Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • Библийы 27 чиныг – Данел
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 20 Данел цы цӕстылуайӕнтӕ уыдта, уыдон адӕймаджы дисы ӕфтауынц, ӕмӕ уыдон иртасгӕйӕ нӕ уырнындзинад фидар кӕны. Фыццаг уал ӕркӕсӕм дунеон паддзахӕдты тыххӕй цыппар цӕстылуайӕнмӕ: 1) стыр гуымирыцырты тыххӕй цӕстылуайӕны сыгъзӕрин сӕр ӕвдыста Вавилоны паддзӕхты, Навуходоносор сӕ фыццаг. Гуымирыцырты иннӕ хӕйттӕ та ӕвдыстой, Вавилоны фӕстӕ цы ӕртӕ паддзахады фӕзынд, уыдон. Уыцы паддзахӕдты ныппырх кодта, «ӕнусмӕ чи нӕ фехӕлдзӕн, ахӕм паддзахад» – Хуыцауы паддзахад чи сси, уыцы «дур» (2:31–45). 2) Уый фӕстӕ дзы ’мбӕлы Данелы цӕстылуайӕнтӕ. Фыццаг у цыппар сырды тыххӕй цӕстылуайӕн. Уыцы сырдтӕ нысан кӕнынц «цыппар паддзахы». Уыдонӕй сӕ иу уыди домбайы хуызӕн, иннӕ – арсы хуызӕн, ӕртыккаг – цыппарсӕрон фыранкы хуызӕн, цыппӕрӕм та уыд ӕнахуыр сырд дӕс ӕфсӕйнаг дӕндагимӕ, дӕс сыкъаимӕ, фӕстӕдӕр ма йыл ӕрзад иу гыццыл сыкъа (7:1–8, 17–28). 3) Иннӕ цӕстылуайӕны та федта фыр (Мидо-Перс), цӕу (Греци) ӕмӕ гыццыл сыкъа (8:1–27). 4) Фӕстагмӕ та – хуссары паддзах ӕмӕ цӕгаты паддзахы тыххӕй цӕстылуайӕн. Данелы 11:5–19 бӕстон фыст ис, н. э. агъоммӕ 323 азы Александры мӕлӕты фӕстӕ грекъаг паддзахад кӕй ныддихтӕ, ӕмӕ уыцы ног паддзахӕдтӕ, Египет ӕмӕ Селевкидтӕ, кӕй тох кодтой, уый тыххӕй. Уыцы сӕры 20-ӕм стихӕй фӕстӕмӕ дзырд цӕуы, хуссар ӕмӕ цӕгаты паддзӕхты бартӕ цы бӕстӕтӕ истой, ууыл. Йесо фӕстаг бонты уӕларвон Паддзахады Паддзах куы уа, уый тыххӕй йӕхӕдӕг цы пехуымпарад загъта, уым бацамыдта, «бӕстӕ чи сафы, уыцы ӕлгъаг цыдӕрмӕ» (11:31), ӕмӕ афтӕмӕй равдыста, уыцы дыууӕ паддзахы карз тох суанг «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕронмӕ» кӕй ахӕсдзӕн (Матф. 24:3). Куыд нын фидар кӕны нӕ зӕрдӕтӕ пехуымпарады ныфсӕвӕрд, зӕгъгӕ, «адӕм куы сӕвзӕрдысты, уӕдӕй-ардӕм чи никуы ма уыди, [уыцы] тыхст рӕстӕджы», Михаил кӕй растдзӕн, цӕмӕй фесафа ӕнӕхуыцау дзыллӕты ӕмӕ сабырдзинад ӕрхӕсса коммӕгӕс адӕмӕн! (Дан. 11:20–12:1).

  • Библийы 27 чиныг – Данел
    Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у раст ӕмӕ пайда. 15 хай
    • 23 Данелы чиныджы сӕрӕй кӕронмӕ бӕрӕг дары Хуыцауы Паддзахады хабар, уый нын фидар кӕны нӕ уырнындзинад. Йегъовӕ дзы ӕвдыст у Дунедарӕг Хуыцауӕй. Уый сӕвӕрдзӕн, чи никуы фехӕлдзӕн ӕмӕ иннӕ паддзахӕдтӕ чи ныппырх кӕндзӕн, ахӕм Паддзахад (2:19–23, 44; 4:22). Суанг ма мӕнгхуыцӕуттӕн кувӕг паддзӕхтӕ Навуходоносор ӕмӕ Дарий дӕр басастысты Йегъовӕйы хицаудзинадыл (3:28, 29, 32, 33; 4:34; 6:25–27). Йегъовӕ у бӕрзонд ӕмӕ кадджын, «Ӕвидигӕнусон», уый тӕрхон хӕссы Паддзахады фӕдыл дзырддаг фарстайы, ӕмӕ «адӕймаджы Фырты хуызӕн» чи у, уымӕн ӕнусон «хицауады тых, стырад ӕмӕ паддзахдзинад дӕтты, цӕмӕй адӕмтӕ, дзыллӕтӕ ӕмӕ ӕвзӕгтӕ иууылдӕр Уымӕн кусой». Уыцы Паддзахады Йесо Чырыстиимӕ – «адӕймаджы Фыртимӕ» – уӕларвыл ӕмгуыст кӕндзысты «Уӕларвоны сыгъдӕджытӕ» (Дан. 7:13, 14, 18, 22; Матф. 24:30; Рарг. 14:14). Йесо Чырысти, Михаил, номдзыд кънйаз, йӕ Паддзахады фӕрцы ацы зӕронд дунейы ӕппӕт паддзахӕдтӕ ныппырх кӕндзӕн ӕмӕ сын кӕрон скӕндзӕн (Дан. 12:1; 2:44; Матф. 24:3, 21; Рарг. 12:7–10). Рӕстдзинад чи уарзы, уыдоны ацы пехуымпарӕдтӕ, ӕмӕ цӕстылуайӕнтӕ кӕй ӕмбарынц, уый хъуамӕ сразӕнгард кӕна Хуыцауы Ныхас зӕрдиагӕй иртасынмӕ, цӕмӕй, Хуыцауы фӕндӕй фыст ӕмӕ пайда чи у, уыцы чиныджы ссарой, Хуыцауы Паддзахадимӕ баст ӕцӕг «диссаг хъуыддӕгтӕ» (Дан. 12:2, 3, 6).

Публикацитӕ иронау (1997–2025)
Рацу
Бацу
  • Ирон
  • Арвитын
  • Настройкӕтӕ
  • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
  • Условия использования
  • Политика конфиденциальности
  • Настройки конфиденциальности
  • JW.ORG
  • Бацу
Арвитын