕрст нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ; сты алы дугтӕй ӕмӕ алыхуызон адӕмыхӕттытӕй.

      Йегъовӕ алы адӕмыхӕттытӕй ӕвзары нӕлгоймӕгты ӕмӕ сылгоймӕгты, цӕмӕй Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой

      7. Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ цыфӕнды хицауады закъӕттӕй дӕр хуыздӕр сты

      Хицауӕдтӕ сфидар кӕнынц, сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Хуыцауы Паддзахадӕн дӕр ис йӕхи закъӕттӕ, ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон сӕ хъуамӕ ӕххӕст кӕной. Бакӕсут 1 Коринфӕгтӕм 6:9–11 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Дӕумӕ гӕсгӕ, адӕм иууылдӕр Хуыцауы закъӕттӕм гӕсгӕ куы цӕрой, уӕд дуне цыхуызӕн уыдзӕн?a

      • Йегъовӕ домы, цӕмӕй, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдон уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ цӕрой. Куыд хъуыды кӕныс, уый бар ын ис? Цӕмӕн?

      • Цӕмӕй бӕрӕг у, уыцы закъӕттӕм гӕсгӕ чи нӕ цӕры, уыдонӕн сӕ бон кӕй у аивын? (11 стих)

      Пъӕлицӕйы кусӕг машинӕтӕ баурӕдта. Алы кары адӕм фӕндаджы сӕрты фӕхизынц.

      Хицауӕдтӕ рауадзынц, сӕ адӕмӕн пайда чи уыдзӕн ӕмӕ сӕ чи хъахъхъӕндзӕн, ахӕм закъӕттӕ. Фӕлӕ Хуыцауы Паддзахады закъӕттӕ адӕмы закъӕттӕй бирӕ хуыздӕр сты

      ИСЧИ ДӔ КУЫ БАФӔРСА: «Цы у Хуыцауы Паддзахад?»

      • Цавӕр дзуапп ын раттис?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Хуыцауы Паддзахад у уӕларвон хицауад ӕмӕ разамынд дӕтдзӕн ӕгас зӕххӕн.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Хуыцауы Паддзахады паддзӕхтӕ чи сты?

      • Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй хуыздӕр цӕмӕй у?

      • Йегъовӕ цы домы, йӕ Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕй?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, Хуыцауы Паддзахад кӕм уыдзӕн, уый тыххӕй Йесо цы дзырдта.

      «Хуыцауы Паддзахад адӕймаджы зӕрдӕйы ис?» (интернет-статья)

      Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ афтӕ цӕмӕн хъуыды кӕнынц, ӕмӕ хъуамӕ Хуыцауы Паддзахадыл уой иузӕрдион, зӕххон хицауӕдтыл нӕ, фӕлӕ?

      «Хуыцауы Паддзахадыл иузӕрдион» (уырыссаг) (1:43)

      Базон, Йесоимӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 тыххӕй Библийы цы фыст ис.

      «Уӕлӕрвтӕм чи ацӕуы?» (интернет-статья)

      Ахӕстоны чи бадт, иу ахӕм сылгоймаджы цӕмӕ гӕсгӕ бауырныдта, зӕххыл рӕстдзинад ӕрмӕстдӕр Хуыцау кӕй ӕрфидар кӕндзӕн?

      «Базыдтон, зӕххыл рӕстдзинад кӕй уыдзӕн» (2011 азы ноябры «Райхъал ут!», уырыссаг)

      a Ацы закъӕттӕй иуӕй-иутыл дзырд цӕудзӕн 3-аг хайы.

  • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
    • Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ райста. Ӕмӕ тагъд зӕххӕн дӕр разамынд дӕтдзӕн ӕмӕ алцыдӕр хуыздӕрырдӕм фӕивдзӕн. Ӕркӕсӕм, Хуыцауы Паддзахад цы хорздзинӕдтӕ сараздзӕн, уыдонӕй цалдӕрмӕ.

      1. Хуыцауы Паддзахад зӕхмӕ рӕстдзинад ӕмӕ фарн куыд ӕрхӕсдзӕн?

      Хуыцауы Паддзахады Паддзах Йесо фыдгӕнӕг адӕмы ӕмӕ хицауӕдты Армагеддоны хӕсты фесафдзӕн (Раргомад 16:14, 16). Уӕд сӕххӕст уыдзысты Библийӕ ацы ныхӕстӕ: «Иу гыццыл ма, ӕмӕ фыдгӕнӕг нал уыдзӕн» (Псалом 37:10). Хуыцауы Паддзахады фӕрцы Йесо ӕгас зӕххыл дӕр ӕрфидар кӕндзӕн рӕстдзинад ӕмӕ фарн. (Бакӕс Исайы 11:4.)

      2. Хуыцауы фӕндон зӕххыл куы уа, уӕд цард цыхуызӕн уыдзӕн?

      Хуыцауы Паддзахады дӕлбар «рӕстгӕнджытӕ зӕхх бынӕн райсдзысты ӕмӕ йыл цӕрдзысты ӕнустӕм» (Псалом 37:29). Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн: адӕм иууылдӕр сты рӕстгӕнджытӕ ӕмӕ Йегъовӕйы ӕмӕ кӕрӕдзи уарзынц. Уый уыдзӕн диссаджы цард! Ничиуал рынчын кӕндзӕн, ӕмӕ иууылдӕр ӕнустӕм цӕрдзысты.

      3. Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уӕд Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн?

      Фыдгӕнджытӕ сӕфт куы ’рцӕуой, уый фӕстӕ Йесо 1 000 азы дӕргъы уыдзӕн Паддзах. Уыцы рӕстӕг Йесо ӕмӕ, йемӕ паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыцы 144 000 ӕххуыс кӕндзысты зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн, цӕмӕй ӕххӕст суой. Миназы кӕронмӕ зӕхх суыдзӕн дзӕнӕт, ӕмӕ адӕм иууылдӕр уыдзысты амондджын, уымӕн ӕмӕ цӕрдзысты Йегъовӕйы закъӕттӕм гӕсгӕ. Уый фӕстӕ Йесо Паддзахад фӕстӕмӕ йӕ Фыды къухтӕм ратдзӕн. Уӕд Йегъовӕйы ном срухс уыдзӕн, уӕдмӕ куыд никуы срухс, афтӕ (Матфейы 6:9, 10). Сбӕлвырд уыдзӕн, Йегъовӕ хорз Хицау кӕй у ӕмӕ, йӕ дӕлбар чи ис, уыдоныл кӕй тыхсы. Уый фӕстӕ Йегъовӕ фесафдзӕн Хӕйрӕджы, дӕлимонты ӕмӕ, йӕ хицаудзинады ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уыдоны (Раргомад 20:7–10). Хуыцауы Паддзахад цы диссаджы цард сараздзӕн, уый уыдзӕн ӕнустӕм.

      ФЫЛДӔР БАЗОН

      Базон, фидарӕй ӕууӕндӕн цӕмӕн ис, Хуыцау йӕ Паддзахады фӕрцы кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, Библийы фидӕны тыххӕй цы фыст ис, уый.

      4. Хуыцауы Паддзахад кӕрон скӕндзӕн зӕххон хицауӕдтӕн

      «Адӕймаг адӕймагӕн хицау кӕй у, уый йын хӕссы зиан» (Екклесиаст 8:9). Йегъовӕ йӕ Паддзахады фӕрцы уымӕн кӕрон скӕндзӕн.

      Бакӕсут Данелы 2:44 ӕмӕ 2 Фессалоникӕгтӕм 1:6–8 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:

      • Йегъовӕ ӕмӕ Йесо зӕххон хицауӕдтӕн ӕмӕ, сӕ фарс чи у, уыдонӕн цы бакӕндзысты?

      • Йегъовӕ ӕмӕ Йесойы тыххӕй цы базыдтай, уымӕ гӕсгӕ дӕ бон цӕмӕн у фидарӕй ӕууӕндын, рӕстӕй кӕй архайдзысты, ууыл?

      Уӕларвон Паддзах Йесо зӕххӕн разамынд дӕтты.

      5. Йесо у ӕппӕты хуыздӕр Паддзах

      Зӕххыл Хуыцауы Паддзахады дӕлбар чи цӕрдзӕн, уыдонӕн Йесо бирӕ хорздзинӕдтӕ сараздзӕн. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йесо куыд равдыста, кӕй йӕ фӕнды адӕмӕн баххуыс кӕнын ӕмӕ йын Хуыцау уымӕн хъарутӕ кӕй радта.

      ВИДЕОРОЛИК: «Йесо равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн» (1:13)

      Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд равдыста, Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уый. Дӕлдӕр цы арфӕдзинӕдты кой ис, уыдонӕй тынгдӕр кӕцытӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсыс? Бакӕсут, цы стихтӕ дзы ис, уыдон, цӕмӕй уыцы арфӕдзинӕдты тыххӕй фылдӕр базонай.

      ЙЕСО ЗӔХХЫЛ ЦӔРГӔЙӔ...

      ЙЕСО УӔЛӔРВТӔЙ...

      • равдыста, йӕ бар кӕй цӕуы ӕрдзы тыхтыл (Марчы 4:36–41).

      • адӕм зӕххӕн цы зиан ӕрхастой, уымӕй фӕд дӕр нал ныууадздзӕн (Исай 35:1, 2).

      • мингӕйтты диссаджы хуызы ӕфсӕста (Матфейы 14:17–21).

      • ӕххормагдзинадӕн кӕрон скӕндзӕн (Псалом 72:16).

      • бирӕты сӕ низтӕй сдзӕбӕх кодта (Лукайы 18:35–43).

      • адӕмы сӕ низтӕй фервӕзын кӕндзӕн (Исай 33:24).

      • мӕрдты ӕгас кодта (Лукайы 8:49–55).

      • мӕрдты райгас кӕндзӕн, ӕмӕ мӕлӕт нал уыдзӕн (Раргомад 21:3, 4).

      6. Хуыцауы Паддзахады фӕрцы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы диссаджы фидӕн

      Хуыцауы Паддзахад сӕххӕст кӕндзӕн, Йегъовӕмӕ адӕмы тыххӕй райдианы цы фӕнд уыд, уый. Адӕм ӕнустӕм зӕххыл дзӕнӕты цӕрдзысты. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ базон, Йегъовӕ Йесойы руаджы йӕ фӕнд куыд сӕххӕст кӕндзӕн, уый.

      ВИДЕОРОЛИК: «Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн фидӕны диссаджы цард» (4:38)

      Бакӕсут Псалом 145:16 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:

      • Цы хъуыды кӕныс, Йегъовӕ алкӕмӕн дӕр, «йӕ зӕрдӕ цы зӕгъы, уый» кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй?

      ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Хуыздӕр хицауад нын куы уа, уӕд нӕ нӕ зындзинӕдтӕй фервӕзын кӕндзӕн».

      • Хуыцауы Паддзахад зӕххон хицауӕдтӕй уӕлдай кӕрон цавӕр зындзинӕдтӕн скӕндзӕн?

      ЦЫ БАЗЫДТАЙ

      Хуыцауы Паддзахад йӕ нысан сӕххӕст кӕндзӕн: ӕгас зӕххӕй дӕр дзӕнӕт сараздзӕн, ӕмӕ дзы цӕрдзысты хорз адӕм. Уыдон Йегъовӕйӕн лӕггад кӕндзысты ӕнустӕм.

      Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн

      • Хуыцауы Паддзахад Йегъовӕйы ном куыд срухс кӕндзӕн?

      • Хуыцауы Паддзахад Библийы зӕрдӕвӕрдтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, ууыл нӕ бон фидарӕй ӕууӕндын цӕмӕн у?

      • Хуыцауы Паддзахад цы сараздзӕн, уыдонӕй ӕппӕты тынгдӕр цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсыс?

      Дӕ нысан

      ФЫЛДӔР ӔРМӔГ

      Базон, Армагеддон цы у, уый.

      «Армагеддоны хӕст цы у?» (интернет-статья)

      Базон, Йесо Матфейы 24:21 стихы «стыр бӕллӕх» кӕй схуыдта, уыцы рӕстӕг цытӕ цӕудзӕн, уый.

      «Что такое великое бедствие?» (интернет-статья)

      Фен, бинонтӕн сӕ бон куыд у иумӕ Хуыцауы Паддзахады арфӕдзинӕдтыл хъуыды кӕнын.

      «Дӕ цӕстытыл ауайын кӕн ног дуне» (1:50)

      Иу нӕлгоймаджы царды хабарӕй, «Бирӕ фарстатӕ мын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой», зӕгъгӕ, базондзынӕ, раздӕр хицауады ныхмӕ кӕй уыд, фӕлӕ стӕй кӕй базыдта, цард цӕй фӕрцы фӕивдзӕн, уый.

      «Библи ивы адӕймаджы цард» (2012 азы 1 январы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын